Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн»

«Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн»

«Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн»

«Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (РОМӔГТӔМ 12:21).

1. Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадыл фӕуӕлахиз уӕм, уый нӕ бон у?

РАСТ дины ныхмӕ карзӕй чи цӕуы, уыдоны ныхмӕ фидарӕй фӕлӕууын нӕ бон у? Цӕмӕй фӕстӕмӕ ацы ӕнӕхуыцау дунемӕ аздӕхӕм, ууыл чи архайы, уыдонӕн ныхкъуырд раттӕн ис? Дыууӕ фарстӕн дӕр сӕ дзуапп у «о»! Цӕмӕн? Уый бӕрӕг у апостол Павелы фыстӕгӕй ромӕгтӕм: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ромӕгтӕм 12:21). Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм ӕмӕ нӕ куы нӕ фӕнда, цӕмӕй ныл ацы дуне фӕуӕлахиз уа, уӕд ныл йе ’взӕрдзинад нӕ фӕтых уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай, ацы ныхӕстӕ «ӕвзӕрдзинадыл... уӕлахиз кӕн», зӕгъгӕ, ӕвдисынц, нӕ бон кӕй у ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнын. Уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй йӕ ныхмӕ тох кӕнын. Цырддзаст чи нал вӕййы ӕмӕ чи нал фӕтох кӕны, ӕрмӕст уыдоныл фӕтых вӕййынц ацы фыддуне ӕмӕ йӕ хицау Сайтан Хӕйрӕг (1 Иоанны 5:19).

2. Неемийы цардӕй иуӕй-иу хабӕрттӕм цӕмӕн ӕркӕсдзыстӕм?

2 Павелы рӕстӕгӕй иу-500 азы размӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу Иерусалимы куы цард, уӕд равдыста, Павелы ныхӕстӕ, ӕвзӕрдзинады ныхмӕ тох кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, раст кӕй сты. Нееми, Хуыцауы уарзон лӕг, ӕнӕхуыцау адӕм йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, ӕрмӕст уый не сфӕрӕзта, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кодта. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд Нееми? Цы йын ӕххуыс кодта? Нӕ бон ӕй фӕзмын куыд у? Цӕмӕй ацы фарстытӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Неемийы цардӕй иуӕй-иу хабӕрттӕм *.

3. Цавӕр уавӕрты цард Нееми ӕмӕ цавӕр стыр хъуыддаг сарӕзта?

3 Нееми лӕггад кодта Персы паддзах Артаксерсы галуаны. Кӕд Неемийы алыварс чи уыд, уыдонӕй Йегъовӕйӕн ничи куывта, уӕддӕр уый уӕды «дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ» нӕ цард (Ромӕгтӕм 12:2). Иудӕйы ӕххуысы сӕр куы бахъуыд, уӕд йе ’нӕмӕт цард ныууагъта ӕмӕ дард, зын фӕндагыл Иерусалиммӕ ацыд. Уым Нееми йӕхимӕ райста уӕззау хӕс – горӕты къултӕ ногӕй самайын (Ромӕгтӕм 12:1). Кӕд йӕхӕдӕг Иерусалимы хицау уыд, уӕддӕр алы бон дӕр «хурыскастӕй стъалыты фӕзындмӕ» куыста иннӕ израилӕгтимӕ. Ӕмӕ дыууӕ мӕймӕ къултӕ амад фесты! (Нееми 4:21; 6:15). Уый стыр хъуыддаг уыд, уымӕн ӕмӕ цалынмӕ израилӕгтӕ уыцы куыст кодтой, уӕдмӕ сӕ се знӕгтӕ алы хуызӕтты къуылымпы кодтой. Чи уыдысты Неемийы знӕгтӕ ӕмӕ сӕ цы фӕндыд?

4. Неемийы знӕгты цы фӕндыд?

4 Неемийӕн ӕппӕты тынгдӕр йӕ ныхмӕ цыдысты Санаваллат, Тови ӕмӕ Гешем. Уыдон уыдысты дзырддзӕугӕ лӕгтӕ ӕмӕ цардысты Иудӕмӕ хӕстӕг. Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕм «хардзау... ӕркаст, [Нееми] Израилы фырттӕн хорз ракӕнынмӕ кӕй ӕрцыд, уый» (Нееми 2:10, 19). Знӕгтӕ сфӕнд кодтой Неемийы цыфӕндыйӕ дӕр бакъуылымпы кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты. Нееми бауагътаид, цӕмӕй йыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уыдаид?

«Смӕсты ӕмӕ йын тынг хъыг уыд»

5, 6. а) Неемийы знӕгтӕм къул амайыны хъуыддаг куыд фӕкаст? ӕ) Нееми знӕгтӕй цӕуылнӕ фӕтарст?

5 Нееми йӕ адӕмӕн ныфсджынӕй загъта: «Ацӕуӕм, Иерусалимы къул самайӕм». Уыдон ын дзуапп радтой: «Самайдзыстӕм». Нееми дзуры: «Сӕ къухтӕ фӕфидар кодтой уыцы хорз хъуыддагӕн». Фӕлӕ сыл знӕгтӕ «худын райдыдтой... ӕмӕ ӕнӕрвӕссон хуызӕй дзырдтой: „Цы аразут уый? Мыййаг, паддзахы ныхмӕ рацӕуынмӕ хъавут?“». Нееми, кӕй йыл худтысты ӕмӕ дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой, уымӕй нӕ фӕтарст. Уый, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн загъта: «Уӕларвон Хуыцауы фӕрцы нын алцыдӕр бантысдзӕн ӕмӕ мах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, сыстдзыстӕм, ӕмӕ къул самайдзыстӕм» (Нееми 2:17–20). Нееми йӕ фӕнд ивынмӕ нӕ хъавыд: уый хъуамӕ уыцы «хорз хъуыддаг» кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид.

6 Уыцы знӕгтӕй иу, Санаваллат, «смӕсты ӕмӕ йын тынг хъыг уыд» уыцы хъуыддаг. Уымӕ гӕсгӕ ноджы карздӕрӕй дзырдта сӕ ныхмӕ. «Ацы ницӕйаг иудейтӕ цы аразынц?– худтис сыл уый.– Фӕнык чи фестад, уыцы кӕлӕддзӕгтӕй ногӕй дуртӕ сараздзысты?» Тови дӕр сӕ мӕстӕй мардта: «Сӕ дуртӕй амад къулы фӕрсты рувас куы ацӕуа, уӕд сын ӕй акалдзӕн» (Нееми 4:1–3). Уыцы ныхӕстӕ хъусгӕйӕ Нееми йӕхи куыд дардта?

7. Нееми йе знӕгты мӕнг ныхӕстӕм цы цӕстӕй каст?

7 Нееми уыцы мӕстӕймарӕн ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Уый Хуыцауы фӕдзӕхст йӕ зӕрдыл дардта ӕмӕ йӕ маст райсыныл нӕ архайдта (Левит 19:18). Нееми хъуыддӕгтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы бар бакодта ӕмӕ куывта: «О нӕ Хуыцау, фехъус, куыд ныл худынц ӕмӕ сын се ’лгъыстытӕ сӕхи сӕрмӕ фӕкӕн» (Нееми 4:4). Нееми йӕ ныфс дардта, Йегъовӕйы ныхасыл: «Маст исын ӕмӕ бафхӕрын мӕ бар у» (Дыккаг закъон 32:35). Уымӕй уӕлдай Нееми ӕмӕ йӕ адӕм «дарддӕр къул амадтой». Уыдон сӕхи бакъуылымпы кӕнын нӕ бауагътой. «Ӕнӕхъӕн къул йе ’рдӕджы онг самадтой. Ӕмӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕ дарддӕр дӕр сӕ куыстмӕ радис» (Нееми 4:6). Раст дины ныхмӕ чи уыд, уыдонӕн арӕзтад бакъуылымпы кӕнын нӕ бантыст! Махӕн та нӕ бон Неемийы фӕзмын куыд у?

8. а) Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон нӕ мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕнынц, уӕд нӕ бон Неемийы фӕзмын куыд вӕййы? ӕ) Радзур, иннӕтӕй нӕ маст кӕй нӕ исӕм, уый раст кӕй у, уый чи ӕвдисы, ахӕм хабар.

8 Абон скъолайы, куысты ӕмӕ суанг нӕхи хӕдзары дӕр нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон ныл, гӕнӕн ис, ӕмӕ худой кӕнӕ нӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕной. Фӕлӕ ахӕм хъуыддӕгты арӕх хуыздӕр вӕййы, куы фӕархайӕм Библийы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Ис рӕстӕг... ӕнӕдзургӕйӕ лӕууынӕн» (Екклесиаст 3:1, 7). Уӕдӕ мах дӕр Неемийау ӕлхыскъ ныхасӕн ӕлхыскъ ныхасӕй дзуапп нӕ дӕттӕм (Ромӕгтӕм 12:17). Мах Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ нӕ ныфс дарӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй ӕвӕры, ууыл: «Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн» (Ромӕгтӕм 12:19; 1 Петры 2:19, 20). Уымӕ гӕсгӕ мах нӕ уадзӕм, цӕмӕй не знӕгтӕ бакъуылымпы кӕной, абон цы хъуыддаг аразӕм, уый – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ ныл чи фӕхуды ӕмӕ нӕ ныхмӕ чи фӕцӕуы, уыдоны митӕ куы ницӕмӕ фӕдарӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, Неемийау иузӕрдион кӕй стӕм.

«Мах уӕ амардзыстӕм»

9. Знӕгтӕ Неемийы ныхмӕ куыд цыдысты ӕмӕ Нееми йӕхи куыд дардта?

9 Неемийы бонты раст дины ныхмӕ чи цыд, уыдон куы фехъуыстой, ӕмӕ «Иерусалимы къултӕ амайынц», уӕд сӕ хъаматӕ систой, цӕмӕй «Иерусалимимӕ схӕцой». Фӕрсырдыгӕй кӕсгӕйӕ, иудейты уавӕр сӕ хуыздӕртӕй нӕ уыд. Цӕгатырдыгӕй уыдысты самариӕгтӕ, хурыскӕсӕнырдыгӕй – аммонитӕгтӕ , хуссарырдыгӕй – аравиӕгтӕ, хурныгуылӕнырдыгӕй та – азотӕгтӕ. Иерусалимӕн йӕ алы фарс дӕр уыд знӕгтӕ. Зӕгъӕн уыдаид, ӕмӕ аразджытӕ бахаудысты къӕппӕджы. Цы кӕнгӕ сын уыд? «Мах куывтам нӕ Хуыцаумӕ»,– дзуры Нееми. Знӕгтӕ ӕртхъирӕн кодтой: «Мах сӕ амардзыстӕм ӕмӕ сӕ куыст ныллӕудзӕн». Уыцы ӕртхъирӕнтӕм Нееми аразджытӕн загъта, цӕмӕй сӕ горӕт бахъахъхъӕныны тыххӕй райстаиккой «сӕ хъаматӕ, сӕ ӕрцытӕ ӕмӕ сӕ ӕрдынтӕ». Иудӕйы чи цард, уыдон армы дзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Ӕмӕ, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, знаджы стыр ӕфсадӕн ницы бакодтаиккой. Фӕлӕ сын Нееми загъта: «Ма... тӕрсут. Уӕ хъуыдыйы дарут Йегъовӕйы, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцауы» (Нееми 4:7–9, 11, 13, 14).

10. а) Неемийы знӕгтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ фӕнд цӕмӕн аивтой? ӕ) Зын уавӕры Нееми цы бакодта?

10 Фӕлӕ уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта. Знӕгтӕ сӕ фӕнд аивтой. Цӕмӕн? «Хуыцау сын сӕ фӕндтӕ фехӕлдта»,– дзуры Нееми. Уӕддӕр Нееми ӕмбӕрста, знӕгтӕй нырма тӕссаг кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ Нееми куыст ӕндӕрхуызон скодта: аразджытӕй хъуамӕ «алчидӕр иу къухӕй кусгӕ кодтаид, иннӕмӕй та хӕцӕнгарзыл хӕцыдаид». Нееми ма сӕвӕрдта иу лӕджы, цӕмӕй, знӕгтӕ куы ӕрабацӕйбырстаиккой, уӕд «уадындзы ныууасыдаид» ӕмӕ хабар аразджытӕн фехъусын кодтаид. Уымӕй уӕлдай Нееми адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕрдта: «Нӕ Хуыцау йӕхӕдӕг тох кӕндзӕн нӕ сӕрыл» (Нееми 4:15–20). Ӕмӕ аразджытӕ сӕ куыст дарддӕр кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕты ныфс бацыд ӕмӕ се знӕгты ныббырстмӕ сӕхи бацӕттӕ кодтой. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын цы бӕстӕты нӕ уадзынц, уым ӕцӕг чырыстӕттӕ фыддзинады ныхмӕ фидар цӕй фӕрцы лӕууынц ӕмӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй куыд уӕлахиз кӕнынц?

11 Ӕцӕг чырыстӕтты хатт се знӕгтӕ карзӕй фефхӕрынц. Иуӕй-иу бӕстӕты, раст дины ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ бон бирӕ вӕййы. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, уымӕн гӕнӕн нӕ вӕййы, цӕмӕй уыцы бӕстӕты не ’фсымӕртӕ фидар фӕлӕууой. Фӕлӕ не ’фсымӕртӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Хуыцау сӕ сӕрыл кӕй тох кӕндзӕн, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон бирӕ хӕттыты фенынц, Йегъовӕ сын сӕ кувдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ хъомысджын знӕгты фӕндтӕ кӕй фехалы. Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, суанг ма уыцы бӕстӕты дӕр чырыстӕттӕ амӕлттӕ ссарынц, ӕмӕ хорз хабар ӕнӕрынцойӕ фӕхъусын кӕнынц. Иерусалимы аразджытӕ сӕ куыст ӕндӕрхуызон куыд скодтой, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, сӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд сӕ хъусын кӕныны мадзӕлттӕ фӕивынц, ӕрмӕст хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ нӕ райсынц (2 Коринфӕгтӕм 10:4). Суанг сӕ цардӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕддӕр сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ ныууадзынц (1 Петры 4:16). Уыцы хъӕбатыр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ «ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнынц».

«Рацу, ӕмӕ фембӕлӕм»

12, 13. а) Цы сфӕнд кодтой Неемийы знӕгтӕ? ӕ) Нееми йе знӕгтимӕ фембӕлыныл цӕуылнӕ сразы ис?

12 Неемийы знӕгтӕ бамбӕрстой, ӕргом йӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд сӕ хъуыддагӕй кӕй ницы рауайдзӕн, ӕмӕ сфӕнд кодтой хинӕй архайын. Уыдон бафӕлвӕрдтой ӕртӕ мадзалы.

13 Фыццаг, знӕгтӕ хъавыдысты Неемийы фӕсайынмӕ. Уыдон ын загътой: «Рацу, ӕмӕ фембӕлӕм Онойы дӕлвӕзы хъӕутӕй иуы». Онойы дӕлвӕзмӕ Иерусалимӕй цас цӕуын хъуыд, уыйас цӕуын ӕм хъуыд Самарийӕ дӕр. Знӕгтӕ Неемийӕн дзырдтой, цӕмӕй уым фембӕлдаиккой ӕмӕ хабӕрттӕ сабырӕй равзӕрстаиккой. Неемийӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын: «Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй цы ис? Тох кӕнынӕй ныхас кӕнын хуыздӕр нӕу?» Фӕлӕ сын Нееми сӕ ныхасыл не сразы. Цӕуылнӕ, уый бамбарын кодта: «Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй мын исты знаггад ракодтаиккой». Уый сын сӕ фӕндтӕ бамбӕрста ӕмӕ йӕхи сайын нӕ бауагъта. Нееми цыппар хатты йе знӕгтӕн загъта: «Мӕ бон ныццӕуын нӕу. Куыст цӕмӕн хъуамӕ ӕрлӕууа, ӕз ӕй куы ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд?» Знӕгтӕн нӕ бантыст Неемийы ныхас басӕттын, фӕрӕдийын ӕй кӕнын. Нееми сӕйраджыдӕр хъуыды кодта, къул аразын кӕй хъӕуы, ууыл (Нееми 6:1–4).

14. Неемийыл мӕнг ныхӕстӕ куы ӕрымысыдысты, уӕд куыд бакодта?

14 Дыккаг, Неемийы знӕгтӕ ахъӕр кодтой, зӕгъгӕ, дам, Нееми фӕнд кӕны паддзах Артаксерсы ныхмӕ рацӕуын. Ӕмӕ та ногӕй Неемийӕн загътой: «Аныхас кӕнӕм». Уый та сын ацы хатт дӕр не сразы, уымӕн ӕмӕ йе знӕгты фӕнд бамбӕрста. Нееми бамбарын кодта: «Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой ӕмӕ дзырдтой: „Сӕ къух ницӕмӕуал тасдзӕн ӕмӕ куыст ныллӕудзӕн“». Ацы хатт Нееми йе знӕгты мӕнг ныхӕстӕн дзуапп радта: «Сымах цытӕ дзурут, ахӕмӕй ницы уыд, фӕлӕ уыдӕттӕ иууылдӕр уӕхи зӕрдӕйӕ цӕуынц, уӕхӕдӕг сӕ ӕрымысыдыстут». Нееми ма скуывдта Йегъовӕмӕ: «Мӕ къухтӕ мын сфидар кӕн». Уый зыдта, Йегъовӕйы ӕххуысӕй йӕ бон кӕй бауыдзӕн ацы фыдвӕнд фехалын ӕмӕ дӕрддӕр йӕ куысты кой кӕнын (Нееми 6:5–9).

15. Мӕнг пехуымпар Неемийӕн цы загъта ӕмӕ йын Нееми йӕ зондмӕ цӕуылнӕ байхъуыста?

15 Ӕртыккаг, цӕмӕй Нееми Хуыцауы Закъон фехӕлдтаид, уый тыххӕй йӕм знӕгтӕ барвыстой уӕйгӕнӕджы Израилы адӕмӕй – Шемаияйы. Шемаия Неемийӕн загъта: «Фембӕлӕм Хуыцауы хӕдзары, кувӕндоны, ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ нӕ фӕстӕ сӕхгӕнӕм, уымӕн ӕмӕ дӕм уыдон ӕрбацӕудзысты марынмӕ». Шемаия Неемийӕн загъта, марынвӕнд ӕй кӕй кӕнынц, фӕлӕ йӕ бон кӕй у кувӕндоны бамбӕхсын, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ цард бахъахъхъӕнын. Фӕлӕ Нееми сауджын нӕ уыд. Ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары куы бамбӕхстаид, уӕд уый нымад уыдаид тӕригъӕдыл. Цымӕ йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы Закъон фехалдзӕн? Нееми загъта: «Мӕн хуызӕн адӕймагӕн, цӕмӕй удӕгасӕй баззайа, уый тыххӕй йӕ бон у кувӕндонмӕ бацӕуын? Ӕз нӕ бацӕудзынӕн!» Цы баххуыс кодта Неемийӕн, цы къӕппӕг ын сӕвӕрдтой, уымӕй фервӕзынӕн? Нееми зыдта: кӕд Шемаия израилаг уыд, уӕддӕр «уый Хуыцау нӕ рарвыста». Ӕцӕг пехуымпар ӕй ахӕм зондыл никуы сардыдтаид, цӕмӕй Хуыцауы Закъон фехӕлдтаид. Ӕмӕ та ам дӕр Нееми йе знӕгты йӕхиуыл фӕуӕлахиз кӕнын нӕ бауагъта. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр йӕ бон уыд зӕгъын: «Къул амад фӕцис Елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм боны, фӕндзай дыууӕ бонмӕ» (Нееми 6:10–15; Нымӕцтӕ 1:51; 18:7).

16. а) Куыд хъуамӕ дарӕм нӕхи мӕнг ӕрдхӕрдтимӕ, мӕнгдзурджытимӕ ӕмӕ мӕнг ӕфсымӕртимӕ? ӕ) Дӕ диныл фидар кӕй хӕцыс, уый хӕдзары, скъолайы кӕнӕ куысты дӕ бон равдисын куыд у?

16 Неемийау махӕн дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ныхмӕ цӕуой мӕнг ӕрдхӕрдтӕ, мӕнгдзурджытӕ ӕмӕ мӕнг ӕфсымӕртӕ. Чидӕртӕ нӕ, чи зоны, цыдӕр хъуыддӕгты нӕ дины ныхмӕ цӕуын кӕной. Дзурой нын, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн уыйбӕрц рӕстӕг куы нӕ лӕггад кӕниккам, уӕд нын ацы дунейы дӕр истытӕ бантысид. Фӕлӕ нын Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕхи рӕдийын кӕнын нӕ уадзӕм (Матфейы 6:33; Лукайы 9:57–62). Знӕгтӕ ма нӕ кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ дӕр. Иуӕй-иу бӕстӕты дзурынц, зӕгъгӕ, паддзахадӕн махӕй тӕссаг у – Неемийӕ куыд дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, паддзахы ныхмӕ рацӕуынмӕ хъавы, раст афтӕ. Ӕвдисӕнтӕй цы ныхӕстӕ дзырдтой, уыдонӕй кӕцыдӕрты мӕнгдзинад тӕрхондӕтты сбӕлвырд. Фӕлӕ хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ куыдфӕнды ма рауайой, уӕддӕр мах нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл, ӕмӕ йӕм кувӕм, цӕмӕй алцыдӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ уа (Филиппӕгтӕм 1:7). Нӕ ныхмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ цӕуой, йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, уыдон дӕр. Неемийы йе ’мзӕххон куыд рӕдийын кодта, цӕмӕй йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы Закъон фехӕлдтаид, афтӕ, Йегъовӕйы организаци чи ныууагъта, уыдон дӕр нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ исты хуызы рӕдийын кӕной. Фӕлӕ мах уыдонмӕ нӕ хъусӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм, нӕ цард, Хуыцауы закъӕттӕ куы халӕм, уӕд нӕ бахъахъхъӕндзыстӕм, фӕлӕ сӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд! (1 Иоанны 4:1). О, Йегъовӕйы ӕххуысӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм цыфӕнды ӕвзӕрдзинадыл дӕр.

Нӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ хъусын кӕнӕм

17, 18. а) Сайтаны ӕмӕ, йе ’вварс чи у, уыдоны цы фӕнды? ӕ) Цы аразын дӕ фӕнды ӕмӕ цӕмӕн?

17 Хуыцауы Ныхасы Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕрты тыххӕй фыст ис: «Уыдон фӕуӕлахиз сты [Сайтаныл]... цы хабар хъусын кодтой, уымӕй» (Раргомад 12:11). Уӕдӕ, Сайтаныл, ӕвзӕрдзинад кӕмӕй цӕуы, ууыл уӕлахиз кӕнын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын сты баст кӕрӕдзийыл. Диссаг нӕу, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» Сайтан уӕгъд кӕй нӕ уадзы ӕмӕ сыл знӕгты кӕй ардауы! (Раргомад 7:9; 12:17).

18 Куыд федтам, афтӕмӕй ныл, гӕнӕн ис, ӕмӕ худой, ӕртхъирӕн нӕм кӕной кӕнӕ та нӕ ноджы хиндӕр митӕй сайой. Куыдфӕнды ма уа, Сайтанӕн йӕ фӕнд у иу – хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууа. Фӕлӕ Сайтан састы бынаты баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕм дӕр абон Неемийау сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй «ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕной». Уымӕ гӕсгӕ уыдон хорз хабар хъусын кӕндзысты, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, зӕгъгӕ, куыст фӕцис! (Марчы 13:10; Ромӕгтӕм 8:31; Филиппӕгтӕм 1:27, 28).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Уыцы хабӕртты тыххӕй кӕс Неемийы 1:1–4; 2:1–6, 9–20; 4:1–23; 6:1–15.

Бахъуыды кодтай?

• Рагзаманты знӕгтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ куыд цыдысты ӕмӕ абон дӕр куыд цӕуынц?

• Неемийы знӕгты сӕйраджыдӕр цы фӕндыд ӕмӕ цы фӕнды Хуыцауы знӕгты та абон?

• Абон ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй куыд уӕлахиз кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 29 фарсыл]

Зондзонӕнтӕ Неемийы чиныгӕй

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ...

• худынц сыл

• ӕртхъирӕн сӕм кӕнынц

• сайынц сӕ

Сайынц сӕ...

• мӕнг ӕрдхӕрдтӕ

• мӕнгдзурджытӕ

• мӕнг ӕфсымӕртӕ

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнынц...

• Хуыцауы хӕслӕвӕрд ӕххӕстгӕнгӕйӕ

[Ныв 27 фарсыл]

Нееми ӕмӕ йӕ адӕм Иерусалимы къултӕ амадтой, кӕд знӕгтӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр

[Ныв 31 фарсыл]

Ӕцӕг чырыстӕттӕ уӕндонӕй хъусын кӕнынц хорз хабар