Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Евӕимӕ цы калм ныхас кодта, уымӕн къӕхтӕ уыд?

Райдианы 3:14 фыст ис, Едемы цӕхӕрадоны Евӕйы цы калм фӕсайдта, уымӕн Йегъовӕ Хуыцау кӕй загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕлгъыст уыдзынӕ ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн дӕр – хӕдзарон фосы ’хсӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдты ’хсӕн. Дӕ царды ӕппӕт бонты дӕ гуыбыныл бырдзынӕ ӕмӕ хӕрдзынӕ рыг». Библийы бӕлвырдӕй загъд нӕй, зӕгъгӕ, Сайтан Евӕйы фӕрӕдийын кӕнынӕн цы цӕрӕгойӕ спайда кодта, уымӕн фыццаг уыд къӕхтӕ, фӕлӕ йын стӕй ахаудысты. Кӕд Райдианы 3:14 кӕйдӕрты ахӕм хъуыдымӕ ӕркӕны, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ калмӕн уыд къӕхтӕ, цалынмӕ йӕ Хуыцау нӕ ралгъыста, уӕдмӕ. Цӕуылнӕ?

Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Йегъовӕ тӕрхон рахаста Сайтанӕн – калмӕй йӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи спайда кодта, уыцы ӕнӕуынгӕ удгоймагӕн. Библи Сайтаны хоны «мӕнгдзинады фыд» ӕмӕ «рагон калм». Дыууӕ ном дӕр, ӕвӕццӕгӕн, амонынц, Едемы цы ’рцыд, уымӕ – Сайтан Евӕимӕ калмы уылты куы ныхас кодта ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уыцы хабармӕ (Иоанны 8:44; Раргомад 20:2).

Кӕлмыты сфӕлдыста Хуыцау. Ном та сын, ӕвӕццӕгӕн, радта Адам, Сайтан Евӕйы фӕсайынӕн калмӕй куы спайда кодта, уый размӕ. Калм хъуыды кӕнын нӕ зоны. Уымӕ гӕсгӕ Сайтан Евӕимӕ цы калмы уылты ныхас кодта, уый ницы аххосджын уыд. Уый нӕ зыдта, Сайтан дзы кӕй спайда кодта. Стӕй йӕ бон бамбарын дӕр нӕ уыд, Хуыцау, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн цы тӕрхон рахаста, уый дӕр.

Ӕмӕ уӕд Хуыцау цӕмӕн загъта, ӕмӕ калм ныллӕггонд ӕрцӕудзӕн? Калм йӕ гуыбыныл кӕй быры ӕмӕ, цыма рыг сдӕры, уыйау йе ’взаг ӕддӕмӕ радав-радав кӕй кӕны, уый хорз ӕвдисы, Сайтан ныллӕггонд кӕй ӕрцыд. Сайтанӕн Хуыцауы зӕдты ’хсӕн уыд кадджын бынат, фӕлӕ стӕй ӕппӕрст ӕрцыд ӕгады бынатмӕ – Библи йӕ хоны Тартар (2 Петры 2:4).

Уымӕй уӕлдай, калмӕн йӕ бон у адӕймаджы зӕвӕтыл фӕхӕцын. Сайтанӕн дӕр йӕ ныллӕг бынатӕй йӕ бон уыд фӕхӕцын Хуыцауы «байзӕддаджы» зӕвӕтыл (Райдиан 3:15). Уыцы байзӕддаг фыццаджыдӕр амоны Йесо Чырыстимӕ. Чырысти рӕстӕгмӕ стыр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста Сайтаны адӕмы къухӕй. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд Чырысти ӕмӕ, уӕларвон цардмӕ чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ «калмӕн» йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзысты (Ромӕгтӕм 16:20). Уӕдӕ Хуыцау калмы кӕй ралгъыста, уымӕй хорз зыны, «рагон калм», Сайтан Хӕйрӕг, ӕгады бынаты кӕй ис ӕмӕ йӕ кӕрон сӕфтмӕ кӕй цӕуы.