Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Иезекилы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай

Иезекилы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай

ДЕКАБРЫ мӕй. Н. э. агъоммӕ 609 аз. Вавилоны паддзах йе ’фсадимӕ фӕстаг хатт ӕртыхст Иерусалимыл. Вавилонмӕ кӕй акодтой, уыцы иудейӕгтӕн Иезекил уымӕй размӕ пехуымпар-ныхас кодта, сӕ уарзон горӕт Иерусалим знӕгтӕ кӕй бацахсдзысты ӕмӕ йӕ кӕй ныппырх кӕндзысты. Фӕлӕ ныр пехуымпар-ныхас кӕны ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Иезекил дзуры, Хуыцауы адӕмыл цы бӕллӕх ӕрцыд, уый фенгӕйӕ чи цин кодта, уыцы адӕмтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Ӕстдӕс мӕйы фӕстӕ Иерусалим басаст. Ӕмӕ та Иезекилы пехуымпарӕдты темӕ фӕивта: дзуры, раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн.

Иезекилы 25:1–48:35 ис пехуымпарӕдтӕ, Израилы алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, Хуыцау йӕ адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй *. Хабӕрттӕ фыст сты темӕтӕм гӕсгӕ, стӕй, цаутӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Иезекилы 29:17–20 цы фыст ис, уый хицӕн кӕны. Библийы иннӕ чингуытау Иезекилы чиныг дӕр фыст у Хуыцауы комытӕфӕй. Ацы чиныгӕй дӕр зыны, Хуыцауы Ныхас кӕй у «удӕгас ӕмӕ дзы [кӕй] ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

АЦЫ ЗӔХХ ССИ ЕДЕМЫ ЦӔХӔРАДОНЫ ХУЫЗӔН

(Иезекил 25:1–39:29)

Аммон, Моав, Едом, Филисти, Тир ӕмӕ Сидон Иерусалимы сӕфтыл кӕй цин кӕндзысты, уый зонгӕйӕ Йегъовӕ Иезекилӕн загъта, цӕмӕй фехъусын кӕна, уыцы адӕмтӕн сӕхимӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Иезекил ма фехъусын кодта, Египет дӕр знӕгты амӕттаг кӕй бауыдзӕн. Фараон, Египеты паддзах, ӕмӕ йӕ адӕм барст цӕуынц кедримӕ – уый калд ӕрцӕудзӕн «Вавилоны паддзахы хъамайӕ» (Иезекил 31:2, 3, 12; 32:11, 12).

Н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалимы ныппырхӕй ӕхсӕз мӕйы куы рацыд, уӕд уырдыгӕй чи аирвӕзт, уыдонӕй иу Иезекилӕн загъта: «Горӕт ныппырх!» Ӕмӕ уӕд пехуымпар дӕр дзурын райдыдта (Иезекил 33:21, 22). Вавилоны чи цард, уыцы иудейӕгтӕн Иезекил загъта, раст дин ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн. Йегъовӕ «сын сӕвӕрдзӕн иу фыййауы, [йӕ] лӕггадгӕнӕг Давиды» (Иезекил 34:23). Едом пырхгонд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх та, Иудӕ, суыдзӕн «Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн» (Иезекил 36:35). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры, фӕстӕмӕ та семӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ «Гогӕй» кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Иезекил 38:2).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

29:8–12 – Египет 40 азы дӕргъы заууаты кӕд фӕци? Н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд Иудӕйы цӕрджытӕй чидӕртӕ алыгъдысты Египетмӕ, кӕд сӕ Йереми фӕдзӕхста, уӕддӕр (Йереми 24:1, 8–10; 42:7–22). Фӕлӕ иудейӕгтӕ уӕддӕр нӕ фервӕзтысты, уымӕн ӕмӕ Навуходоносор Египетмӕ бабырста ӕмӕ йӕ бацахста. Ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ Египет 40 азы дӕргъы фӕцис заууаты. Кӕд историйы чингуыты уыцы хабар фыст нӕй, уӕддӕр ыл мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр сӕххӕст кӕны йӕ пехуымпарӕдтӕ (Исай 55:11).

29:18 – Куыд ӕмбарын хъӕуы, «сӕ сӕртӕ ныллӕгуын сты ӕмӕ се уӕхсджытӕ баихсыдысты», зӕгъгӕ? Тиры иу хай (сур зӕххыл чи уыд, уый) бацахсын афтӕ зын уыд, ӕмӕ афтӕ бирӕ рӕстӕг ахаста, ӕмӕ Навуходоносоры ӕфсӕддонтӕн згъӕрхудтӕ дарынӕй сӕ сӕртӕ ныллӕгуын сты. Се уӕхсджытӕ та баихсыдысты, мӕсгуытӕ ӕмӕ фидӕрттӕ аразынӕн се ’ккой цы ӕрмӕг фӕхастой, уымӕй (Иезекил 26:7–12).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

29:19, 20. Тиры цӕрджытӕ горӕты иннӕ хаймӕ (сакъадахыл чи уыд, уырдӕм) кӕй фӕлыгъдысты ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ семӕ кӕй ахастой, уымӕ гӕсгӕ паддзах Навуходоносор Тир куы бацахста, уӕд йӕ къухы ницы бафтыд. Кӕд Навуходоносор сӕрбӕрзонд, хъал муртакк паддзах уыд, уӕддӕр ын Йегъовӕ йӕ лӕггады тыххӕй бафыста: «йе ’фсадӕн ын мыздӕн» радта Египет. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ ӕцӕг Хуыцауы ма фӕзмӕм ӕмӕ нын хицауад цы дӕтты, уый тыххӕй хъуамӕ хъалонтӕ ма фидӕм? Хицӕуттӕ сӕхи куыдфӕнды ма дарой ӕмӕ хъалонтӕ цӕуылфӕнды ма хардз кӕной, уӕддӕр хъалонтӕ фидын у нӕ хӕс (Ромӕгтӕм 13:4–7).

33:7–9. Нӕ рӕстӕджы цы хъахъхъӕнӕджы къорд ис, уый – сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон – ӕмӕ се ’мбӕлттӕ хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсой ӕмӕ хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсой, чи ӕрхӕццӕ кӕны, уыцы «стыр бӕллӕхӕй» (Матфейы 24:21).

33:10–20. Кӕд не ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууагътам ӕмӕ Хуыцаумӕ хъусӕм, уӕд фервӕздзыстӕм. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы фӕндаг у раст.

36:20, 21. Иууылдӕр зыдтой, израилӕгтӕ «Йегъовӕйы адӕм» кӕй уыдысты. Фӕлӕ уыдон сӕ номмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты ӕмӕ Хуыцауы ном иннӕ адӕмы ’хсӕн ӕгад кодтой. Мах хъуамӕ ӕрмӕст номӕй ма уӕм Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй дӕр.

36:25, 37, 38. Абон цы монон дзӕнӕты стӕм, уым ис «бирӕ сыгъдӕг адӕм». Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыцы дзӕнӕты сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнӕм.

38:1–23. Куыд ӕхсызгон нын у, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн, Гог Магогы зӕххӕй сӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд! Гог у «ацы дунейы хицау» Сайтан Хӕйрӕджы ном. Афтӕ йӕ схуыдтой, уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уый фӕстӕ. Магогы зӕхх та у, Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕн арвӕй зӕххы ’хсӕн сӕ бар кӕуыл цӕуы, уыцы бынат (Иоанны 12:31; Раргомад 12:7–12).

ДӔ ЗӔРДӔ РАЗДАХ, ЦЫДӔРИДДӔР ДЫН РАВДИСОН, УЫМӔ

(Иезекил 40:1–48:35)

Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕдӕй рацыд 14 азы (Иезекил 40:1). Иудейӕгтӕ ма уацары уыдзысты 56 азы (Йереми 29:10). Иезекилыл цӕуы 50 азы бӕрц. Пехуымпар цӕстылуайӕны хаст ӕрцыд Израилмӕ. Хуыцау ын загъта: «Адӕймаджы фырт, дӕ цӕстытӕй кӕс, дӕ хъустӕй хъус ӕмӕ дӕ зӕрдӕ раздах, цыдӕриддӕр дын равдисон, уымӕ» (Иезекил 40:2–4). Куыд ӕхсызгон уыдаид Иезекилӕн, цӕстылуайӕны ног кувӕндон кӕй федта, уый!

Иезекил цы кадджын кувӕндон федта, уымӕн ис 6 кулдуары, ис дзы 30 уаты (хӕрӕндоны), Сыгъдӕг бынат, Ӕппӕты сыгъдӕг бынат, хъӕдын нывондхӕссӕн ӕмӕ, судзгӕ кӕй кодтой, уыцы нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн. Кувӕндонӕй кӕлы дон ӕмӕ куыдфӕстагмӕ свӕййы стыр цӕугӕдон (Иезекил 47:1). Иезекил ма цӕстылуайӕны федта, зӕхх Израилы мыггӕгтыл уӕрст куыд цыд, уый. Алы мыггаджы хай дӕр гӕрзӕй-гӕрзмӕ цӕуы хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ. Иудӕ ӕмӕ Вениамины зӕххыты ’хсӕн ис, хицауӕн кӕй рахицӕн кодтой, уыцы бынат. Уым ис «Йегъовӕйы кувӕндон» ӕмӕ горӕт. Уыцы горӕт хуыйны «Йегъовӕ ис уым» (Иезекил 48:9, 10, 15, 35).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

40:3–47:12 – Иезекил цӕстылуайӕны цы кувӕндон федта, уый цӕмӕ амоны? Иезекил цӕстылуайӕны цы ӕнахуыр стыр кувӕндон федта, ахӕм кувӕндон ӕнӕуи никуы уыд. Уый ӕвдыста Хуыцауы уӕларвон кувӕндон – нӕ рӕстӕджы раст дины хъуыддӕгтӕ размӕ кӕнынӕн Хуыцау цы мадзӕлттӕй пайда кӕны, уыдон (Иезекил 40:2; Михей 4:1; Дзуттӕгтӕм 8:2; 9:23, 24). Ацы цӕстылуайӕн ӕххӕст кӕны «фӕстаг бонты», сыгъдӕг удӕй сӕрст сауджынты къорд сыгъдӕггонд куы цӕуы, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:1; Иезекил 44:10–16; Малахи 3:1–3). Фӕлӕ кӕронмӕ та сӕххӕст уыдзӕн Дзӕнӕты. Иезекил цӕстылуайӕны цы кувӕндон федта, уый, иудейӕгтӕй Вавилоны чи цард, уыдонӕн ныфс лӕвӕрдта, раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн ӕмӕ алы бинонтӕн дӕр зӕххы хай лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн.

40:3–43:17 – Кувӕндон барст цӕмӕн цӕуы? Кувӕндон барст кӕй цӕуы, уый ӕвдисы, Йегъовӕйы фӕндон раст дины тыххӕй ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

43:2–4, 7, 9 – Цы сты, кувӕндонӕй раппарын кӕй хъуыд, уыцы «паддзӕхты мӕрдтӕ»? Мӕрдтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты къухӕй конд хуыцӕуттӕ. Иерусалимы хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ адӕм счъизи кодтой Хуыцауы кувӕндон къухӕй конд хуыцӕуттӕй – сӕхицӕн сӕ паддзӕхты бынаты сӕвӕрдтой.

43:13–20 – Цы ’вдисы, Иезекил цы нывондхӕссӕн федта, уый? Нывондхӕссӕн ӕвдисы Хуыцауы фӕндон. Уыцы фӕндон баст у Йесо Чырыстийы нывондимӕ. Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕрстытӕ нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» та сты сыгъдӕг Хуыцауы цӕсты (Раргомад 7:9–14; Ромӕгтӕм 5:1, 2). Ӕвӕццӕгӕн, ацы цӕстылуайӕны уымӕн нӕй згъӕрӕй конд денджыз – Соломоны кувӕндоны сауджынтӕ сӕхи кӕм ӕхсадтой, уыцы стыр мигӕнӕн донӕн (3 Паддзахӕдты 7:23–26).

44:10–16 – Кӕмӕ амонынц сауджынтӕ? Сауджынтӕ амонынц сӕрст чырыстӕттӕм нӕ рӕстӕджы. 1918 азы Йегъовӕ йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны ӕрбадт, цӕмӕй «батайын кодтаид ӕмӕ ссыгъдӕг кодтаид» сӕрст чырыстӕтты (Малахи 3:1–5). Сыгъдӕг чи разынд, кӕнӕ фӕсмон чи ’ркодта, уыдонӕн бар радта дарддӕр лӕггад кӕнынӕн. Уый фӕстӕ уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, цӕмӕй «дунейӕн сӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауагътаиккой» ӕмӕ уымӕй фӕзминаг сты «тынг бирӕ адӕмӕн». Уыцы адӕм ӕвдисынц, сауджынты мыггагӕй чи нӕ уыд, уыцы мыггӕгтӕ (Иаковы 1:27; Раргомад 7:9, 10).

45:1; 47:13–48:29 – Цӕмӕ амоны «зӕхх» ӕмӕ йӕ кӕй уарынц, уый? Зӕхх амоны, Хуыцауы адӕм цы куыст кӕнынц, уымӕ. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕмфӕнды ма уа, уый ис дзӕнӕтон зӕххыл, кӕд раст дины фарс лӕууы, уӕд. Зӕхх уӕрст кӕй цӕуы, уыцы цӕстылуайӕн кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн ног дунейы, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдонӕй алчидӕр йӕ зӕххы хай куы райса, уӕд (Исай 65:17, 21).

45:7, 16 – Адӕм сауджынтӕн ӕмӕ кънйазӕн цы хай дӕттынц, уый цӕмӕ амоны? Ӕнӕуынгӕ кувӕндоны уый сӕйраджыдӕр амоны, адӕм сауджынтӕн Хуыцауы хъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ – сӕ фарсмӕ лӕууынц ӕмӕ семӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайынц.

47:1–5 – Иезекилы цӕстылуайӕны цӕугӕдоны дӕттӕ цы ’вдисынц? Уыцы дӕттӕ ’вдисынц, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уый. Уымӕ хауы Йесо Чырыстийы нывонд ӕмӕ, Библийы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уый (Йереми 2:13; Иоанны 4:7–26; Ефесӕгтӕм 5:25–27). Цӕугӕдон арфӕй-арфдӕр кӕны ӕмӕ уый фӕрцы фылдӕр адӕмӕн фӕзыны фадат ӕцӕг Хуыцауы базонынӕн (Исай 60:22). Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы царды доны цӕугӕдон суыдзӕн, нырмӕ куыд никуы уыд, афтӕ стыр. Цы «тыхтӕттӕ» байгом уыдзысты, уыдоны фӕрцы адӕм ногӕй цы базондзысты, уый дӕр уыдзӕн уыцы дӕтты хай (Раргомад 20:12; 22:1, 2).

47:12 – Дыргъхӕссӕг бӕлӕстӕ цы ’вдисынц? Бӕлӕстӕ ӕвдисынц, Хуыцау адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уый. Уый фӕрцы сӕ Хуыцау ӕркӕндзӕн ӕххӕстдзинадмӕ.

48:15–19, 30–35 – Иезекилы цӕстылуайӕны горӕт цы у? «Йегъовӕ ис уым», зӕгъгӕ, цы горӕт хуыйны, уый ис, иууылдӕр кӕмӕй пайда кӕнынц, уыцы зӕххы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ амоны, зӕххон хъуыддӕгтӕм цы хауы, ахӕм цӕмӕдӕр. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы горӕт ӕвдисы, рӕстаг «ног зӕххӕн» арфӕдзинӕдтӕ чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм разамынд зӕххыл (2 Петры 3:13). Горӕты бирӕ кулдуӕрттӕ кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм ис сӕрибарӕй бацӕуӕн. Хуыцауы адӕмӕй цӕстдарджытӕ чи сты, уыдон хъуамӕ уой хуымӕтӕг.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

40:14, 16, 22, 26. Кувӕндоны кулдуӕртты сӕрмӕ нывгонд уыд пальмӕтӕ. Уымӕй зыны, ӕрмӕст хӕрзӕгъдау адӕмӕн сӕ бон кӕй у мидӕмӕ бацӕуын (Псалом 91:13). Уӕдӕ нӕ лӕггад Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд цӕудзӕн, ӕмӕ хӕрзӕгъдау куы уӕм.

44:23. Куыд бузныг стӕм, нӕ рӕстӕджы «сауджынтӕ» цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй! «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын «хӕринаг афоныл» кӕй дӕтты, уый фӕрцы зонӕм, Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый (Матфейы 24:45).

47:9, 11. Зонындзинӕдтӕ сты ахӕсгӕ хуызы доны ахсджиаг хай ӕмӕ абон диссаджы хуызы дзӕбӕх кӕнынц адӕмы. Уыцы дон кӕдӕм бакӕлы, уым адӕм монон ӕгъдауӕй райгас вӕййынц (Иоанны 17:3). Царддӕттӕг дон чи нӕ исы, уыдон та «лӕвӕрд ӕрцӕудзысты цӕххӕн», ома ӕнустӕм фесӕфдзысты. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй ӕцӕгдзинады ныхас раст амонӕм! (2 Тимофеймӕ 2:15).

«Ӕз скадджын кӕндзынӕн ме стыр ном»

Ӕцӕг Хуыцау бауагъта, цӕмӕй Давиды мыггагӕй бирӕ рӕстӕг паддзӕхтӕ мауал уыдаид, цалынмӕ не ’рцыдаид, «закъонмӕ гӕсгӕ бар кӕмӕн ис», уыцы паддзах. Фӕлӕ Хуыцау Давидимӕ цы бадзырд скодта, уый нӕ ферох кодта (Иезекил 21:27; 2 Паддзахӕдты 7:11–16). Иезекилы пехуымпарады дзырд цӕуы «мӕ лӕггадгӕнӕг Давидыл», «фыййау» ӕмӕ «паддзах» чи хъуамӕ суыдаид, ууыл (Иезекил 34:23, 24; 37:22, 24, 25). Уый у паддзах Йесо Чырысти (Раргомад 11:15). Йегъовӕ спайда кӕндзӕн Мессийӕйы Паддзахадӕй, цӕмӕй «скадджын кӕна [йе] стыр ном» (Иезекил 36:23).

Тагъд рӕстӕджы Хуыцау фесафдзӕн, йӕ сыгъдӕг ном ын чи ӕгад кӕны, уыдоны. Фӕлӕ Йегъовӕйы ном чи кадджын кӕны ӕмӕ йын йӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыдон та цӕрдзысты ӕнустӕм. Цӕй уӕдӕ, абон чи кӕлы, уыцы царды доны стыр цӕугӕдонӕй гӕнӕн цас ис, уыйас нуазӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй раст дин уа нӕ царды фӕндаг.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Иезекилы 1:1–24:27 ӕвзӕрст цыдысты 2007 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, статья «Иезекилы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай».

[Ныв 25 фарсыл]

Иезекилы цӕстылуайӕны кадджын кувӕндон

[Ныв 26 фарсыл]

Иезекилы цӕстылуайӕны цӕугӕдоны дӕттӕ цы ’вдисынц?

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est