Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас дын разамынд дӕттӕд

Хуыцауы Ныхас дын разамынд дӕттӕд

Хуыцауы Ныхас дын разамынд дӕттӕд

«Дӕ дзырд цырагъ у мӕ къахӕн, ӕмӕ рухс у мӕ фӕндагӕн» (ПСАЛОМ 118:105, МГТ).

1, 2. Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон цӕуылнӕ у ӕцӕг фарн ӕмӕ амонд ссарын?

ИСКУЫ искӕй бафарстай, цӕмӕй дын фӕндаг бацамона? Чи зоны кӕдӕм цыдтӕ, уырдӕм дӕ бирӕ нал хъуыди, фӕлӕ дӕ фӕстагмӕ кӕм базилын хъуыд, уый бӕлвырд нал зыдтай. Кӕнӕ та фӕдзӕгъӕл дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр фӕндагӕй куы бафарстай, уӕд дӕ бахъуыд раздӕхын ӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл ацӕуын. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр цымӕ раст нӕ уыдаид, уыцы бынат хорз чи зыдта, ахӕм адӕймаджы ныхӕстӕм байхъусын? Уыцы адӕймаг дын баххуыс кодтаид бынатыл сӕмбӕлынӕн.

2 Мингай азты дӕргъы адӕм сӕхӕдӕг архайынц раст фӕндаг ссарыныл. Фӕлӕ ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй ӕнӕххӕст адӕм бынтондӕр адзӕгъӕл сты. Уыдонӕн сӕ бон нӕу ӕцӕг фарн ӕмӕ амондмӕ фӕндаг ссарын. Цымӕ цӕуылнӕ? Пехуымпар Йереми 2 500 азӕй фылдӕры размӕ загъта: «Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Йереми 10:23). Фӕндагыл цӕугӕйӕ раст зондмӕ чи нӕ хъуса, уый ӕнӕмӕнг фыдӕнхъӕл фӕуыдзӕн. Ӕцӕгдӕр, адӕмы хъӕуы разамынд!

3. Адӕмӕн ӕппӕты хуыздӕр разамынд йӕ бон ӕрмӕст Йегъовӕ Хуыцауӕн цӕмӕн у раттын ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

3 Ӕппӕты хуыздӕр разамынд дӕтты Йегъовӕ Хуыцау. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕмы сконд уымӕй хуыздӕр ничи зоны. Ӕмӕ уый тынг хорз зоны, адӕм сӕ фӕндагӕй куыд адзӕгъӕл сты ӕмӕ куыд фесӕфтысты. Зоны ма, адӕмы цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй фӕстӕмӕ раст фӕндагмӕ раздӕхой, уый дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ кӕддӕриддӕр фӕзоны хуыздӕр нын цы у, уый (Исай 48:17). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Псаломы 31:8 нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл: «Бамбарын кӕндзынӕн дӕуӕн, сӕвӕрдзынӕн дӕ фӕндагыл, кӕцыйыл дӕу цӕуын хъӕуы; разамынд дын дӕтдзынӕн, Мӕ цӕстӕнгас дӕ сӕрмӕ». Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕ дӕтты ӕппӕты хуыздӕр разамынд. Фӕлӕ куыд?

4, 5. Хуыцауы ныхӕстӕ нын разамынд куыд дӕттынц?

4 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕмӕ куывта: «Дӕ дзырд цырагъ у мӕ къахӕн, ӕмӕ рухс у мӕ фӕндагӕн» (Псалом 118:105, МГТ). Хуыцауы ныхӕстӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ ссарӕн ис Библийы. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, царды цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизынӕн. Ӕцӕгдӕр, Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ разамындмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд нӕхиуыл бавзарӕм Исайы 30:21 ныхӕсты рӕстдзинад: «Хъусдзыстут уӕ фӕстӕ дзурӕджы хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“».

5 Фӕлӕ ма нӕ хъус ӕрдарӕм, Псаломы 118:105 дзырд кӕй цӕуы, Хуыцауы Ныхас нын пайда кӕй у, кӕрӕдзийыл баст чи сты, дыууӕ ахӕм хъуыддаджы. Фыццаг, уый у цырагъ нӕ къахӕн. Алы бон дӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ къахвӕдтӕ афтӕ саразынц, цӕмӕй-иу, растдӕр куыд у, афтӕ бакӕнӕм ӕмӕ ацы дунейы къӕппӕджытӕй нӕхи хизӕм. Дыккаг, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сты рухс нӕ фӕндагӕн. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд Дзӕнӕты нӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уый бӕрӕг кӕмӕй уа, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Нӕ развӕндаг рухс куы уа, уӕд фендзыстӕм, кӕдӕм нӕ кӕны, уый – хорзмӕ ӕви ӕвзӕрмӕ (Ромӕгтӕм 14:21; 1 Тимофеймӕ 6:9; Раргомад 22:12). Цӕй ӕмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ къахӕн цырагъ ӕмӕ нӕ фӕндагӕн рухс куыд сты, уымӕ.

«Цырагъ мӕ къахӕн»

6. Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ къахӕн цырагъ кӕд вӕййынц?

6 Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы исты фарстытӕ скъуыддзаг кӕнын. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ афтӕ ахсджиаг нӕ вӕййынц. Фӕлӕ хатт ахӕм уавӕры бахауӕм, ӕмӕ нын фӕлварӕн свӕййы, хӕрзӕгъдауӕй баззайдзыстӕм, нӕ намыс сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй иуварс лӕудзыстӕм ӕви нӕ, уый. Цӕмӕй ахӕм фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ «зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» сахуыр кӕнӕм (Дзуттӕгтӕм 5:14). Хуыцауы Ныхасӕй нӕм бӕлвырд зонындзинӕдтӕ куы уа ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ’мбарӕм, уӕд нӕ намыс афтӕ сахуыр кӕндзыстӕм, ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:21).

7. Радзур, чырыстонмӕ кӕд фӕзындзӕн ахӕм фӕнд, ӕмӕ йе ’нӕуырнӕг ӕмкусджытимӕ йӕ рӕстӕг арвита.

7 Зӕгъӕм, архайыс Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уый раппӕлинаг хъуыддаг у. Фӕлӕ дын де ’мкусджытӕ билет балхӕдтой ӕмӕ дӕ семӕ спортивон хъазтмӕ хонынц. Уыдонӕн ӕхсызгон у семӕ кӕй кусыс, фӕлӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ рӕстӕг ӕндӕр искуы иумӕ арвитат. Чи зоны ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕныс, хорз адӕм кӕй сты, ууыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕм иуӕй-иу хъуыддӕгты фау ӕрхӕссӕн дӕр нӕй. Цы бакӕндзынӕ? Семӕ куы ацӕуай, уӕд дӕхи ницы фыдбылызы баппардзынӕ? Ацы уавӕры дын Хуыцауы Ныхас куыд баххуыс кӕндзӕн, раст куыд уыдзӕн, афтӕ бакӕнынӕн?

8. Ӕмбӕлттӕн кӕй ӕвзарӕм, ууыл хъуыды кӕнынӕн нын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ ’ххуыс кӕнынц?

8 Ӕркӕсӕм Фыстадӕй цалдӕр уагӕвӕрдмӕ. Нӕ зӕрдыл сӕйраджыдӕр ӕрлӕууы 1 Коринфӕгтӕм 15:33. Уым кӕсӕм: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц». Цымӕ ацы уагӕвӕрд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг адӕммӕ ӕппындӕр хӕстӕг ма цӕуӕм? Фыстад зӕгъы, нӕ. Апостол Павел йӕхӕдӕг дӕр уарзта «алыхуызон адӕмы дӕр» – ӕрмӕст уырнджыты нӕ, фӕлӕ ӕнӕуырнджыты дӕр (1 Коринфӕгтӕм 9:22). Мах куыд чырыстӕттӕ, афтӕ хъуамӕ тыхсӕм иннӕтыл – нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдоныл дӕр (Ромӕгтӕм 10:13–15). Ӕцӕгдӕр, нӕ бон куыд у «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразын», не ’ххуыс кӕй хъӕуы, уыцы адӕммӕ хӕстӕг куы нӕ цӕуӕм, уӕд? (Галатӕгтӕм 6:10).

9. Библийӕ нын цавӕр уынаффӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм, не ’мкусджытимӕ куыд стӕм, уыцы хъуыддаджы?

9 Фӕлӕ де ’мкусӕгмӕ хорз цӕстӕй кӕсай ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбал уай, уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Ам та ӕрхӕссӕн ис Библийӕ ӕндӕр уагӕвӕрд. Апостол Павел фӕдзӕхста чырыстӕтты: «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, нӕ йӕ афӕраздзыстут» (2 Коринфӕгтӕм 6:14, фип.). Цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «иу ӕфсондзы ма баифтындзут, нӕ йӕ афӕраздзыстут»? Библийы иуӕй-иу тӕлмацты ацы ныхӕстӕ раивтой «ма архайут иумӕ кусыныл, куыд ӕмсӕр адӕмимӕ, афтӕ» кӕнӕ «мауал лымӕн кӕнут, кӕимӕ не ’мбӕлы, ахӕм адӕмимӕ». Ӕмкусӕгимӕ лымӕн кӕнын ӕмбӕлон кӕд нал вӕййы? Ацы хъуыддаджы фӕдыл разамынд ссардзынӕ Хуыцауы Ныхас Библийы.

10. а) Йесо ӕмбӕлттӕ куыд ӕвзӕрста? ӕ) Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ чырыстоны цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

10 Ӕркӕсӕм Йесо Чырыстийы цӕвиттонмӕ. Уый адӕмы уарзта се сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:31). Зӕххыл куы цард, уӕд тынг лымӕн уыд йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ (Иоанны 13:1). Йӕ «зӕрдӕйӕн фӕадджын» суанг, Хуыцауӕй чи адзӕгъӕл, ахӕм адӕймаг дӕр (Марчы 10:17–22). Фӕлӕ Йесо ӕввахс ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ хӕцыд бӕрӕг уагӕвӕрдтыл. Йесо йӕхи ӕнгом нӕ баста, йӕ Фыды фӕндон зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уыдонимӕ. Иухатт Йесо загъта: «Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоанны 15:14). Ӕцӕг, гӕнӕн ис, ӕмӕ куысты кӕимӕдӕрты хӕларӕй цӕрай. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн ахӕм фарстытыл: «Цымӕ ацы адӕймаджы, Йесо цы дзуры, уый ӕххӕст кӕнын фӕнды? Фӕнды йӕ базонын Йегъовӕйы тыххӕй – Йесо адӕмы кувын кӕмӕ ахуыр кодта, уый тыххӕй? Ӕз, куыд чырыстон, афтӕ уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй кӕсын, уый дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы?» (Матфейы 4:10). Де ’мкусджытимӕ куы аныхас кӕнай ӕмӕ фидарӕй куы зӕгъай, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнӕмӕнг кӕй у, уӕд ацы фарстытӕн дзуаппытӕ базондзынӕ.

11. Ранымай, Хуыцауы ныхӕстӕ нын разамынд цавӕр уавӕрты хъуамӕ дӕттой, уыдон.

11 Хуыцауы ныхӕстӕ цырагъ нӕ къахӕн кӕм сты, ахӕм уавӕртӕ ма бирӕ ис. Зӕгъӕм, чырыстонӕн куыст нӕй, ӕмӕ йӕ фӕхуыдтой, ӕхсызгонӕй йӕ чи хъӕуы, ахӕм куыстмӕ. Фӕлӕ уыцы куысты хъӕуы бирӕ тыхтӕ ӕмӕ рӕстӕг, ӕмӕ йыл куы сразы уа, уӕд фембӕлдтӕй кӕцыдӕртӕ цух кӕндзӕн кӕнӕ йын раст динимӕ баст хъуыддӕгты архайынӕн фадат нал уыдзӕн (Псалом 36:25). Ӕндӕр чырыстоны та, чи зоны, тынг фӕнды, комкоммӕ Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм истӕмӕ бакӕсын (Ефесӕгтӕм 4:17–19). Чидӕр та йе ’мчырыстӕттӕм сӕ рӕдыдтыты тыххӕй уайтагъд фӕхӕрам вӕййы (Колоссӕгтӕм 3:13). Ӕппӕт ахӕм уавӕрты мах хъуамӕ Хуыцауы Ныхасӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ къахӕн цырагъ уа. Ӕцӕгдӕр, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд царды цыфӕнды зындзинады сӕрты дӕр ахиздзыстӕм. Хуыцауы Ныхас «пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16).

«Рухс у мӕ фӕндагӕн»

12. Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ фӕндагӕн рухс куыд сты?

12 Псалом 118:105 ма нын зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауы ныхӕстӕ сты рухс нӕ фӕндагӕн, ӕмӕ нын нӕ развӕндаг рухс кӕнынц. Мах зонӕм, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ нын Библи ӕмбарын кӕны дуне ахӕм уӕззау уавӕры цӕмӕн ис ӕмӕ йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ӕцӕгдӕр ӕй мах ӕмбарӕм, ацы фыддунейы «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый кӕй зонӕм, уый хъуамӕ тынг ӕндава, абон куыд цӕрӕм, ууыл. Апостол Петр ныффыста: «Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ уӕ зӕрдыл даргӕйӕ!» (2 Петры 3:11, 12).

13. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй ӕмбарӕм, уый куыд хъуамӕ зына нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ цардыуагыл?

13 Нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ цардыуагӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, фидарӕй нӕ кӕй уырны, «дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ [кӕй] фӕивгъуыйынц» (1 Иоанны 2:17). Библийы амындтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матфейы 6:33). Куыд ӕхсызгон у, ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ Йесойы ныхӕстыл кӕй ӕууӕндынц, ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнынц! Иннӕтӕ та – ис дзы ӕнӕхъӕн бинонтӕ дӕр – ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕтӕм.

14. Иу бинонтӕ фылдӕр хъусын кӕнын куыд райдыдтой?

14 Ӕркӕсӕм иу чырыстон бинонты цӕвиттонмӕ. Фыд ӕмӕ мад сӕ дыууӕ сывӕллонимӕ Иугонд Штаттӕй ацыдысты Доминиканы Республикӕмӕ, 50 000 адӕймаджы бӕрц кӕм цӕры, иу ахӕм горӕтмӕ, цӕмӕй бынӕттон ӕмбырды лӕггад кодтаиккой. Уыцы ӕмбырды ис иу-130 хъусынгӕнӕджы. Фӕлӕ 2006 азы 12 апрелы, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 1 300 адӕймаджы бӕрц! Уыцы бӕстӕйы хуым афтӕ «фӕбур ис» ӕмӕ афтӕ «сцӕттӕ ис кӕрдынмӕ», ӕмӕ фондз мӕймӕ уыцы бинонтӕ цыппарӕй Библи ахуыр кодтой 30 адӕймагимӕ (Иоанны 4:35). Фыд зӕгъы: «Ацы ӕмбырдмӕ ӕххуыс кӕнынмӕ ӕрцыд 30 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. 20 бӕрц дзы сты Иугонд Штаттӕй, иннӕтӕ та Багамӕйы сакъадӕхтӕй, Испанийӕ, Италийӕ, Канадӕйӕ ӕмӕ Ног Зеландийӕ. Уыдон зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ уый тынг ӕндавы бынӕттон ӕфсымӕрты зӕрдӕйы уагыл дӕр».

15. Дӕ царды фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй агурыс, уый тыххӕй цавӕр хорзӕхтӕй ӕрцыдтӕ хайджын?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон нӕу ӕндӕр бӕстӕм ацӕуын, цӕмӕй, хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕной. Фӕлӕ йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, кӕнӕ цӕмӕй йӕ бон суа, уый тыххӕй йӕ уавӕртӕ фӕивын зын кӕмӕн нӕу, уыдон бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын ӕрцӕудзысты. Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд кӕмфӕнды ма уай, уӕддӕр макуы рох кӕн, цы циндзинад банкъардзынӕ, уый. Дӕ царды фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурай, уӕд дыл Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ «хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ... рауадздзӕн» (Малахи 3:10).

Йегъовӕйы разамынд нын пайда у

16. Хуыцауы ныхӕстӕм хъусын пайда цӕмӕн у?

16 Куыд федтам, афтӕмӕй нын Йегъовӕйы ныхӕстӕ разамынд дӕттынц, кӕрӕдзийыл баст чи сты, дыууӕ ахӕм хъуыддаджы. Уыдон сты цырагъ нӕ къахӕн, кӕнынц нӕ раст фӕндагыл ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, исты фарстытӕ скъуыддзаггӕнгӕйӕ. Стӕй ма сты рухс нӕ фӕндагӕн, цӕмӕй хорз уынӕм, разӕй нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъусӕм Петры уынаффӕмӕ: «Уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ут къӕрцхъус. Уӕ ныфс дарут, Йесо Чырысти куы раргом уа, уӕд уын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кӕндзӕн, ууыл» (1 Петры 1:13).

17. Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн?

17 Йегъовӕ нын разамынд кӕй дӕтты, уый дызӕрдыггаг нӕу. Фарст ӕндӕр цӕйдӕр мидӕг ис: мах йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм? Цӕмӕй ӕмбарай, Йегъовӕ разамынд куыд дӕтты, уый тыххӕй алы бон дӕр Библи кӕс. Цы бакастӕ, ууыл хъуыды кӕн ӕмӕ архай, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл. Хъуыды кӕн, уыцы ӕрмӕг дӕумӕ куыд хауы, ууыл (1 Тимофеймӕ 4:15). Стӕй исты фарстытӕ куы скъуыддзаг кӕнай, уӕд «ӕмбаргӕйӕ» архай (Ромӕгтӕм 12:1).

18. Хуыцауы Ныхас нын разамынд куы дӕтта, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй ӕрцӕудзыстӕм хайджын?

18 Исты хъуыддаг скъуыддзаггӕнгӕйӕ, Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын нӕ развӕндаг рухс кӕндзысты ӕмӕ нын разамынд дӕтдзысты. Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй «зондджын кӕнынц хуымӕтӕгты» (Псалом 18:8). Библийы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, уый тыххӕй (1 Тимофеймӕ 1:18, 19). Йегъовӕйы ныхӕстӕ нын алы бон дӕр разамынд куы дӕттой, уӕд нӕ ӕппынфӕстаг схорзӕхджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй (Иоанны 17:3).

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ Хуыцау нын разамынд цӕмӕн хъуамӕ дӕтта?

• Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ къахӕн цырагъ кӕд уыдзысты?

• Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ фӕндагӕн рухс куыд сты?

• Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Ӕнӕуырнӕгимӕ лымӕн кӕнын ӕмбӕлон кӕд нал вӕййы?

[Ныв 20 фарсыл]

Йесойы ӕввахс ӕмбӕлттӕ уыдысты, Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кодта, уыдон

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Нӕ цардыуагӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ нын фыццаг бынаты кӕй сты?