Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар уӕм

Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар уӕм

Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар уӕм

«Уӕ уырнындзинад баххӕст кӕнут... фидардзинадӕй» (2 ПЕТРЫ 1:5, 6).

1, 2. Фидардзинад цы у ӕмӕ чырыстӕттӕ фидар цӕмӕн хъуамӕ уой?

ЙЕГЪОВӔЙЫ стыр бон тынг хӕстӕг у (Иоил 1:15; Софони 1:14). Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, аскъуыддзаг кодтам, Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзыстӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Дун-дунейы иунӕг хицау Йегъовӕ кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа, уыцы рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ уал нырма нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕййафӕм бирӕ зындзинӕдтӕ: адӕм нӕ се сӕфт уынынц, ӕфхӕрынц нӕ, нӕ фӕдыл зилынц ӕмӕ нӕ марынц (Матфейы 5:10–12; 10:22; Раргомад 2:10). Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы фидардзинад – зындзинӕдтӕ нӕ бон сфӕразын цӕй фӕрцы у, уыцы миниуӕг. Апостол Петр нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕ уырнындзинад баххӕст кӕнут... фидардзинадӕй» (2 Петры 1:5, 6). Фидар кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй Йесо загъта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13).

2 Уымӕй уӕлдай ма хызт не стӕм низтӕй, хиуӕтты мӕлӕтӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕй. Куыд цин кӕнид Сайтан, нӕ уырнындзинад куы фесӕфид, уӕд! (Лукайы 22:31, 32). Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ бон у фидар фӕлӕууын цыфӕнды зындзинӕдты дӕр (1 Петры 5:6–11). Ӕркӕсӕм иуӕй-иуты царды хабӕрттӕм. Уыдонӕй зыны, Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон кӕй у, цӕмӕй фидар уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фӕцудын ма бауадзӕм.

Низ сӕ нӕ бакъуылымпы кодта

3, 4. Радзур, рынчынӕй дӕр нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уый чи ӕвдисы, ахӕм хабар.

3 Хуыцау нӕ абон диссаджы хуызы нӕ адзӕбӕх кӕны. Фӕлӕ нын тых дӕтты, цӕмӕй нӕ низтӕн фӕразӕм (Псалом 40:2–4). «Мӕхи цы хъуыды кӕнын, уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕн инвалиды коляскӕйы,– дзуры Шерон.– Ӕз райгуырдтӕн церебралон параличимӕ ӕмӕ сывӕллоны хъӕлдзӕг цард цы у, уый никуы базыдтон». Шерон Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, низтӕ кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд дзы ныфс бацыд. Ӕмӕ йын кӕд дзурын ӕмӕ цӕуын зын у, уӕддӕр уарзы хорз хабар адӕмӕн хъусын кӕнын. Шерон иу-15 азы размӕ загъта: «Ме ’нӕниздзинад ӕвзӕрдӕр кӕндзӕн, фӕлӕ ӕз алкӕддӕр мӕ ныфс Хуыцауыл дардзынӕн ӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ никуы сивдзынӕн. Куыд амондджын дӕн, Йегъовӕйы адӕмимӕ кӕй дӕн ӕмӕ мӕ йе ’ххуысӕй цух кӕй нӕ уадзы!»

4 Апостол Павел Фессалоникты цӕрӕг чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй, «ныфссаст чи уыд, уыдоны ныхасӕй рӕвдыдтаиккой» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Адӕймаг, зӕгъӕм, фыдӕнхъӕл куы фӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, депрессийӕ фӕрынчын уа. 1993 азы Шерон ныффыста: «Афтӕ мӕм каст, цыма ӕппындӕр ницӕмӕн бӕззын, ӕмӕ мын никуы ницы рауайдзӕн... Уый мын депрессимӕ асайдта ӕмӕ ӕртӕ азы дӕргъы мӕхимӕ не ’рцыдтӕн. [...] Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мыл тынг тыхстысты ӕмӕ мын уынаффӕтӕ лӕвӕрдтой. [...] „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ы фӕрцы Йегъовӕ фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, депресси цавӕр низ у, уый. О, Йегъовӕ йӕ адӕмыл тыхсы ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмбары» (1 Петры 5:6, 7). Шерон ныр дӕр ма иузӕрдионӕй лӕггад кӕны Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын йе стыр бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

5. Цӕмӕй бӕрӕг у, ӕмӕ, чырыстӕттӕн исты ӕнцой куы нӕ дӕтта, уӕддӕр сӕ бон кӕй у фидар фӕлӕууын?

5 Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн ӕнцой нӕ дӕтты, кӕддӕр цы бавзӕрстой, уый. Райсӕм Харлийы. Дыккаг дунеон хӕсты цытӕ федта, уый йын йӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгом ныууагъта. Йӕ фыдфынты уыдта, знӕгтимӕ-иу карз тохы куыд бацыдысты. Фынӕйӕ-иу хъӕр кодта: «Уӕхи хъахъхъӕнут! Лидзгӕ кӕнут!» Куы-иу райхъал, уӕд-иу йӕ хид лӕсӕнтӕ кодта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон баци йӕ цард Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ аивын, ӕмӕ ахӕм фынтӕ арӕх нал уыдта – афтӕ тынг нал удхар кодта.

6. Иу ӕфсымӕр йӕ низимӕ куыд тох кодта?

6 Иу ӕфсымӕрӕн йӕ низы хъӕд уыд ахӕм, ӕмӕ-иу куы фырхъӕлдзӕг уыд, куы та-иу йӕхимӕ хъусынмӕ фӕцис ӕмӕ-иу ӕм сдзырд нӕ уыди (биполярное расстройство). Уымӕ гӕсгӕ йын тынг зын уыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхи нӕ ауагъта, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, уыцы хъуыддагыл баст кӕй у йӕхи цард дӕр ӕмӕ хорз хабармӕ чи хъусы, уыдоны цард дӕр (1 Тимофеймӕ 4:16). Хатт-иу уацамынды рӕстӕджы йӕхи афтӕ ӕвзӕр хатыд, ӕмӕ-иу искӕмӕ бадзӕнгӕрӕг кӕнын дӕр йӕ бон нӕ уыд. Уый дзуры: «Мӕ хъарутӕ-иу ӕрӕмбырд кодтон, иннӕ дуармӕ-иу бацыдтӕн, ӕмӕ та-иу ногӕй бафӕлвӕрдтон. Хорз хабар кӕй хъусын кодтон, уый фӕрцы мӕ уырнындзинад, мӕ бон куыд уыд, афтӕ фидар кодтон». Ацы ӕфсымӕрӕн фембӕлдтӕм цӕуын дӕр уыд фӕлварӕн, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕмбӕрста, куыд тынг ахсджиаг у Хуыцауы адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ тых йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй фембӕлдтӕ ма цух кодтаид (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

7. Кӕд иуӕй-иутӕ тӕрсынц адӕмы раз ныхасы рацӕуын кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм рӕттӕм цӕуын, уӕддӕр фидар куыд лӕууынц?

7 Иуӕй-иу чырыстӕттӕ тынг тӕрсынц цӕмӕйдӕрты, зӕгъӕм, цавӕрдӕр уавӕртӕй кӕнӕ хъуыддӕгтӕй. Уый дӕр низ у (фобия). Цӕвиттонӕн, уыдон тӕрсынц адӕмы раз ныхасы рацӕуын кӕнӕ та бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм рӕттӕм цӕуын. Ахъуыды ма кӕн, куыд зын сын у ӕмбырды дзуапп раттын кӕнӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы хӕслӕвӕрд радзурын! Фӕлӕ уыдон фидар лӕууынц ӕмӕ, фембӕлдтӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ дзы кӕй архайынц, уымӕй мах ныфсыл дӕр ныфс ӕфтауынц.

8. Адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтыл хӕцын уӕлдай тынгдӕр цы ’ххуыс кӕны?

8 Адӕймаг фылдӕр куы улӕфа ӕмӕ фылдӕр куы фынӕй кӕна, уӕд ын йе ’нкъарӕнтыл хӕцын ӕнцондӕр уыдзӕн. Чи зоны йӕ бахъӕуа дохтырты ӕххуыс. Уӕлдай тынгдӕр та йын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцаумӕ куы кува ӕмӕ йыл йӕ ныфс куы дара, уый. «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт, ӕмӕ Уый хӕцдзӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы»,– фыст ис Псаломы 54:23. Уӕдӕ цыфӕнды уавӕры дӕр «дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн хионы мӕлӕт сфӕразынӕн

9–11. а) Нӕ уарзон адӕмӕй исчи куы амӕла, уӕд нын уыцы маст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Хионы мӕлӕт сфӕразынӕн Аннӕйы цӕвиттон куыд ӕххуыс кӕны?

