Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Диссаджы арӕзт» стӕм

«Диссаджы арӕзт» стӕм

«Диссаджы арӕзт» стӕм

«Ӕз диссаджы арӕзт дӕн» (ПСАЛОМ 138:14).

1. Зӕххыл цы диссӕгтӕ ис, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ бирӕтӕ Хуыцауы цӕмӕн кадджын кӕнынц?

ӔРДЗЫ цы нӕ диссаг ис, ахӕм нӕй. Куыд фӕзындысты уыцы диссӕгтӕ? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй зондджын Сфӕлдисӕджы кой кӕнын ӕнӕмӕнг нӕу. Иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис, уый нӕ куы нӕ уырна, уӕд ӕрдзы диссӕгтӕ нӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕ бауыдзӕн. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, зӕххыл удӕгасӕй цы ис, уыдон афтӕ бирӕ сты, афтӕ вазыгджын ӕмӕ диссаг арӕзт сты, ӕмӕ сӕхигъӕдӕй нӕ фӕзындаиккой. Адӕмӕй бирӕтӕн, уыдонимӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕн, уыдӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Дун-дунейӕн ис зондджын, хъомысджын ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Сфӕлдисӕг *.

2. Давид Йегъовӕйы цӕмӕн кадджын кодта?

2 Рагон Израилы паддзах Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Сфӕлдисӕг кады аккаг кӕй у, ууыл. Кӕд Давиды рӕстӕджы зонадӕн абоны хуызӕн ӕнтыстытӕ нӕ уыд, уӕддӕр уый ӕмбӕрста, йӕ алыварс цы диссӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр Сфӕлдисӕг Хуыцауы конд кӕй сты. Давидӕн, йӕ буар куыд конд уыд, ууыл хъуыды кӕнын дӕр фаг уыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы сфӕлдыстадон тых дисы бафтыдтаид. Уый фыста: «Кадджын кӕнын Дӕу, уымӕн ӕмӕ ӕз диссаджы арӕзт дӕн. Диссаг Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ мӕ уд уый ӕмбары ӕххӕстӕй» (Псалом 138:14).

3, 4. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл нӕ алчидӕр арф цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕна?

3 Давид Хуыцауыл афтӕ фидарӕй уымӕн ӕууӕндыд, ӕмӕ арф хъуыды кӕнын зыдта. Абон скъолайы программӕтӕ ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ йедзаг сты алыхуызон теоритӕй адӕймаджы равзӕрды тыххӕй. Уый аххосӕй адӕмы Хуыцау нал уырны. Уӕдӕ цӕмӕй махӕн дӕр нӕ уырнындзинад Давиды уырнындзинадау фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ арф хъуыды кӕнӕм. Нӕ бӕсты хъуамӕ иннӕтӕ ма хъуыды кӕной, уӕлдайдӕр дзырд куы цӕуа ахӕм ахсджиаг фарстатыл, зӕгъӕм, Сфӕлдисӕг ис ӕмӕ, цард кӕй фӕзынд, уымӕ уый цы бар дары.

4 Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд дзы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕндзыстӕм. Уый фӕрцы та нӕ фӕнддзӕн Йегъовӕйы хуыздӕр базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, абон зонад Давиды ныхӕстимӕ, «диссаджы ӕрӕзт» стӕм, зӕгъгӕ, разы цӕмӕн у.

Диссаг у, нӕ буар куыд рӕзы

5, 6. а) Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ цард куыд райдыдта? ӕ) Уыргтӕ цавӕр куыст кӕнынц?

5 «Ды сарӕзтай мӕ хуылф [«уыргтӕ», НД], ӕмӕ бауӕфтай мӕн мӕ мады гуыбыны» (Псалом 138:13). Алчидӕр нӕ сӕвзӕрд иунӕг чырӕгӕй, уый у, ацы хъуыдыйады кӕрон цы стъӕлф ис, уымӕй къаддӕр. Уыцы гыццылмур чырӕг ис схонӕн ӕнӕхъӕн химион лаборатори! Уый рӕзыд тынг тагъд. Дыууӕ мӕймӕ уыцы иунӕг чырӕгӕй равзӕрдысты дӕ буары сӕйраг уӕнгтӕ иууылдӕр, уыдонимӕ дӕ уыргтӕ дӕр. Дӕ райгуырыны афонмӕ дӕ уыргтӕн сӕ бон уыд фӕрсудзын туг – хъӕстӕ буаргъӕдтӕ ӕмӕ уӕлдай дон ӕддӕмӕ тӕрын, хъӕугӕ цы кӕны, уый та буары уадзын. Стыр адӕймагӕн йӕ туджы ис 6 литры дон. Ӕмӕ кӕд дӕ уыргтӕ ӕнӕниз сты, уӕд уыцы дон фӕрсудзынц алы 45 минуты дӕр!

6 Дӕ уыргтӕ ма «дзуапп дӕттынц» туджы ӕлхъывдадӕн, стӕй дзы цас минералтӕ ӕмӕ туагад ис, уымӕн. Уымӕй уӕлдай ма ӕххуыс сты бирӕ цӕмӕндӕрты, зӕгъӕм, витамин D-йӕ рауайын кӕнынц, стджытӕ кӕй фӕрцы рӕзынц, ахӕм витамин. Уыргты ма сӕвзӕры эритропоэтин – уый фӕрцы стджыты магъзы фылдӕр кӕнынц туджы сырх чырӕгтӕ. Диссаг нӕу, уыргтӕ кӕй хонынц «буары дӕсны химиктӕ» *!

7, 8. а) Радзур, сывӕллон йӕ мады хуылфы рӕзын куыд райдайы. ӕ) Сывӕллон «зӕххы арфы» ӕвзӕры, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

7 «Дӕуӕй ӕмбӕхст нӕ уыдысты ме стджытӕ, ӕз арӕзт куы цыдтӕн сусӕгӕй, куы ӕвзӕрыдтӕн хуылфы [«зӕххы», НД] арфы» (Псалом 138:15). Фыццаг чырӕг адих. Стӕй адих сты ног чырӕгтӕ дӕр. Цыбыр рӕстӕгмӕ чырӕгтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын райдыдтой, кӕнӕ систы хицӕн ӕмӕ хицӕн чырӕгты къордтӕ – нервыты, хӕцъӕфты, цармы ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Иу къорды чырӕгтӕ баиу сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг рауад буары оргӕнтӕ. Зӕгъӕм, ӕртыккаг къуыримӕ ӕвзӕрын райдыдтой де стджытӕ. Стыр адӕймаджы стӕгдар конд у 206 стӕгӕй. Ӕмӕ ӕвдӕм къуыримӕ, 2,5 сантиметры йеддӕмӕ куы нӕма уыдтӕ, уӕд де стджытӕй алкӕцыдӕр уыд йӕ бынаты. Фӕлӕ уыдон нырма уыдысты хӕрз гыццылтӕ ӕмӕ фӕлмӕн.

8 Дӕ мады хуылфы куыд рӕзыдтӕ, уый уыд стыр диссаг. Фӕлӕ уый адӕймагӕн йӕ бон фенын нӕ уыд, раст цыма зӕххы арфы уыдтӕ, уыйау. Куыд рӕзӕм, уыцы хабӕрттӕй бирӕ цыдӕртӕ адӕймаг ныр дӕр ма нӕ зоны. Зӕгъӕм, дӕ чырӕгты кӕцыдӕр гентӕ иу афон афтӕ цӕмӕн райдайынц кусын, ӕмӕ чырӕгтӕ хицӕн къордтыл дих кӕнын райдайынц? Чи зоны, ацы фарстӕн ахуыргӕндтӕ искуы дзуапп базоной. Фӕлӕ Давид дарддӕр цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, не Сфӕлдисӕг – Йегъовӕ – уый алкӕддӕр кӕй зыдта.

9, 10. Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, сывӕллон йӕ мады гуыбыны куыд рӕзы, уый «фыст» у Хуыцауы «чиныджы»?

9 «Мӕн гуырдз федтой Дӕ цӕстытӕ; Дӕ чиныджы фыст сты ӕппӕт бонтӕ, мӕн тыххӕй нысангонд, уыдонӕй иу дӕр куы нӕма уыд, уӕд» (Псалом 138:16). Дӕ буар куыд рӕздзӕн, уый пълан ӕнӕхъӕнӕй дӕр фыст уыд дӕ фыццаг чырӕджы. Уыцы пъланмӕ гӕсгӕ рӕзыдтӕ фараст мӕйы дӕргъы, дӕ мады гуыбыны куы уыдтӕ, уӕд, ӕмӕ ма стӕй ссӕдз азӕй фылдӕр, цалынмӕ стыр адӕймаджы кары нӕ бацыдтӕ, уӕдмӕ. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы дӕ фыццаг чырӕджы фыст пъланмӕ гӕсгӕ дӕ буар кодта стырӕй стырдӕр ӕмӕ ивта.

10 Давид ницы зыдта нӕдӕр чырӕгты ӕмӕ нӕдӕр генты тыххӕй. Нӕ йӕм уыд микроскоп дӕр. Фӕлӕ Давид бамбӕрста, йӕ буар куыд хъуамӕ рӕзыдаид, уый рагацау «фыст» кӕй ӕрцыд. Ӕвӕццӕгӕн, уый цыдӕртӕ зыдта, сывӕллон мады гуыбыны куыд фӕрӕзы, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцӕуын, сывӕллон кӕй хъуамӕ рӕза, рагацау бӕлвырдгонд схемӕмӕ ӕмӕ расписанимӕ гӕсгӕ. Рӕсугъд ӕвзагӕй дзургӕйӕ, Давид зӕгъы, уыцы схемӕ «фыст» кӕй у Хуыцауы «чиныджы».

11. Цыхуызӕн уыдзыстӕм, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?

11 Абон ӕй иууылдӕр зонынц, гентӕй кӕнгӕ кӕй у, адӕймаг йӕ ныййарджытӕй йӕ туджы цы рахӕссы, уый, зӕгъӕм, ас, цӕстыты ӕмӕ сӕрыхъуынты хуыз, цӕсгом цы хуызӕн у, уый ӕмӕ ма мингай ӕндӕр цыдӕртӕ. Дӕ чырӕгтӕй алкӕцыйы дӕр ис дӕсгай мин гены, ӕмӕ алы ген дӕр у, ДНТ-йы (дезоксирибонуклеинон туагады) молекулӕйы даргъ цӕджы иу кӕцыдӕр хай. Дӕ буар куыд хъуамӕ рӕза, уый «фыст» ис дӕ ДНТ-йы химион сконды. Цӕмӕй ног чырӕгтӕ фӕзына кӕнӕ зӕронд чырӕгтӕ ивд ӕрцӕуой, уый тыххӕй чырӕгтӕ куы адих вӕййынц, уӕд алы хатт дӕр дӕ ДНТ дарддӕр адӕтты, цы фыст дзы ис, уый. Афтӕмӕй мах цӕрӕм ӕмӕ нӕхи хуызӕнӕй баззайӕм. Куыд хорз зыны уымӕй не Сфӕлдисӕджы хъару ӕмӕ зонд!

Нӕ диссаджы зонд

12. Адӕймаг цӕрӕгойтӕй сӕйраджыдӕр цӕмӕй хицӕн кӕны?

12 «Куыд бӕрзонд сты Дӕ хъуыдытӕ мӕн тыххӕй, Хуыцау, ӕмӕ куыд бирӕ у сӕ нымӕц! Байдайон нымайын уыдон, фӕлӕ уыдон фылдӕр [сты] змисӕй» (Псалом 138:17, 18а). Цӕрӕгойтӕ дӕр сты «диссаджы арӕзт». Уыдонӕй иуӕй-иутӕ цыдӕртӕ адӕймагӕй хуыздӕр ӕнкъарынц ӕмӕ цӕмӕдӕрты хуыздӕр арӕхсынц. Фӕлӕ адӕймаг, Хуыцау ын цы зонд радта, уый фӕрцы цӕрӕгойтӕй бирӕ уӕлдӕр у. Иу зонадон чиныджы фыст ис: «Кӕд мах, адӕм, бирӕ цӕмӕйдӕрты цӕрӕгойты хуызӕн стӕм, уӕддӕр Зӕххыл цы алыхуызон цардӕгас удтӕ ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон дзурын ӕмӕ хъуыды кӕнын». Дарддӕр ма дзы фыст ис: «Мах ма хицӕн кӕнӕм уымӕй дӕр, ӕмӕ нӕ фӕнды нӕхи базонын, фӕнды нӕ бамбарын: нӕ буары сконд куыд у? куыд сырӕзт нӕ буар?..». Ацы фарстытыл хъуыды кодта Давид дӕр.

13. а) Давидӕн Хуыцауы хъуыдытӕ йӕ бон ӕмбарын цӕй фӕрцы уыд? ӕ) Куыд у нӕ бон Давиды фӕзмын?

13 Фӕлӕ нӕ цӕрӕгойтӕй цы хицӕн кӕны, уыдӕттӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у, нӕ бон Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмбарын кӕй у *. Ахӕм диссаджы курдиатӕй хайджын уымӕн стӕм, ӕмӕ нӕ «Хуыцау сфӕлдыста... йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райдиан 1:27). Уыцы курдиатӕй Давид хорз пайда кодта. Уый хъуыды кодта, Хуыцау кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдӕттыл, ӕмӕ йӕ хорз миниуджытыл – ӕрдзы сконды чи зыны, уыдоныл. Давидмӕ ма уыдысты Сыгъдӕг Фыстады фыццаг чингуытӕ дӕр. Уыдоны Хуыцау дзырдта йӕхи ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Уыцы чингуытӕ йын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ӕмбӕрстаид Хуыцауӕн йӕ хъуыдытӕ, йӕ фӕнд ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Давид Фыстадыл, сфӕлдыстадыл, ӕмӕ йын Хуыцау куыд уыд, ууыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд кадджын кӕнын Сфӕлдисӕджы.

Цы нысан кӕны Хуыцауыл ӕууӕндын

14. Хуыцауыл ӕууӕндынӕн Хуыцауы тыххӕй алцы зонын цӕуылнӕ хъӕуы?

14 Давид цас фылдӕр хъуыды кодта сфӕлдыстадыл ӕмӕ Фыстадыл, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрста, Хуыцауы зонд ӕмӕ, Хуыцауӕн йӕ бон цас у, уый кӕронмӕ кӕй никуы бамбардзӕн (Псалом 138:6). Уый зӕгъӕн ис махӕй дӕр. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй алцыдӕр никуы бамбардзыстӕм (Екклесиаст 3:11; 8:17). Фӕлӕ Хуыцау Фыстады ӕмӕ ӕрдзы уылты фаг зонындзинӕдтӕ «раргом кодта», цӕмӕй, ӕцӕгдзинад чи агуры, уыдон бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы Хуыцауыл баууӕндыдаиккой, кӕцыфӕнды ӕнусы ма цардаиккой, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 1:19, 20; Дзуттӕгтӕм 11:1, 3).

15. Радзур, адӕймаг Хуыцауыл ӕууӕнда ӕмӕ йӕ хӕлар уа, уыдон кӕрӕдзийыл куыд баст сты.

15 Ӕууӕндын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаджы уырна, цард ӕмӕ Дун-дуне кӕй фӕзындысты зондджын Царддӕтӕджы фӕрцы. Адӕймаджы хъуамӕ уырна, Йегъовӕ Хуыцау удгоймаг кӕй у. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм (Иаковы 4:8). Ахӕм уырнындзинад абарӕн ис, адӕймаг йӕ уарзӕгой фыдыл куыд феууӕнды, уыимӕ. Зӕгъӕм, чидӕр дызӕрдыг кӕны, исты зын уавӕры куы бахауай, уӕд дын дӕ фыд кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Чи зоны, ӕмӕ йын дӕ бон бамбарын кӕнын не сси, дӕ фыдыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Фӕлӕ ды хорз зоныс, дӕ фыд цавӕр адӕймаг у ӕмӕ йын куыд хорз зӕрдӕ ис, уый. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ никуы ахъуыды кӕндзынӕ, ӕмӕ дӕ ӕнӕ ӕххуысӕй ныууадздзӕн. Уӕдӕ мах дӕр Фыстад куы ахуыр кӕнӕм, сфӕлдыстадыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый куы уынӕм, уӕд Йегъовӕйы базондзыстӕм ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ноджы хуыздӕр базонӕм. Фӕнды нӕ, удуӕлдайӕ йӕ уарзӕм, иузӕрдион ыл уӕм, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕнустӕм кадджын кӕнӕм. Уымӕй хуыздӕр ма адӕймаг цӕмӕ хъуамӕ тырна! (Ефесӕгтӕм 5:1, 2).

Агур не Сфӕлдисӕджы разамынд!

16. Давид Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар кӕй уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 «Бафӕлвар мӕн, Хуыцау, ӕмӕ базон мӕ зӕрдӕ; бафӕлвар мӕн, ӕмӕ базон мӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ кӕс, тӕссаг фӕндагыл нӕ дӕн цымӕ ӕз, ӕмӕ сараз мӕн ӕнусмӕйы фӕндагыл» (Псалом 138:23, 24). Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ тынг хорз кӕй зыдта – йӕ хъуыдытӕй, йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ митӕй иунӕг дӕр йе Сфӕлдисӕгӕй ӕмбӕхст нӕ уыд (Псалом 138:1–12; Дзуттӕгтӕм 4:13). Хуыцау ӕй афтӕ хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ Давид ӕппындӕр ницӕмӕй тарст, сывӕллон йӕ уарзӕгой ныййарджыты хъӕбысы куыд ницӕмӕй фӕтӕрсы, раст афтӕ. Давид тынг аргъ кодта, Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар кӕй уыд, уымӕн, ӕмӕ дзы цӕмӕй ма адард уыдаид, уый тыххӕй йын йе сфӕлдыстадыл арф хъуыды кодта ӕмӕ йӕм куывта. Давиды псаломтӕй бирӕтӕ сты куывдтытӕ ӕмӕ-иу сӕ кодтой заргӕ. Заргӕ кодтой 138 псалом дӕр. Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕм куы кувӕм, уӕд ӕм мах дӕр баввахс уыдзыстӕм.

17. а) Давиды цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса? ӕ) Нӕ сӕрибардзинадӕй куыд пайда кӕнӕм, уый нӕ цардыл куыд зыны?

17 Хуыцау нӕ скодта йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ нын радта сӕрибардзинад. Нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм хорздзинад саразӕм ӕви ӕвзӕрдзинад. Фӕлӕ нӕ уыцы сӕрибардзинад хӕсджын кӕны, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгты тыххӕй нӕхӕдӕг дзуапп дӕттӕм. Давиды нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ исчи фыдгӕнджыты ӕмрӕнхъ ӕвӕрдтаид (Псалом 138:19–22). Уый нӕ фӕндыд уӕззау тӕригъӕдтӕ кӕнын. Уӕдӕ Йегъовӕ алцыдӕр кӕй зоны, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дзы Давид сӕрныллӕгӕй куырдта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара, ома йын йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса ӕмӕ йӕ царды фӕндагыл сӕвӕра. Хуыцау ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон ӕххӕст кӕнын у алкӕй хӕс дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ кӕнӕм, раст цы у, уый. Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йӕм хъусӕм. Афтӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Иоанны 12:50; 1 Тимофеймӕ 4:8). Бонӕй-бонмӕ Йегъовӕимӕ куы цӕуӕм, уӕд зын уавӕрты бахаугӕйӕ дӕр нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Хъус нӕ диссаджы Сфӕлдисӕгмӕ!

18. Давид Хуыцауы сфӕлдыстадыл хъуыды кӕнгӕйӕ цавӕр хатдзӕгмӕ ’рцыд?

18 Давид ӕрыгон куы уыд, уӕд-иу арӕх цыд фыййау. Цалынмӕ-иу фыстӕ хизгӕ кодтой, уӕдмӕ-иу уый та арвмӕ каст. Изӕрыгӕтты Давид хъуыды кодта ӕгӕрон Дун-дунейыл ӕмӕ, уый зӕххон адӕймагӕн цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Давид ныффыста: «Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, ӕмӕ Йӕ къухты хъуыддӕгты тыххӕй дзуры арв. Бон бонӕн дӕтты ныхас, ӕхсӕв ӕхсӕвӕн ӕргом кӕны зонынад» (Псалом 18:2, 3). Давид ӕмбӕрста, ӕппӕт дӕр афтӕ диссаг чи сфӕлдыста, Уый кӕй хъуамӕ агура ӕмӕ йӕм кӕй хъуамӕ хъуса. Мах дӕр хъуамӕ кӕнӕм афтӕ.

19. «Диссаджы арӕзт» кӕй стӕм, уымӕй не ’ппӕтдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

19 Давид фӕзминаг у, Сфӕлдисӕджы ӕрыгонӕй куыд кадджын кодта, уымӕй. Фӕстӕдӕр йӕ фырт Соломон ӕрыгӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Дӕ зӕрдыл дар дӕ Цытджын Сфӕлдисӕджы де ’рыгон бонты... тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:1, 13). Давид ӕрыгонӕй бамбӕрста, «диссаджы арӕзт» кӕй уыд, уый. Уыцы хъуыддаг кӕй ӕмбӕрста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй цард, уый йын стыр арфӕдзинӕдтӕ хаста цӕрӕнбонты. Мах дӕр – цыфӕнды кары ма уӕм – кӕд не Сфӕлдисӕджы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы ӕмӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис: «Уыдон зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты, сойджын ӕмӕ ног, цӕмӕй хъусын кӕной, кӕй у раст Хицау» (Псалом 91:15, 16). Уымӕй уӕлдай ма ӕнустӕм цин кӕндзыстӕм не Сфӕлдисӕджы диссаджы хъуыддӕгтыл.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Кӕс 2004 азы 22 июны «Райхъал ут!» (уыр.). Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 6 абз. Кӕс ма 1997 азы 8 августы «Райхъал ут!», статья «Почки – жизненно важный фильтр».

^ 13 абз. Псаломы 138:18ӕ Давиды ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ бон-изӕрмӕ Йегъовӕйы хъуыдытӕ куы фӕнымадтаид, уӕд дӕр ма йын райсомӕй бирӕ цыдӕртӕ уыдаид банымаинаг.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Сывӕллон мады гуыбыны куыд рӕзы, уымӕй куыд зыны, «диссаджы арӕзт» кӕй стӕм, уый?

• Йегъовӕйы хъуыдытӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарӕм?

• Адӕймаг Хуыцауыл ӕууӕнда ӕмӕ йӕ хӕлар уа, уыдон кӕрӕдзийыл куыд баст сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Сывӕллон мады гуыбыны рӕзы рагацау бӕлвырдгонд схемӕмӕ гӕсгӕ

ДНТ

[Барлӕвӕрдӕй]

Unborn fetus: Lennart Nilsson

[Ныв 10 фарсыл]

Сывӕллон йӕ уарзӕгой фыдыл куыд ӕууӕнды, афтӕ ӕууӕндӕм мах дӕр Йегъовӕйыл

[Ныв 11 фарсыл]

Йегъовӕйы къухты скондыл хъуыды кӕнгӕйӕ Давид кадджын кодта йе Сфӕлдисӕджы