Фидӕн дӕ тасы ӕфтауы?
Фидӕн дӕ тасы ӕфтауы?
АДӔМ абон бирӕ цӕмӕйдӕрты тӕрсынц. Зӕгъӕм, иутӕ тӕрсынц, зӕхх цы бауыдзӕн, уымӕй. «Ӕнахуыр ӕнтӕф рӕстӕджытӕ кӕны, тыхдымгӕтӕ дымынц, дӕттӕ ивылынц, хъӕдтыл зынг сирвӕзы, цъититӕ тайынц – ӕппӕт уыдӕттӕй зыны, климӕт раздӕры хуызӕн кӕй нал у»,– фыст уыдис 2006 азы 3 апрелы уагъд журнал «Тайм»-ы.
Иугонд Нациты Организаци ӕрдзы уавӕры тыххӕй цы программӕ бацӕттӕ кодта, уый фӕдыл 2002 азы майы ныммыхуыр кодта доклад «Ӕгас дунейы дӕр ӕрдзы уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн ахсджиаг мадзал–3». Бакуыстой йыл 1 000 адӕймагӕй фылдӕр. Иу хъусинагмӕ гӕсгӕ уыцы доклады фыст уыд: «Зӕхх цы бауыдзӕн, уый бӕрӕг нӕй: абон цы уынаффӕтӕ хӕссынц, уыдон тынг фӕзындзысты хъӕдтыл, океантыл, цӕугӕдӕттыл, хӕхтыл, цӕрӕгойтыл ӕмӕ ӕрдзы иннӕ ахсджиаг системӕтыл. Уыдоныл баст у абоны ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты цард».
Фӕлӕ адӕмы ӕрмӕст ӕрдзы уавӕр нӕ тыхсын кӕны. Зӕххы цӕрджытӕ иууылдӕр тӕрсынц теракттӕй. Канадӕйы сгарджыты сӕйраг управленийы оперативон хайады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг загъта: «Ӕхсӕвыгӕтты фынӕй нӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм кӕцӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ зонӕм». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕймаг изӕрыгон ӕрмӕст ног хабӕрттӕм куы бакӕса, уӕд ын уый дӕр фаг у, цӕмӕй стӕрса.
Бирӕтӕ тӕрсынц, ӕнӕ куыстӕй куы баззайой, уымӕй. Адӕймаг йӕ бынатӕн, ай-гъай дӕр, тӕрсдзӕн, уымӕн ӕмӕ кусджыты куыстӕй арвитынц, куыстуӕттӕ сӕхгӕнынц, чи фылдӕр бакусдзӕн, зӕгъгӕ, ерыс кӕнынц ӕмӕ хицӕуттӕ кусӕгӕй ӕгӕр бирӕ домынц. Ӕрыгӕттӕ тӕрсынц, се ’мгӕрттӕ сӕ куы ницӕуыл нымайой, уымӕй. Сывӕллӕттӕн, чи зоны, ӕнцой нӕ дӕтты, сӕ ныййарджытӕ сӕ ӕцӕг уарзынц ӕви нӕ, уыцы хъуыды. Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис, сӕ алыварс дунейы цы уавӕртӕ ис, уыдонӕй та? «Ӕрыгӕттӕм ӕмӕ ӕвӕлтӕрдтӕм, дуне хатт афтӕ тӕссаг фӕкӕсы, ӕмӕ ӕддӕмӕ рацӕуын дӕр нӕ фӕуӕндынц»,– загъта, сывӕллӕттӕ
кӕмӕн ис ӕмӕ дуне цы уавӕры ис, уый мӕты кӕй ӕфтауы, иу ахӕм сылгоймаг. Бирӕ ныййарджытӕ катайы бахауынц, ӕгъдау кӕй нал ис, уый сӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та сӕ сывӕллӕттыл куыд ӕндавы, уымӕ кӕсгӕйӕ.Ацӕргӕтӕй бирӕтӕ фӕтӕрсынц, асинтыл куы фӕкӕлой кӕнӕ сӕ уынджы исчи куы бастигъа. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «бӕрзонд рӕттӕй тӕрсдзысты ӕмӕ фӕндагыл ӕмризӕджы риздзысты» (Екклесиаст 12:5). Адӕм тӕрсынц уӕззау низтӕй. Гриппы мӕлӕтдзаг вирусты, ракы ӕмӕ хӕцгӕ низты тыххӕй арӕх кӕй хъусӕм, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, тӕрсын райдайӕм, исты ӕнахуыр, ӕнӕзонгӕ низӕй куы фӕрынчын уӕм, ӕмӕ куы фӕсахъат уӕм кӕнӕ куы амӕлӕм. Уымӕй фӕтӕрсӕм ӕрмӕст нӕхицӕн нӕ, фӕлӕ нӕ хиуӕттӕн дӕр. Ӕмӕ ӕнӕниз, фидар адӕм куы фӕрынчын вӕййынц ӕмӕ сӕ бон куы ницыуал вӕййы, уӕд адӕймаг катай кӕнын райдайы, зӕгъгӕ, мыййаг, мӕныл дӕр кӕнӕ мӕ хиуӕттӕй искӕуыл ахӕм хабар куы ’рцӕуа. Куыд бамӕгуыр вӕййы зӕрдӕ, ныфсы цъыртт кӕй цӕстыты нӕ вӕййы, ахӕм рынчын адӕймагмӕ кӕсгӕйӕ!
Кӕд бирӕ цӕмӕйдӕрты тӕрсӕм, уӕд цымӕ фидӕнӕй нӕ бон исты хорздзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын у? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ ӕрхӕндӕг ма уой ӕмӕ нӕ ныфс ма сӕтта? Ацы фарстытӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]
© Jeroen Oerlemans/Panos Pictures