Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнут

Фӕсивӕд, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнут

Фӕсивӕд, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнут

«Дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай – дӕ нысан уый уӕд» (1 ТИМОФЕЙМӔ 4:7).

1, 2. а) Павел Тимофейӕ цӕй тыххӕй раппӕлыд? ӕ) Фӕсивӕд сӕхиуыл куыд кусынц, цӕмӕй сӕ нысан уый уа, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уой?

«МӔНӔН ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса... Сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд уа, афтӕ мемӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы» (Филиппӕгтӕм 2:20, 22). Ахӕм ныхӕстӕ ныффыста апостол Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм Филиппты. Цымӕ кӕмӕй ӕппӕлыд Павел? Тимофейӕ, йе ’взонг ӕмбӕлццонӕй. Куыд ӕхсызгон уыдаид Тимофейӕн, Павел ӕй афтӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ йыл афтӕ тынг кӕй ӕууӕнды, уый фехъусын!

2 Тимофейы хуызӕн фӕсивӕд, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн алкӕддӕр уыдысты хӕзнаты хуызӕн (Псалом 109:3). Абон Хуыцауы организацийы ис дуне лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. Уыдонӕй бирӕтӕ сты пионертӕ, миссионертӕ, барвӕндон аразджытӕ ӕмӕ вефилӕгтӕ. Раппӕлӕн ма ис, ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй чи архайы, ӕмӕ ма афтӕмӕй ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ дӕр чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕй дӕр. Ахӕм фӕсивӕд, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн кад цы хӕссы, уымӕ кӕй тырнынц, уый сын сӕ зӕрдӕ циндзинадӕй дзаг кӕны. Уыдон ӕцӕгдӕр «сӕхиуыл кусынц, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уой – сӕ нысан уый уа» (1 Тимофеймӕ 4:7, 8).

3. Цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм ацы статьяйы?

3 Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнут? Уыцы хъуыддаджы уын цы баххуыс кӕндзӕн? Уӕхи куыд бахиздзыстут ацы ӕхцауарзаг дунейы ӕндӕвдадӕй? Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ куы тырнат, уӕд уӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Цӕмӕй ацы фарстытӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Тимофей куыд цард ӕмӕ цы арӕзта, уымӕ.

Тимофейы цард

4. Цыбыртӕй радзур, Тимофейӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы цы бантыст, уый тыххӕй.

4 Тимофей схъомыл чысыл горӕт Листрӕйы, ромаг провинци Галатийы. Уый чырыстон сси, ӕвӕццӕгӕн, ӕнахъомӕй, Павел н. э. иу-47 азы Листрӕйы хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд. Цыбыр рӕстӕгмӕ Тимофейы бынӕттон ӕфсымӕртӕ иууылдӕр бауарзтой. Павел дыууӕ азы фӕстӕ Листрӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд федта, Тимофейӕн йӕ уырнындзинад куыд сырӕзт ӕмӕ йӕ йемӕ уацамындон балцы акодта (Хъуыддӕгтӕ 14:5–20; 16:1–3). Тимофей куы сыстыр, уӕд ын йӕ бӕрны бакодтой фылдӕр хӕстӕ. Зӕгъӕм, ӕфсымӕрты фидар кӕнын. Н. э. 65 азмӕ ’ввахс Павел Ромы ахӕстонӕй Тимофеймӕ фыстӕг куы ныффыста, уӕд Тимофей лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй Ефесы ӕмбырды.

5. 2 Тимофеймӕ 3:14, 15 гӕсгӕ Тимофейӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырныдтаид?

5 Бӕрӕг у, Тимофей, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ кӕй тырныдта. Уымӕ йӕ цы сразӕнгард кодта? Павел йӕ дыккаг фыстӕджы Тимофеймӕ фыста, уымӕн ын сӕйраджыдӕр цы баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Цы базыдтай ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны. Стӕй ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ» (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Фыццаг уал ӕркӕсӕм, иннӕ чырыстӕттӕ Тимофейӕн куыд баххуыс кодтой, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнынӕн.

