Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Йеремийы хъарӕджы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Йеремийы хъарӕджы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ПЕХУЫМПАР Йереми йӕхи цӕстӕй уыны, 40 азы дӕргъы цы тӕрхӕтты тыххӕй хъусын кодта, уыдон куыд ӕххӕст кӕнынц. Цымӕ куыд кӕны йӕ зӕрдӕ йӕ уарзон горӕты сӕфт уынгӕйӕ? «Йереми йӕ цӕссыг калгӕйӕ сбадтис ӕмӕ хъарджытӕ кодта Иерусалимыл»,– фыст ис, грекъаг Септуагинтӕйы Йеремийы хъарӕджы чиныгмӕ цы разныхас ис, уым. Ацы чиныг фыст ӕрцыд н. э. агъоммӕ 607 азы ӕмӕ хорз ӕвдисы, Йеремийы зӕрдӕ куыд тынг рыст. Пехуымпарӕн ма ныр дӕр йӕ цӕстытыл уайы, вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куыд ӕрхъула кодтой, 18 мӕйы дӕргъы йӕ алыварс куыд лӕууыдысты ӕмӕ йӕ стӕй куыд басыгътой (Йереми 52:3–5, 12–14). Историйы дӕргъы ӕндӕр никӕцы горӕтыл скодтой ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг.

Йеремийы хъарӕджы чиныджы ис фондз лирикон ӕмдзӕвгӕйы. Фыццаг цыппар сты хъарджытӕ, фӕндзӕм та у курдиат кӕнӕ куывд. Фыццаг цыппар фыст сты акростихӕй, алы стих дӕр дзы райдайы дзуттаг алфавиты 22 дамгъӕйӕ сӕ иуӕй – алфавиты дамгъӕтӕ фӕдфӕдыл куыд ӕвӕрд сты, уымӕ гӕсгӕ. Фӕндзӕм сӕры ис 22 стихы, фӕлӕ сӕ равӕрд алфавиты дамгъӕты равӕрдмӕ гӕсгӕ нӕу.

«МӔ ЦӔССЫГ БАЙСЫСТИ»

(Йеремийы хъарӕг 1:1–2:22)

«Куыд иунӕгӕй бады, раздӕр адӕмӕй азмӕлӕн кӕм нӕ уыд, уыцы сӕйраг горӕт! Дзыллӕты ’хсӕн йӕ бирӕ адӕмӕй бӕрӕг дардта, фӕлӕ ныр идӕдз усы хуызӕн ацис! Бӕстӕтӕн ӕхсин чи уыд, уый ныр уацары фыдӕбон кӕны!» Афтӕ райдыдта пехуымпар Йереми йӕ хъарӕг Иерусалимыл. Ацы бӕллӕх цӕмӕн ӕрцыд, уый тыххӕй пехуымпар загъта: «Йегъовӕ йын йӕхӕдӕг бавзарын кодта маст йӕ бирӕ фыдракӕндты тыххӕй» (Йеремийы хъарӕг 1:1, 5).

Иерусалим ӕвдыст цӕуы, йӕ лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн амардысты, ахӕм сылгоймаджы хуызы, ӕмӕ фӕрсы: «Ӕркӕсут ӕмӕ фенут, цыма ӕз куыд риссын, афтӕ ма исчи риссы?» Сылгоймаг йе знӕгты тыххӕй Хуыцаумӕ кувы: «Сӕ фыддзинад ма басусӕг уӕд дӕуӕй. Мӕн мӕ фыддзинӕдты тыххӕй куыд карзӕй бафхӕрдтай, афтӕ карзӕй бафхӕр уыдоны дӕр. Мӕ хъӕрзынӕй не ’нцайын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ риссы» (Йеремийы хъарӕг 1:12, 22).

Йереми тынг маст кӕны ӕмӕ дзуры: «[Йегъовӕ] йӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ Израилы сыкъатӕ иууылдӕр ныссаста. Йӕ рахиз къух айста знагӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдоны фӕнык чи фестын кӕны, ахӕм цырен артау Иаковы мидӕг судзы». Йӕ зӕрдӕ фырмӕтӕй куыд скъуыдтӕ кӕны, уый тыххӕй пехуымпар хъарӕг кӕны: «Мӕ цӕссыг байсысти. Мӕ хуылф басыгъди. Мӕ игӕр зӕхмӕ фӕкалд». Иерусалимы фӕрсты чи цӕуы, уыдон дӕр ыл дис кӕнынц: «Ау, ай, ӕгас зӕххы фидыцты фидыц ӕмӕ цинты цин кӕй хуыдтой, уыцы горӕт у?» (Йеремийы хъарӕг 2:3, 11, 15).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:15 – Йегъовӕ куыд «лӕмары Иудӕйы ӕнӕвнӕлд чызджы сӕндуцӕн»? Ӕнӕвнӕлд чызджы хуызы ӕвдыст горӕт пырх кӕнгӕйӕ вавилойнӕгтӕ уыйбӕрц туг ныккалдтой, цыма сӕндуцӕны сӕнӕфсир цъӕл кодтой, уыйау. Хъуыддаг афтӕ кӕй уыдзӕн, уый Йегъовӕ рагацау загъта ӕмӕ йӕ ӕрцӕуын дӕр бауагъта. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ «лӕмары сӕндуцӕн».

2:1 – Израилы фидыц арвӕй зӕхмӕ ӕппӕрст куыд ӕрцыд? «Арв зӕххӕй... дард» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ искӕй кӕнӕ истӕй кад дӕлӕмӕ кӕй ’рхауд, уый Библийы хатт ӕвдыст вӕййы, ахӕм хуызы, цыма йӕ «арвӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрстой». «Израилы фидыц» – Йегъовӕ Израилӕн куы арфӕ кодта, уӕд ын цы кад ӕмӕ цы тых уыд, уый – дӕлӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой ӕмӕ Иудӕйы бӕстӕ куы федзӕрӕг кодтой, уӕд (Исай 55:9).

2:1, 6 – Цӕмӕ амонынц Йегъовӕйы «къӕхты бын» ӕмӕ йӕ «халагъуд»? Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Бацӕудзыстӕм Йӕ цӕрӕндонмӕ, бакувдзыстӕм Йӕ къӕхты бын Уымӕн» (Псалом 131:7, МГТ). Уӕдӕ Йеремийы хъарӕджы 2:1 дзырд «къӕхты бын» амоны Йегъовӕйы кувӕн хӕдзармӕ кӕнӕ йӕ кувӕндонмӕ. Вавилойнӕгтӕ «басыгътой Йегъовӕйы хӕдзар», раст цыма, быдыры кӕй ацаразынц, ахӕм халагъуд, кӕнӕ мӕнгагъуыст уыд, уыйау (Йереми 52:12, 13).

2:16, 17 – Дзуттаг алфавиты дамгъӕты равӕрдмӕ гӕсгӕ 16-ӕм стих хъуамӕ дзуттаг дамгъӕ айин-ӕй ма райдайа ӕмӕ 17-ӕм та – дамгъӕ пе-йӕ? Библийы фысджытӕ-иу Хуыцауы сыгъдӕг удӕй акростихтӕ куы фыстой, уӕд-иу сӕ равӕрдтой алфавитмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ-иу архайдтой, цӕмӕй ӕнахуыр ма рауадаиккой. Акростихӕй фыст текст ӕнцондӕр бахъуыды кӕнӕн уыд, фӕлӕ текстӕн йӕ мидис уыд уымӕй ахсджиагдӕр. Уыцы дыууӕ дамгъӕ ма сӕ бынӕттӕй ивд ӕрцыдысты Йеремийы хъарӕджы чиныджы 3 ӕмӕ 4 зарӕджы (Йеремийы хъарӕг 3:46, 49; 4:16, 17).

2:17 – Йегъовӕ Иерусалимы тыххӕй цавӕр «ныхас» сӕххӕст кодта? Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ист сты Левиты 26:17: «Ӕз ме ’ргом раздахдзынӕн уӕ ныхмӕ, ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ ныппырх кӕндзысты. Ӕмӕ уӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон уӕ ӕфхӕрдзысты, ӕмӕ лидздзыстут, куы ничи уӕ сура, уӕд».

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:1–9. Иерусалим ӕхсӕвыгӕтты хӕкъуырццӕй кӕуы ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ йӕ уадултыл згъорынц. Йӕ кулдуӕрттӕ йын ныппырх кодтой ӕмӕ йӕ сауджынтӕ фырмӕтӕй арф ныуулӕфынц. Йӕ чызджытӕн сӕ зӕрдӕтӕ мастӕй тонынц, ӕмӕ йӕхӕдӕг удхайраг фӕцис. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иерусалим стыр тӕригъӕд ракодта. Йӕ чъизитӕ сты йӕ фӕдджийыл. Йӕ тӕригъӕд ын циндзинад не ’рхаста, фӕлӕ цӕссыгтӕ, тыхулӕфтытӕ, маст ӕмӕ зындзинад.

1:18. Тӕригъӕдджынты ӕфхӕргӕйӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй.

2:20. Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста, куы нӕ йӕм хъусой, уӕд сыл йе ’лгъыстытӕ кӕй ӕрцӕудзысты. Уыцы ӕлгъыстытӕй иу уыд, сӕ «фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ» кӕй хӕрдзысты, уый (Дыккаг закъон 28:15, 45, 53). Уӕдӕ куыд ӕнӕзонд ми у Хуыцауы ныхмӕ цӕуын!

«МА ӔХГӔН ДӔ ХЪУС, ӔНЦОЙДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ДӔМ КУЫ ФӔКУВЫН, УӔД»

(Йеремийы хъарӕг 3:1–5:22)

Йеремийы хъарӕджы 3 сӕры, Израилы адӕмы тыххӕй дзырд цӕуы, цыма иу адӕймаг у, афтӕ. Уыцы адӕймаг кӕд фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, уӕддӕр зары: «Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ у, йӕ ныфс ыл чи дары ӕмӕ йӕ чи агуры, уыдонмӕ». Уый кувы ӕцӕг Хуыцаумӕ ӕмӕ дзы куры: «Мӕ хъӕлӕс мын фехъусдзынӕ. Ма ӕхгӕн дӕ хъус, ӕнцойдзинады тыххӕй дӕм куы фӕкувын ӕмӕ дӕм ӕххуысмӕ мӕ дзыхы дзаг куы фӕхъӕр кӕнын, уӕд». Йе знӕгтӕ йӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй сӕм ӕркӕса: «О, Йегъовӕ, ды сын сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ» (Йеремийы хъарӕг 3:1, 25, 56, 64).

Знӕгтӕ Иерусалимы алыварс 18 мӕйы дӕргъы куы лӕууыдысты, уӕд горӕты цӕрджытӕ цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уый тыххӕй Йереми хъарӕг кӕны: «Мӕ адӕмы чызг йӕ рӕдыдтыты тыххӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый стырдӕр у, Содом йӕ тӕригъӕды тыххӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уымӕй. Содом цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесӕфт ӕмӕ йӕм йе ’ххуысы къух ничи бадардта». Йереми дарддӕр дзуры: «Хъамайӕ кӕй амардтой, уыдон амондджындӕр уыдысты, сыдӕй чи мард, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон быдираг дыргъ ӕмӕ халгӕрдӕг хъуагӕй уӕлхъӕдӕй батайынц» (Йеремийы хъарӕг 4:6, 9).

Фӕндзӕм ӕмдзӕвгӕ та афтӕ фыст у, цыма Йереми нӕ, фӕлӕ Иерусалимы цӕрджытӕ дзурынц: «Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕнт, о Йегъовӕ, цы бӕллӕхтӕ ныл ӕрцыд, уыдон. Рафӕлгӕс, ӕркӕс нӕ худинаджы уавӕрмӕ». Цы бӕллӕхтӕ бавзӕрстой, уыдӕтты тыххӕй дзурынц ӕмӕ курынц: «О, Йегъовӕ, ды уыдзынӕ паддзах мыггагӕй-мыггагмӕ. Дӕ паддзахбадӕн у фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Фӕстӕмӕ нӕ дӕхимӕ ӕркӕн, о, Йегъовӕ, ӕмӕ дӕм батагъд кӕндзыстӕм. Кӕддӕрау нын ног бонтӕ ратт» (Йеремийы хъарӕг 5:1, 19, 21).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

3:16 – Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ: «Мӕ дӕндӕгтӕ мын хуырӕй сӕтты»? Иу иртасӕн куысты дзырдӕуы: «Иудейты уацары куы кодтой, уӕд-иу цӕмӕй фӕндагыл дзул сфыхтаиккой, уый тыххӕй-иу зӕххы дзыхъхъытӕ скъахтой. Афтӕмӕй-иу сӕ дзулы бахауд хуыртӕ». Ахӕм дзул хӕргӕйӕ иудейтӕн тӕссаг уыд, сӕ дӕндӕгтӕ куы асастаиккой, уымӕй.

4:3, 10 – Йереми «йӕ адӕмы чызджы» «ӕдзӕрӕг быдыры страустимӕ» цӕмӕн бары? Страус «йӕ фырттӕн тӕригъӕд нӕ зоны, цыма йӕхи дӕр не сты, уыйау»,– фыст ис Иовы 39:16. Зӕгъӕм, сыл страусӕн йӕ лӕппынтӕ ӕйчытӕй куы рабырынц, уӕд йӕ ахстон ныууадзы ӕмӕ иннӕ сыл страустимӕ ацӕуы, лӕппынты та фӕхъомыл кӕны нӕл страус. Истӕмӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд страустӕ сӕхи куыд фӕдарынц? Дыууӕ дӕр сӕ лӕппынты фӕуадзынц, ӕмӕ лидзынмӕ фӕвӕййынц. Вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕрхъула кодтой, уӕд дзы ахӕм ӕххормаг рӕстӕг скодта, ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ мадӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры страустау сӕ сывӕллӕттӕн тӕригъӕд нал зыдтой. Уыдонӕй хъауджыдӕр хъӕддаг куыйтӕ сӕ лӕппынты уарзынц.

5:7 – Йегъовӕ адӕмӕй сӕ фыдӕлты рӕдыдтыты тыххӕй дзуапп домдта? Нӕ. Йегъовӕ адӕмы сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй не ’фхӕры. «Хуыцауы раз алчидӕр йӕхи тыххӕй дзуапп ратдзӕн» (Ромӕгтӕм 14:12). Фӕлӕ фыдӕлты рӕдыдтытӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕ фӕлтӕртыл дӕр фӕзыной. Зӕгъӕм, рагон израилӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй, фӕстӕдӕр чи цард, суанг уыцы иузӕрдион израилӕгтӕн дӕр рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын фӕзындӕр (Рацыд 20:5).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

3:8, 43, 44. Иерусалимыл бӕллӕх куы ’рцыд ӕмӕ горӕты цӕрджытӕ ӕххуысы тыххӕй куы дзынӕзтой, уӕд сӕ Йегъовӕ нӕ хъуыста. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ адӕм йӕ коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ не ’рфӕсмон кодтой. Цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 28:9).

3:20 – «Ды мӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕрхъуыды кӕндзынӕ ӕмӕ мӕм ӕргуыбыр кӕндзынӕ». Йегъовӕ, «Ӕппӕтбӕрзонд ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ», афтӕ бӕрзонд у, ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы йӕхи «ӕркъул кӕнын, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ» (Псалом 82:19; 112:6). Фӕлӕ Йереми хорз зыдта, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау цӕттӕ кӕй у адӕммӕ ӕргуыбыр кӕнынмӕ, ома уыдоны онг йӕхи ӕруадзынмӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Мах амондджын куыннӕ хъуамӕ уӕм, ӕцӕг Хуыцау ӕрмӕст ӕппӕты хъомысджын ӕмӕ ӕппӕты зондджын кӕй нӕу, фӕлӕ ма сӕрныллӕг дӕр кӕй у!

3:21–26, 28–33. Куыд у нӕ бон фидар фӕлӕууын суанг уӕззау хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр? Уыцы хъуыддаджы бафӕзмӕн ис Йеремийы. Мах ма хъуамӕ рох кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ нын тынг кӕй тӕригъӕд кӕны. Хъуамӕ ма нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕд удӕгас стӕм, уӕд уый дӕр фаг у, цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта, фӕразон уӕм ӕмӕ сабырӕй, ӕнӕхъуыр-хъуырӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ирвӕзындзинадмӕ. Уымӕй уӕлдай ма мах хъуамӕ нӕ «былтӕй зӕххыл аныдзӕвӕм», ома фӕлварӕнты сӕрныллӕгӕй фӕразӕм, ӕмӕ ӕмбарӕм, кӕд Йегъовӕ исты ӕрцӕуын бауагъта, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕу.

3:27. Ӕвзонджы бонты адӕймагӕн уырнындзинады фӕлварӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ уа, зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ йӕ иннӕты хынджылӕгӕн быхсын кӕй хъӕуы, уый. Фӕлӕ «амондджын у, йе ’взонджы бонты ӕфсондз цы адӕймаг хӕссы, уый». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг ӕрыгонӕй зындзинӕдты ӕфсондз хӕссын куы сахуыр вӕййы, уӕд ӕй уый бацӕттӕ кӕны, царды ма цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзӕн, уыдонмӕ.

3:39–42. Нӕ тӕригъӕдты аххосӕй куы хъизӕмар кӕнӕм, уӕд хъаст кӕнын раст нӕу. Не ’взӕр мийы тыххӕй цы ӕвзарӕм, уымӕй хъаст кӕныны бӕсты «нӕ фӕндӕгтӕ равзарӕм, раиртасӕм, ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕм». Раст бакӕндзыстӕм, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ фӕндӕгтӕ куы сраст кӕнӕм.

Дӕ ныфс Йегъовӕ уӕд

Йеремийы хъарӕджы чиныг нын ӕвдисы, цы цӕстӕй каст Йегъовӕ Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы бӕстӕмӕ, вавилойнӕгтӕ горӕт куы басыгътой ӕмӕ бӕстӕ куы федзӕрӕг кодтой, уӕд. Адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй дзы ӕргом фыст кӕй ис, уымӕй нӕ бон у фенын, ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, ацы бӕллӕх адӕмы аххосӕй кӕй ӕрцыд. Хуыцауы комытӕфӕй фыст хъарджыты чиныджы рӕсугъд ныхӕстӕй ӕвдыст ӕрцыд, адӕмӕн Йегъовӕ кӕй у сӕ ныфс ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды раст фӕндагмӕ раздӕхын. Кӕд Йеремийы бонты адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты, уӕддӕр афтӕ хъуыды кодтой Йереми ӕмӕ, чи ӕрфӕсмон кодта, уыдон.

Йеремийы хъарӕджы чиныгӕй куыд зыны, афтӕмӕй, Йегъовӕ Иерусалимы уавӕрмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй ис дыууӕ зондзонӕны райсӕн. Фыццаг, вавилойнӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кодтой ӕмӕ Иудӕйы бӕстӕ кӕй федзӕрӕг кодтой, уыцы хабар нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм. Ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Дыккаг зондзонӕн та нӕ бон у райсын Йеремийы цӕвиттонӕй (Ромӕгтӕм 15:4). Зӕрдӕрыст пехуымпар-иу уавӕр цыфӕнды къухауигъинаг куы хуыдта, уӕд дӕр-иу ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ цӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ ныфс уа! (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Ныв 9 фарсыл]

Пехуымпар Йереми федта, цы тӕрхӕттӕ хъусын кодта, уыдон куыд сӕххӕст сты

[Ныв 10 фарсыл]

Ацы корейаг Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕй нӕ архайдтой, уымӕй сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд