Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕвзаджы тых

Ӕвзаджы тых

Ӕвзаджы тых

ЖИРАФӔН йе ’взаг у 45 сантиметры. Ахӕм цӕрдӕг дзы архайы ӕмӕ йын ахӕм тыхджын у, ӕмӕ бӕлӕсты сыфтӕ ӕнцонтӕй ратоны. Ӕрвгъуыз киты ӕвзаджы уӕз у, иу пылы уӕз цас у, уыйас. Ахъуыды ма кӕн, цас тых хъӕуы уый змӕлын кӕнынӕн!

Уыдонимӕ абаргӕйӕ адӕймаджы ӕвзаг нӕдӕр стыр схонӕн ис, нӕдӕр уӕззау ӕмӕ нӕдӕр тыхджын. Фӕлӕ йӕ бон бирӕ фылдӕр у. «Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзаджы къухы сты»,– дзуры Библи адӕймагӕн йӕ буары ацы гыццыл уӕнджы тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 18:21). Ӕцӕгдӕр, адӕймаджы ӕвзагӕн йӕ бон у стыр фыдбылыз ракӕнын. Цал ӕмӕ цал хатты фехъуыстам, адӕймаг-иу мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта кӕнӕ та-иу мӕнг ӕвдисӕн кӕй ныллӕууыд, уый фыдӕй-иу ӕнаххос адӕм хъизӕмӕртты хай куыд фесты кӕнӕ-иу сӕ суанг маргӕ дӕр куыд акодтой.

Уӕдӕ фыдӕвзаджы аххосӕй цас рагон хӕлӕрттӕ сызнаг сты сӕ кӕрӕдзимӕ! Рӕхуыст ныхасӕй цал адӕймаджы зӕрдӕ асастис! «Кӕдмӕ мӕ мӕсты кӕндзыстут ӕмӕ мын уӕ ныхӕстӕй ме уӕнг кӕдмӕ мардзыстут?»,– дзырдта Иов, бирӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи фехъуыста, уый (Иов 19:2). Ӕнӕбауромгӕ ӕвзагӕн йӕ бон цы зиан у ӕрхӕссын, уый ахуыргӕнинаг Иаков равдыста ирдӕй: «Ӕвзаг дӕр, гыццыл уӕнг йеддӕмӕ нӕу, фӕлӕ ӕппӕлынмӕ уый хуызӕн нӕй. Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ хъӕуы? Уӕдӕ ӕвзаг дӕр у зынг» (Иаковы 3:5, 6).

Фӕлӕ ма ӕвзагӕн йӕ бон цард бахъахъхъӕнын дӕр у. Фӕлмӕн ӕмӕ ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ кӕмӕндӕрты баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъуыстаиккой кӕнӕ та сӕхи ма амардтаиккой. Бирӕ наркомантӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цӕрынхъуагӕй нӕ амардысты, уымӕн ӕмӕ байхъуыстой хорз уынаффӕмӕ. Рӕстгӕнӕг адӕймаджы ӕвзаг у «царды бӕлас» ӕмӕ «ӕвзистӕй нывӕфтыд къусыл сызгъӕрин фӕткъуыты ныв куыд фидауы, афтӕ фидауы йӕ афоныл загъд ныхас дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 15:4; 25:11).

Фӕлӕ не ’взагӕй ӕппӕты хуыздӕр уӕд пайда кӕндзыстӕм, Йегъовӕ Хуыцауы куы кадджын кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн Библийы зынаргъ ӕцӕгдзинӕдтӕ куы амонӕм. Уый афтӕ цӕмӕн у? Йесо Чырысти загъта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3; Матфейы 24:14; 28:19, 20).