Хорз цӕвиттонтӕ

6. Евникӕ ӕмӕ Лоидӕ Тимофейы куыд ахуыр кодтой ӕмӕ йыл уый куыд фӕзынд?

6 Тимофейы бинонтӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн нӕ куывтой. Йӕ фыд уыд грекъаг, йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ та уыдысты дзуттӕгтӕ (Хъуыддӕгтӕ 16:1). Евникӕ ӕмӕ Лоидӕ Тимофейы йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кодтой Дзуттаг Фыстыты ӕцӕгдзинӕдтыл. Фӕстӕдӕр, чырыстон дин куы райстой, уӕд та йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххуыс кодтой, цӕмӕй баууӕндыдаид Чырыстийы ахуырӕдтыл. Ӕвӕццӕгӕн, Тимофей арф йӕ зӕрдӕмӕ иста, цы йын амыдтой, уый. Павел загъта: «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы дӕ ӕнӕхин уырнындзинад. Уыцы уырнындзинад уыд дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕмӕ, фӕлӕ йӕ фидарӕй зонын, дӕумӕ дӕр кӕй ис» (2 Тимофеймӕ 1:5).

7. Фӕсивӕдӕй бирӕтӕ амондджын цӕмӕн сты ӕмӕ сын уый цы пайда у?

7 Абоны фӕсивӕдӕй бирӕтӕ амондджын сты, уымӕн ӕмӕ сын ис, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм ныййарджытӕ ӕмӕ ныййарджыты ныййарджытӕ. Лоидӕ ӕмӕ Евникӕйау уыдон дӕр ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнын. Зӕгъӕм, Самирӕ нӕ рох кӕны, гыццыл ма куы уыд, уӕд-иу йӕ ныййарджытӕ йемӕ куыд арӕх ныхас кодтой, уый. «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад ахуыр кодтой, цӕмӕй алцӕмӕдӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кастаин ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрдтаин,– зӕгъы Самирӕ.– Алкӕддӕр мӕ ахӕм зондыл арӕзтой, ӕххӕстрӕстӕг куыд лӕггад кӕнон». Самирӕ йӕ ныййарджыты ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ ныр лӕггад кӕны Вефилы. Кӕд сымах дӕр уӕ ныййарджытӕ ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнат, уӕд сын сӕ ныхӕстыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут. Уыдон тыхсынц уӕ хорздзинадыл (Ӕмбисӕндтӕ 1:5).

8. Тимофейӕн куыд баххуыс кодта, йе ’мбӕлтты уырнындзинад фидар кӕй уыд, уый?

8 Стыр ӕххуыс ма дын уыдзӕн, дӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ чырыстон ӕмбырды куы агурай, уый дӕр. Тимофейы хорз зыдтой ӕрмӕст сӕхи ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма Иконийы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Икони та Листрӕйӕ уыд 30 километры дарддӕр (Хъуыддӕгтӕ 16:1, 2). Тимофей балымӕн ис Павелимӕ. Уый уыд, Хуыцауы хъуыддӕгты йӕхиуыл чи нӕ ауӕрста, ахӕм адӕймаг (Филиппӕгтӕм 3:14). Павелы фыстӕджытӕй куыд зыны, афтӕмӕй Тимофей зӕрдиагӕй хъуыста, цы йын амыдтой, уымӕ, ӕмӕ цӕттӕ уыд, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыдонау архайынмӕ (1 Коринфӕгтӕм 4:17; 1 Тимофеймӕ 4:6, 12–16). Павел фыста: «Ды та алцӕмӕй дӕр бафӕзмыдтай мӕн: ӕз иннӕты куыд ахуыр кӕнын, куыд цӕрын, цӕмӕ тырнын, мӕ уырнындзинад, мӕ бирӕфӕразондзинад, мӕ уарзондзинад, мӕ фидардзинад» (2 Тимофеймӕ 3:10). Ӕцӕгдӕр, Тимофей алцӕмӕйдӕр фӕзмыдта Павелы. Афтӕ ды дӕр, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕмбырды куы агурай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнынӕн (2 Тимофеймӕ 2:20–22).