9 Бинонтӕй исчи куы фӕхъӕуы, уӕд иннӕтӕ афтӕ фӕхъыг кӕнынц, ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Авраам куыдта йӕ уарзон ус Саррӕйы мӕлӕтыл (Райдиан 23:2). Йесо уыд ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ ма суанг уымӕн дӕр «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты», йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд (Иоанны 11:35). Уӕдӕ нын мӕлӕт нӕ хиуӕттӕй искӕй куы байсы, уӕд нӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Уымӕ гӕсгӕ сӕ «зӕрдӕтӕ иннӕ адӕмау, ныфс кӕмӕн нӕй», уыдонау нӕ риссынц (1 Фессалоникӕгтӕм 4:13).

10 Нӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕла, уӕд нын уыцы маст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Райсӕм ахӕм цӕвиттон. Не ’мбал дард кӕдӕмдӕр ацыд, фӕлӕ мах ууыл тынг нӕ маст кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕха, уӕд ӕй ногӕй фендзыстӕм. Иузӕрдион чырыстӕтты мӕлӕтмӕ дӕр ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, ӕнӕмӕнгӕй кӕй райгас уыдзысты (Екклесиаст 7:1).

11 Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауыл» куы дарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, нӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕла, уӕд (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Хорз ма уаид ахъуыды кӕнын идӕдз ус Аннӕйы цӕвиттоныл дӕр. Аннӕ йӕ лӕгимӕ фӕцард ӕрмӕст авд азы. Фӕлӕ йыл 84 азы куы цыд, уӕд дӕр ма Йегъовӕйӕн кувӕндоны лӕггад кодта (Лукайы 2:36–38). Йегъовӕйӕн удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кодта, уый йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ маст рох кодтаид ӕмӕ йӕхи иунӕг ма хатыдаид. Ӕдзух ӕмбырды хъуыддӕгты куы архайӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ куы цӕуӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ маст сфӕразынӕн.

Куыд фӕразӕм алыхуызон зындзинӕдтӕн

12. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ сӕ бинонты царды цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц?

12 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иуты фӕразын хъӕуы зындзинӕдтӕн сӕ бинонты царды. Зӕгъӕм, адӕймагыл йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй рацыд. Цас бӕллӕхтӕ ӕрхӕсдзӕн уый бинонтӕн! Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыцы адӕймагӕн йӕхимӕ ӕрцӕуын ӕнцон кӕй нӕ вӕййы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ мастӕй кӕй байдзаг вӕййы, уымӕ гӕсгӕ йыл, чи зоны, хуыссӕг мауал хӕца ӕмӕ ӕдзух кӕуа. Хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ аразын дӕр ын, гӕнӕн ис, афтӕ зын суа, ӕмӕ йын уайгӕ дӕр мауал кӕной. Йе уӕнгтӕ йӕ коммӕ кӕй нал фӕкӕсынц, уый аххосӕй, чи зоны, исты бӕллӕх дӕр ӕрцӕуа. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ бон хӕрын мауал уа, смӕллӕг уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнцой мауал зона. Чи зоны йын зын уа ӕмбырды хъуыддӕгты архайын. Ӕмӕ сывӕллӕттӕн та уый цас маст ӕрхӕсдзӕн!

13, 14. а) Кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд Соломон куыд куывта, уый дын цавӕр ныфс дӕтты? ӕ) Хуыцауӕй сыгъдӕг уд курын цӕмӕн хъӕуы?

13 Ахӕм зындзинӕдты рӕстӕджы нӕ Йегъовӕ ӕнӕ ’ххуысӕй нӕ ныууадзы (Псалом 93:19). Йегъовӕ йӕ адӕмы куывдтытӕ кӕй хъусы, уый бӕрӕг у, кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд паддзах Соломон куыд куывта, уымӕй. «Чифӕнды дӕр дӕм кӕнӕ дӕм ӕгас Израилы адӕм дӕр истӕй тыххӕй куы кувой кӕнӕ дӕ хорзӕх куы курой (уымӕн ӕмӕ алы адӕймаг дӕр зоны йӕ зӕрдӕйы рис), ӕмӕ ацы хӕдзармӕ сӕ къухтӕ куы ивазой, уӕд сӕ ды фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй, алкӕмӕндӕр дзы ныххатыр кӕн, ӕмӕ дзы алкӕмӕндӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бакӕн ӕмӕ ратт, уымӕн ӕмӕ йын ды зоныс йӕ зӕрдӕ (ӕрмӕст ды куы зоныс ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр); цӕмӕй тӕрсой дӕуӕй, нӕ фыдӕлтӕн нын цы зӕхх радтай, ууыл цалынмӕ цӕрой, уӕдмӕ»,– куывта Хуыцаумӕ Соломон (3 Паддзахӕдты 8:38–40).

