Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут»

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут»

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут»

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый» (РОМӔГТӔМ 12:17).

1. Адӕм арӕх сӕхи куыд фӕдарынц?

СЫВӔЛЛОНЫ йӕ хо кӕнӕ йе ’фсымӕр куы фесхойы, уӕд ӕм уый дӕр уыцы тӕккӕ йӕ къух фӕхъил кӕны. Хъыгагӕн, афтӕ ӕрмӕст сывӕллӕттӕ нӕ фӕкӕнынц. Хистӕртӕй дӕр бирӕтӕ уыдонӕй дард нӕ лӕууынц. Исчи сӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд сӕ фӕфӕнды сӕ маст райсын. Ӕцӕг, уыдонӕн сӕ фылдӕр сӕ бафхӕрӕгмӕ сӕ къух нӕ сисдзысты, фӕлӕ йӕ исты хуызы сусӕгӕй «барӕхойдзысты». Чи зоны йыл истытӕ ӕрымысой кӕнӕ та йын йӕ хъуыддӕгтӕ къуылымпы кӕной. Уыдон цыфӕнды мадзал ма равзарой, уӕддӕр сӕ фӕнд вӕййы иу – ӕфхӕрд ӕфхӕрдӕй бафидой, сӕ маст райсой.

2. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕтӕй сӕ маст цӕуылнӕ исынц? ӕ) Цавӕр фарстытыл ӕмӕ Библийӕ кӕцы сӕрыл ныхас кӕндзыстӕм?

2 Ӕфхӕрд ӕфхӕрдӕй бафидын адӕймаджы тынг фӕфӕнды. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ уыцы фӕндонимӕ тох кӕнынц. Уыдон архайынц, цӕмӕй ӕххӕст кӕной апостол Павелы фӕдзӕхст: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут» (Ромӕгтӕм 12:17). Цы нын дӕтты хъару ацы стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн? Кӕмӕн хъуамӕ ма фидӕм ӕвзӕрдзинадӕй? Иннӕты куы нӕ ӕфхӕрӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Цӕмӕй ацы фарстытӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Павелы ныхӕсты контекстмӕ ӕмӕ равзарӕм Ромӕгтӕм 12 сӕр. Мах фендзыстӕм, маст исынӕй хи уромын кӕй у раст, стӕй уарзондзинадыл ӕмӕ бонзонгӕдзинадыл дзурӕг. Ацы ӕртӕ хъуыддагӕй алкӕцыйыл дӕр аныхас кӕндзыстӕм хицӕнӕй.

«Гъемӕ уӕдӕ... уын лӕгъстӕ кӕнын»

3, 4. а) Ромӕгтӕм 12 сӕрӕй райдайгӕйӕ Павел цӕуыл дзуры ӕмӕ, «гъемӕ уӕдӕ» кӕй загъта, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Куыд хъуамӕ бандӕвтаид Ромы чырыстӕттыл, Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый?

3 Павел, Ромӕгтӕм 12 сӕрӕй райдайгӕйӕ, дзуры, чырыстӕтты цардмӕ чи хауы, цыппар ахӕм хъуыддагыл – нӕ ахастытыл Йегъовӕимӕ, не ’мчырыстӕттимӕ, ӕнӕуырнджытимӕ ӕмӕ хицӕуттимӕ. Павел ӕмбарын кӕны, адӕймаджы йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндты фӕдыл, уыимӕ ма йӕ масты фӕдыл цӕуын сӕйраджыдӕр цӕуылнӕ хъӕуы: «Гъемӕ уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый номӕй уын лӕгъстӕ кӕнын» (Ромӕгтӕм 12:1). Дӕ хъус-ма ӕрдар дзырдтӕм «гъемӕ уӕдӕ». Уыдонӕн сӕ хъуыды у «уӕлдӕр цы загъд уыд, уымӕ гӕсгӕ». Павелы зӕгъын фӕндыд: «Ныртӕккӕ уын цы бамбарын кодтон, уымӕ гӕсгӕ уын лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй ӕххӕст кӕнат, дарддӕр уын цы зӕгъдзынӕн, уый». Цы бамбарын кодта Павел Ромы чырыстӕттӕн?

4 Павел йӕ фыстӕджы фыццаг 11 сӕры дзуры, дзуттӕгтӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн кӕй ис диссаджы фадат, цӕмӕй Чырыстиимӕ Хуыцауы Паддзахады хицӕуттӕ суой, фӕлӕ уыцы фадатӕй Израилы адӕм не спайда кодтой (Ромӕгтӕм 11:13–36). Уыцы кад сӕм ӕрхауд, «Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у», ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Куыд хъуамӕ равдыстаиккой чырыстӕттӕ, Хуыцауы стыр хорзӕхӕн кӕй аргъ кӕнынц? Хъуамӕ Хуыцауӕй афтӕ бузныг уыдаиккой, ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кодтаиккой, Павел дарддӕр цы загъта, уый: «Уӕхи раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – ут ӕмбаргӕ ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 12:1). Фӕлӕ уыцы чырыстӕттӕ сӕхи Хуыцауӕн «нывондӕн» куыд хъуамӕ радтаиккой?

5. а) Адӕймагӕн йӕ бон куыд у йӕхи Хуыцауӕн «нывондӕн» ӕрхӕссын? ӕ) Цавӕр уагӕвӕрд хъуамӕ ӕндава чырыстоны цардыл?

5 Павел ӕмбарын кӕны: «Ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мауал цӕрут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут. Афтӕмӕй-иу бамбардзыстут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Уыдон хъуамӕ дунейӕн уыцы бар ма лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй сын сӕ зондыл ӕндӕвтаид, фӕлӕ Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кодтаиккой (1 Коринфӕгтӕм 2:16; Филиппӕгтӕм 2:5). Ацы уагӕвӕрд ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕндӕр хъуамӕ алы бон дӕр ӕндава йӕ цардыл.

6. Павел Ромӕгтӕм 12:1, 2 цӕй кой кӕны, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕй нӕ маст цӕуылнӕ исдзыстӕм?

6 Павел Ромӕгтӕм 12:1, 2 цӕй кой кӕны, уый нын куыд ӕххуыс кӕны? Ромы сӕрст чырыстӕттау мах дӕр тынг бузныг стӕм Хуыцауӕй, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый цы бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕй равдыста ӕмӕ йӕ алы бон дӕр цы хъуыддӕгтӕй ӕвдисы, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕдӕ, Хуыцауӕй зӕрдӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕм цы ис, нӕ бон цы у, уый ма ӕвгъау кӕнӕм. Уый нӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм, ӕмӕ ацы дунейау нӕ, фӕлӕ Чырыстийау хъуыды кӕндзыстӕм. Чырыстийау кӕй хъуыды кӕнӕм, уый бӕрӕг у, куыд стӕм иннӕтӕн – не ’муырнджытӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн (Галатӕгтӕм 5:25). Зӕгъӕм, Чырыстийау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд иннӕтӕй нӕ маст нӕ исдзыстӕм (1 Петры 2:21–23).

«Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин»

7. Цавӕр уарзондзинадыл цӕуы дзырд Ромӕгтӕм 12 сӕры?

7 Мах ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фидӕм, ӕмӕ афтӕ раст у, фӕлӕ ма уый уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел дарддӕр уарзондзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕ. Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы уарзондзинадыл дзургӕйӕ, Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм цалдӕр хатты спайда кодта дзырд «уарзондзинад»-ӕй (грекъагау ага́пи) (Ромӕгтӕм 5:5, 8; 8:35, 39). Фӕлӕ 12 сӕры дзырд ага́пи-йӕ пайда кӕны, адӕм кӕрӕдзи куыд уарзынц, ууыл дзургӕйӕ. Хуыцауы лӕвӕрттӕ алыхуызон кӕй сты ӕмӕ дзы чидӕртӕ кӕй схайджын сты, уый кой ракӕныны фӕстӕ Павел загъта, чырыстӕттӕ иууылдӕр цы миниуӕгыл хъуамӕ кусой, уый тыххӕй. Уый загъта: «Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин» (Ромӕгтӕм 12:4–9). Ӕцӕг чырыстӕтты сӕйраджыдӕр базонӕн ис, иннӕты кӕй уарзынц, уымӕй (Марчы 12:28–31). Павел дзуры, цӕмӕй иннӕты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзӕм.

8. Нӕ бон куыд у иннӕты ӕнӕхин уарзт кӕнын?

8 Дарддӕр Павел дзуры, нӕ бон куыд у иннӕты ӕнӕхин уарзт кӕнын: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут» (Ромӕгтӕм 12:9). «Уе сӕфт уынут» ӕмӕ «фидар хӕцут» сты тыхджын дзырдтӕ. Ӕвзӕрдзинад цӕмӕ ӕркӕны, ӕрмӕст уымӕй хъуамӕ ма уынӕм не сӕфт, фӕлӕ ма ӕвзӕрдзинадӕн йӕхицӕй дӕр (Псалом 96:10). Иннӕты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы чырыстон уарзы, уый хорздзинадыл афтӕ фидар ныххӕцы, афтӕ йыл баныхӕсы, ӕмӕ хорздзинад йӕ удыхъӕды ахъары.

9. Павел ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕй фӕдзӕхсы?

9 Павел ногӕй ӕмӕ ногӕй дзуры, уарзондзинад цӕмӕй бӕрӕг у, уый тыххӕй: «Чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут – арфӕ, ӕлгъитгӕ нӕ, фӕлӕ». «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут». «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут». «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ромӕгтӕм 12:14, 17–19, 21). Павелы ныхӕстӕй хорз зыны, куыд хъуамӕ уӕм ӕнӕуырнджытӕн, суанг ма нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дӕр.

«Чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут»

10. Не ’фхӕрджытӕн нӕ бон арфӕ кӕнын куыд у?

10 Куыд ӕххӕст кӕнӕм Павелы фӕдзӕхст, «чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут», зӕгъгӕ? (Ромӕгтӕм 12:14). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уарзут уе знӕгты дӕр ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матфейы 5:44; Лукайы 6:27, 28). Уӕдӕ не ’фхӕрджытӕн арфӕ кӕнӕм, зӕгъӕм, хорз нӕ чи нӕ зоны, афтӕмӕй нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны тыххӕй Йегъовӕмӕ куы кувӕм, ӕмӕ дзы куы курӕм, цӕмӕй сын сӕ цӕстытӕ байгом кӕна ӕмӕ ӕцӕгдзинад базоной (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Чи зоны, искӕмӕ ӕнахуыр фӕкӕса, зӕгъгӕ, адӕймаг Хуыцаумӕ йе ’фхӕрӕджы тыххӕй куыд хъуамӕ кува. Фӕлӕ Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын нын цас тынгдӕр уайа, уыйас нын тынгдӕр уайдзӕн уарзын не знӕгты дӕр (Лукайы 23:34). Цы пайда нын ӕрхӕсдзӕн ахӕм уарзондзинад?

11. а) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Стефаны цӕвиттонӕй? ӕ) Ӕфхӕрджытӕй иуӕй-иутӕн сӕ бон аивын кӕй у, уый Павелы цардӕй куыд зыны?

11 Йе ’фхӕрджыты тыххӕй чи куывдта, уыдонӕй иу уыд Стефан, ӕмӕ йӕ куывд дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, чырыстон ӕмбырды ныхмӕ чи уыд, уыдон Стефаны ӕрцахстой, Иерусалимӕй йӕ ӕддӕмӕ раластой ӕмӕ йӕ дуртӕй фӕхостой. Фӕстагмӕ ма Стефан сдзырдта: «Йегъовӕ, ма сӕ бафхӕр ацы тӕригъӕды тыххӕй» (Хъуыддӕгтӕ 7:58–8:1). Уыцы бон Стефан кӕй тыххӕй куывдта, уыдонӕй иу уыд Савл. Стефаны куыд мардтой, уый Савл уыдта ӕмӕ йӕ растыл нымадта. Фӕстӕдӕр Савлмӕ фӕзынд Йесо. Раздӕр Йесойы чи ’фхӕрдта, уый сси йӕ фӕдылдзӕуӕг, апостол Павел. Ромӕгтӕм фыстӕг дӕр ныффыста уый (Хъуыддӕгтӕ 26:12–18). Стефаны куывдмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павелӕн ныххатыр кодта, чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдта, уый (1 Тимофеймӕ 1:12–16). Диссаг нӕу, Павел чырыстӕтты кӕй фӕдзӕхста: «Чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут»! Уый зыдта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ӕфхӕрджытӕй чидӕртӕ ӕппынфӕстаг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайой. Нӕ рӕстӕджы дӕр иуӕй-иу ӕфхӕрджытӕ Йегъовӕйыл баууӕндыдысты, йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд сабыр адӕм сты, уымӕ кӕсгӕйӕ.

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

12. Ромӕгтӕм 12:9 стих ӕмӕ 12:17 стих куыд баст сты?

12 Не ’муырнджытӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй Павел дарддӕр фӕдзӕхсы: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут». Афтӕ кӕнын раст кӕй у, уый зыны, раздӕр цы загъта, уымӕй: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут». Ӕцӕгдӕр, адӕймаг куыд хъуамӕ зӕгъа, ӕвзӕрдзинадӕй кӕнӕ фыддзинадӕй ме сӕфт уынын, зӕгъгӕ, кӕд иннӕтӕн фыддзинад фыддзинадӕй фиды, уӕд? Афтӕ чи кӕны, уымӕн йӕ уарзт «ӕнӕхин» нӕу. Дарддӕр Павел дзуры: «Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый» (Ромӕгтӕм 12:9, 17). Куыд ӕххӕст кӕнӕм ацы ныхӕстӕ?

13. Куыд ӕмбарын хъӕуы, мах стӕм «алкӕй цӕсты» раз дӕр, зӕгъгӕ?

13 Раздӕр, Павел коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым кодта, апостолтӕ цы ӕфхӕрдтытӕ баййӕфтой, уый кой: «Ӕгас дуне [нӕм], зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр, кӕсынц диссагмӕ кӕсӕгау... Ӕлгъитынц нӕ – мах сын арфӕ кӕнӕм, ӕфхӕрынц нӕ – уӕддӕр быхсӕм; нӕ фыдкой кӕнынц – уӕддӕр семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм» (1 Коринфӕгтӕм 4:9–13). Афтӕ кӕсынц абон дӕр ацы дунейы адӕм ӕцӕг чырыстӕттӕм. Рӕстӕй нӕ куы ӕфхӕрой, уӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд уый уынгӕйӕ, нӕ алыварс чи ис, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорз хабармӕ хуыздӕр байхъусой (1 Петры 2:12).

14. Хӕлардзинадмӕ, фарнмӕ тырнгӕйӕ нӕ цӕмӕ хъӕуы кӕсын?

14 Фӕлӕ цымӕ хӕлардзинадмӕ, фарнмӕ тырнгӕйӕ хъуамӕ мацӕмӕ кӕсӕм? Куыннӕ ма! Павел йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕн дзуры: «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ромӕгтӕм 12:18). «Уӕ бон цы у, уый», зӕгъгӕ, амоны, иннӕтимӕ алкӕд хӕларӕй цӕрӕн кӕй нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, цӕмӕй искӕимӕ фӕрнӕй цӕрӕм, уый тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхст нӕ фехалдзыстӕм (Матфейы 10:34–36; Дзуттӕгтӕм 12:14). Фӕлӕ мах ӕмбаргӕ стӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уый кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ма халӕм, ӕмӕ афтӕмӕй «алкӕимӕ дӕр» хӕларӕй цӕрӕм.

«Уӕ маст макӕмӕй исут»

15. Ромӕгтӕм 12:19 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕй нӕ маст цӕуылнӕ хъуамӕ исӕм?

15 Павел ма загъта, маст исын кӕй нӕ хъӕуы ноджы иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй – уый дзурӕг уыдзӕн, бонзонгӕ кӕй стӕм, ууыл. Павел фыссы: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ромӕгтӕм 12:19). Йӕ маст райсыныл цы чырыстон архайы, уый у ӕгӕр ныфсхаст. Уый йӕхимӕ исы Хуыцауы бартӕ (Матфейы 7:1). Уымӕй уӕлдай, хъуыддаг йӕхи къухмӕ исгӕйӕ уый ӕвдисы, кӕй не ’ууӕнды Йегъовӕйы ныхӕстыл: «Мастисӕг ӕз дӕн». Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дызӕрдыг нӕ кӕнынц, Йегъовӕ йӕ «ӕвзӕрстыты тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый... [кӕй] равзардзӕн» (Лукайы 18:7, 8; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8). Уыдон сты бонзонгӕ ӕмӕ маст исын Хуыцауы бар кӕнынц (Йереми 30:23, 24; Ромӕгтӕм 1:18).

16, 17. а) Цы нысан кӕны искӕй сӕрыл «судзгӕ цӕхӕртӕ ӕркалын»? ӕ) Хӕларзӕрдӕдзинад ӕнӕуырнӕджы зӕрдӕ куыд ӕрфӕлмӕн кодта, ахӕм цӕвиттон ӕрхӕсс цардӕй.

16 Не знагӕй нӕ маст куы исӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ кӕндзӕн хъӕбӕрдӕр. Фӕлӕ йӕм хӕларзӕрдӕ куы дарӕм, уӕд, чи зоны, йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн уа. Куыд? Ӕркӕс-ма, Павел Ромы чырыстӕттӕм цы ныффыста: «Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын... раст цыма... йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕркалдтай» (Ромӕгтӕм 12:20; Ӕмбисӕндтӕ 25:21, 22). Уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

17 Ацы дзырдбастӕн, «сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕркалын», зӕгъгӕ, ис ахӕсгӕ нысаниуӕг ӕмӕ баст у, рагзаманты ӕрзӕт тайын кӕнынӕн цы мадзалӕй пайда кодтой, уыимӕ. Ӕрзӕт-иу донгӕнӕн пецы ӕвзалыйыл сӕвӕрдтой, стӕй йын-иу ӕвзалы йӕ сӕрыл дӕр ныккалдтой. Хъӕбӕр ӕрзӕт-иу, уӕлейӕ йыл цы судзгӕ цӕхӕртӕ уыд, уыдоны руаджы ноджы тынгдӕр стӕвд ӕмӕ-иу батад, ӕмӕ-иу дзы цы ӕнӕпайда уӕлдӕйттӕ уыд, уыдон-иу рахицӕн сты. Уӕдӕ мах хорз хъуыддӕгтӕй дӕр не ’фхӕрӕджы хъӕбӕр зӕрдӕ «батайдзӕн» ӕмӕ йӕ хорз миниуджытӕ разындзысты (4 Паддзахӕдты 6:14–23). Ӕцӕгдӕр, абон чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдонӕй тынг бирӕтӕ раст динмӕ раздӕхтысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хорз хъуыддӕгты фӕрцы.

Иннӕтӕй нӕ маст цӕуылнӕ исӕм

18. Иннӕтӕй нӕ маст кӕй нӕ исӕм, уый раст цӕмӕн у, стӕй уарзондзинадыл ӕмӕ бонзонгӕдзинадыл дзурӕг куыд у?

18 Ромӕгтӕм 12 сӕрыл цы цыбыр афӕлгӕст скодтам, уымӕй мах федтам, ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй цӕуылнӕ фидӕм. Фыццаг, мах маст исынӕй нӕхи уромӕм, уымӕн ӕмӕ уый у раст. Йегъовӕ Хуыцау нын тӕригъӕд кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ раст ӕмӕ ӕмбаргӕ ми у, нӕхи йын кӕй дӕттӕм ӕмӕ йын ӕнӕзивӕгӕй кӕй ӕххӕст кӕнӕм йӕ фӕдзӕхстытӕ – не знӕгты кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы фӕдзӕхст дӕр. Дыккаг, ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй кӕй нӕ фидӕм, уый дзурӕг у уарзондзинадыл. Нӕ маст иннӕтӕй куы нӕ исӕм ӕмӕ фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд нӕ ныфс уыдзӕн, кӕй баххуыс кӕндзыстӕм суанг нӕ карздӕр знӕгтӕн дӕр, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Ӕртыккаг, маст исынӕй нӕхи кӕй уромӕм, уымӕй ӕвдисӕм, бонзонгӕ кӕй стӕм. Иннӕтӕй нӕ маст куы исӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕгӕр ныфсхаст кӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕгъы: «Мастисӕг ӕз дӕн». Библи ма нӕ фӕдзӕхсы: «Адӕймаг ӕгӕр ныфсхаст куы свӕййы, уӕд ӕрцӕуы йӕ худинаг; бонзонгӕ адӕймагӕн та зонд у йе ’мбал» (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Маст исын Хуыцауы бар куы бакӕнӕм, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн, бонзонгӕ кӕй стӕм, ууыл.

19. Иннӕ статьяйы цы ӕвзардзыстӕм?

19 Павел дзырдта, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй. Йӕ ныхасӕн цы кӕронбӕттӕн скодта, уым чырыстӕттӕм сиды: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ромӕгтӕм 12:21). Цавӕр ӕвзӕрдзинадыл ӕмбӕлӕм абон? Нӕ бон ыл фӕуӕлахиз кӕнын куыд у? Дзуаппытӕ ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстытӕн ӕвзӕрст цӕудзысты иннӕ статьяйы.

Куыд бамбарын кӕнис?

Ромӕгтӕм 12 сӕры ногӕй ӕмӕ ногӕй цавӕр фӕдзӕхст ӕмбӕлы?

• Иннӕтӕй нӕ маст цӕуылнӕ исдзыстӕм?

• «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй» куы нӕ фидӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цы пайда уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 22 фарсыл]

Ромӕгтӕм 12 сӕры дзырд цӕуы чырыстӕтты ахастытыл

• Йегъовӕимӕ

• ӕмчырыстӕттимӕ

• ӕнӕуырнджытимӕ

[Ныв 23 фарсыл]

Павелы фыстӕджы Ромӕгтӕм ис хорз уынаффӕтӕ чырыстӕттӕн

[Ныв 25 фарсыл]

Ахуыргӕнинаг Стефанӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?