«Сыгъдӕг Фыстытӕ» ахуыр кӕн

9. Хорз ӕмбӕлттӕ равзарынӕй дарддӕр ма дӕ цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай?

9 Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнынӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын фаг у? Нӕ. Тимофейау дӕу дӕр хъӕуы «сыгъдӕг Фыстытӕ» лӕмбынӕг иртасын. Чи зоны, ахуыр кӕнын нӕ уарзыс, фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, Тимофей дӕр йӕхиуыл кӕй хъуамӕ куыстаид, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид – уый йӕ нысан уыдаид. Спортсментӕ бирӕ мӕйты дӕргъы сӕ тых, сӕ бонӕй сӕхиуыл фӕкусынц, цӕмӕй, цӕмӕ тырнынц, уый сӕ къухы бафта. Афтӕ, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ чи тырны, уый дӕр хъуамӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕна ӕмӕ йӕ тых, йӕ бонӕй архайа (1 Тимофеймӕ 4:7, 8, 10). Фӕлӕ, чи зоны, бафӕрсай: «Библи ахуыр кӕнын мын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕмӕ тырнын, уый мӕ къухы бафта?» Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

10, 11. Фыстад дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнай? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

10 Фыццаг, Фыстад дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕм фӕзына раст фӕндтӕ. Библийӕ базондзынӕ нӕ уӕларвон Фыды диссаджы миниуджыты ӕмӕ, йе стыр уарзондзинадыл дзурӕг чи у, уыцы хъуыддаджы тыххӕй, стӕй ма, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоны тыххӕй (Амос 3:7; Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 15:4). Цас фылдӕр зонай Йегъовӕйы тыххӕй, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын дӕ цард снывонд кӕнай.

11 Чырыстон фӕсивӕдӕй бирӕтӕ загътой, Библи иудадзыг кӕй ахуыр кодтой, Хуыцауы сӕйраджыдӕр уый фӕрцы кӕй бауарзтой. Цӕвиттон, Адель хъомыл кодта чырыстон бинонты ’хсӕн, фӕлӕ, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ никуы тырныдта. «Мӕ ныййарджытӕ мӕ семӕ Паддзахады залмӕ кодтой, фӕлӕ-иу мӕхӕдӕг Библи никуы ахуыр кодтон ӕмӕ-иу фембӕлдты цы дзырдтой, уымӕ дӕр-иу лӕмбынӕг нӕ хъуыстон»,– зӕгъы Адель. Фӕлӕ йӕ хо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕцӕгдзинадмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. «Мӕхицӕн загътон, Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕй бакӕсдзынӕн. Иу гыццыл-иу дзы акастӕн, ӕмӕ-иу цы бакастӕн, уый фӕдыл-иу мӕ хъуыдытӕ афыстон. Уыцы фыстытӕ ныр дӕр ма мӕхимӕ сты. Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр бакастӕн иу азмӕ». Фӕстагмӕ Аделы бафӕндыд йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Кӕд тынг рынчын у, уӕддӕр ныр лӕггад кӕны пионерӕй, ома ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕгӕй.

12, 13. а) Ӕрыгон адӕймаг Библи куы ахуыр кӕна, уӕд ын уый цавӕр хъуыддӕгты баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ куыд? ӕ) Хуыцауы Ныхасы куырыхон зонд кӕй ис, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

12 Дыккаг, Библи дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ удыхъӕды дӕ аивын цы хъӕуы, уый аивынӕн. Павел Тимофейӕн дзырдта, «сыгъдӕг Фыстытӕ» кӕй сты «пайда... адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтай, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнай ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕй дӕ царды куы пайда кӕнай, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг удӕн бар дӕтдзынӕ, цӕмӕй дын дӕ удыхъӕд хуыздӕр кӕна. Уый фӕрцы дӕм уыдзӕн ахӕм ахсджиаг миниуджытӕ, куыд сӕрныллӕгдзинад, фидардзинад, ӕнувыддзинад ӕмӕ ӕцӕг уарзондзинад де ’мчырыстӕттӕм (1 Тимофеймӕ 4:15). Тимофеймӕ уыдысты ацы миниуджытӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы стыр ӕххуыс уыд Павелӕн дӕр ӕмӕ, цы ӕмбырдты лӕггад кодта, уым дӕр (Филиппӕгтӕм 2:20–22).

13 Ӕртыккаг, Хуыцауы Ныхас у куырыхон зонды къӕбиц (Псалом 1:1–3; 18:8; 2 Тимофеймӕ 2:7; 3:15). Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ уай ӕмӕ дӕ, зын уавӕры бахаугӕйӕ, цы бакӕнын хъӕудзӕн, уый зонай (Райдиан 34:1, 2; Псалом 118:37; 1 Коринфӕгтӕм 7:36). Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уый цӕмӕй дӕ къухы бафта, уый тыххӕй дӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын хъӕуы абон.

«Хъӕбатырӕй тох кӕн»

14. Йегъовӕйӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнын ӕнцон хъуыддаг цӕуылнӕ у?

14 Йегъовӕйӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнын у ӕппӕты растдӕр хъуыддаг. Фӕлӕ йӕ ӕнцон схонӕн нӕй. Зӕгъӕм, дӕхицӕн професси ӕвзарыс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дыл тынг ӕндавой, афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ амонд уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ ӕхцаджын куыстӕй кӕнгӕ у, уыцы хӕстӕджытӕ, ӕмбӕлттӕ ӕмӕ, дӕ хорздзинад кӕй фӕнды, уыцы ахуыргӕнджытӕ (Ромӕгтӕм 12:2). Уӕд дӕу дӕр Тимофейау хъӕудзӕн «хъӕбатырӕй тох кӕнын уырнындзинады сӕрыл», цӕмӕй фидар ныххӕцай, Йегъовӕ дын зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры, уыцы ӕнусон цардыл (1 Тимофеймӕ 6:12; 2 Тимофеймӕ 3:12).

15. Цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлдаид Тимофей?

15 Кӕд дӕ бинонтӕ уырнӕг не сты ӕмӕ, цы сфӕнд кодтай, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕд та дын уыдзӕн ноджы зындӕр. Тимофейы дӕр, чи зоны, бахъуыд кӕйдӕр ныхасы сӕрты ахизын. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Тимофейы бинонтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты «ахуыргонд ӕмӕ хъӕздыг адӕмӕй». Йӕ фыды куыннӕ фӕндыдаид, цӕмӕй йӕ фырт уӕлдӕр ахуырад райстаид ӕмӕ йын стӕй йӕ куыст адарддӕр кодтаид *. Ахъуыды ма кӕн, Тимофейы фыд куыд тынг смӕсты уыдаид, Тимофей Павелимӕ ацӕуын кӕй сфӕнд кодта, ууыл! Уыцы хъуыддаг уыд тӕссаг ӕмӕ дзы ӕхца куыстаид, ууыл зӕрдӕ дарӕн нӕ уыд.

16. Цы бакодта иу лӕппу, йӕ фыд йӕ ныхмӕ куы цыд, уӕд?

16 Абон дӕр ӕрыгон чырыстӕттӕ бахауынц ахӕм зын уавӕрты. Мэтью лӕггад кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй иуы. Уый дзуры: «Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕ фыдӕн уый уыд тынг хъыг. Цӕмӕй пионер уыдаин, уый тыххӕй уынгтӕ мӕрзӕгӕй кусын кӕй райдыдтон, уымӕ гӕсгӕ мын мӕ фыд дзырдта, дзӕгъӕлы кӕй фӕахуыр кодтон. Суанг ма мыл-иу худгӕ дӕр кодта ӕмӕ мын-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕнӕхъӕн бон кусгӕйӕ цас ӕхца куыстаин, уый». Цы баххуыс кодта Мэтьюйӕн? «Иудадзыг кастӕн Библи ӕмӕ ӕдзух куывтон, уӕлдайдӕр та-иу ахӕм уавӕры куы бахаудтӕн, ӕмӕ-иу мын мӕхиуыл фӕхӕцын зын куы уыд, уӕд». Мэтью хъӕддыхӕй кӕй архайдта, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Фӕстӕдӕр йӕ фыдимӕ сӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой. Уымӕй уӕлдай ма Мэтью баввахсдӕр Йегъовӕмӕ. «Ӕз уыдтон, Йегъовӕ мыл кӕй тыхсы, кӕй мӕ фидар кӕны ӕмӕ мӕ рӕдыд къахдзӕфтӕй кӕй хъахъхъӕны,– дзуры Мэтью.– Ацы хъуыддӕгтӕй мӕ къухы иу дӕр нӕ бафтыдаид, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ куы нӕ тырныдтаин, уӕд».

Хъуыды кӕн, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, ууыл

17. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны иуӕй-иутӕ куыд фӕкъуылымпы кӕнынц? (Матфейы 16:22).

17 Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнын дӕ, чи зоны, де ’мчырыстӕттӕ дӕр къуылымпы кӕной, сӕхи дӕр ма фӕнда, афтӕмӕй. Чи зоны дын исчи зӕгъа: «Ӕнӕмӕнг хъуамӕ пионер уай? Иннӕтӕ куыд цӕрынц, афтӕ цӕр ӕмӕ хъусын дӕр кӕн. Иу хорз куыст ссар, ӕмӕ ницӕуыл тыхсдзынӕ». Чи зоны, адӕймаг ахъуыды кӕна, ӕмӕ ахӕм уынаффӕйы ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ афтӕ чи дзуры, уыдоны коммӕ куы бакӕсай, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ды дӕхиуыл кусыс, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай?

18, 19. а) Хуыцауӕн кад цы хӕссы, ууыл хъуыды кӕнын дӕ бон куыд у? ӕ) Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, радзурут, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй уӕхи цӕмӕй цух кӕнут, уый тыххӕй.

18 Тимофейы бонты дӕр, ӕвӕццӕгӕн, иуӕй-иу чырыстӕттӕ афтӕ хъуыды кодтой (1 Тимофеймӕ 6:17). Цӕмӕй Павел Тимофейӕн, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, ууыл хъуыды кӕнынӕн баххуыс кодтаид, уый тыххӕй йын загъта: «Иу ӕфсӕддон лӕг дӕр ӕхца бакусыны тыххӕй ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй йӕ ӕфсадмӕ чи райста, уый дзы райгонд уа» (2 Тимофеймӕ 2:4). Ӕфсӕддонӕн бар нӕй, цӕмӕй ӕфсады хъуыддӕгтӕй дарддӕр ӕндӕр исты хъуыддӕгтӕ кӕна. Йӕ хицауы бардзырдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ куыд цӕттӕ у, ууыл баст у йӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр. Чырыстийы ӕфсӕддон кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ды дӕр дӕ нысанмӕ тырнай ӕмӕ мулчы фӕдыл ма адзӕгъӕл уай. Дӕ нысан бирӕ ӕхца бакусын куы суа, уӕд дӕ уый цардирвӕзынгӕнӕг лӕггады зӕрдиагӕй архайын хъыгдардзӕн (Матфейы 6:24; 1 Тимофеймӕ 4:16; 2 Тимофеймӕ 4:2, 5).

19 Ӕнцон цардмӕ ма тырн, фӕлӕ кус, цӕмӕй дын удуӕлдай зӕрдӕйы уаг уа. «Куыд Йесо Чырыстийы иузӕрдион ӕфсӕддон, афтӕ цӕттӕ у, цы зындзинӕдтӕ дӕм ӕмбӕлы, уыдон дӕхимӕ райсынмӕ» (2 Тимофеймӕ 2:3, В. Кузнецовӕйы тӕлмац). Тимофей Павелимӕ куы уыд, уӕд сахуыр, цыфӕнды зын уавӕры дӕр алцыдӕр фагыл нымайын (Филиппӕгтӕм 4:11, 12; 1 Тимофеймӕ 6:6–8). Уый дӕ бон дӕр у. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ?

Арфӕдзинӕдтӕ абон ӕмӕ фидӕны

20, 21. а) Радзур, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. ӕ) Фӕндфидарӕй цы араздзынӕ?

20 Тимофей фынддӕс азы дӕргъы ӕдзухдӕр уыд Павелимӕ. Тимофей йӕхи цӕстӕй федта, Зӕххастӕу денджызы ӕгас цӕгатварсы хорз хабар куыд апарахат ӕмӕ дзы ног ӕмбырдтӕ куыд фӕзынд. «Иннӕтӕ куыд цӕрынц», ахӕм цард куы равзӕрстаид, уӕд уыйбӕрц цымыдисаг хабӕрттӕ нӕ федтаид ӕмӕ йӕ цардӕй афтӕ райгонд нӕ уыдаид. Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ куы тырнай, уӕд ды дӕр схайджын уыдзынӕ, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм арфӕдзинӕдтӕй. Баввахс уыдзынӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ дӕ де ’мчырыстӕттӕ уарздзысты ӕмӕ дын аргъ кӕндзысты. Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдонау дӕхи хъизӕмӕртты не ’ппардзынӕ ӕмӕ фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзынӕ, фӕлӕ, иннӕтӕн сыгъдӕг зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын цы амонд хӕссы, уыцы ӕцӕг амондӕй хайджын уыдзынӕ. Ӕппӕты зынаргъдӕр та уый у, ӕмӕ «фидар ныххӕцдзынӕ ӕцӕг цардыл» – ӕнусон цардыл зӕххыл дзӕнӕты (1 Тимофеймӕ 6:9, 10, 17–19; Хъуыддӕгтӕ 20:35).

21 Уӕдӕ кӕд нырма нӕ райдыдтай дӕхиуыл кусын, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай, уӕд дын зӕрдиагӕй зӕгъӕм, цӕмӕй фӕстиат мауал кӕнай. Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ дӕ чи разӕнгард кӕна, уыдонмӕ баввахс у ӕмӕ сын сӕ зондмӕ хъус. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын дын фыццаг бынаты уӕд. Дӕхи хиз, цӕмӕй дыл ацы ӕхцауарзаг дуне ма бандава. Ӕмӕ макуы рох кӕн, «ӕппӕт дӕр [нын] нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн рӕдауӕй чи дӕтты, уыцы Хуыцау» дын зӕрдӕ кӕй ӕвӕры стыр арфӕдзинӕдтӕй абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр, кӕд ын кад цы хӕссы, уымӕ тырныс, уӕд (1 Тимофеймӕ 6:17).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Грецийы уӕлдӕр ахуырад тынг кадджын уыд. Плутарх (царди Тимофеимӕ иу заманы) фыста: «Ӕппӕт хорздзинӕдты райдиан ӕмӕ бындур у уӕлдӕр ахуырад. [...] Мӕн уырны, ӕмӕ адӕймагмӕ уӕлдӕр ахуырад куы уа, уӕд ӕгъдауджын дӕр уыдзӕн ӕмӕ амондджын дӕр. [...] Ӕппӕт иннӕ хорздзинӕдтӕ иууылдӕр ницы сты, ӕмӕ сӕ кой кӕныны аргъ дӕр не сты» (Moralia, I, «The Education of Children»).

Бахъуыды кодтай?

• Фӕсивӕдӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырной?

• Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

• Фӕсивӕдӕн сӕ бон куыд у сӕхи хизын ацы ӕхцауарзаг дунейы ӕндӕвдадӕй?

• Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Тимофей тырныдта раст хъуыддӕгтӕм

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырныс?

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Цавӕр хорз цӕвиттонтӕ баххуыс кодтой Тимофейӕн?