14 Уӕлдай тынгдӕр нын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауӕй сыгъдӕг уд куы курӕм, уый (Матфейы 7:7–11). Сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонмӕ хауынц цин ӕмӕ фарн (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Куыд ӕрсабыр вӕййынц нӕ зӕрдӕтӕ, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ куывдтытӕ куы фехъусы, уӕд! Афтӕмӕй нӕ хъыг раивы цинӕй, нӕ маст та – фарнӕй.

15. Цавӕр стихтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй къаддӕр тыхсӕм?

15 Уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ стыр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ ӕппындӕр ма тыхсӕм. Фӕлӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдыл куы дарӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат. [...] Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ [Хуыцауы] рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матфейы 6:25, 33, 34). Апостол Петр нын дзуры, цӕмӕй «не ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы махыл» (1 Петры 5:6, 7). Исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд ӕнцад бадын нӕ хъӕуы. Нӕ бон цы у, уый куы бакӕнӕм, уӕд нӕ уый фӕстӕ тыхсын нал хъӕуы, фӕлӕ кувын. «Ратт дӕ фӕндаг Хицаумӕ ӕмӕ Уымӕй ныфсджын у, ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн» (Псалом 36:5).

16, 17. а) Ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм, уымӕн гӕнӕн цӕуылнӕ ис? ӕ) Филиппӕгтӕм 4:6, 7 куыд фыст ис, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый цы ратдзӕн?

16 Павел ныффыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адамы ӕнӕххӕст байзӕддӕгтӕ ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕной, уымӕн гӕнӕн нӕй (Ромӕгтӕм 5:12). Исавы хеттаг устытӕ «уыдысты стыр масты хос» йӕ ныййарджытӕн, Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн (Райдиан 26:34, 35). Сӕ низтыл сагъӕс кодтой Тимофей ӕмӕ Трофим дӕр (1 Тимофеймӕ 5:23; 2 Тимофеймӕ 4:20). Павел мӕт кодта йе ’мчырыстӕттыл (2 Коринфӕгтӕм 11:28). Фӕлӕ куывдтытӕ чи хъусы, уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы байхъусынмӕ, чи йӕ уарзы, уыдонмӕ (Псалом 64:3).

17 Цалынмӕ Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕдмӕ нын «фарны Хуыцау» ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ сабыр кӕны (Филиппӕгтӕм 4:9). Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ», «хорз ӕмӕ... бирӕ хорзӕхджын», «хъуыды кӕны, кӕй стӕм мах сыджыт» (Рацыд 34:6; Псалом 85:5; 102:13, 14). Цӕй уӕдӕ дзы курӕм, цы нӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ нӕм уӕд уыдзӕн «Хуыцауы фарн» – адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, ахӕм сабырдзинад.

18. Иовы 42:5 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куыд ис Хуыцауы «уынӕн»?

18 Нӕ куывдтытӕ куы сӕххӕст вӕййынц, уӕд бамбарӕм, Хуыцау немӕ кӕй ис. Иов зындзинӕдты фидар куы фӕлӕууыд, уӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ кой дын хъуыстон, ныр та дӕ мӕ цӕстытӕ уынынц» (Иов 42:5). Хуыцау нын куыд у, уымӕ уырнындзинады ӕмӕ ӕмбарынады цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ дзы бузныг куы уӕм, уӕд ӕй «уындзыстӕм», нырмӕ йӕ куыд никуыма уыдтам, афтӕ. Цӕй диссаджы фарнӕй нын йедзаг кӕны нӕ зӕрдӕ, йемӕ афтӕ ӕввахс кӕй стӕм, уый!

19. Не ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд хайджын цӕмӕй уыдзыстӕм?

19 Не ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд зындзинӕдтӕн фӕраздзыстӕм ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм, нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нын нӕ зонд чи бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм фарнӕй. Сагъӕс, тас ӕмӕ мастӕн нӕ зӕрдӕйы бынат нал уыдзӕн. Дарддӕр цы уыдзӕн, ууыл нал тыхсдзыстӕм ӕмӕ нӕ уӕззау хъуыдытӕй фервӕздзыстӕм.

20, 21. а) Адӕймаг ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр сабыр уа, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый Стефаны хабарӕй куыд зыны? ӕ) Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ-иу адӕймаг сабыр кӕй уыд, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс абоны цардӕй.

20 Ахуыргӕнинаг Стефаны йӕ уырнындзинады тыххӕй карзӕй куы ’фхӕрдтой, уӕд уыд диссаджы сабыр. Фӕстаг хатт ма Хуыцауы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сӕйраг тӕрхондоны чи уыд, уыдон иууылдӕр федтой, «йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди, уый» (Хъуыддӕгтӕ 6:15). Йӕ цӕсгомӕй бӕрӕг уыд, ӕппындӕр кӕй нӕ тыхст – зӕды цӕсгомау, Хуыцауы минӕвары цӕсгомау ын уыд. Стефан тӕрхонгӕнджытӕн комкоммӕ куы загъта, Йесойы уыдон кӕй амардтой, уӕд «уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕйы кардау иннӕрдӕм ахызтысты ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд». Стефан «сыгъдӕг удӕй схайджын, скаст арвмӕ ӕмӕ федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы, Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ». Стефанӕн уымӕй йӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар ӕмӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззад (Хъуыддӕгтӕ 7:52–60). Кӕд Хуыцау абон махӕн ахӕм диссӕгтӕ не ’вдисы, уӕддӕр нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны.

21 Ӕркӕсӕм, цы ӕнкъардтой, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы нацистты къухӕй йӕ мӕлӕт чи ссардта, уыцы чырыстӕттӕй чидӕртӕ. Иу ӕфсымӕр радзырдта, тӕрхондоны цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй: «Рахастой мын мӕлӕты тӕрхон. Куы йӕ фехъуыстон, уӕд мӕхицӕн загътон: „Мӕлӕты онг иузӕрдион у“, ӕмӕ ма ӕрхъуыды кодтон нӕ Хицауы ныхӕстӕй ӕндӕртӕ дӕр. Уый уыд кӕрон. [...] Фӕлӕ мӕт кӕнын ницӕуыл хъӕуы. Мӕ зӕрдӕйы ахӕм фарн ис, афтӕ сабыр дӕн, ӕмӕ уӕ уырнгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн!» Иу ӕрыгон ӕфсымӕрӕн мӕлӕты тӕрхон рахастой ӕмӕ йын йӕ сӕр акъуырдтой. Йӕ мӕлӕты размӕ уый йӕ ныййарджытӕм ныффыста: «Ӕмбисӕхсӕв аивгъуыдта. Ис ма мын рӕстӕг мӕ хъуыды аивынӕн. Фӕлӕ нӕ Хицауыл мӕ зӕрдӕ куы сивон, уӕд ма искуы амондджын уыдзынӕн? Никуы! Фӕлӕ йӕ зонут: ӕз цӕуын ацы дунейӕ амондджынӕй ӕмӕ мӕ зӕрдӕ йедзаг у фарнӕй». Уӕдӕ дызӕрдыг кӕнӕн нӕй, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕны, ууыл.

Дӕ бон у фидар фӕлӕууын!

22, 23. Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар куы уай, уӕд дӕ ныфс цӕмӕй уыдзӕн?

22 Гӕнӕн ис, ӕмӕ цы зындзинӕдты кой ракодтам, уыдонӕй ды ницы ӕвзарыс. Фӕлӕ раст сты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы ныхӕстӕ: «Сылгоймагӕй чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ’взары» (Иов 14:1). Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зӕрдиагӕй архайыс, цӕмӕй сӕ Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ хъомыл кӕнай. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сывӕллӕттӕн скъолайы сӕ ныхмӕ цӕуой. Фӕлӕ дын куыд ӕхсызгон вӕййы, Йегъовӕйы номы тыххӕй фидар куы фӕлӕууынц ӕмӕ, йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайынц! Чи зоны куысты исты зындзинӕдтыл кӕнӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлыс. Фӕлӕ ахӕм ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты фидар фӕлӕууӕн ис, уымӕн ӕмӕ нын «Йегъовӕ алыбон дӕр нӕ уаргъ хӕссы» (Псалом 68:19, НД, [67:20]).

23 Чи зоны, дӕхимӕ уадиссагӕй ницы уыныс. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбон ӕмӕ, йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад ӕвдисыс, уый никуы ферох кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 6:10). Хуыцау дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууай, дӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд. Дӕ куывдтытӕй ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын ахсджиаг кӕй у. Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар куы уай, уӕд дӕ ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ дын кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Чырыстӕтты фидар фӕлӕууын цӕмӕн хъӕуы?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн низ ӕмӕ хионы мӕлӕт сфӕразынӕн?

• Куывд нын куыд ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн?

• Цӕмӕн ис гӕнӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд фӕлварӕнты фидар фӕлӕудзыстӕм