Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныфс маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй йедзаг дунейы

Ныфс маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй йедзаг дунейы

Ныфс маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй йедзаг дунейы

«ХУЫМӔТӔГ адӕмӕн абоны хуызӕн бирӕ фадӕттӕ никуы ма уыд иннӕтӕн хорздзинад кӕнынӕн ӕмӕ, ӕхсӕнады цы зындзинӕдтӕ сӕвзӕры, уыдон скъуыддзаг кӕнынӕн». Афтӕ загъта АИШ-ы раздӕры президент Билл Клинтон, 2006 азы мартъийы Оттавӕйы (Канадӕ) цы конференци уыд, уым. Уый ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, 2004 азы цы цунами уыд, уый фӕстӕ адӕм ӕгас дунейы дӕр тынгдӕр ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзийӕн. Уымӕй уӕлдай ма загъта, зӕгъгӕ, дунейы бӕстӕтӕн «абон ӕнӕ кӕрӕдзийӕ цӕрӕн нӕй».

Цымӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕппӕт адӕмы дӕр баиу кӕндзысты, ӕмӕ иумӕ хуыздӕр фидӕнмӕ тырндзысты? Уӕлдӕр цы хъуыды загътой, зӕгъгӕ, «ӕнӕ кӕрӕдзийӕ цӕрӕн нӕй», уый сабыр, ӕдас фидӕнӕн фӕахъаз уыдзӕн ӕмӕ йыл фидарӕй ныфс дарӕн уыдзӕн?

Кӕм ис ӕцӕг ныфс ссарӕн

Адӕм зӕххыл цӕрынц 6 мин азӕй фылдӕр ӕмӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕрӕдзи тынг арӕх фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, Фыстады кӕй ис ахӕм уынаффӕ: «Ма ӕвӕрут уӕ ныфс ӕлдӕрттыл, адӕймаджы фыртыл, кӕцымӕ нӕй ирвӕзындзинад» (Псалом 145:3). Нӕ ныфс ацы дунейы организацитыл, хъӕздыгдзинадыл ӕмӕ бӕллицтыл куы ӕвӕрӕм, уӕд фыдӕнхъӕл цы фӕуӕм, ӕндӕр нӕм хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ фӕивгъуыйынц» (1 Иоанны 2:17).

Фӕлӕ ӕнусты дӕргъы рӕстгӕнӕг адӕм сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл, ӕмӕ фыдӕнхъӕл никуы фесты. Библи Йегъовӕйы хоны «[рагон] Израилы ныфс» ӕмӕ «[Израилы] рагфыдӕлты ныфс». Библийы ма ис бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ дӕр, Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ ныфс кӕй дардтой, кӕй йыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ йыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодтой, уый бӕрӕг кӕмӕй у (Йереми 14:8; 17:13; 50:7). Фыстад нӕм сиды, «ныфс уӕ уӕд Хицауӕй», зӕгъгӕ (Псалом 26:14, МГТ).

Ӕмбисӕндты 3:5, 6 фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ къахвӕндӕгтӕ». Ацы ныхӕстыл дызӕрдыг кӕнынӕн нын ницы бындур ис, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау ивгӕ нӕ кӕны. Нӕ бон ыл у нӕ ныфс дарын. Уый йӕ ныхас никуы фӕсайы (Малахи 3:6; Иаковы 1:17). Йегъовӕйы зӕрдӕ нын зӕгъы, хуыздӕрӕй цы ис, уый. Ӕмӕ нын ацы тӕссаг рӕстӕджыты йӕ Ныхас, Библи, хорз фӕндагамонӕг уыдзӕн, цы фыст дзы ис, нӕ цард уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд (Исай 48:17, 18).

Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи архайы, уый хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕна ацы ныхӕстыл: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Алырдӕм ма ракӕс-бакӕс кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау. Ӕз дӕ бафидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн рӕстдзинады рахиз къухӕй» (Исай 41:10). Йегъовӕ Хуыцауы ӕцӕг чи уарзы, уыдонӕн стыр удӕнцой хӕссы, зӕрдӕбынӕй кӕй фӕкувынц ӕмӕ, ацы ныхӕстыл кӕй фӕхъуыды кӕнынц, уый. Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы, истӕуыл куы фӕтыхсынц, уӕд.

Ӕркӕсӕм иу сылгоймаг Андреайы цӕвиттонмӕ. Андреа у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ йын ис дыууӕ сывӕллоны. Уый дзуры: «Хатт куыд бакӕнон, дарддӕр куыд цӕрон, уый нӕ фӕзонын. Ахӕм рӕстӕджыты мӕм тых фӕзыны, кӕй фӕкувын ӕмӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл кӕй фӕхъуыды кӕнын, ӕрмӕстдӕр уый руаджы. Йегъовӕйыл мӕ ныфс фидарӕй куы фӕдарын, уӕд мын бирӕ ӕнцондӕр вӕййы, ӕрсабыр вӕййын ӕмӕ ницӕуыл фӕтыхсын».

