Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн

Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн

Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн

«Уый Хох у, йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис» (ДЫККАГ ЗАКЪОН 32:4).

1, 2. а) Ӕнустӕм цӕрыны ныфс дын зынаргъ цӕмӕн у? ӕ) Бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндынц, диссаджы сомбонӕй зӕрдӕ чи ӕвӕры, уыцы Хуыцауыл?

ДЗӔНӔТЫ куыд цӕрдзынӕ, ууыл фӕхъуыды кӕныс? Чи зоны дӕ цӕстытыл уайы, нӕ диссаджы зӕххы къорийы алы къуымтӕ куыд сгардзынӕ ӕмӕ куыд базондзынӕ, нымӕц дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы алыхуызон цӕрӕгойты. Кӕнӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, иннӕтимӕ иумӕ хъӕлдзӕгӕй куыд кусдзынӕ ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр иу стыр парк куыд суыдзӕн. Кӕнӕ та дӕ, чи зоны, фӕнды дӕ тыхтӕ бафӕлварын аивады, архитектурӕйы, музыкӕйы – абон дын рӕстӕг кӕмӕн нӕй, уыцы хъуыддӕгты. Куыдфӕнды ма уа, ныфс дӕ ис, ӕмӕ хайджын уыдзынӕ, Библи «ӕцӕг цард» кӕй хоны, уыцы цардӕй – Йегъовӕ нӕ цы цардӕн сфӕлдыста ӕмӕ ӕнустӕм чи уыдзӕн, уымӕй (1 Тимофеймӕ 6:19).

2 Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын у ӕхсызгон ӕмӕ кадджын хъуыддаг. Фӕлӕ бирӕтӕ уыцы ныфсы хабармӕ хъусгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уыдон ӕй хонынц аргъау, афтид ныхӕстӕ ӕнцонсайӕн адӕмӕн. Адӕм ӕнустӕм Дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уымӕй зӕрдӕ чи ӕвӕры, уыцы Хуыцауыл баууӕндын сӕм зын кӕсы. Цӕмӕн? Арӕх ыл нӕ феууӕндынц, дунейы уыйбӕрц фыддзинад кӕй ис, уый тыххӕй. Уыдонмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ дунейы фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ис, уый зын бамбарӕн у, кӕд ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау ис, уӕд. Уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцау куы уаид, уӕд фыддзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсид, ӕмӕ кӕд ис, уӕд та ӕппӕтхъомысджын нӕу кӕнӕ ныл тыхсгӕ нӕ кӕны. Ахӕм хъуыдытӕ кӕмӕдӕрты раст кӕсынц. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Сайтан тынг дӕсны у адӕмы зонд куырм кӕнынмӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

3. Адӕмӕн цавӕр зын фарстӕн ӕххуыс кӕнӕм дзуапп ссарынӕн ӕмӕ мах хуызӕн уыцы хъуыддаг ӕндӕр исчи цӕуылнӕ бакӕндзӕн?

3 Сайтан ӕмӕ ацы дунейы зонд сӕ фӕдыл кӕй асайдтой, уыцы адӕмӕн мах хуызӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуызӕн, ӕндӕр ничи баххуыс кӕндзӕн (1 Коринфӕгтӕм 1:20; 3:19). Бирӕтӕ Библийы зӕрдӕвӕрдтыл цӕуылнӕ ӕууӕндынц, уый мах ӕмбарӕм. Уыдон нӕ зонынц Йегъовӕйы. Ӕвӕццӕгӕн, нӕ зонынц Хуыцауы ном, стӕй уыцы ном цы нысан кӕны, уый. Ӕппындӕр ын нӕ зонынц, йе та йын хорз нӕ зонынц йӕ миниуджытӕ. Нӕ зонынц, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны, уый дӕр. Мах та уыдӕттӕ иууылдӕр зонӕм. Ӕвзӕр нӕ уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам, куыд у нӕ бон, «зондӕй... талынджы» чи ис, уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ссарой дзуапп, ӕппӕты тынгдӕр сӕ чи тыхсын кӕны, уыцы фарстытӕй иуӕн: Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзы? (Ефесӕгтӕм 4:18). Цӕмӕй ацы фарстӕн хуыздӕр дзуапп раттӕм, уый тыххӕй уал ӕркӕсӕм, нӕ ныхас куыд райдайӕм, уымӕ. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ фыддзинад кӕй бауагъта, уым йӕ миниуджытӕ куыд равдыста, ууыл.

Нӕ ныхас куыд райдайӕм

4, 5. Исчи нӕ куы бафӕрса, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, зӕгъгӕ, уӕд уал фыццаг цы хъуамӕ саразӕм? Бамбарын ӕй кӕн.

4 Исчи нӕ куы бафӕрсы, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп раттӕм? Чи зоны нӕ фӕфӕнды, уыцы тӕккӕ йын алцыдӕр бӕстон куы бамбарын кӕниккам, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, суанг уыцы хабӕрттӕй райдайгӕйӕ. Хатт, чи зоны, афтӕ дӕр фӕхъӕуы. Фӕлӕ уал фыццаг хорз уаид адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын (Ӕмбисӕндтӕ 15:23; Колоссӕгтӕм 4:6). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, адӕймагӕн йӕ фарстӕн дзуапп раттыны размӕ нӕ бон спайда кӕнын кӕмӕй у, ӕртӕ ахӕм уынаффӕмӕ.

5 Фыццаг, ацы дунейы фыддзинад арӕх кӕй у, уый кӕд адӕймаджы тыхсын кӕны, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, исты бӕллӕх ӕрцыд йӕхиуыл кӕнӕ йӕ хиуӕттӕй искӕуыл. Уымӕ гӕсгӕ раст уаид, куы уал ын равдисиккам, йӕ уавӕр ын кӕй ӕмбарӕм. Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта: «Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут» (Ромӕгтӕм 12:15). Йӕ уавӕр ын кӕй ӕмбарӕм, йӕ рыст нӕм кӕй хъары, уый, гӕнӕн ис, адӕймаджы зӕрдӕ бацагайа (1 Петры 3:8). Кӕй йыл тыхсӕм, уый куы ӕмбара, уӕд нӕм хуыздӕр байхъусдзӕн.

6, 7. Цӕмӕн хъуамӕ раппӕлӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕй, Хуыцауы тыххӕй фарстытӕ куы дӕтта, уӕд?

6 Дыккаг, нӕ бон у уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕй раппӕлын, ацы фарст нӕм кӕй радта, уый тыххӕй. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ахӕм фарстытӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕй кӕнӕ Хуыцауы ницӕмӕ дарынц. Гӕнӕн ис, уый фехъуыстой сауджынӕй. Фӕлӕ алы хатт афтӕ зӕгъӕн нӕй, зӕгъгӕ, ахӕм фарст чи дӕтты, уый Хуыцауыл не ’ууӕнды. Рагзаманты дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ лӕвӕрдтой ахӕм фарстытӕ. Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕг Давид бафарста: «Цӕй тыххӕй, Хицау, лӕууыс дӕрддзӕф, бааууон кӕныс Дӕхи зындзинады рӕстӕг?» (Псалом 9:22). Пехуымпар Аввакумы дӕр фӕндыд базонын: «О, Йегъовӕ, бирӕ ма дӕм дзыназдзынӕн ӕххуысмӕ, ӕмӕ мӕ ды нӕ хъусдзынӕ? Бирӕ ма дын лӕгъстӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй мӕ фыддзинадӕй бахизай, ӕмӕ мӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Цӕмӕн мын уынын кӕныс ацы фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕллӕхтӕ? Стигъынц ӕмӕ фыдмитӕ кӕнынц мӕ тӕккӕ раз, алыран загъд ӕмӕ хъӕлӕба» (Аввакум 1:2, 3).

7 Уыдон уыдысты, Хуыцауӕн стыр аргъ чи кодта, ахӕм иузӕрдион адӕм. Мыййаг сӕ Йегъовӕ бафхӕрдта, цы сӕ тыхсын кодта, уымӕй йӕ кӕй фарстой, уый тыххӕй? Ӕфхӕргӕ нӕ, фӕлӕ ма Йегъовӕйы фӕндӕй се ’ргом фарстытӕ йӕ Ныхасы фыст дӕр ӕрцыдысты. Абон дунейы фыддзинад кӕй ис, уымӕй чи тыхсы, уый, чи зоны, ӕцӕгдӕр агуры Хуыцауы. Ӕмӕ зӕрдиагӕй цы дзуаппытӕ агуры, уыдон ссарӕн ис ӕрмӕстдӕр Библийы. Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо кӕй раппӕлыд, Хуыцауы чи агуры, ома «ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдонӕй» (Матфейы 5:3). Куыд стыр кад у, ахӕм адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, Йесо цы амонды кой кодта, уый ссарынӕн!

8. Цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ ӕфтауынц адӕмы ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, хъизӕмӕрттӕ Хуыцауӕй цӕуынц ӕмӕ сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

8 Ӕртыккаг, мах хъӕуы адӕймагӕн фенын кӕнын, дунейы цы фыддзинад ис, уым Хуыцау аххосджын кӕй нӕу. Бирӕты ахуыр кодтой, зӕгъгӕ, ацы дуне ис Хуыцауы къухы, Хуыцау алкӕмӕндӕр йӕ цард рагацау сныв кӕны, Хуыцау адӕмӕн цӕйдӕр тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕны, фӕлӕ цӕй тыххӕй, уый ничи зоны. Ацы ахуырӕдтӕ сты мӕнг. Уыдон ӕгад кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ йӕ ахӕм хуызы ӕвдисынц, цыма ацы дунейы цы фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ис, уыдон иууылдӕр уый аххосӕй цӕуынц. Ахӕм фарстытӕн нӕ бон у раттын дзуапп комкоммӕ Хуыцауы Ныхасӕй (2 Тимофеймӕ 3:16). Ацы хӕлд дуне Йегъовӕйы къухы нӕй, фӕлӕ Сайтан Хӕйрӕджы къухы (1 Иоанны 5:19). Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ зондӕй кӕй схайджын кодта, уыдонӕн сӕ цард рагацау не сныв кодта. Алкӕмӕндӕр сӕ дӕтты сӕрибардзинад ӕмӕ бар, цӕмӕй ӕвзарой хорз кӕнӕ ӕвзӕр, раст кӕнӕ ӕнӕраст (Дыккаг закъон 30:19). Йегъовӕ фыддзинады аххосджын никуы вӕййы; фыддзинадӕй уыны йе сӕфт ӕмӕ, ӕнаххосӕй чи хъизӕмар кӕны, уыдоныл тыхсы (Иов 34:10; Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19; 1 Петры 5:7).

9. Цавӕр кусӕнгӕрзтӕ нын радта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

9 Дӕ ныхасӕн бындур куы сӕвӕрай, уӕд, чи зоны, адӕймаджы бафӕнда базонын, Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны. Цӕмӕй нын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» радта бирӕ кусӕнгӕрзтӕ (Матфейы 24:45–47). 2005–2006 азты облӕстон конгрессты «Хуыцаумӕ хъусут», зӕгъгӕ, райстам трактат «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон!». Хорз нӕ уаид, лӕмбынӕг ӕй куы бакӕсис? Афтӕ ма чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»-йы (рацыд 157 ӕвзагыл) ӕнӕхъӕн сӕр у ацы ахсджиаг фарсты фӕдыл. Арӕхдӕр пайда кӕн ацы кусӕнгӕрзтӕй. Уыдон хорз ӕмбарын кӕнынц, Библимӕ гӕсгӕ Дун-дунейы хицауиуӕг кӕныны бар кӕмӕн ис, уый фӕдыл Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарст сӕвзӕрд ӕмӕ уыцы хъуыддаг Йегъовӕ куыд аскъуыддзаг кодта, уый. Дӕ зӕрдыл ма дар, ацы фарсты фӕдыл кӕимӕ ныхас кӕныс, уымӕн кӕй амоныс ӕппӕты ахсджиагдӕр зонындзинӕдтӕ – зонындзинӕдтӕ Йегъовӕйӕн йӕхи ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй.

Ныхас здах Йегъовӕйы миниуджытӕм

10. Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый бирӕтӕ цӕуылнӕ фембарынц ӕмӕ йӕ цӕмӕй бамбарой, уый тыххӕй цы хъуамӕ базоной?

10 Адӕймагӕн куы ӕмбарын кӕнай, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕм Сайтаны зондыл ацыдаиккой ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ суыдаиккой, уӕд-иу ныхас аздах Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕм. Бирӕтӕ зонынц, Хуыцау тыхджын кӕй у. Арӕх ма фехъусынц, Хуыцауӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у. Фӕлӕ, чи зоны, не ’мбарынц, Хуыцау уӕд цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны. Уыдон, ӕввӕццӕгӕн, зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, Йегъовӕ ма кӕй у сыгъдӕг, рӕстаг, зондджын ӕмӕ уарзӕгой дӕр. Йегъовӕ ацы миниуджытӕ ӕвдисы афтӕ, ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Библи уымӕн зӕгъы: «Йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис» (Дыккаг закъон 32:4). Ацы хъуыддаджы фӕдыл арӕх цы фарстытӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ дӕ бон куыд у ныхас Хуыцауы миниуджытӕм здахын? Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

11, 12. а) Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕдӕн ныххатыр кӕнӕн цӕуылнӕ уыд? ӕ) Йегъовӕ тӕригъӕд ӕнустӕм цӕуылнӕ быхсдзӕн?

11 Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд Адам ӕмӕ Евӕйӕн ныххатыр кӕнын? Адам ӕмӕ Евӕ цы бакодтой, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд. Уыдон уыдысты ӕххӕст адӕм ӕмӕ Йегъовӕйы хицаудзинадыл барвӕндонӕй сӕ къух систой ӕмӕ Сайтаны фарс рахӕцыдысты. Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд ӕрфӕсмон кӕнын. Фӕлӕ адӕм куы бафӕрсынц, зӕгъгӕ, Йегъовӕ уыцы змӕнтджытӕн цӕуылнӕ ныххатыр кодта, уӕд уыдон, чи зоны, ӕцӕгдӕр фӕхъуыды кӕнынц: цас диссаг уыдаид, Хуыцау иу хатт йӕ уагӕвӕрдты сӕрты куы ахызтаид, ӕмӕ тӕригъӕд кӕй ракодтой, стӕй йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый куы ницӕмӕ ӕрдардтаид. Ацы фарстӕн йӕ дзуапп ӕнгом баст у Йегъовӕйы сӕйраг миниуджытӕй иуыл. Библийы фыст ис: «Сыгъдӕгдзинад Йегъовӕмӕ ис» (Рацыд 28:36; 39:30).

12 Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй Библийы фыст ис сӕдӕгай хатты. Фӕлӕ хъыгагӕн, ацы хӕлд дунейы стӕмты йеддӕмӕ, ацы миниуӕг цы у, уый ничи ӕмбары. Йегъовӕ у сыгъдӕг ӕмӕ йӕм тӕригъӕдӕй ӕппындӕр ницы ис (Исай 6:3; 59:2). Йегъовӕ бацархайдта, цӕмӕй тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕуа, мауал уа. Уый йӕ ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн. Йегъовӕйы куы фӕндыдаид тӕригъӕд ӕнустӕм быхсын, уӕд нӕ фидӕнӕй ӕппындӕр ницы ныфс уаид (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Йӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ногӕй сыгъдӕгыл банымайдзӕн. Уыцы хъуыддагӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, уымӕн ӕмӕ уый у Сыгъдӕг Хуыцауы фӕндон.

13, 14. Йегъовӕ, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны цӕуылнӕ фесӕфта?

13 Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд Едемы цӕхӕрадоны змӕнтджыты фесафын ӕмӕ та алцыдӕр ногӕй райдайын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн ӕм фаг тых уыд. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты иууылдӕр фесафдзӕн. Чи зоны, исчи бафӕрса: «Уӕдӕ афтӕ цӕуылнӕ бакодта, Дун-дунейы ӕртӕ тӕригъӕдджыны йеддӕмӕ куы нӕма уыд, уӕд? Уӕд тӕригъӕд нӕ апырх уыдаид ӕмӕ абон дунейы цы хъизӕмӕрттӕ ис, уыдон дӕр нӕ уыдаиккой». Аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ афтӕ цӕуылнӕ бакодта, ууыл. Дыккаг закъоны 32:4 фыст ис: «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты». Йегъовӕйы хуызӕн рӕстаг ничи у. Ӕцӕгдӕр, «Хицау уарзы рӕстдзинад» (Псалом 36:28). Йегъовӕ рӕстдзинад кӕй уарзы, уый йӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй змӕнтджыты Едемы цӕхӕрадоны фесӕфтаид. Цӕуылнӕ?

14 Сайтан Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд сӕвзӕрд фарст Хуыцауы хицаудзинады фӕдыл. Йегъовӕйы рӕстдзинад домдта, цӕмӕй Сайтаны ныхӕстӕн лӕвӕрд ӕрцыдаид дзуапп. Змӕнтджытӕ уый аккаг уыдысты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ уыцы тӕккӕ фесӕфтаид. Фӕлӕ уӕд уыцы фарстӕн дзуапп лӕвӕрд не ’рцыдаид. Уымӕй сбӕлвырд уыдаид, Йегъовӕ ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Сайтан Йегъовӕйы тых нӕ дзырддаг кодта. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн йӕ фӕндон загъта. Уыдон хъуамӕ зӕнӕг уагътаиккой ӕмӕ зӕхх байдзаг кодтаиккой, сӕхи йӕ бакодтаиккой ӕмӕ сӕ бар цыдаид ӕппӕт цӕрӕгойтыл дӕр (Райдиан 1:28). Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы фесӕфтаид, уӕд ӕм адӕмы тыххӕй цы фӕндон уыд, уый нӕ сӕххӕст уыдаид. Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ никуы бауагътаид, цӕмӕй ахӕм хабар ӕрцыдаид. Йӕ фӕндон алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы (Исай 55:10, 11).

15, 16. Едемы цӕхӕрадоны змӕнтджытӕн куыд бакӕнын хъуыд, уый тыххӕй сӕхи «хъуыдытӕ» кӕмӕн ис, уыдонӕн нӕ бон баххуыс кӕнын куыд у?

15 Дун-дунейы Йегъовӕйы йеддӕмӕ исчи афтӕ зондджынӕй равзӕрстаид, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны хъуыддаг? Едемы цӕхӕрадоны змӕнтджытӕн куыд бакӕнын хъуыд, уый тыххӕй кӕмӕдӕрты ис сӕхи «хъуыдытӕ». Фӕлӕ цымӕ уымӕй уый зӕгъынмӕ нӕ хъавынц, ӕмӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл уыдон растдӕр хъуыды кӕнынц? Чи зоны сӕ ӕвзӕрӕй ницы фӕнды, фӕлӕ уыдон нӕ зонынц Йегъовӕйы ӕмӕ, цы ӕнӕкӕрон зонды хицау у, уый. Апостол Павелы фыстӕджы Ромы чырыстӕттӕм ис арф хъуыдытӕ Хуыцауы зонды тыххӕй ӕмӕ ма Йегъовӕйы фӕндоны «сыгъдӕг сусӕгдзинады» тыххӕй. Уыцы фӕндон у, Йегъовӕ Мессийӕйы Паддзахады фӕрцы иузӕрдион адӕмы кӕй балхӕндзӕн ӕмӕ йӕ сыгъдӕг ном кӕй срухс кӕндзӕн. Хъуыддӕгтӕ афтӕ аскъуыддзаг кӕнын чи сфӕнд кодта, уыцы Хуыцауы зонды тыххӕй Павел цы хъуыды кодта? Апостол йӕ фыстӕг фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Гъемӕ уӕдӕ Йесо Чырыстийы номӕй иунӕг зондджын Хуыцауӕн кад уӕд ӕнустӕм. Аммен» (Ромӕгтӕм 11:25; 16:25–27).

16 Павел ӕмбӕрста, Йегъовӕ кӕй у «иунӕг зондджын» – Дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр зонды хицау. Ӕнӕххӕст адӕмӕй йӕ бон кӕмӕн у, цавӕрфӕнды хъуыддаг дӕр растдӕр куыд у, афтӕ аскъуыддзаг кӕнын, уӕлдайдӕр та Хуыцауы раз цы фарстытӕ уыд, уыдонӕй ӕппӕты вазыгджындӕр фарст? Уӕдӕ мах хъӕуы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «зӕрдӕйӕ зондджын» Хуыцауӕн мах куыд кад кӕнӕм, уыдон дӕр ын афтӕ кад кӕной (Иов 9:4). Йегъовӕ куыд зондджын у, уый цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас тынгдӕр ӕууӕндӕм, кӕм цы бакӕнын хъӕуы, уый уымӕй хуыздӕр кӕй ничи зоны (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕгӕн

17. Йегъовӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый кӕй тыхсын кӕны, уыцы адӕм ын йӕ уарзондзинад куы бамбарынц, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕны?

17 «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Ацы диссаджы ныхӕстӕй Библи ӕвдисы, уарзондзинад кӕй у Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг – йӕ миниуджытӕй ӕппӕты рӕсугъддӕр. Уый у стыр удӕнцойы хос, дуне фыддзинадӕй йедзаг цӕмӕн у, уыцы фарст кӕй тыхсын кӕны, уыцы адӕмӕн. Йегъовӕйӕн йӕ уарзондзинад зыны, тӕригъӕд ын йе сфӕлдыстадӕн цы зиан ӕрхаста, уыдӕттӕ сраст кӕнынӕн цы сарӕзта, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты. Йӕ уарзондзинадӕй Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕдджын байзӕддӕгты ӕнӕ ныфсӕй нӕ ныууагъта (Райдиан 3:15). Хуыцауы сын радта фадат, цӕмӕй йӕм кувой ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой. Уарзондзинад Йегъовӕйы сразӕнгард кодта ахӕсты аргъ бафидынмӕ. Уый фӕрцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ кӕронмӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ зӕххыл ногӕй ӕххӕст, ӕнусон цард уыдзӕн (Иоанны 3:16). Йӕ уарзондзинад ма йӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй адӕмӕн быхса, ӕмӕ уый фӕрцы фылдӕр кӕнынц, Сайтаны ныхмӕ чи слӕууы ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ Хицауыл чи банымайы, уыдон (2 Петры 3:9).

18. Цы зонӕм ахӕмӕй, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Ӕвирхъау теракты ӕрымысӕн бонмӕ цы адӕм ӕрбацыд, уыдоны раз иу сауджын йӕ раныхасы загъта: «Мах ӕй нӕ зонӕм, Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны». Хъыгагӕн, уый бирӕтӕ нӕ зонынц. Уӕдӕ мах амондджын не стӕм, ацы фарстӕн дзуапп кӕй зонӕм? (Дыккаг закъон 29:29). Йегъовӕ зондджын, рӕстаг ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тагъд адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн. Уымӕй нын зӕрдӕ ӕвӕры йӕхӕдӕг (Раргомад 21:3, 4). Цы бауыдзысты, бирӕ ӕнусты дӕргъы цы адӕм амард, ӕппӕт уыдон та? Едемы цы дзырддаг фарст сӕвзӕрд, уый Йегъовӕ куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй уыцы адӕмы ӕнӕ ныфсӕй ныууагъта? Нӕ. Уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, зӕгъгӕ, чи фӕрсы, уымӕн нӕ бон цы у зӕгъын?

• Йегъовӕ сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый куыд рабӕрӕг, Едемы йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй?

• Адӕмӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы уарзондзинад хуыздӕр базоной?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Ӕххуыс кӕнӕм, дунейы уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ кӕй ис, уый кӕй тыхсын кӕны, уыдонӕн

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Иузӕрдион Давид ӕмӕ Аввакум Хуыцауы ӕргом фарстой