Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны дӕ коммӕгӕсдзинадӕн

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны дӕ коммӕгӕсдзинадӕн

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны дӕ коммӕгӕсдзинадӕн

«Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн» (ӔМБИСӔНДТӔ 27:11).

1. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр цыхуызӕн сты?

АБОН адӕмӕн сӕ фылдӕр сты хивӕнд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс. Афтӕ цӕмӕн у, уый ӕмбарын кӕны апостол Павел йӕ фыстӕджы Ефесы чырыстӕттӕм: «Сымах кӕддӕр цардыстут ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нӕ алыварс уӕлдӕфау кӕй зонд ахъардта ӕмӕ ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм кӕй зондӕй архайынц, уыцы хицауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Ефесӕгтӕм 2:1, 2). О, Сайтан Хӕйрӕг, «нӕ алыварс уӕлдӕфау кӕй зонд ахъардта... уыцы хицау», ӕгас дуне дӕр фӕхъӕстӕ кодта ӕгоммӕгӕсдзинады маргӕй. Уый афтӕ кодта фыццаг ӕнусы ӕмӕ уыцы хъуыддаджы уӕлдай тынгдӕр та архайы, уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ – Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕгӕй фӕстӕмӕ (Раргомад 12:9).

2, 3. Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

2 Фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ Хуыцау уый аккаг кӕй у, цӕмӕй ӕнӕзивӕгӕй йӕ коммӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ уый у не Сфӕлдисӕг, нӕ Цардхъахъхъӕнӕг, уарзӕгой Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг (Псалом 148:5, 6; Хъуыддӕгтӕ 4:24; Колоссӕгтӕм 1:13; Раргомад 4:11). Моисейы рӕстӕджы Йегъовӕ израилӕгтӕн уыд сӕ Царддӕттӕг ӕмӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Уымӕ гӕсгӕ сын Моисей загъта: «Алцыдӕр кӕнут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (Дыккаг закъон 5:32). О, Йегъовӕ уый аккаг уыд, цӕмӕй израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастаиккой. Фӕлӕ сӕ коммӕгӕсдзинад бирӕ нӕ ахаста.

3 Цымӕ Сфӕлдисӕджы коммӕ кӕсын ӕцӕгдӕр ахсджиаг у? Иухатт Хуыцау пехуымпар Самуилӕн арвыста паддзах Саулмӕ ахӕм ныхӕстӕ: «Коммӕ кӕсын хуыздӕр у нывондӕй» (1 Паддзахӕдты 15:22, 23). Уый афтӕ цӕмӕн у?

Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр цӕмӕн у

4. Нӕ бон Йегъовӕйӕн раттын цы у?

4 Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сты уый. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд ын нӕ бон исты раттын у? Куыннӕ ма! Ӕмӕ уый у тынг зынаргъ. Цы у? Дзуапп базондзыстӕм мӕнӕ ацы фӕдзӕхстӕй: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Хуыцауӕн нӕ бон дӕттын цы у, уый у нӕ коммӕгӕсдзинад. Нӕ уавӕртӕ ӕмхуызон не сты ӕмӕ ӕмхуызон бинонты ’хсӕн не схъомыл стӕм. Фӕлӕ Хуыцауы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ алкӕй бон дӕр уыдзӕн раттын дзуапп Сайтан Хӕйрӕджы ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, зын уавӕры бахаугӕйӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Цӕй стыр кад у уый!

5. Не Сфӕлдисӕгыл куыд ӕндавы, йӕ коммӕ куы нӕ кӕсӕм, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, цы аразӕм, уымӕ. Ууыл тынг ӕндавы, йӕ коммӕ куы нӕ кӕсӕм, уый. Куыд? Зын ын вӕййы, исчи ӕгоммӕгӕсдзинады фӕндагыл куы ныллӕууы (Псалом 77:40, 41). Зӕгъӕм, сӕкӕрнизӕй рынчын адӕймаг хӕры, йӕ дохтыр ын цы нӕ уадзы, ахӕм хӕринӕгтӕ. Дохтырӕн уый ӕхсызгон уыдзӕн? Кӕцӕй! Уӕдӕ Йегъовӕйӕн дӕр зын вӕййы адӕмы ӕгоммӕгӕсдзинад, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, йӕ ныхӕстӕ йын куы ницӕмӕ дарой, уӕд сӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн.

6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ кӕсӕм?

6 Махӕй алкӕмӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс уӕм? Хорз уаид, алчидӕр нӕ паддзах Соломонау Хуыцауӕй «коммӕгӕс зӕрдӕ» куы курид. Уый куырдта ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй «ӕмбара цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр» ӕмӕ израилӕгтӕн раст тӕрхон кӕна (3 Паддзахӕдты 3:9). Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр сты ӕгоммӕгӕс. Уымӕ гӕсгӕ, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый ӕмбарынӕн мах хъӕуы «коммӕгӕс зӕрдӕ». Цӕмӕй нын «коммӕгӕс зӕрдӕ» уа, уый тыххӕй нын Хуыцау радта йӕ Ныхас, библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ, чырыстон фембӕлдтӕ ӕмӕ ӕнувыд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Нӕ уарзӕгой Хуыцауы лӕвӕрттӕй хорз пайда кӕнӕм?

7. Йегъовӕйӕн коммӕгӕсдзинад нывӕндтӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн у?

7 Ӕрымыс-ма, Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн кӕй загъта, зӕгъгӕ, коммӕ кӕсын фосы нывӕндтӕй ахсджиагдӕр у (Ӕмбисӕндтӕ 21:3, 27; Оси 6:6; Матфейы 12:7). Цӕмӕн афтӕ у, кӕд ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй йын нывӕндтӕ хӕссой? Адӕймаг нывонд цӕмӕн фӕхӕссы? Хуыцауы зӕрдӕ ссарынӕн? Ӕви ӕнӕуи афтӕ кӕй ӕмбӕлы, уый тыххӕй? Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы Хуыцауы зӕрдӕ ссарын куы фӕнда, уӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕндзӕн. Хуыцауы хъӕуы фосы нывӕндтӕ нӕ, фӕлӕ нӕ коммӕгӕсдзинад – уый йын уыдзӕн зынаргъ лӕвар махӕй.

Зӕрдылдаринаг цӕвиттон

8. Йегъовӕ Саулы бӕсты паддзахӕй ӕндӕры цӕмӕн равзӕрста?

8 Библийы паддзах Саулы хабарӕй хорз зыны, куыд тынг ахсджиаг у коммӕ кӕсын. Хуыцау Саулы паддзахӕй куы снысан кодта, уӕд уыд сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ, «йӕхи цӕсты ницы уыд». Фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ ӕнӕраст хъуыдытӕ ӕндавын райдыдтой йӕ хъуыддӕгтыл (1 Паддзахӕдты 10:21, 22; 15:17). Иухатт Саул хъуамӕ схӕцыдаид филистимӕгтимӕ. Самуил паддзахӕн загъта, цӕмӕй йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕса, цалынмӕ не ’рбацӕуа, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ не ’рхӕсса ӕмӕ йӕ дарддӕр цы кӕнын хъӕуы, уый йын нӕ зӕгъа, уӕдмӕ. Фӕлӕ Самуил, цы рӕстӕгмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕдмӕ куы не ’рбацыд, уӕд адӕм алырдӕмты лидзын райдыдтой. Саул уый куы федта, уӕд, «судзгӕ кӕй кодтой, уыцы нывонд ӕрхаста» – Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, ахӕм ми бакодта. Самуил куы ’рбацыд, уӕд паддзах йӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, кӕй байрӕджы кодтай, уымӕ гӕсгӕ мӕ бахъуыд нывонд ӕрхӕссын Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнынӕн. Паддзах Саулӕн ахсджиагдӕр уыд нывонд ӕрхӕссын Самуилы ныхасмӕ байхъусынӕй ӕмӕ, цалынмӕ пехуымпар нывонд йӕхӕдӕг ӕрхастаид, уӕдмӕ банхъӕлмӕ кӕсынӕй. Самуил ын загъта: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхас нӕ сӕххӕст кодтай». Уый Саулӕн слӕууыд тынг зынаргъ – Йегъовӕ йӕ бӕсты паддзахӕй ӕндӕры равзӕрста (1 Паддзахӕдты 10:8; 13:5–13).

9. Саул Хуыцауы коммӕ кӕй нал каст, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Паддзах уымӕй йӕхицӕн зондӕн исты райста? Нӕ! Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Саулӕн загъта, цӕмӕй ныццӕгъда амаликӕгты, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгтӕм бабырстой, израилӕгтӕ сын ӕвзӕрӕй ницы ракодтой, афтӕмӕй. Саул хъуамӕ хӕдзарон фосыл дӕр ма бацауӕрстаид. Уый Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕрмӕст уымӕй, ӕмӕ «ныццагъта амаликӕгты Хавилӕй суанг Суры онг». Самуил ӕм куы ’рбацыд, уӕд паддзах тынг хъӕлдзӕг уыд, кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд у Йегъовӕйӕ. Ӕз Йегъовӕйы ныхас сӕххӕст кодтон». Саул ӕмӕ йӕ адӕмӕн бӕлвырдӕй загъд цы уыд, уый нӕ бакодтой, фӕлӕ ныууагътой паддзах Агагы ӕмӕ «стурвосӕй, ӕмӕ фысвосӕй, ӕмӕ хӕрзхаст фосӕй, стӕй ма фырытӕй ӕппӕты хуыздӕрты, ӕмӕ дзы хорзӕй цы уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ». Паддзах Саул йӕхи раст кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Адӕм фӕтӕригъӕд кодтой стурвосӕй ӕмӕ фысвосӕй сӕ хуыздӕртӕн, цӕмӕй сӕ нывондӕн ӕрхӕссой дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн» (1 Паддзахӕдты 15:1–15).

10. Саул цы нӕ бамбӕрста?

10 Фӕлӕ Самуил Саулӕн загъта: «Цымӕ Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ куы хъусай, уый йын куыд ӕхсызгон у, артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕ ӕмӕ йын иннӕ нывӕндтӕ дӕр афтӕ ӕхсызгон сты? Коммӕ кӕсын у нывондӕй хуыздӕр, ӕмӕ хъусын у фырыты фиуӕй хуыздӕр» (1 Паддзахӕдты 15:22). Йегъовӕ уыцы фос цӕгъдын кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ нывондӕн хӕссын не ’мбӕлд.

Коммӕгӕс у алы хъуыддаджы дӕр

11, 12. а) Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, нӕ лӕггадӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл кӕй архайӕм, уымӕ? ӕ) Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕймаг йӕхи сайа, ӕз Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, зӕгъгӕ, фӕлӕ афтӕмӕй та йӕ коммӕ ма кӕса?

11 Куыд ӕхсызгон у Йегъовӕйӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йыл иузӕрдион кӕй сты! Уыдонӕн кӕд сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сты фидар, кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы Паддзахады хабармӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр хъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕд цардамӕлттӕ кӕнын хъӕуы, уӕддӕр чырыстон фембӕлдтӕ нӕ цух кӕнынц. Куыд цин кӕны Йегъовӕ, ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгты коммӕгӕс кӕй стӕм! Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн. Адӕм нын, чи зоны, нӕ зӕрдӕбын куыст ницӕмӕ дарынц. Фӕлӕ Хуыцау уыны, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын цы нывӕндтӕ хӕссӕм, уыдон, ӕмӕ сӕ нӕ рох кӕны (Матфейы 6:4).

12 Цӕмӕй нӕ Хуыцау алцӕмӕйдӕр разы уа, уый тыххӕй хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс уӕм. Нӕхи хъуамӕ ахӕм хъуыдытӕй макуы сайӕм, зӕгъгӕ, нӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй кӕцыдӕртӕ ма ӕххӕст кӕнӕм, кӕд иннӕ чырыстон хъуыддӕгты ӕнӕзӕрдӕхудт стӕм, уӕд. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ бон у хъуыды кӕнын: «Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ цы хауы, уыдӕттӕй цӕстмӕ истытӕ куы кӕнон, уӕд мын ме ’нӕгъдау миты тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдты тыххӕй ницы уыдзӕн». Куыд тынг рӕдийы ахӕм адӕймаг! (Галатӕгтӕм 6:7, 8).

13. Куы ничи нӕ фӕуыны, уӕд нӕ коммӕгӕсдзинад фӕлвӕрд куыд фӕцӕуы?

13 Уӕдӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ме ’рвылбоны хъуыддӕгты, суанг мӕхи сӕрмагонд хъуыддӕгты дӕр?» Йесо Чырысти загъта: «Гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын чи у, уый ӕууӕнкджын уыдзӕн стыр хъуыддаджы дӕр; гыццыл хъуыддаджы ӕнӕууӕнк чи у, уый та стыр хъуыддаджы дӕр ӕнӕууӕнк уыдзӕн» (Лукайы 16:10). Цымӕ «нӕ зӕрдӕйы ӕнаиппдзинады» цӕуӕм, суанг нӕ «хӕдзары астӕу», ома нӕ иннӕтӕ кӕм нӕ уынынц, уым? (Псалом 100:2). О, нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы нӕ хӕдзары дӕр. Бирӕ бӕстӕты стӕм хӕдзары йеддӕмӕ компьютер ис алкӕмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хӕлд нывтӕ ӕнцон ссарӕн сты. Цалдӕр азы размӕ адӕймаг хӕлд нывтӕ федтаид, ӕнӕгъдау хиирхӕфсӕнтӕ кӕм уыд, ӕрмӕстдӕр ахӕм бынӕтты. Цымӕ нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг»? Архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу ӕнӕгъдау нывтӕм кӕсгӕ дӕр ма фӕкӕнӕм? (Матфейы 5:28; Иов 31:1, 9, 10; Псалом 118:37; Ӕмбисӕндтӕ 6:24, 25; Ефесӕгтӕм 5:3–5). Тыхмийӕ йедзаг кинотӕ ӕмӕ программӕтӕм кӕсдзыстӕм? Хуыцауӕн «тыхдзинад уарзӕг» куыд ӕнӕуынон у, махӕн дӕр афтӕ ӕнӕуынон у? (Псалом 10:5). Кӕнӕ нӕ куы ничи уына, уӕд фыднозт кӕндзыстӕм? Библи ӕрмӕст афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ расыг кӕнын фыддзинад у, фӕлӕ ма чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй ма уой «нозтмӕ ӕмхиц» (Титмӕ 2:3; Лукайы 21:34, 35; 1 Тимофеймӕ 3:3).

14. Ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты нӕ бон Хуыцауы коммӕ кӕсын куыд у?

14 Къӕрцхъус хъуамӕ уӕм, ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, цӕмӕй цыбыр рӕстӕгмӕ схъӕздыг уӕм, уый тыххӕй, сайын дӕр кӕм бахъӕуа, ахӕм куысты ныллӕудзыстӕм? Цӕмӕй хъалонтӕ ма фидӕм, уый тыххӕй нӕ искӕцы закъоны сӕрты ахизын фӕфӕнды? Ӕви ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнӕм Библийы фӕдзӕхст, «алкӕмӕн дӕр цы ’мбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн хъалон», зӕгъгӕ? (Ромӕгтӕм 13:7).

Хуыцауы коммӕ кӕсӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй

15. Дӕу Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын цӕмӕн фӕнды?

15 Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг. Зӕгъӕм, тамако куы нӕ дымӕм, хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм ӕмӕ туг табуйагыл куы нымайӕм, уӕд нӕхи бахиздзыстӕм бирӕ низтӕй. Уымӕй уӕлдай, иннӕ хъуыддӕгты дӕр, Библи куыд дзуры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн цардамӕлттӕ кӕнын, стӕй адӕмы ӕмӕ бинонты ’хсӕн цӕрын (Исай 48:17). Ахӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый фӕрцы. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ сӕйраджыдӕр уымӕн хъусӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм. Мах ын хи пайдайӕн нӕ лӕггад кӕнӕм (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Хуыцау нын бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, кӕй коммӕ кӕсдзыстӕм, уый. Мах кӕсӕм Йегъовӕйы коммӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ рӕстӕй цӕрын (Ромӕгтӕм 6:16, 17; 1 Иоанны 5:3).

16, 17. а) Йесо Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзта, уый тыххӕй кӕй каст йӕ коммӕ, уый куыд равдыста? ӕ) Нӕ бон Йесойы фӕзмын куыд у?

16 Йесо Йегъовӕйы коммӕ каст, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ныууагъта диссаджы цӕвиттон (Иоанны 8:28, 29). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд «цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл» (Дзуттӕгтӕм 5:8, 9). Куыд? Уый «йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл» (Филиппӕгтӕм 2:7, 8). Йесо уӕларвыл куы уыд, уӕд алкӕддӕр каст йӕ Фыды коммӕ. Фӕлӕ зӕххыл йӕ коммӕгӕсдзинад ногӕй фӕлвӕрд ӕрцыд. Мах фидарӕй зонӕм, Йесо алцӕмӕйдӕр цӕттӕ кӕй у, цӕмӕй уа Хистӕр сауджын сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, ӕппӕт уыцы адӕмӕн дӕр (Дзуттӕгтӕм 4:15; 1 Иоанны 2:1, 2).

17 Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Йесойӕн Хуыцауы коммӕ кӕсынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Уыцы хъуыддаджы махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы фӕзмын (1 Петры 2:21). Ӕмӕ нӕ кӕд хатт иннӕтӕ рӕдыд зондыл фӕардауынц кӕнӕ нӕхи дӕр ӕндӕрхуызон бакӕнын фӕфӕнды, уӕддӕр, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн (Ромӕгтӕм 7:18–20). Зӕгъӕм, Хуыцауы хъуыддаджы йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсӕм (Дзуттӕгтӕм 13:17). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕн.

18, 19. Хуыцауы коммӕ зӕрдиагӕй кӕй кӕсӕм, уый нын цы дӕтты?

18 Нӕ коммӕгӕсдзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад Йегъовӕйыл абон дӕр фӕлвӕрд цӕуынц (Хъуыддӕгтӕ 5:29). Стӕй ма нын Йегъовӕ цы фӕдзӕхст радта, хорз хабар хъусын кӕнут ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ, уый ӕххӕст кӕныны тыххӕй хъуамӕ фидар фӕлӕууӕм ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ (Матфейы 24:13, 14; 28:19, 20). Фидардзинад ма нӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕмбырд кӕнӕм не ’фсымӕртимӕ, кӕд ныл ацы дуне тынг ӕндавы, уӕддӕр. Нӕ уарзӕгой Хуыцау уыны, уыцы хъуыддӕгты йӕ коммӕ кӕсыныл куыд архайӕм. Фӕлӕ цӕмӕй ӕцӕг коммӕгӕс уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ тӕригъӕдджын буаримӕ тох кӕнӕм, ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм ӕмӕ, хорз цы у, уый уарзын ахуыр кӕнӕм (Ромӕгтӕм 12:9).

19 Йегъовӕйӕн, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ схорзӕхджын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, «зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн... арфӕ кӕны» (Дзуттӕгтӕм 11:6). Чи ӕмбӕлы, ахӕм нывӕндтӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуынц ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц. Фӕлӕ йын ӕппӕты ӕхсызгондӕр у, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй кӕй кӕсӕм йӕ коммӕ (Ӕмбисӕндтӕ 3:1, 2).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бон Йегъовӕйӕн цыдӕр раттын у?

• Цавӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта Саул?

• Хуыцауы коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр кӕй у, уый дӕм раст кӕй кӕсы, уый дӕ бон равдисын куыд у?

• Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Дохтырӕн ӕхсызгон уыдзӕн, рынчын ӕм куы нӕ хъуса, уӕд?

[Ныв 14 фарсыл]

Паддзах Саул Йегъовӕйы йӕхимӕ цӕмӕн смӕсты кодта?

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Куы ничи дӕ фӕуыны, уӕд Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ феххӕст кӕныс?