Уӕ ныфс Йегъовӕйыл дарут, ӕмӕ фидар ут

Йегъовӕйыл ныфс дарын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй иу псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Стыр у фарн Дӕ закъон уарзджытӕм, ӕмӕ нӕй уыдонӕн фӕкӕлындзинад» (Псалом 118:165). Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дзаг кӕнӕм, уырнындзинад чи фидар кӕны, пайда ӕмӕ хорз чи у, ахӕм хъуыдытӕй – «цыдӕриддӕр у ӕцӕг, цыдӕриддӕр у ахсджиаг, цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, цыдӕриддӕр у уарзинаг, хорз цӕмӕйдӕриддӕр фӕзӕгъынц, цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг», уыдӕттӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕм куы хъусӕм, куы сӕ ахуыр кӕнӕм, нӕ зӕрдӕмӕ сӕ куы исӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд «фарны Хуыцау уыдзӕн немӕ» (Филиппӕгтӕм 4:8, 9).

Йӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ Джон загъта: «Фидӕнмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын ӕрмӕстдӕр уӕд райдыдтон, мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ мӕ зондахаст дӕр аивын кӕй хъӕуы, уый куы бамбӕрстон. Ӕнӕуынгӕ ӕмӕ ӕххӕст Хуыцаумӕ баввахс уыдаин, уымӕн гӕнӕн ӕндӕр ницы хуызы уыд. Мӕ уырнындзинад куы нӕ сфидар уыдаид, уӕд Хуыцаумӕ нӕ баввахс уыдаин. Уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ мӕ ныр хъуыд, Хуыцауы ӕдзух мӕ зӕрдыл дарын ӕмӕ алцӕмӕдӕр уый цӕстӕй кӕсын. Уый тыххӕй та ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын».

Алы бон дӕр телевизорӕй, радио кӕнӕ газеттӕй цы бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ базонӕм, уыдон нын цӕмӕй нӕ ныфс ма сӕттой, уый тыххӕй ис иу рагон хорз хос – Сыгъдӕг Фыстады уӕнгроггӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг дӕттӕй нуазын. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард куы аразӕм, уӕд нӕ бинонтӕ уыдзысты ӕнгомдӕр, стӕй къаддӕр тыхсдзыстӕм. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, «йӕ тыхӕй [кӕй] ахъаз кӕндзӕн, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр уыйырдӕм кӕмӕн у, уыдонӕн» (2 Паралипоменон 16:9). Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ нӕ ӕцӕгдӕр ницӕмӕй хъӕудзӕн тӕрсын.

Финеас федта хӕст ӕмӕ, адӕмы къордгӕйттӕй куыд мардтой, уый. «Ӕз сахуыр дӕн мӕ цард Йегъовӕйы бар кӕнын. Библийы фӕдзӕхстытӕм алкӕддӕр кӕй хъуыстон, уый мӕ бирӕ бӕллӕхтӕй бахъахъхъӕдта»,– дзуры Финеас. Нӕ ныфс ӕцӕгдӕр Йегъовӕ Хуыцауыл куы дарӕм, уӕд нӕм нӕ зындзинӕдтӕ цыфӕнды стыр куы кӕсой, уӕд дӕр нӕ бон сӕ сӕрты ахизын бауыдзӕн (Псалом 17:30). Сывӕллон ӕмӕ ныййарджытӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы вӕййынц, уӕд сыл сывӕллон йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр фӕдары. Ахӕм сывӕллон куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ йыл ӕндӕр исты куы ’рцӕуы, уӕд дӕр ницӕмӕй фӕтӕрсы, уымӕн ӕмӕ йыл йӕ ныййарджытӕ аудынц. Ды дӕр дӕхи афтӕ хатдзынӕ, Библийы ныхӕстӕм, дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар, зӕгъгӕ, куы байхъусай, уӕд (Псалом 36:34).

Фидар бындур ныфсӕн

Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Кувгӕ... кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Уыцы уӕларвон Паддзахады руаджы – Йесо Чырыстийы къухы чи ис, уыцы хицауады руаджы Хуыцау разамынд дӕтдзӕн адӕмӕн зӕххыл (Псалом 2:7–12; Данел 7:13, 14).

Абон адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты тӕрсынц ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс. Куыд хорз у, уымӕ нӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй нал хъӕуы! Хуыцау Паддзах-Мессийӕйӕ кӕй сӕвӕрдта, уымӕн, Йесо Чырыстийӕн, лӕвӕрд ӕрцыдысты бартӕ, цӕмӕй сбӕлвырд кӕна, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый, ӕмӕ йын йӕ ном срухс кӕна (Матфейы 28:18). Тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕрӕвналдзӕн зӕххы хъуыддӕгтӕм. Уӕд, адӕм абон цӕмӕй тӕрсынц ӕмӕ цӕмӕй тыхсынц, уыдӕттӕ нал уыдзысты. Исайы 9:6 цы фыст ис, уымӕй зыны, Йесо кӕй уыдзӕн хорз хицау ӕмӕ нӕ тасӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Библи Йесойы хоны «Диссаджы Уынаффӕгӕнӕг», «Ӕнусон Фыд» ӕмӕ «Фарны кънйаз».

Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы ныхӕстыл, «Ӕнусон Фыд», зӕгъгӕ. Куыд ӕхсызгон сты зӕрдӕйӕн! Уыдон ууыл дзурӕг сты, Йесомӕ кӕй ис хъару ӕмӕ бартӕ – стӕй йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны – цӕмӕй йӕ нывонды фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн ратта фадат ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕн. Уый нысан кӕны, адӕм ӕппынфӕстаг кӕй ссӕрибар уыдзысты, сӕ туджы фыццаг тӕригъӕдджын адӕймаг Адамӕй цы тӕригъӕд ӕмӕ цы ӕнӕххӕстдзинад рахастой, уымӕй (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 5:12; 6:23). Чырысти ма, Хуыцау ын цы бартӕ радта, уыдонӕй спайда кӕндзӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (Иоанны 11:25, 26).

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхи равдыста «Диссаджы Уынаффӕгӕнӕгӕй». Йесо Хуыцауы Ныхас зыдта ӕмӕ адӕймаджы удыхъӕд хорз ӕмбӕрста. Уымӕ гӕсгӕ зыдта, адӕмы алы бон зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ цы кӕнын хъуыд, уый. Чырысти ныр бады уӕларвон паддзахбадӕныл, ӕмӕ ныр дӕр у «Диссаджы Уынаффӕгӕнӕг». Йегъовӕ адӕмимӕ сӕйраджыдӕр уый уылты ныхас кӕны. Йесойы уынаффӕтӕ фыст сты Библийы. Уыдон иууылдӕр сты зондджын ӕмӕ дзы иумӕ дӕр фау ӕрхӕссӕн нӕй. Уыцы уынаффӕтыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнай, уӕд, дарддӕр цы уыдзӕн, ууыл нал мӕт кӕндзынӕ ӕмӕ дын тас де уӕнг нал мардзӕн.

Исайы 9:6 ма Йесойы тыххӕй фыст ис, уый кӕй у «Фарны кънйаз». Йесо, «Фарны кънйаз», тагъд йӕ тыхӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххӕй фесафа, политикӕйы, ӕхсӕнады ӕмӕ экономикӕйы цы ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон иууылдӕр. Куыд ын бантысдзӕн уый? Мессийӕйы Паддзахад йӕ дӕлбар бакӕндзӕн ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ фӕрнӕй хицауиуӕг кӕндзӕн (Данел 2:44).

Уыцы Паддзахады хицаудзинады рӕстӕджы сабырдзинадӕн ӕгас зӕххыл дӕр тӕссаг ницӕмӕйуал уыдзӕн. Ууыл фидарӕй нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын? Исайы 11:9 кӕсӕм: «Мӕ сыгъдӕг хохыл [Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыцы адӕм] фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй». Фӕстагмӕ зӕххыл алы адӕймаг дӕр Хуыцауы базондзӕн ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзӕн. Ахӕм фидӕнӕй дӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны? Кӕд о, уӕд фӕстиат мауал кӕн, ӕмӕ дӕ зонд дзаг кӕн «Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй».

Базон, Библи нӕ рӕстӕджы хабӕртты тыххӕй цы дзуры ӕмӕ нын зӕрдӕ цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры. Уый фӕрцы райсдзынӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн ӕмӕ царддӕттӕг зонындзинӕдтӕ Хуыцауы тыххӕй. Зӕрдиагӕй дын дзурӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм байхъусай, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мауал тӕрсай ӕмӕ дӕм маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй йедзаг дунейы ныфс фӕзына.

[Рамкӕ/Нывтӕ 7 фарсыл]

Уӕларвон Паддзахадыл ныфс дарӕн цӕмӕн ис

Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕн, Йесо Чырыстийӕн, ис бар ӕмӕ йӕ бон дӕр у Дун-дунейыл хицауиуӕг кӕнын (Матфейы 28:18). Уый фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, адӕм ӕрдзӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй. Йӕ бар цӕуы ӕппӕт низтыл дӕр. Зӕххыл куы цард, уӕд цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон амыдтой ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕм. Уыдон адӕмыл ӕрцӕудзысты ӕххӕст ӕмӕ ӕууӕнкджын Паддзах Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕджы. Дӕлдӕр нымад цӕуынц Паддзах-Мессийӕйы миниуджытӕ. Дӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц?

Хуымӕтӕг (Марчы 10:13–16).

Ӕмбаргӕ ӕмӕ ӕнӕцӕстмӕми (Марчы 10:35–45).

Ӕууӕнкджын ӕмӕ удуӕлдай (Матфейы 4:5–7; Лукайы 6:19).

Ӕнӕхӕрам ӕмӕ раст (Исай 11:3–5; Иоанны 5:30; 8:16).

Хӕларзӕрдӕ, ӕрхъуыдыджын ӕмӕ сӕрныллӕг (Иоанны 13:3–15).

[Ныв 4 фарсыл]

Библи кӕсгӕйӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕнгӕйӕ ахуыр кӕнӕм нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын