Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй макӕмӕ кӕсӕм?

Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй макӕмӕ кӕсӕм?

Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй макӕмӕ кӕсӕм?

ИСПАНИЙЫ дыууӕ бӕстӕйы командӕтӕ хъазыдысты футболӕй. Уалынмӕ судья хъазт баурӕдта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ трибунӕтӕй тынг ӕлгъыстой Камерунӕй иу футболисты. Уый дӕр ӕртхъирӕн кодта, йӕ хъазт кӕй ныууадздзӕн ӕмӕ кӕй ацӕудзӕн. Уӕрӕсейы бынӕттон адӕм нӕ ауӕрдынц, Азийӕ, Африкӕйӕ ӕмӕ сӕм Латинаг Америкӕйӕ чи ӕрцӕуы, уыдоныл – кӕй дзы фыднад фӕкӕнынц, кӕй та суанг маргӕ дӕр акӕнынц. Адӕймаджы-иу ӕрмӕст йӕ буары хуызы тыххӕй кӕй фӕнадтой кӕнӕ кӕй амардтой, ахӕм фыдракӕндтӕ 2004 азимӕ абаргӕйӕ 2005 азы фӕфылдӕр сты 55 проценты ӕмӕ сӕ нымӕц схызт 394. Иу ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, Стыр Британийы азиӕгтӕн ӕмӕ сауцъар адӕмӕн се ’ртыккаг хай дзурынц, сӕ буары хуызы тыххӕй ӕнӕ куыстӕй кӕй баззадысты. Ахӕм хабӕрттӕй бӕрӕг у, ӕгас дунейы дӕр адӕм цы зондыл хӕст сты, уый.

Адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарзынц, уый рабӕрӕг вӕййы алыхуызон хъуыддӕгтӕй – ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕй ӕмӕ фидистӕй райдай, ӕмӕ фӕу ӕнӕхъӕн адӕмыхатт ныццӕгъдынӕй. Ӕмӕ уый ӕрмӕст иуӕй-иуты фӕндон нӕ вӕййы, фӕлӕ бӕстӕйӕн йӕ национ политикӕ *. Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй кӕсынц, уымӕн йӕ аххосаг цы у? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ныл уыцы зондахаст ма ӕндава? Цымӕ искуы ӕппӕт адӕм дӕр кӕрӕдзиимӕ иу бинонтау хӕларӕй цӕрдзысты? Уыцы фарстытӕн нын дзуапп дӕтты Библи.

Кӕрӕдзи ӕфхӕрынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц

«Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ здӕхт у ӕвзӕрдзинадмӕ»,– фыст ис Библийы (Райдиан 8:21). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕмӕндӕрты иннӕты ӕфхӕрын сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Хуыцауы Ныхасы ма фыст ис: «Мӕнӕ, ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, ӕмӕ сын удӕнцой чи ратта, уый нӕй; ӕмӕ бартӕ сты ӕфхӕрджыты къухы» (Екклесиаст 4:1).

Библийӕ ма зыны, адӕм кӕрӕдзи рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕй нӕ уарзынц. Зӕгъӕм, 3 000 мин азӕй фылдӕры размӕ Египеты фараон фӕхуыдта иу дзуттаг лӕг Иаковы йе стыр бинонтимӕ, цӕмӕй ӕрцыдаиккой ӕмӕ йӕ бӕстӕйы ӕрцардаиккой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕндӕр фараон уыцы ӕрцӕуӕггаг адӕмӕй тӕрсын райдыдта. Библийы кӕсӕм: «Уый йӕ адӕмӕн загъта: „Кӕсут-ма, Израилы фырттӕ махӕй фылдӕр сты ӕмӕ сты махӕй тыхджындӕр. Цӕй ӕмӕ сын исты ӕрхъуыды кӕнӕм, цӕмӕй ноджы ма фӕфылдӕр уой“... Уӕд сын уыдон хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ ӕфхӕрдтаиккой уӕззау куыстӕй» (Рацыд 1:9–11). Уымӕй уӕлдай ма фараон марын кодта, Иаковы байзӕддӕгтӕн-иу цы лӕппутӕ райгуырд, уыдоны (Рацыд 1:15, 16).

Йӕ аххосаг цы у?

Цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи уарзой, уый тыххӕй динтӕ ӕппындӕр ницы сарӕзтой. Иу адӕм иннӕ адӕмы кӕй ӕфхӕрынц, уый ныхмӕ-иу кӕд уырнджытӕй чидӕртӕ тох кодтой, уӕддӕр дин, ӕмтгӕй райсгӕйӕ, арӕхдӕр хӕцыд ӕфхӕрджыты фарс. Афтӕ уыд, зӕгъӕм, Иугонд Штатты. Уым сауцъар адӕмы ӕфхӕрӕн уыд закъонмӕ гӕсгӕ, стӕй алкӕмӕн дӕр уыд бар, цӕмӕй сыл йӕхӕдӕг тӕрхон кодтаид. Уымӕй уӕлдай, 1967 азы онг закъон сауцъар адӕймаг ӕмӕ урсцъар адӕймагӕн бар нӕ лӕвӕрдта сӕ цард баиу кӕнынӕн. Уӕдӕ Хуссар Африкӕйы дӕр раздӕр уавӕр сӕ хуыздӕртӕй нӕ уыд. Уым урсцъар адӕм кӕд бирӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сауцъар адӕмӕн сӕхи хицау кодтой ӕмӕ архайдтой сӕ бартӕ закъонмӕ гӕсгӕ фидар кӕныныл. Зӕгъӕм, сӕ буары хуыз ӕмхуызон цы адӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн кӕрӕдзиимӕ бинонтӕ скӕныны бар нӕ уыд. Ахӕм зондыл иннӕты чи ардыдта, уыцы адӕмты ’хсӕн уыд, йӕхи тынг уырнӕг чи хуыдта, ахӕмтӕ дӕр.

Фӕлӕ Библи ӕргом кӕны, адӕм кӕрӕдзимӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц. Уый ӕмбарын кӕны, иу адӕм иннӕ адӕмы цӕмӕн ӕфхӕрынц. Библийы фыст ис: «Чи нӕ уарзы, уый та Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад. Афтӕ чи зӕгъы, ӕз уарзын Хуыцауы, зӕгъгӕ, йе ’фсымӕрӕй та йе сӕфт чи уыны, уый сайгӕ кӕны. Уымӕн ӕмӕ, кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын» (1 Иоанны 4:8, 20). Ацы ныхӕстӕй хорз зыны, иутӕ иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй кӕсынц, уый. Адӕм – сӕхи уырнӕг хоной, ӕви нӕ – афтӕ уымӕн сты, ӕмӕ нӕ зонынц ӕмӕ нӕ уарзынц Хуыцауы.

Хуыцауы зонын – иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын

Цымӕ адӕм Хуыцауы куы зоной ӕмӕ йӕ куы уарзой, уӕд сын уый кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынӕн ӕххуыс кӕндзӕн? Хуыцауы Ныхас цы амоны, уый адӕмы куыд уромы, цӕмӕй, сӕхи хуызӕн чи нӕу, уыдоны ма ӕфхӕрой? Библи зӕгъы, Йегъовӕ кӕй у ӕппӕт адӕмты Фыд: «Махӕн ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау – нӕ Фыд» (1 Коринфӕгтӕм 8:6). Уымӕй уӕлдай ма уым фыст ис: «Уый иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ» (Хъуыддӕгтӕ 17:26). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр сты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.

Алы адӕмӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ уой сӕрыстыр – цард сын радта Хуыцау йӕхӕдӕг. Фӕлӕ алы адӕмӕн дӕр ис, маст цӕуыл кӕной, ахӕм хъуыддаг дӕр – баст у, куыд равзӕрдысты, уыимӕ. Мӕнӕ цы ныффыста апостол Павел Библийы: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд». Уӕдӕ, «се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ ӕнӕхай фесты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23; 5:12). Йегъовӕйы сконд дунейы суанг цӕрӕгойтӕ дӕр ӕмӕ зайӕгойтӕ дӕр сты алы ӕмӕ алыхуызон. Уымӕ гӕсгӕ нӕй дыууӕ ӕмхуызон адӕймаджы дӕр. Хуыцау иу адӕмӕн дӕр уыцы бар нӕ радта, цӕмӕй сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр кӕной. Ӕмӕ кӕд абон бирӕтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, иу адӕмыхатт иннӕ адӕмыхаттӕй хуыздӕр у, уӕддӕр ахӕм хъуыдытӕн Фыстадимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Бӕрӕг у, Хуыцау цы дзуры, уый адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрой.

Хуыцау уарзы ӕппӕт адӕмты дӕр

Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын Хуыцауӕй рацыд, уымӕн ӕмӕ уый равзӕрста израилӕгты ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕ адӕмыхӕттытимӕ ма хӕццӕ кодтаиккой (Рацыд 34:12). Хуыцау йӕхицӕн бынӕн равзӕрста Израилы адӕмы, сӕ рагфыдӕл Авраам фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уый тыххӕй. Рагон Израилӕн разамынд лӕвӕрдта Хуыцау йӕхӕдӕг, уый сын ӕвзӕрста хицӕуттӕ ӕмӕ сын лӕвӕрдта закъӕттӕ. Израилӕгтӕ Хуыцауы коммӕ куы кастысты, уыцы рӕстӕг иннӕ адӕмтӕн сӕ бон уыд фенын, Хуыцауы разамынд адӕмы разамындӕй бирӕ хуыздӕр кӕй у, уый. Йегъовӕ ма израилӕгтӕн амыдта, кӕй хъӕуы ӕрхӕссын нывонд, цӕмӕй адӕм ногӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой. Уӕдӕ Йегъовӕ Израилы кӕй равзӕрста, уый пайда уыд ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. Уый бӕрӕг у, Авраамӕн цы загъта, уымӕй: «Мӕ ныхасмӕ [мын] кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы уылты арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Райдиан 22:18).

Уымӕй уӕлдай иудейӕгтӕм ӕрхауд стыр кад – Хуыцау сын фехъусын кодта йӕ сыгъдӕг ныхас ӕмӕ уыцы адӕмы ’хсӕн райгуырд Мессийӕ. Фӕлӕ уый дӕр хъуамӕ арфӕдзинад ӕрхастаид ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. Мӕнӕ цы фыст ис иудейӕгтӕн лӕвӕрд Дзуттаг Фыстыты, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр стыр хорзӕхтӕй куы схайджын уой, уыцы рӕстӕджы тыххӕй: «Ӕрцӕудзысты бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ зӕгъдзысты: „Цомут, ссӕуӕм Иегъовӕйы хохмӕ ӕмӕ Иаковы Хуыцауы хӕдзармӕ; ӕмӕ нын амондзӕн йӕ фӕндӕгтӕ“... Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕхсаргард нал сисдзысты ӕмӕ нал ахуыр кӕндзысты хӕцын. Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:2–4).

Кӕд Йесо Чырысти хорз хабар ӕрмӕст дзуттӕгтӕн хъусын кодта, уӕддӕр загъта: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матфейы 24:14). О, хорз хабар хъуамӕ фехъусой алы адӕмтӕ дӕр. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон. Библийы фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

Хуыцау рагон Израилӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй зыны, ӕппӕт адӕмты дӕр кӕй уарзы, уый. Ӕркӕсӕм-ма, израилӕгтӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой, уый тыххӕй Закъон цы дзырдта, уымӕ: «Уе ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггаг цӕры, уый дын уӕд дӕ хионы хуызӕн; уарз ӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут» (Левит 19:34). Хуыцауы закъӕттӕй бирӕтӕ израилӕгты ахуыр кодтой, цӕмӕй ӕндӕрбӕстӕгтӕм хорз цӕстӕй кастаиккой. Йесойы рагфыдӕл Вооз куы федта, мӕгуыр ӕрцӕуӕггаг сылгоймаг хоры ӕфсиртӕ куыд ӕмбырд кӕны, уый, уӕд хуымгӕрдджытӕн загъта, цӕмӕй сылгоймагӕн сӕ фӕстӕ ӕфсиртӕй фылдӕр уадзой. Вооз архайдта, Хуыцауы Закъонӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ (Руф 2:1, 10, 16).

Чырысти адӕмы ахуыр кӕны хӕларзӕрдӕдзинадыл

Хуыцауы зонын цы нысан кӕны, уый Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕ ничи. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн равдыста, иннӕ адӕмӕй чи хицӕн кӕны, уыдонмӕ хӕларзӕрдӕ дарын куыд хъӕуы, уый. Иухатт уый сныхас кодта самариаг сылгоймагимӕ. Иудӕйы цӕрджытӕй бирӕтӕ самариӕгты сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастой, уымӕ гӕсгӕ сылгоймаг тынг фӕдис кодта. Йесо сылгоймагӕн фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, ӕнусон цард ссарын йӕ бон куыд у, уый (Иоанны 4:7–14).

Ӕндӕр адӕмтӕм цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, уый ма Йесо равдыста хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй. Иухатт самариаг нӕлгоймаг фӕндагыл федта иу иудейаг лӕджы. Уый абырджытӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Самариагӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын: «Ацы иудейаг лӕгӕн цӕмӕн хъуамӕ баххуыс кӕнон? Уыдон нӕ сӕ сӕрмӕ хӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕнынц». Фӕлӕ самариаг нӕлгоймаг ӕндӕрбӕстӕгтӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй каст. Кӕд цӕф лӕджы ӕндӕртӕ дӕр федтой, уӕддӕр уыдон йӕ фӕрсты ацыдысты. Самариаг та йын «фӕтӕригъӕд кодта» ӕмӕ йын баххуыс кодта. Ацы фӕсномыг ныхасы кӕрон Йесо загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уый дӕр афтӕ хъуамӕ кӕна (Лукайы 10:30–37).

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн апостол Павел дзырдта, цӕмӕй сӕ удыхъӕд аивтаиккой ӕмӕ, Хуыцау адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй сӕм кастаиккой уыдон дӕр. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Зӕронд адӕймаджы удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф... [...] Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:9–14).

Адӕм Хуыцауы куы базоной, уӕд фӕивдзысты?

Адӕймаг Йегъовӕ Хуыцауы куы базона, уӕд иннӕ адӕмтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайдзӕн? Ӕркӕсӕм иу сылгоймаджы хабармӕ. Уый Азийӕ ӕрцыд Канадӕмӕ. Сылгоймаг никӕуылуал ӕууӕндыд, уымӕн ӕмӕ йӕ уым, ӕндӕрбӕстаг кӕй уыд, уый тыххӕй адӕймагыл дӕр нӕ нымадтой. Фӕлӕ стӕй сӕмбӕлд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ уыдон йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Фӕстӕдӕр сӕм йӕ писмойы ныффыста: «Сымах тынг хицӕн кӕнут иннӕ урсцъар адӕмӕй. Афтӕ фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн стут, уый мӕм тынг диссаг каст. Ӕз бирӕ фӕхъуыды кодтон, ӕмӕ бамбӕрстон: сымах стут Хуыцауы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыддаг Библийы мидӕг ис. Уе ’мбырдты цынӕхуызон адӕм федтон, ахӕм нӕ уыд. Фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы хуыз уыд иу – иууылдӕр уыдысты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ныр ӕй зонын, ахӕм кӕй фӕрцы систы, уый. Алцыдӕр цӕуы уӕ Хуыцауӕй».

Хуыцауы Ныхас дзуры, зӕгъгӕ, тагъд ӕрцӕудзӕн рӕстӕг, ӕмӕ «зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Исай 11:9). Ӕмӕ ныр дӕр, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй тынг бирӕ адӕм – милуантӕ – «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» иумӕ кувынц ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн (Раргомад 7:9). Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, адӕм сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт куы нал уындзысты ӕмӕ иууылдӕр кӕрӕдзи куы уарздзысты, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд сӕххӕст уыдзӕн, Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Арфӕгонд уыдзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 3:25).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Ацы статьяйы дзырд цы уагӕвӕрдтыл цӕуы, уыдон пайда сты, ӕндӕр буары хуыз цы адӕмӕн ис, уыдонмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй чи кӕсы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, ӕндӕр дин ӕмӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл чи хӕцы, стӕй ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдоны чи нӕ нымайы, уыдонӕн дӕр.

[Ныв 4 фарсыл]

Хуыцауы Закъон израилӕгты ахуыр кодта ӕрцӕуӕггӕгты уарзыныл

[Ныв 5 фарсыл]

Хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Хуыцау иу адӕмӕн дӕр уыцы бар нӕ радта, цӕмӕй сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр кӕной