Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы хъуыддаджы «зӕрондӕй дӕр дыргъджын»

Хуыцауы хъуыддаджы «зӕрондӕй дӕр дыргъджын»

Хуыцауы хъуыддаджы «зӕрондӕй дӕр дыргъджын»

«Хуыцауы хӕдзары фидаргӕндтытӕ [«сагъд чи у, уыдон», НД]... зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты» (ПСАЛОМ 91:14, 15).

1, 2. а) Зӕронды бонты коймӕ арӕх цӕстытыл цы ауайы? ӕ) Фыстад куыд зӕгъы, афтӕмӕй Адамы тӕригъӕд цӕмӕ ’ркодта, уыдӕттыл цы хъуамӕ ’рцӕуа?

ЗӔРОНДЫ БОНТӔ. Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дӕ цӕстытыл цы ауайы? Ӕнцъылд цӕсгом? Хъусӕй ӕвзӕр чи хъусы, ахӕм адӕймаг? Ӕдых цӕнгтӕ ӕмӕ лӕмӕгъ зӕнгтӕ? Ӕви ма ноджы ӕндӕр исты адӕймаджы «уынгӕджы бонтӕй» – Екклесиасты 12:1–7 ирд нывтӕй ӕвдыст чи сты, уыдонӕй? Кӕд о, уӕд нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, Екклесиасты 12 сӕры дзырд ууыл кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ адӕймаг йе Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕронд кӕны. Дзырд дзы цӕуы, Адамы тӕригъӕд адӕймагыл куыд ӕндавы, ууыл (Ромӕгтӕм 5:12).

2 Бирӕ цӕрын ӕлгъыст нӕу. Цӕмӕй адӕймаг цӕра, уый тыххӕй йыл хъуамӕ азтӕ цӕуой. Ӕцӕгдӕр, зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон хъуамӕ рӕзой ӕмӕ се ’ххӕст кармӕ хӕццӕ кӕной. Тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад ӕхсӕз мин азы дӕргъы цы зиан ӕрхастой, уымӕн тагъд йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уӕд ӕппӕт коммӕгӕс адӕм райгонд уыдзысты, Хуыцау сӕ сӕрысуангӕй цы цардӕн сфӕлдыста, уыцы цардӕй – зӕронды бонтӕ ӕмӕ мӕлӕт цы рис ӕвзарын кӕнынц, уый нал зондзысты (Райдиан 1:28; Раргомад 21:4, 5). Уыцы рӕстӕджы «иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Зӕрӕдтӕм сӕ «ӕрыгон хъару» фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ сӕ буар, «ӕвзонгӕй... куыд уыд, уымӕй хуыздӕр» суыдзӕн (Иов 33:25). Ныр та уал нӕ алкӕйдӕр тох кӕнын хъӕуы, Адамӕй нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уыимӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруадзынц, уӕд хайджын вӕййынц уӕлдай арфӕдзинӕдтӕй.

3. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у, ӕмӕ «зӕрондӕй дӕр дыргъджын уой»?

3 Библи фидарӕй дзуры, зӕгъгӕ, «Хуыцауы хӕдзары фидаргӕндтытӕ [«сагъд чи у, уыдон», НД]... зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты» (Псалом 91:14, 15). Псаломзарӕггӕнӕг ахӕсгӕ хуызы бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у, ӕмӕ сын Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ ӕнтыса, азтӕ сыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд дӕр. Афтӕ кӕй у, уый хорз зыны бирӕ цӕвиттонтӕй Библийӕ, стӕй абоны Ӕвдисӕнты цардӕй.

«Ӕдзух уыд кувӕндоны»

4. Ацӕргӕ ус-пехуымпар Аннӕ йӕ иузӕрдиондзинад Хуыцауыл куыд ӕвдыста ӕмӕ арфӕгонд куыд ӕрцыд?

4 Ӕркӕсӕм ус-пехуымпар Аннӕйы цӕвиттонмӕ. Аннӕйыл цыд 84 азы, ӕмӕ «уый ӕдзух уыд кувӕндоны – ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн, ком даргӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй кувгӕйӕ». Йӕ фыд уыд «Асиры мыггагӕй», ома левит нӕ уыд, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд кувӕндоны цӕрын. Ахъуыды ма кӕн, цас тыхтӕ йӕ хъуыд, цӕмӕй алы бон дӕр кувӕндоны уыдаид – райсомы нывондхӕссыны афонӕй изӕры нывондхӕссыны афонмӕ! Фӕлӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй Аннӕ стыр хорзӕхӕй хайджын ӕрцыд. Аннӕмӕ уыцы стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ноггуырд Йесойы Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ кувӕндонмӕ Йегъовӕйы размӕ куы бахастой, уӕд уый дӕр уыд уым. Аннӕ Йесойы куы федта, уӕд «Хуыцауӕн арфӕ кӕнын байдыдта, ӕмӕ, Иерусалимы ирвӕзындзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта сывӕллоны тыххӕй» (Лукайы 2:22–24, 36–38; Нымӕцтӕ 18:6, 7).

5, 6. Абон ацӕргӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ, Аннӕйӕн цы зӕрдӕйы уаг уыд, ахӕм зӕрдӕйы уаг куыд ӕвдисынц?

5 Абон, не ’хсӕн цы ацӕргӕ чырыстӕттӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты Аннӕйы хуызӕн иузӕрдион. Уыдон ӕмбырды фембӕлдтӕ нӕ цух кӕнынц, зӕрдӕбынӕй кувынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа ӕмӕ сӕ тынг фӕнды хорз хабар хъусын кӕнын. Йӕ усимӕ чырыстон фембӕлдтӕм ӕдзух чи фӕцӕуы, иу ахӕм 80-аздзыд ӕфсымӕр зӕгъы: «Мах сахуыр стӕм фембӕлдтӕм цӕуын. Ӕнӕ уыдонӕй куыд цардаиккам, уый нӕ зонӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй уӕм, Хуыцауы адӕм кӕм сты, уым. Уымӕй хуыздӕр нӕхи никуы фӕхатӕм». Куыд тынг фидар кӕны ацы цӕвиттон не ’ппӕты дӕр! (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

6 «Хуыцауы фӕндтимӕ баст хъуыддӕгты исты саразын куы фӕхъӕуы, уӕд ӕз алы хатт дӕр цӕттӕ вӕййын». Ахӕм зондыл хӕст у Джин, 80-аздзыд идӕдз хо. «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнкъард дӕр вӕййын,– зӕгъы уый,– фӕлӕ иннӕтӕ мӕн тыххӕй ӕнкъард цӕмӕн хъуамӕ уой?» Ӕндӕр бӕстӕтӕм цӕуын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмбӕлын куыд тынг уарзы, уый тыххӕй дзургӕйӕ йӕ цӕстытӕ сӕрттивынц. Ӕрӕджы фӕсарӕнты куы уыд, уӕд йе ’мбӕлццӕттӕн загъта: «Горӕтыл зилын мӕ нал фӕнды, уацамынды ацӕуын мӕ фӕнды!» Джин бынӕттон ӕвзаг нӕ зыдта, фӕлӕ йӕ бон баци Библийы хабарӕй кӕйдӕрты бацымыдис кӕнын. Цалдӕр азы дӕргъы Джин лӕггад кодта, ӕххуыс кӕм хъуыд, ахӕм ӕмбырды. Уый тыххӕй йӕ бахъуыд ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын. Фӕндагыл та йын-иу ӕрмӕст иуӕрдӕм сахаты бӕрц ацыд.

Зӕронды бонты дӕр ахуыр кӕнынц

7. Моисейы зӕрондӕй дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын кӕй фӕндыд, уый куыд равдыста?

7 Цӕмӕй царды фылдӕр базонай, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг (Иов 12:12). Фӕлӕ фидар уырнындзинад азтӕй кӕнгӕ нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, раздӕр цы базыдтой, сӕ зӕрдӕ ууыл нӕ дарынц, фӕлӕ архайынц, цӕмӕй азӕй-азмӕ «фылдӕр базоной» (Ӕмбисӕндтӕ 9:9). Йегъовӕ Моисейы фараонмӕ куы арвыста, уӕд ыл цыд 80 азы (Рацыд 7:7). Йӕ рӕстӕджы уыцы кармӕ, ӕвӕццӕгӕн, стӕмтӕ цардысты, уымӕн ӕмӕ ныффыста: «Нӕ азты бонтӕ ӕвдай азы, фӕлӕ фылдӕр фидардзинадӕй ӕстай азы» (Псалом 89:10). Фӕлӕ Моисей афтӕ никуы хъуыды кодта, ӕмӕ ног исты базонынӕн ӕгӕр зӕронд у. Моисей цалдӕр дӕсазы Йегъовӕйӕн куы фӕлӕггад кодта – бирӕ кадджын хӕстӕ куы сӕххӕст кодта ӕмӕ бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ куы сарӕзта – уӕд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон» (Рацыд 33:13). Моисейы алкӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаид.

8. Данелыл 90 азы куы цыди, уӕд дӕр ахуыр кӕй кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ йын уый цы ӕххуыс фӕци?

8 Пехуымпар Данелыл 90 азы куы цыди, уӕд лӕмбынӕг иртӕста сыгъдӕг Фыстытӕ. Ӕвӕццӕгӕн, цы иртӕста, уыдоны ’хсӕн уыдысты Левиты, Исайы, Йеремийы, Осийы ӕмӕ Амосы чингуытӕ. «Чингуытӕ» кӕсгӕйӕ цы бамбӕрста, уый йӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтаид (Данел 9:1, 2). Йегъовӕ Данелы куывд кӕй фехъуыста, уый рабӕрӕг уымӕй, ӕмӕ йын ныффыссын кодта пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы ӕрцыды ӕмӕ раст дины фидӕны тыххӕй (Данел 9:20–27).

9, 10. Иуӕй-иутӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй ног цыдӕртӕ базоной?

9 Моисей ӕмӕ Данелау мах дӕр, цалынмӕ нӕ бон у, уӕдмӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Раст афтӕ кӕнынц бирӕтӕ. Уорт, 80 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг, архайы, цӕмӕй-иу афоныл базона, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Библийы ӕцӕгдзинӕдты ӕмбарынады цы фӕбӕлвырддӕр кӕны, уыдӕттӕ (Матфейы 24:45). Уый зӕгъы: «Ӕз тынг уарзын ӕцӕгдзинад ӕмӕ мын ӕхсызгон у, ӕцӕгдзинады рухс тынгӕй-тынгдӕр куыд кӕны, уый уынын» (Ӕмбисӕндтӕ 4:18). Иннӕ та у Фред. Уый 60 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг. Фреды тынг бафидар кӕны, йе ’муырнджытимӕ Библийы тыххӕй кӕй фӕныхас кӕны, уый. «Ӕз ӕдзух фӕхъуыды кӕнын, Библийы цы бакастӕн, ууыл,– зӕгъы Фред.– Кӕд дын Библи удӕгас чиныг у – арф хъуыды дзы уыныс – ӕмӕ дзы ногӕй цы базоныс, уый „раст ныхӕсты хуызӕгимӕ“ сбӕттыс, уӕд дын хабӕрттӕ хицӕн хӕйтты хуызӕн не сты. Уӕд дын иууылдӕр иумӕ сты иу ӕнӕхъӕн диссаджы ныв» (2 Тимофеймӕ 1:13).

10 Адӕймагыл бирӕ азтӕ цӕуа, уый йӕ ӕппындӕр ницы хъыгдары, цӕмӕй исты ног ӕмӕ зын хъуыддагыл сахуыр уа. Ӕхсай, ӕвдай ӕмӕ суанг ӕстай азы кӕуыл цӕуы, уыдон базыдтой кӕсын ӕмӕ фыссын кӕнӕ та сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ афтӕ бакодтой, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн (Марчы 13:10). Харри ӕмӕ йӕ бинойнагыл 70 азмӕ ӕввахс куы цыд, уӕд сӕ бафӕндыд хъусын кӕнын португайлаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн. «Адӕймаг куы фӕзӕронд вӕййы, уӕд ын цыфӕнды хъуыддаг дӕр зындӕр бакӕнӕн вӕййы»,– зӕгъы Харри. Фӕлӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайдтой ӕмӕ фӕндфидар кӕй уыдысты, уый фӕрцы сӕ бон сси адӕмимӕ Библи португайлаг ӕвзагыл ахуыр кӕнын. Харрийӕн ныр бирӕ азты дӕргъы облӕстон конгрессты вӕййы раныхӕстӕ португайлаг ӕвзагыл.

11. Иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цы бантыст, уый тыххӕй цӕмӕн дзурӕм?

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн йе ’нӕниздзинад кӕнӕ йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ бон нӕу, цӕмӕй йӕ разы ахӕм нысӕнттӕ сӕвӕра. Уӕдӕ ма уӕд цӕмӕн дзурӕм, ацӕргӕтӕй иуӕй-иутӕн цы бантыст, уый тыххӕй? Мах уый зӕгъын нӕ фӕнды, ӕмӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ разы ахӕм нысӕнттӕ сӕвӕра. Дзырд цӕуы зӕрдӕйы уагыл. Уый кой кодта апостол Павел, дзуттаг чырыстӕттӕм ӕмбырды иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй куы фыста, уӕд: «Сӕ цард цы хорз тыллӕг хӕссы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ сын сӕ уырнындзинад фӕзмут» (Дзуттӕгтӕм 13:7). Зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм уыцы ацӕргӕ адӕмы фидар уырнындзинад – Хуыцауӕн сӕ лӕггад кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, уый. Харрийыл ныр цӕуы 87 азы. Лӕггад кӕнынмӕ йӕ цы разӕнгард кӕны, уый тыххӕй зӕгъы: «Мӕн фӕнды, цӕмӕй ма мын цы азтӕ баззад, уыдонӕй куыд хуыздӕр, афтӕ пайда кӕнон ӕмӕ, мӕ бон цас у, уыйас лӕггад кӕнон Йегъовӕйӕн». Уӕлдӕр цы Фреды кой цыд, уымӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы Вефилы лӕггад кӕнын. Фред зӕгъы: «Адӕймаг хъуамӕ, йӕ уавӕрты йӕ бон Йегъовӕйӕн хуыздӕр лӕггад кӕнын куыд у, уый бамбара, ӕмӕ стӕй уыцы фӕндагыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ цӕуа».

Кӕд уавӕртӕ ивынц, уӕддӕр иузӕрдион сты

12, 13. Верзеллий Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста, кӕд йӕ уавӕртӕ фӕивтой, уӕддӕр?

12 Адӕймагӕн зын вӕййы, раздӕрау йӕ бон алцы кӕй нал у, ууыл басӕттын. Ӕмӕ йӕ азты уӕзы бын цӕрын сахуыр уа, уый дӕр ын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ кӕд йӕ уавӕртӕ фӕивынц, уӕддӕр йӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уа. Уыцы хъуыддаджы хорз цӕвиттон у галаадаг Верзеллий. Давидӕн Авессалом йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд 80-аздзыд Верзеллий Давид ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕм равдыста диссаджы уазӕгуарзондзинад – хӕринаг ӕмӕ сӕ цы хъуыд, уый сын радта. Давид ӕмӕ йӕ адӕм фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы здӕхтысты, уӕд сӕ Верзеллий ахизын кодта Иорданы цӕугӕдоны онг. Давид Верзеллийы йемӕ хуыдта паддзахы галуаны цӕрынмӕ. Цавӕр дзуапп ын радта Верзеллий? «Мӕныл ныр цӕуы ӕстай азы... Дӕ цагъар ма хӕринаг ӕмӕ нуӕзты ад бамбардзӕн кӕнӕ зарӕггӕнджыты хъӕлӕстӕ равзардзӕн? [...] Мӕнӕ дӕ цагъар Кимгам. Уадз, уый ахизӕд мӕ паддзахимӕ иннӕ фарсмӕ. Ӕмӕ дӕ хорзӕй цы фӕнды, уый уымӕн скӕн» (2 Паддзахӕдты 17:27–29; 19:31–40).

13 Кӕд Верзеллийӕн йӕ уавӕртӕ фӕивтой, уӕддӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, ӕмӕ, Йегъовӕ кӕй снысан кодта, уыцы паддзахӕн ӕххуыс кодта. Кӕд хӕринаджы ад раздӕрау нал ӕвзӕрста ӕмӕ хъусӕй рӕстмӕ нал хъуыста, уӕддӕр маст нӕ кодта. Верзеллий Давидӕн загъта, цӕмӕй йын цы хорздзинӕдтӕ скӕнинаг уыд, уыдон Кимгамӕн скодтаид. Уымӕй Верзеллий равдыста, цавӕр зӕрдӕйы хицау уыд, уый. Абон дӕр Верзеллийау ацӕргӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ иннӕтыл хъуыды кӕнынц ӕмӕ рӕдаудзинад ӕвдисынц. Цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа, уый тыххӕй сӕ бон цы у, уый аразынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, «ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон [кӕй] сты». Куыд хорз у, не ’хсӕн дӕр иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис! (Дзуттӕгтӕм 13:16).

14. Давидыл бирӕ азтӕ кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ Псаломы 36:23–25 ныхӕстӕн стырдӕр уӕз цӕмӕн ис?

14 Кӕд Давидӕн йӕ уавӕртӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатт нӕ фӕивтой, уӕддӕр фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивы. Йӕ царды кӕрон Давид скодта зарӕг. Библийы уый абон у 36 псалом. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, Давид хъуыдыты ацӕугӕйӕ дыууадӕстӕнон фӕндырыл куыд цӕгъды ӕмӕ куыд зары: «Хицау фидар кӕны ахӕм адӕймаджы къахфӕдтӕ, ӕмӕ Уый хӕрзаудӕн кӕны йӕ фӕндагӕн. Уый куы хауа, нӕ ахаудзӕн; уымӕн ӕмӕ Хицау хӕцы уый къухыл. Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, ӕмӕ нӕ федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты ӕмӕ йӕ цоты дзул кургӕйӕ» (Псалом 36:23–25). Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ Давид ацы псаломы ракодта йӕ азты кой. Уый фӕрцы псаломы зӕрдӕбын ныхӕстӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъарынц.

15. Адӕймагӕн йӕ уавӕртӕ куы фӕивой ӕмӕ йыл бирӕ азтӕ куы цӕуа, уӕд дӕр йӕ бон Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын кӕй у, уымӕн апостол Иоанн хорз цӕвиттон куыд равдыста?

15 Апостол Иоанн та у иннӕ хорз цӕвиттон, адӕймагӕн йӕ уавӕртӕ куы фӕивой ӕмӕ йыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд дӕр иузӕрдионӕй баззайӕн куыд ис, уымӕн. Иоанн Хуыцауӕн 70 азы бӕрц куы фӕлӕггад кодта, уӕд ӕй Патмосы сакъадахмӕ ахастой, «Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдта ӕмӕ Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй» (Раргомад 1:9). Фӕлӕ йӕ лӕггад ууыл нӕ фӕци. Библийы Иоанны фыстытӕй цы ис, уыдон иууылдӕр ныффыста йӕ царды фӕстаг азты. Патмосы куы уыд, уӕд Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом сты, фидӕны чи ӕрцӕудзӕн, уыцы диссаджы хабӕрттӕ, ӕмӕ сӕ бӕстон ныффыста (Раргомад 1:1, 2). Ахуыргӕндтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, Иоанны ссӕрибар кодтой Ромы император Нервӕйы заманы. Уый фӕстӕ н. э. 98 азмӕ ӕввахс Иоанн, ӕвӕццӕгӕн ыл 90–100 азы куы цыд, уӕд, ныффыста Евангели ӕмӕ йе ’ртӕ фыстӕджы.

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фидардзинад нӕ рох кӕны

16. Йӕ бон дзурын кӕмӕн нал у, уыдон куыд ӕвдисынц, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый?

16 Мах иууылдӕр иухуызон уавӕрты не стӕм, кӕй цы тыхсын кӕны, кӕй та цы. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн сӕ бон дзурын дӕр нал вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд сты ӕмӕ сӕ нӕ рох кӕнынц Хуыцауы уарзондзинад ӕмӕ йе стыр хорзӕх. Кӕд сӕ бон дзурын нӕу, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты Йегъовӕйӕн фӕдзурынц: «Куыд уарзын ӕз Дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон хъуыды кӕнын уый тыххӕй» (Псалом 118:97). Йегъовӕ дӕр зоны, «йӕ номыл [ын] чи хъуыды кӕны», уыдоны. Ӕмӕ аргъ кӕны, бирӕтӕй уӕлдай йын уыдон йӕ закъӕттыл кӕй хъуыды кӕнынц, уымӕн (Малахи 3:16; Псалом 9:25). Цӕй стыр удӕнцой нын хӕссы, нӕ зӕрдӕты цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй у! (1 Паралипоменон 28:9; Псалом 18:15).

17. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ къухы цавӕр диссаджы хъуыддаг бафтыд?

17 Рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕйӕн дӕсгай азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ къухы кӕй бафтыд, иннӕтӕм чи нӕй, ахӕм хӕзна – Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггадгӕнгӕйӕ ӕвдыстой фидардзинад. Йесо загъта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лукайы 21:19). Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй йӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы фидардзинад. «Хуыцауы фӕндон» уӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад йӕ цардӕй чи ӕвдисы, уыдонӕн сӕ бон у ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, кӕй «райсдзысты, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый» (Дзуттӕгтӕм 10:36).

18. а) Ацӕргӕтӕм кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ цӕмӕй барухс вӕййы? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

18 Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕппӕт удӕй йын кӕй лӕггад кӕнут, уымӕн – уӕ бон бирӕ кӕнын у ӕви гыццыл, уӕддӕр. Адӕймагыл азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ йӕ буар кӕны зӕрондӕй-зӕронддӕр, фӕлӕ йӕ «мидӕг цы адӕймаг ис», уый та, гӕнӕн ис, ӕмӕ бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕна (2 Коринфӕгтӕм 4:16). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ кӕй аргъ кӕны, раздӕр уын цы бантыст, уымӕн. Ӕмӕ дызӕрдыггаг нӕу, йӕ номы тыххӕй ныртӕккӕ цы аразут, уымӕн дӕр кӕй аргъ кӕны, уый (Дзуттӕгтӕм 6:10). Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, ахӕм иузӕрдиондзинадӕн цы стыр нысаниуӕг ис, уымӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Абоны ацӕргӕ чырыстӕттӕн Аннӕ фӕзминаг цӕмӕй у?

• Цӕмӕй бӕрӕг у, ӕмӕ азтӕ арӕх къуылымпыйы хос кӕй нӕ вӕййынц, цӕмӕй адӕймагӕн исты нысан йӕ къухы бафта?

• Ацӕргӕтӕн сӕ бон дарддӕр дӕр куыд у ӕвдисын, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый?

• Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы ацӕргӕ хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты лӕггадмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Ацӕргӕ Данел «чингуытӕм» гӕсгӕ сбӕрӕг кодта, Иудӕ уацары цас фӕуыдзӕн, уый

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Ацӕргӕтӕй бирӕтӕ фӕзминаг сты, ӕдзух ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц, зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ зӕрдӕбынӕй Библи кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй