Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Уырны дӕ?

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Уырны дӕ?

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Уырны дӕ?

«Райгас уыдзысты» (ХЪУЫДДӔГТӔ 24:15).

1. Бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзӕн нӕй?

«АЦЫ дунейы мӕлӕт ӕмӕ хъалонтӕй дарддӕр алцӕмӕйдӕр фервӕзӕн ис». Афтӕ ныффыста 1789 азы АИШ-ы ӕхсӕнадон архайӕг Бенджамин Франклин. Йӕ ныхӕстыл чидӕртӕ сразы сты. Фӕлӕ бирӕтӕ цӕмӕй сӕ хъалонтӕ ма бафидой, уый тыххӕй сӕхи бамбӕхсынц. Мӕлӕтӕй та, бирӕтӕм куыд кӕсы, афтӕмӕй, бамбӕхсӕн нӕй. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу йӕхи мӕлӕтӕй бахизын. Мӕлӕт алкӕй уӕлхъус дӕр балӕууы. Ӕнӕфсис шеол – адӕмы иумӕйаг ингӕн – ныхъуыры ӕмӕ ныхъуыры нӕ уарзон адӕмы (Ӕмбисӕндтӕ 27:20). Фӕлӕ ӕркӕсӕм, удӕнцой нын чи ӕрхӕсдзӕн, иу ахӕм хъуыдымӕ.

2, 3. а) Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзӕн ис? ӕ) Цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм ацы статьяйы?

2 Йегъовӕйы Ныхас нын фидар ныфс дӕтты, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ногӕй та цардмӕ кӕй раздӕхдзысты. Уый аргъау нӕу. Дун-дунейы ахӕм тых нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы бахъыгдара, зӕрдӕ цы ныфсӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ абон бирӕтӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, чидӕртӕ кӕй нӕ амӕлдзысты. Чи сты уыдон? Уыдон сты ӕнӕнымӕц «тынг бирӕ адӕм» ӕмӕ тагъд «стыр бӕллӕхы» фервӕздзысты (Раргомад 7:9, 10, 14). Уыцы адӕм удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ ӕнустӕй-ӕнустӕм цӕрдзысты. Уымӕ гӕсгӕ уыдонӕн мӕлӕт, фервӕзӕн кӕмӕй нӕй, ахӕм хъуыддаг нӕу. Уый нӕ, фӕлӕ ма Библи зӕгъы, мӕлӕт «сӕфт [кӕй] ӕрцӕудзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 15:26).

3 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл мах дӕр апостол Павелау хъӕуы фидарӕй ӕууӕндын. Уый загъта: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Уӕдӕ уый фӕдыл ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстмӕ. Фыццаг, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна? Дыккаг, ацы хабар дӕуӕн удӕнцой куыд хӕссы? Ӕртыккаг, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый, абон куыд цӕрыс, ууыл куыд бандавдзӕн?

Мӕрдтӕ ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты

4. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕнд сӕххӕст уа, уый тыххӕй мӕрдтӕ цӕмӕн хъуамӕ райгас уой?

4 Мӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй райгас уыдзысты, уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Сӕйраджыдӕр, уый уымӕн хъӕуы, цӕмӕй сӕххӕст уа Йегъовӕйы фӕнд. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр уымӕн мӕлынц, ӕмӕ сӕ Сайтан тӕригъӕды кӕй баппӕрста. Уый тыххӕй загъта Йесо Чырысти Сайтанӕй ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар» (Иоанны 8:44). Фӕлӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, «усӕй», ома йӕ уӕларвон организацийӕ, кӕй рацӕудзӕн «байзӕддаг». Уый «рагон калмы» сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ома Сайтаны бынтондӕр фесафдзӕн (Райдиан 3:1–6, 15; Раргомад 12:9, 10; 20:10). Йегъовӕ уыцы Байзӕддаджы тыххӕй – Мессийӕйы тыххӕй – сабыргай йӕ фӕнд куыд ӕргом кодта, афтӕ рабӕрӕг, Байзӕддаг Сайтаны ӕрмӕст сафгӕ кӕй нӕ фӕкӕндзӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцауы Фырт... уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоанны 3:8). Йегъовӕ Йесо Чырыстийы уылты фехалдзӕн Сайтаны сӕйраг хъуыддаг – мӕлӕт. Мӕлгӕ та кӕнӕм, Адамӕй нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй. Ацы хъуыддаджы, Йесойы нывондӕн ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕн ис стыр нысаниуӕг (Хъуыддӕгтӕ 2:22–24; Ромӕгтӕм 6:23).

5. Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕндзысты, уымӕй Йегъовӕйы ном цӕмӕн скадджын уыдзӕн?

5 Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг ном скадджын кӕндзӕн. Сайтан цъыф бакалдта Хуыцауы номыл ӕмӕ мӕнгдзинад байтыдта. Уый Адам ӕмӕ Евӕйы фӕсайдта, нӕфӕтчиаг дыргъӕй куы бахӕрат, уӕд «нӕ амӕлдзыстут», зӕгъгӕ (Райдиан 2:16, 17; 3:4). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сайтан адӕмы сайы, зӕгъӕм, ахӕм ахуырадӕй – адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Фӕлӕ Йегъовӕ мӕрдты ӕгас кӕнын куы райдайа, уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, ӕппӕт ахӕм ахуырӕдтӕ мӕнг кӕй сты. Йегъовӕ ӕнустӕм сбӕлвырд кӕндзӕн, цард бахъахъхъӕнын ӕмӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын ӕрмӕстдӕр уый бон кӕй у.

6, 7. Адӕмы ӕгас кӕныны тыххӕй Йегъовӕ цы хъуыды кӕны ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм?

6 Йегъовӕ бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ. Библи хорз ӕвдисы, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕны, уый. Ӕркӕсӕм-ма, Хуыцауы фӕндӕй иузӕрдион Иов цы загъта, уымӕ: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕни? Ме ’ппӕт цагъайрады бонтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, цалынмӕ ме ссӕрибар кӕныны рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Фӕсиддзынӕ мӕм ды, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Ды бӕлдзынӕ, кӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый фенынмӕ» (Иов 14:14, 15). Цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ?

7 Иов зыдта, куы амӕла, уӕд иуцасдӕр мӕрдон фынӕй кӕй кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕудзӕн. Уыцы рӕстӕг уый схуыдта «цагъайрады бонтӕ» – ома цалынмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уа, уӕдмӕ цы рӕстӕг хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса. Иов дызӕрдыг нӕ кодта, кӕй фервӕздзӕн, ууыл. Уый зыдта, йе ссӕрибар кӕныны рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн. Кӕцӕй? Иов зыдта, Йегъовӕ цавӕр зӕрдӕйы хицау у, уый. Йегъовӕ бӕллы ногӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фенынмӕ. О, Хуыцау ӕппӕт рӕстгӕнджыты фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Уый ма иннӕ адӕмӕн дӕр ратдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрой (Лукайы 23:43; Иоанны 5:28, 29). Уый у Хуыцауы фӕнд, ӕмӕ йӕ чи бахъыгдардзӕн?

8. Йегъовӕ куыд равдыста, фидӕнӕй нӕ ныфс кӕй хъуамӕ уа, уый?

8 Хуыцау Йесойы кӕй райгас кодта, уымӕй равдыста, фидӕнӕй нӕ ныфс кӕй хъуамӕ уа. Павел Афинты адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд загъта: «[Хуыцау] снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон. Ӕмӕ уыцы лӕджы кӕй равзӕрста, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй» (Хъуыддӕгтӕ 17:31). Павел, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд ыл чидӕртӕ худын райдыдтой. Фӕлӕ дзы чидӕртӕ уырнджытӕ систы. Ӕвӕццӕгӕн сӕ тынг бацымыдис кодта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн кӕй ис, уый. Йегъовӕ Йесойы кӕй райгас кодта, уый уыд ӕппӕты стырдӕр диссаг. Йегъовӕ йӕ Фырты райгас кодта уӕларвон цардӕн ӕмӕ уый сси хъомысджын зӕд (1 Петры 3:18). Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр ын стыр бартӕ уыдис. Фӕлӕ куы райгас, уӕд ын йӕ Фыд радта ноджы стырдӕр бартӕ. Лӕвӕрд ын ӕрцыд ӕнӕмӕлгӕ цард ӕмӕ уымӕй тыхджындӕр ӕрмӕст Йегъовӕ у. Ӕмӕ ныр Йесойӕн йӕ бон у ӕххӕст кӕнын, йӕ Фыд ын цы стыр хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕна, уыдон. Йегъовӕ бахӕс кодта Йесойӕн, чи амард, уыцы адӕмы райгас кӕнын – кӕй уӕларвон цардмӕ, кӕй та зӕххыл цӕрынмӕ. Йесо йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард» (Иоанны 5:25; 11:25). Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй райгас кодта, уымӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн равдыста, фидӕнӕй сӕ ныфс кӕй хъуамӕ уа.

9. Библийы цы фыст ис, уымӕй куыд зыны, мӕрдтӕ ӕцӕгдӕр кӕй райгас уыдзысты, уый?

9 Мӕрдтӕ-иу куыд райгас сты, уымӕн-иу уыд ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты Хуыцауы Ныхасы. Библийы бӕстон фыст ис, зӕххыл цӕрынмӕ чи райгас, аст ахӕм адӕймаджы хабары тыххӕй. Уыцы диссӕгтӕ сусӕгӕй не ’рцыдысты. Сӕ фылдӕр ӕрцыдысты ӕдисӕнты раз. Йесо райгас кодта Лазӕры (уӕдмӕ Лазӕр мард уыд цыппар боны), йӕ мардыл ын хъыг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕмы раз. Ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты Лазӕрӕн йӕ бинонтӕ, йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ. Ацы хабарӕй хорз зыны, Йесойы Хуыцау кӕй рарвыста. Ӕмӕ суанг йе знӕгтӕ дӕр, дины кусджытӕ, афтӕ нӕ уыд, зӕгъгӕ, никуы загътой. Фӕлӕ уӕддӕр сфӕнд кодтой амарын ӕрмӕст Йесойы нӕ, фӕлӕ ма Лазӕры дӕр! (Иоанны 11:17–44, 53; 12:9–11). О, мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Ивгъуыд заманты чи райгас, уыдоны хабӕрттӕ Хуыцау ныффыссын кодта, цӕмӕй нын удӕнцой хӕссой ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕной.

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый хӕссы удӕнцой

10. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, мӕрдты райгасы тыххӕй Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон нын удӕнцой хӕссой?

10 Мӕлӕтӕй алкӕмӕндӕр тӕссаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ удӕнцой алкӕйдӕр хъӕуы. Уымӕн дын ӕппӕты тынгдӕр баххуыс кӕндзысты, мӕрдтӕ-иу куыд райгас сты, уый тыххӕй Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон. Куы сӕ кӕсай, куы сыл хъуыды кӕнай ӕмӕ-иу сӕ дӕ цӕстытыл куы ауайын кӕнай, уӕд райгасы хабарыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ (Ромӕгтӕм 15:4). Ацы хабӕрттӕ кӕуыл ӕрцыдысты, уыдон дӕр уыдысты мах хуызӕн адӕм. Уыдон цардысты бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ бӕлвырд бынӕтты. Уӕдӕ цыбыртӕй равзарӕм иу цӕвиттон – мӕрдты райгасы тыххӕй Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй фыццаг.

11, 12. а) Цавӕр стыр бӕллӕх ӕрцыд сарептӕйаг идӕдз усыл ӕмӕ фыццаг йӕхи куыд дардта? ӕ) Радзур, Йегъовӕ йӕ пехуымпар Илиайӕн цавӕр тых радта, цӕмӕй идӕдз усӕн баххуыс кодтаид.

11 Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: пехуымпар Илиа ныр цалдӕр къуыри уазӕгуаты ис Сарептӕйы иу идӕдз усы хӕдзары. Цӕры уӕллаг уаты. Рӕстӕг у уӕззау. Бӕстӕ бахус ӕмӕ хӕринаг ссарӕн нӕй. Бирӕтӕ мӕлынц. Фӕлӕ ацы сӕрныллӕг идӕдз усӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй Йегъовӕ Илиайы уылты сарӕзта диссаг. Уыцы диссаджы хъуыддаг пайда хаста бирӕ рӕстӕг. Сылгоймаг ӕмӕ йӕ фырты бирӕ нал хъуыд, ӕмӕ ӕххормагӕй амардаиккой, уымӕн ӕмӕ ма сӕм хӕринаг уыд ӕрмӕстдӕр иу бахӕрды фаг. Раст уӕд радта Илиа идӕдз усӕн ссад ӕмӕ сой. Уыцы ссад ӕмӕ сой къаддӕр нӕ кодтой – уый уыд диссаг. Фӕлӕ ныр идӕдз усыл стыр бӕллӕх ӕрцыд: ӕвиппайды йӕ сывӕллон ӕрбарынчын ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр амард. Куыд ӕрбаталынг уыдаид идӕдз усыл бӕстӕ! Ӕнӕ цардӕмбалы ӕххуысӕй цӕрын ӕнӕуи дӕр тынг зын у, ныр та амард йӕ иунӕг хъӕбул дӕр! Йӕ зӕрдӕ мастӕй скъуыдтӕ кӕны, ӕмӕ суанг Илиайы ӕмӕ йын йӕ Хуыцау Йегъовӕйы дӕр аххосджын кӕны! Цымӕ цы бакӕндзӕн пехуымпар?

12 Идӕдз ус кӕд рӕдийы, уӕддӕр ын Илиа, раст нӕ дӕ, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъы. Уый бӕсты йын дзуры: «Ӕри-ма мӕм дӕ фырты». Илиа мард сывӕллоны райста, уӕллаг уатмӕ йӕ схаста ӕмӕ цалдӕр хатты скуывта, цӕмӕй сывӕллон райгас уыдаид. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста! Ахъуыды-ма кӕн, лӕппу улӕфын куы райдыдта, уӕд Илиайы цӕсгом фырцинӕй куыд ныррухс уыдаид! Сывӕллон ракаст – йӕ цӕстыты царды цӕхӕр ӕрттывта. Илиа лӕппуйы йӕ мадмӕ ӕркодта ӕмӕ йӕм дзуры: «Кӕс-ма, дӕ фырт ӕгас у». Ныййарӕджы цинӕн кӕрон дӕр нал ис. Сылгоймаг Илиайӕн дзуры: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы номӕй кӕй дзурыс» (3 Паддзахӕдты 17:8–24). Уый Йегъовӕ ӕмӕ йӕ минӕварыл нырӕй тынгдӕр никуы ӕууӕндыд.

13. Илиа идӕдз усы фырты кӕй райгас кодта, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы?

13 Ахӕм цӕвиттоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый, ӕнӕмӕнг, стыр удӕнцой ӕрхӕсдзӕн. Куыд хорз зыны, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у фесафын не знаджы – мӕлӕт! Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд зӕххыл цас циндзинад уыдзӕн – идӕдз ус куыд цин кодта, уымӕй мин хатты фылдӕр! Уӕлӕрвты дӕр уыдзӕн стыр цин, Йегъовӕ йӕ Фыртӕн куы бахӕс кӕна, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр мӕрдты удӕгас кӕна, уӕд (Иоанны 5:28, 29). Мыййаг дӕуӕн дӕр де ’ввахс адӕмӕй исчи фӕхъуыд? Куыд хорз у, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у мӕрдты райгас кӕнын ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнгдӕр кӕй райгас кӕндзӕн!

Дӕ ныфс ӕмӕ, абон куыд цӕрыс, уый

14. Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕндзысты, уый, абон куыд цӕрыс, ууыл куыд бандавдзӕн?

14 Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕндзысты, уый, абон куыд цӕрыс, ууыл куыд бандавдзӕн? Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай, исты зындзинады куы бахауай, хъусын кӕнын дӕ куы нӕ уадзой, кӕнӕ дын ӕндӕр истӕмӕй тӕссаг куы уа, уыцы рӕстӕг. Сайтаны фӕнды, цӕмӕй мӕлӕтӕй афтӕ фӕтӕрсай, ӕмӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ сивай, дӕ цард фервӕзын кӕнынӕй дын исчи исты ӕнӕбары ныфс куы бавӕра, уӕд. Дӕ зӕрдыл дар, Сайтан Йегъовӕйӕн цы загъта, уый: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Сайтан ацы ныхӕстӕй цъыф бакалдта не ’ппӕтыл дӕр, дӕуыл дӕр. Тӕссаг уавӕры куы бахауай, уӕд дӕ Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзынӕ? Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ницы бахъыгдардзӕн нӕ уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын.

15. Матфейы 10:28 фыст Йесойы ныхӕстӕ нын тӕссаг уавӕры удӕнцой куыд хӕсдзысты?

15 Йесо загъта: «Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у, фӕлӕ уын уӕ цард байсын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, адӕймаджы гееннӕйы фесафын кӕй бон у, уымӕй» (Матфейы 10:28). Мах Сайтанӕй ӕмӕ йӕ адӕмӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. О, уыдонӕй кӕмӕндӕрты сӕ бон у, ӕмӕ нын исты зиан ӕрхӕссой, суанг ма нӕ маргӕ дӕр акӕной. Фӕлӕ нын сӕ митӕй цыфӕнды стыр зиан куы ракӕной, уӕддӕр уый уыдзӕн ӕрмӕст рӕстӕгмӕ. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйӕн алцыдӕр йӕ бон у хуыздӕрырдӕм фӕивын ӕмӕ ивгӕ дӕр фӕкӕндзӕн, стӕй куы бахъӕуа, уӕд сӕ ӕгас дӕр ракӕндзӕн. Мах хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕ тӕрсӕм – кад ын кӕнӕм ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм. Ӕрмӕст уымӕн у йӕ бон байсын адӕймагӕн йӕ цард ӕмӕ ногӕй цӕрыны ныфс, ома адӕймаджы геенӕйы фесафын. Куыд хорз у, Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕуӕн ахӕмӕй кӕй ницы зӕгъы (2 Петры 3:9). Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕндзӕн, уымӕ гӕсгӕ мах, йӕ лӕггадгӕнджыты, дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, Хуыцау нӕ кӕй хъахъхъӕны, ууыл. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд ӕнустӕм цӕрдзыстӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаг Сайтанӕн ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон фехалын нӕ бауыдзӕн (Псалом 117:6; Дзуттӕгтӕм 13:6).

16. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый куыд зыны, царды фыццаг бынаты цы ӕвӕрӕм, ууыл?

16 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл нӕ ныфс фидарӕй куы дарӕм, уӕд цардмӕ кӕсдзыстӕм ӕндӕр цӕстӕй. Мах ӕй ӕмбарӕм, «цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм» (Ромӕгтӕм 14:7, 8). Уымӕ гӕсгӕ, царды фыццаг бынаты цы ӕвӕрӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ, хъусӕм Павелы уынаффӕмӕ: «Ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мауал цӕрут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут. Афтӕмӕй-иу бамбардзыстут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Адӕмӕй бирӕтӕ, цы сӕ хъӕуы, цы сӕ бафӕнды, сӕ зӕрдӕ цы ’рцагуры, уыдӕттӕй сӕхицӕн «нӕ» никуы фӕзӕгъынц. Цардмӕ иу боны цӕстӕй кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ хиирхӕфсӕнтӕй ӕфсис нал зонынц, ӕмӕ кӕд сӕхи уырнӕг адӕм хонынц, уӕддӕр сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Хуыцауы [ӕххӕст] фӕндонимӕ» иумӕйагӕй ницы ис.

17, 18. а) Библийы цы фыст ис, адӕймаджы цард цыбыр кӕй у, уый тыххӕй, фӕлӕ нын Йегъовӕйы зӕрдӕ цы зӕгъы? ӕ) Цӕмӕн нӕ фӕнды Йегъовӕйы алы бон дӕр кадджын кӕнын?

17 О, цард у цыбыр. Цы 70–80 азы цӕрӕм, уыдон «ивгъуыйынц тагъд, ӕмӕ мах тӕхӕм» (Псалом 89:10). Адӕм фӕзынынц ӕмӕ ӕрбайсӕфынц кӕрдӕгау (Псалом 102:15; 143:3, 4). Фӕлӕ Хуыцауы афтӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй мах цалдӕр дӕсазы дӕргъы рӕзӕм, цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм ӕмӕ цыдӕртӕ базонӕм, стӕй уый фӕстӕ цалдӕр дӕсазы дӕргъы лӕмӕгъдӕр кӕнӕм, низты хай фӕуӕм ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлӕм. Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын. «Ӕнусон цард [сын]... сӕ зӕрдӕты нывӕрдта»,– фыст ис Библийы (Екклесиаст 3:11). Мыййаг Хуыцау ахӕм дурзӕрдӕ у, ӕмӕ адӕймаджы ӕнустӕм цӕрыны фӕндонимӕ сфӕлдыста ӕмӕ йын стӕй уыцы фадат нал радта? Нӕ, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Уый, чи амард, уыдоны райгас кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой.

18 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидӕныл нӕ тыхсӕм. Мах нӕ уд ма хъуамӕ скъуынӕм, цӕмӕй нын ныртӕккӕ алцыдӕр уа. Сӕфты къахыл чи лӕууы, уыцы дунейӕ мах хъуамӕ «ӕххӕстӕй [ма] пайда кӕнӕм» (1 Коринфӕгтӕм 7:29–31; 1 Иоанны 2:17). Ӕцӕг ныфс кӕмӕн нӕй, уыдонӕй уӕлдай мах зонӕм, Йегъовӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд ӕй ӕнустӕм кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райдзӕн. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕй нын Йегъовӕ фидар ныфс ӕвӕры. Цӕй уӕдӕ Йегъовӕйы ӕппӕт тыхтӕй алы бон дӕр кадджын кӕнӕм!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ куыд тынг хъуамӕ уырна?

• Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕн?

• Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дын удӕнцой куыд хӕссы?

• Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый, куыд цӕрыс, ууыл куыд бандавдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Иов зыдта, Йегъовӕ кӕй бӕллы рӕстгӕнджыты райгас кӕнынмӕ

[Ныв 21 фарсыл]

«Кӕс-ма, дӕ фырт ӕгас у»