Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Иезекилы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

Иезекилы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

ЦӔУЫ н. э. агъоммӕ 613 аз. Пехуымпар Йереми ис Иудӕйы бӕстӕйы. Уый хъӕбатырӕй хъусын кӕны, Иерусалим тагъд пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Иудӕйы бӕстӕ кӕй ныххӕлӕттаг уыдзӕн, уый тыххӕй. Вавилоны паддзах Навуходоносор ныридӕгӕн дӕр Иудӕйы цӕрджытӕй бирӕты акодта уацары. Уыдонимӕ сты ӕрыгон лӕппу Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы. Сӕ цыппар дӕр лӕггад кӕнынц халдейаг паддзахы галуаны. Иудӕйы цӕрджытӕй уацары чи ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты Ховары цӕугӕдоны цур «халдейӕгты зӕххыл» (Иезекил 1:1–3). Йегъовӕ уацайрӕгты нӕ ферох кодта. Уый сӕм арвыста пехуымпары – 30-аздзыд Иезекилы.

Иезекилы чиныг фыст фӕцис н. э. агъоммӕ 591 азы. Дзырд дзы цӕуы, 22 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ цыд, уыдоныл. Иезекил цы фыссы, уый фыссы тынг бӕстон. Уый фӕнысан кӕны, йӕ пехуымпарӕдтӕ кӕцы аз, стӕй суанг кӕцы мӕй ӕмӕ кӕцы бон дзуры, уый дӕр. Иезекилы пехуымпарады фыццаг хайы кӕсӕм, Иерусалим кӕй басӕтдзӕн ӕмӕ пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн. Дыккаг хайы фыст сты Йегъовӕ, израилӕгты алыварс цӕрӕг адӕмӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон. Фӕстаг хайы та Иезекил дзуры, раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн. Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц ахсджиаг хъуыдытӕ Иезекилы 1:1–24:27. Уым ис цӕстылуайӕнтӕ, пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ пехуымпарадон равдыстытӕ, Иерусалимыл цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уый тыххӕй.

«ӔЗ ДӔ СӔВӔРДТОН ХЪАХЪХЪӔНӔГӔЙ»

(Иезекил 1:1–19:14)

Иезекил цӕстылуайӕны уыны иу стыр диссаг – Йегъовӕйы паддзахбадӕн. Уый фӕстӕ йын Йегъовӕ дзуры, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый: «Ӕз дӕ сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй Израилы хӕдзарӕн. Ды мын хъуамӕ мӕ ныхасмӕ байхъусай ӕмӕ йӕ мӕ номӕй бафӕдзӕхсай» (Иезекил 3:17). Иерусалимыл знӕгтӕ кӕй ӕртыхсдзысты ӕмӕ уый цы бӕллӕхтӕм ӕркӕндзӕн, уый хъуамӕ Иезекил адӕмӕн равдыстаид дыууӕ ӕгомыг сценкӕйы хуызы. Иудӕйы бӕстӕйы тыххӕй Йегъовӕ Иезекилы уылты дзуры: «Мӕнӕ дӕн! Ӕз уыл хъама рауадздзынӕн ӕмӕ уын уӕ бӕрзонд бынӕттӕ ныппырх кӕндзынӕн» (Иезекил 6:3). Адон та сты йӕ ныхӕстӕ бӕстӕйы цӕрӕгмӕ: «Бӕллӕхты хай фӕуыдзынӕ» (Иезекил 7:7).

Н. э. агъоммӕ 612 азы Иезекил цӕстылуайӕны фестад Иерусалимы. Цӕй ӕлгъаг хабӕрттӕ уыны Хуыцауы кувӕндоны! Йегъовӕ, мӕнг хуыцӕуттӕм чи аздӕхт, уыдонӕй йӕ маст райсынмӕ ӕрвиты йӕ уӕларвон ӕфсад (ӕвдыст цӕуынц «ӕхсӕз нӕлгоймагӕй»). Фервӕздзысты, йӕ ныхыл нысан ӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, ӕрмӕст уыдон (Иезекил 9:2–6). Фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ горӕтыл калд ӕрцӕуа «цӕхӕр» – Хуыцауы зынг хабар, Иерусалим пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй (Иезекил 10:2). Фыдгӕнджытӕн Йегъовӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сӕхи сӕрмӕ фӕкӕндзӕн. Фӕлӕ зӕрдӕ ӕвӕры, алырдӕмты чи ныххӕлиу, уыцы израилӕгты фӕстӕмӕ кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уымӕй (Иезекил 11:17–21).

Хуыцауы сыгъдӕг уд Иезекилы фӕстӕмӕ Халдейы фестын кодта. Иезекил сценкӕйы хуызы ӕвдисы, паддзах Седеки ӕмӕ адӕм Иерусалимӕй лидзӕг куыд фӕуыдзысты. Мӕнг пехуымпартӕн – нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр – Иезекил сӕ мӕнг хъуыддӕгтӕ раргом кодта. Мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдон Йегъовӕйы зӕрдӕ нал ссардзысты. Иудӕ барст цӕуы ӕвзӕр сӕнӕфсиримӕ. Цӕргӕс ӕмӕ сӕнӕфсиры тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕвдисы, Иерусалим Египетӕй ӕххуыс кӕй агуры, уый цы стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕндзӕн. Фӕсномыг ныхас фӕвӕййы ахӕм зӕрдӕвӕрдӕй, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ныссадздзӕн фӕлмӕн къалиу бӕрзонд хохыл (Иезекил 17:22). Фӕлӕ Иудӕйы «хицауы лӕдзӕг» нал уыдзӕн (Иезекил 19:14).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:4–28 – Цӕмӕ амоны уӕларвон уӕрдон? Уӕрдон у Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай, хауынц ӕм зӕдтӕ. Уый размӕ цӕуы Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы. Уӕрдоны бадӕг – Йегъовӕ Хуыцау – куыд кадджын у, уымӕн ныхӕстӕй зӕгъӕн дӕр нӕй. Йӕ фарн ӕвдыст цӕуы рӕсугъд арвӕрдынӕй.

1:5–11 – Цыппар удгоймаджы чи сты? Иезекил цӕстылуайӕны уӕрдон дыккаг хатт куы федта, уӕд цыппар удгоймаджы схуыдта херувимтӕ (Иезекил 10:1–11; 11:22). Фӕстӕдӕр галы цӕсгомы бӕсты загъта «херувимы цӕсгом» (Иезекил 10:14). Ацы абарст хорз фидауы, уымӕн ӕмӕ гал ӕвдисы тых ӕмӕ хъару, херувимтӕ та сты хъомысджын уӕларвон удгоймӕгтӕ.

2:6 – Иезекилы бирӕ хӕттыты «адӕймаджы фырт» цӕмӕн схуындӕуыд? Йегъовӕ Иезекилмӕ афтӕ уымӕн дзуры, цӕмӕй пехуымпары зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, туг ӕмӕ стӕгӕй конд кӕй у. Афтӕмӕй хуыздӕр зыны, куыд тынг хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ, хабар чи хӕссы ӕмӕ хабар кӕмӕй цӕуы, уыдон, ома адӕймаг ӕмӕ Хуыцау. Евангелиты дӕр Йесо Чырыстийы тыххӕй, «адӕймаджы фырт», зӕгъгӕ, фыст ис иу-80 хатты бӕрц. Уымӕй хорз зыны, Хуыцауы Фырт зӕххыл куы цард, уӕд, адӕймаджы хуыз чи райста, ахӕм зӕд кӕй нӕ уыд, фӕлӕ туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг.

2:9–3:3 – «Хъарджытӕ ӕмӕ хъӕрзын» цы тыхтоныл фыст уыд, уый Иезекилӕн адджын ад цӕмӕн кодта? Иезекилӕн тыхтон адджын ад кодта, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уымӕ цы цӕстӕй каст, уый. Иезекил тынг аргъ кодта, Йегъовӕйы пехуымпар кӕй уыдис, уымӕн.

4:1–17 – Знӕгтӕ Иерусалимыл кӕй хъуамӕ ӕртыхстаиккой, уый Иезекил ӕцӕгдӕр сценкӕйы хуызы равдыста? Иезекил, хӕринаг цӕуыл хъуамӕ фыхтаид, уый кӕй ивын кодта ӕмӕ йын Йегъовӕ разыйы дзуапп кӕй радта, уымӕй бӕрӕг у, пехуымпар ӕцӕгдӕр кӕй бакодта, цы загъд ын уыд, уыдӕттӕ. Иезекил галиу фарсыл фӕхуыссыд дӕсмыггаг паддзахады тӕригъӕдты тыххӕй. Ацы паддзахад тӕригъӕдтӕ фӕкодта 390 азы дӕргъы – н. э. агъоммӕ 997 азы куы сӕвзӕрд, уӕдӕй райдайгӕйӕ, н. э. агъоммӕ 607 азы онг, цалынмӕ Иерусалим пырхгонд не ’рцыд, уӕдмӕ. Рахиз фарсыл та хуыссыд, Иудӕ 40 азы дӕргъы цы тӕригъӕдтӕ кодта, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг нымад цӕуы н. э. агъоммӕ 647 азӕй – Йегъовӕ Иеремийы пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕдӕй – н. э. агъоммӕ 607 азмӕ. Ӕдӕппӕтӕй Иезекил фӕхуыссыд 430 боны. Бон-иу бахордта иу гыццыл къӕбӕр, нуазгӕ та-иу бакодта иу гыццыл дон. Уымӕй адӕмӕн ӕвдыста, знӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕртыхсой, уӕд горӕты ӕххормаг рӕстӕг кӕй скӕндзӕн.

5:1–3 – Иезекил сӕры хъуынтӕй дымгӕйӕн цы хай хъуамӕ фӕхӕссын кодтаид, уыдонӕй иу цалдӕр цӕмӕн райста ӕмӕ сӕ йӕ фӕдджийы цӕмӕн бабаста? Уымӕй бӕрӕг уыд, Иудӕ 70 азы заууат куы фӕуыдаид, уӕд адӕмӕй чидӕртӕ фӕстӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕрыздӕхтаиккой ӕмӕ раст дин ногӕй йӕ къахыл кӕй хъуамӕ слӕууын кодтаиккой (Иезекил 11:17–20).

17:1–24 – Чи сты дыууӕ стыр цӕргӕсы, кедры ног къалиутӕ тынд куыд ӕрцыдысты ӕмӕ чи у, Йегъовӕ кӕй ныссагъта, уыцы «фӕлмӕн къалиу»? Дыууӕ цӕргӕсы сты Вавилоны ӕмӕ Египеты хицӕуттӕ. Фыццаг цӕргӕс ӕрбатахт кедры цъупмӕ, ома паддзах Давиды мыггагӕй хицау чи у, уымӕ. Уыцы цӕргӕс ног къалиутӕй ӕртыдта уӕллаг къалиу – Иудӕйы паддзах Иехонийы бӕсты сӕвӕрдта Седекийы. Кӕд Седеки дзырд радта, иузӕрдион кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй, уӕддӕр ӕххуыс агуырдта ӕндӕр цӕргӕсӕй – Египеты хицауӕй. Фӕлӕ йын уымӕй ницы рауад. Седекийы Вавилонмӕ хъуамӕ уацары акодтаиккой ӕмӕ уым амардаид. Йегъовӕ ма тоны «фӕлмӕн къалиу» – Паддзах-Мессийӕйы. Уыцы къалиу сагъд ӕрцыд «бӕрзонд ӕмӕ стыр хохыл», уӕларвон хох Сионыл. Уым уый суыдзӕн «стыр кедр бӕлас» ӕмӕ адӕмӕн ӕцӕг арфӕдзинӕдтӕ хӕсдзӕн (Раргомад 14:1).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

2:6–8; 3:8, 9, 18–21. Мах хъуамӕ фыдгӕнджытӕй ма тӕрсӕм ӕмӕ Хуыцауы хабар уӕндонӕй хъусын кӕнӕм, кӕд уыцы хабармӕ фыдгӕнджыты фӕдзӕхсын дӕр хауы, уӕддӕр. Адӕм нӕм куы нӕ хъусой кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд хъуамӕ алмазау фидар уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй хъӕбӕрзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр ма суӕм кӕнӕ иннӕты рис мауал ӕмбарӕм. Йесо тӕригъӕд кодта, хорз хабар кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕн. Ӕмӕ цӕмӕй мах дӕр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын фӕнда, уый тыххӕй сын мах дӕр хъуамӕ афтӕ тӕригъӕд кӕнӕм (Матфейы 9:36).

3:15. Йегъовӕ Иезекилӕн йӕ хӕс куы бамбарын кодта, уӕд Иезекил ацыд Тел-Авивмӕ ӕмӕ уым, цы хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ фырдиссагӕй авд боны йӕхимӕ не ’рцыд. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ рӕстӕг ма арӕм, ӕмӕ Фыстад лӕмбынӕг ма ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл ма хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй дзы цы арф ӕцӕгдзинӕдтӕ ис, уыдон бамбарӕм?

4:1–5:4. Уыцы дыууӕ сценкӕйы равдисынӕн Иезекилы хъуыд сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Мах дӕр хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр, цӕмӕй Хуыцауӕн йӕ алы фӕдзӕхст дӕр ӕххӕст кӕнын нӕ бон уа.

7:4, 9; 8:18; 9:5, 10. Хуыцау фыдтӕрхон кӕмӕн рахаста, уыдоны тыххӕй хъуамӕ нӕ цӕсты нуар дӕр ма фезмӕла ӕмӕ сын тӕригъӕд дӕр ма кӕнӕм.

7:19. Йегъовӕ ацы дуне куы сафа, уӕд ӕхца хъӕугӕ дӕр никӕйуал кӕндзӕн.

8:5–18. Адӕймаг раст дин куы ныууадзы, уӕд Хуыцауӕй адард вӕййы. «Раст дин чи ныууадзы, уый йӕ дзыхӕй иннӕйы сафы» (Ӕмбисӕндтӕ 11:9). Хорз уаид, нӕхи куы хизиккам суанг ахӕм хъуыдыйӕ дӕр, зӕгъгӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдонмӕ байхъусон.

9:3–6. Цӕмӕй «стыр бӕллӕхы» фервӕзӕм, уый тыххӕй ныл ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа нысан, ома бӕрӕг уа Хуыцауӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, донаргъуыд кӕй райстам ӕмӕ нӕм чырыстон миниуджытӕ кӕй ис (Матфейы 24:21). Уыцы нысан ӕвӕрд цӕуы, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд. Уыцы хъуыддаджы нын разамынд дӕттынц, писыр чернилӕдонимӕ кӕй ӕвдисы, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Кӕд нӕ нӕ нысан бахъахъхъӕнын фӕнды, уӕд сын хъуамӕ уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм.

12:26–28. Иезекил, цы хабар хъусын кодта, ууыл чи худтис, уыдонӕн дӕр хъуамӕ загътаид: «[Йегъовӕ йӕ] ныхӕстӕй иу дӕр нал аргъӕвдзӕн». Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ ныфс дарын сахуыр уой, цалынмӕ ацы дуне нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.

14:12–23. Нӕ ирвӕзындзинад нӕхицӕй кӕнгӕ у. Мах бӕсты уый ничи бакӕндзӕн (Ромӕгтӕм 14:12).

18:1–29. Нӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уый тыххӕй дзуапп нӕхӕдӕг дӕттӕм.

«НЫППЫРХ ӔЙ КӔНДЗЫНӔН, НЫППЫРХ ӔЙ КӔНДЗЫНӔН, НЫППЫРХ ӔЙ КӔНДЗЫНӔН»

(Иезекил 20:1–24:27)

Н. э. агъоммӕ 611 азы, израилӕгтӕ ӕвдӕм аз уацары куы уыдысты, уӕд, сӕ хистӕр лӕгтӕ бацыдысты Иезекилмӕ «Йегъовӕйы бафӕрсынмӕ». Иезекил сын радзырдта, Израил йӕ Хуыцауы ныхмӕ куыд цыд, уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, Йегъовӕ сӕм хъама кӕй сисдзӕн (Иезекил 20:1; 21:3). Израилы разамонӕджы (Седекийы) тыххӕй Йегъовӕ дзуры: «Сис дӕ сарыхъ ӕмӕ ӕрӕвӕр дӕ кадыхуд. Амӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн. Ныллӕг цы у, уый сбӕрзонд кӕн ӕмӕ бӕрзонды ӕрныллӕг кӕн. Ныппырх ӕй кӕндзынӕн, ныппырх ӕй кӕндзынӕн, ныппырх ӕй кӕндзынӕн. Ӕмӕ уымӕн та хицау нӕ уыдзӕн, цалынмӕ, закъонмӕ гӕсгӕ бар кӕмӕн ис, уый [Йесо Чырысти] не ’рцӕуа, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ ӕз уымӕн ратдзынӕн» (Иезекил 21:26, 27).

Иерусалимӕн йӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй тӕрхон хаст цӕуы. Оголӕ (Израил) ӕмӕ Оголивӕ (Иудӕ) аххосджын кӕй сты, уый раргом. Оголӕ ныридӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд «йе ’нӕфсис уарзӕтты къухмӕ, Ассирийы фыртты къухмӕ» (Иезекил 23:9). Оголивӕ тагъд афтидӕй аззайдзӕн. Н. э. агъоммӕ 609 азы знӕгтӕ Иерусалимыл ӕртыхстысты ӕмӕ 18 мӕйы дӕргъы йӕ алыварс лӕууыдысты. Фӕстагмӕ горӕт куы басаст, уӕд йӕ цӕрджытӕ ахӕм уӕззау уавӕры уыдысты, ӕмӕ сӕ бон сӕ хъыгыл хъыг кӕнын дӕр нӕ уыд. Иезекилӕн бар нӕ уыд, цӕмӕй Хуыцауы хабар, Вавилоны чи уыд, уыцы уацайрӕгтӕн хъусын кодтаид, цалынмӕ йӕм, «чи фервӕзт», уый нӕ фӕхабар кодтаид, горӕт ныппырх, зӕгъгӕ, уӕдмӕ (Иезекил 24:26, 27).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

21:3 – Йегъовӕ йӕ кӕрддзӕмӕй кӕй исы, уыцы хъама цы у? Йегъовӕ Иерусалимыл ӕмӕ Иудӕйыл йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы «хъама» исы, уый у Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ йе ’фсад. Уыцы «хъама» ма, чи зоны, амоны Хуыцауы хъомысджын зӕдтӕм дӕр.

24:6–14 – Цуайнаджы згӕ цӕмӕ амоны? Иерусалим знӕгты астӕу кӕй ис, уый барст цӕуы стыр цуайнагимӕ. Цы згӕ йыл схӕцыд, уый амоны горӕт ӕнӕгъдау кӕй у, уымӕ – йӕ чъизи ӕмӕ хӕлд митӕм, адӕмы туг кӕй калы, уымӕ. Цуайнаг афтӕ згӕ у, ӕмӕ йӕ афтидӕй зынджытыл куы сӕвӕриккой ӕмӕ йӕ куы сзынг кӕниккой, уӕддӕр йе згӕ нӕ азгъӕлид. Афтӕ бирӕ сты Иерусалимы чъизидзинӕдтӕ дӕр.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

20:1, 49. Израилӕгты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхи куыд дардтой, уымӕй бӕрӕг у, Иезекил сын цы загъта, ууыл кӕй нӕ баууӕндыдысты. Уӕдӕ макуы фӕдызӕрдыг уӕм, Хуыцау нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уыдӕттыл!

21:18–22. Кӕд Навуходоносор дӕсны фарста, уӕддӕр уый Иерусалимы ныхмӕ Йегъовӕйы фӕндонӕй рацыд. Уымӕй бӕрӕг у, суанг дӕлимонтӕн дӕр сӕ бон кӕй нӕу бакъуылымпы кӕнын, Йегъовӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн кӕмӕй пайда кӕны, уыдоны.

22:6–16. Йегъовӕ йе сӕфт уыны фыдгойгӕнджытӕй, ӕнӕгъдау адӕмӕй, гӕртамхортӕй ӕмӕ йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кӕны, уыдонӕй. Мах хъуамӕ ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм.

23:5–49. Израил ӕмӕ Иудӕ иннӕ бӕстӕтимӕ сӕхи кӕй бастой, уый фыдӕй уыцы бӕстӕты адӕмы мӕнг хуыцӕуттӕм кувын райдыдтой. Уӕдӕ лӕмбынӕг нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй ацы дунеимӕ нӕхи афтӕ ма бӕттӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл сивӕм (Иаковы 4:4).

Хуыцауы хабар у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых

Цас зонд райстам нӕхицӕн Иезекилы чиныджы фыццаг 24 сӕрӕй! Цы уагӕвӕрдтӕ дзы ис, уыдон нын ӕвдисынц, цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы ма фӕхъыг кӕнӕм ӕмӕ нын цӕмӕй хатыр кӕна. Уымӕй уӕлдай нын амонынц, фыдгӕнджыты куыд хъуамӕ фӕдзӕхсӕм, уый. Иерусалим пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый пехуымпар-ныхасы загъд кӕй ӕрцыд, уымӕй зыны, Йегъовӕ кӕй у, йӕ адӕмӕн хабӕрттӕ рагацау чи дзуры, уыцы Хуыцау (Исай 42:9).

Иезекилы 17:22–24 ӕмӕ 21:26, 27 цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдон амонынц, уӕлӕрвты Мессийӕйы Паддзахад кӕй хъуамӕ сфидар уыдаид, уымӕ. Тынг тагъд уыцы Паддзахад Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн ӕппӕт зӕххыл (Матфейы 6:9, 10). Мах фидарӕй уырны ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахад нын рӕхджы стыр хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. О, «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Ныв 18 фарсыл]

Цӕмӕ амоны уӕларвон уӕрдон?

[Ныв 20 фарсыл]

Хорз хабар зӕрдиагӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ «нысан» хъахъхъӕндзыстӕм