«Хуыцауы йӕ номӕй зоныс?»
«Хуыцауы йӕ номӕй зоныс?»
АЦЫ фарст тынг бацымыдис кодта иу сылгоймаджы Астӕуккаг Азийы хуссар-ныгуылӕн хайӕ. Фарст фыст уыд, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-имӕ цы журнал уагъд цӕуы, уыцы журнал «Райхъал ут!»-ы ӕддаг цъарыл 2004 азы 22 январы номыры (уыр.). Сылгоймаг рауагъдадмӕ ныффыста: «Уӕ журнал мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, куыддӕр ӕй мӕ къухмӕ райстон, афтӕ. Мӕ зӕрдӕйы ӕвзӕрын райдыдтой ног, сыгъдӕг хъуыдытӕ. Цардмӕ акастӕн бынтон ӕндӕр цӕстӕй. Алкӕмӕн дӕр дзурын нӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, Хуыцауы чи базоны, уымӕн йӕ зӕрдӕ фарнӕй кӕй байдзаг вӕййы, уый тыххӕй».
Бирӕ рӕтты, «суанг зӕххы кӕрӕтты дӕр», адӕм базонынц, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Зӕгъӕм, ацы ном туркменагау у «Еховӕ», ӕмӕ йӕ ӕнцонтӕй ссарӕн ис Сыгъдӕг Фыстады туркменаг ӕвзагыл. Иу псаломы фыст ис: «О Йегъовӕ, нӕ Хицау! Куыд стыр у дӕ ном ӕппӕт зӕххыл!» (Псалом 8:1, НД [8:2]).
Сылгоймаджы бафӕндыд фылдӕр базонын Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй, ӕмӕ ныффыста, цӕмӕй йын ӕрӕрвитой 32-фарсон брошюрӕ «Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм». Кӕд уыцы брошюрӕ дӕу дӕр хъӕуы, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр.