Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодтай?

Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодтай?

Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодтай?

«Ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд» (1 ИОАННЫ 5:16).

1, 2. Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракӕнӕн кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм?

«АФТӔ мӕм каст, цыма сыгъдӕг уды ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд. Ӕмӕ мӕ уыцы хъуыды удхарӕй мардта». Ацы ныхӕстӕ загъта, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, иу ахӕм сылгоймаг Германӕй. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Хуыцауы сыгъдӕг уды, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхы ныхмӕ тӕригъӕд ракӕна?

2 О, Йегъовӕйы сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракӕнӕн ис. Йесо Чырысти загъта: «Адӕймагӕн цыфӕнды тӕригъӕд ӕмӕ фауӕн ныхасы тыххӕй дӕр хатыр уыдзӕн, фӕлӕ сыгъдӕг уд чи бафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн» (Матфейы 12:31). Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Кӕд, ӕцӕгдзинад бӕлвырд куы базыдтам, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыдтӕрхон» (Дзуттӕгтӕм 10:26, 27). Апостол Иоанн та ныффыста: «Ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд» (1 Иоанны 5:16). Фӕлӕ цымӕ уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, «мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд» сарӕзта ӕви нӕ?

Чи ӕрфӕсмон кӕна, уымӕн хатыргонд ӕрцӕудзӕн

3. Цы тӕригъӕд ракодтам, уый тыххӕй кӕд тынг мӕт кӕнӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

3 Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн Тӕрхонгӕнӕг у Йегъовӕ. Мах иууылдӕр дзуапп дӕттӕм Хуыцауы раз. Ӕмӕ уый та алкӕддӕр рахӕссы раст тӕрхон (Райдиан 18:25; Ромӕгтӕм 14:12). Цы тӕригъӕд ракодтам, уымӕн ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕны Йегъовӕ. Ӕрмӕстдӕр уымӕн у йӕ бон махӕй йӕ сыгъдӕг уд айсын (Псалом 50:13). Фӕлӕ цы тӕригъӕд ракодтам, уый тыххӕй кӕд тынг мӕт кӕнӕм, уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕнӕм. Уӕдӕ кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр фӕсмон кӕны йӕ тӕригъӕдыл?

4. а) Цы нысан кӕны фӕсмон кӕнын? ӕ) Псалом 102:10–14 нын удӕнцой куыд сты?

4 Фӕсмон кӕнын нысан кӕны, раздӕр цы ӕнӕраст митӕ бакодтам кӕнӕ бакӕнинаг уыдыстӕм, уыдонмӕ ныр ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсӕм. Уый ма нысан кӕны, тынг кӕй маст кӕнӕм ӕмӕ сӕ кӕй нал кӕнӕм. Кӕд уӕззау тӕригъӕд ракодтам, фӕлӕ алцыдӕр аразӕм, цӕмӕй, зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтам, уый равдисӕм, уӕд нын удӕнцой уыдзысты псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Нӕ ӕнӕзакъондзинӕдтӕм гӕсгӕ нын [Йегъовӕ] нӕ сарӕзта, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нӕ ратта махӕн. Уымӕн ӕмӕ арв куыд бӕрзонд у зӕххы сӕрмӕ, афтӕ стыр у Хуыцауы хорзӕх Уымӕй тӕрсджытӕм. Куыд дард у скӕсӕн ныгуылӕнӕй, афтӕ адард кодта Уый махӕй не ’нӕзакъондзинӕдтӕ. Куыд фыд тӕригъӕд кӕны фырттӕн, афтӕ тӕригъӕд кӕны Хицау Уымӕй тӕрсджытӕн. Уымӕн ӕмӕ Уый зоны не сконд, хъуыды кӕны, кӕй стӕм мах сыджыт» (Псалом 102:10–14).

5, 6. Зӕгъ, 1 Иоанны 3:19–22 сӕйраг хъуыды цы у, уый, ӕмӕ бамбарын кӕн апостол Иоанны ныхӕстӕ.

5 Удӕнцойы хос ма нын сты апостол Иоанны ныхӕстӕ дӕр: «Гъе уымӕй йӕ базондзыстӕм, мах ӕцӕгдзинадӕй кӕй стӕм. Ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд кӕй у, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, цыфӕнды хъуыддаджы тыххӕй ныл ма худа нӕ зӕрдӕ, уӕддӕр. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, кӕд нӕхиуыл нӕ зӕрдӕ нӕ худы, уӕд нӕ бон у Хуыцауы раз ныфсджынӕй дзурын. Ӕмӕ дзы цыфӕнды ма ракурӕм – райсдзыстӕм ӕй, уымӕн ӕмӕ йын ӕххӕст кӕнӕм йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый аразӕм» (1 Иоанны 3:19–22).

6 Мах ӕй зонӕм, «мах ӕцӕгдзинадӕй кӕй стӕм», уымӕн ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ нӕ аразӕм (Псалом 118:11). Истӕй тыххӕй нӕхи мастӕй куы хӕрӕм, уӕд нӕ хъуамӕ рох ма уа, «Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр [кӕй] у ӕмӕ алцыдӕр [кӕй] зоны». Йегъовӕ нын хатыр кӕны, уымӕн ӕмӕ уыны, «ӕфсымӕртыл ӕнувыд» кӕй стӕм, тӕригъӕды ныхмӕ кӕй тох кӕнӕм ӕмӕ кӕй архайӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (1 Петры 1:22). Нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ худдзӕн, Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, не ’фсымӕрты куы уарзӕм ӕмӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы нӕ аразӕм, уӕд. Кувгӕйӕ, нӕ бон уыдзӕн «Хуыцауы раз ныфсджынӕй дзурын», ӕмӕ нӕ Хуыцау хъусдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм.

Тӕригъӕд ракодтой сыгъдӕг уды ныхмӕ

7. Тӕригъӕд ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый цӕуыл баст у?

7 Цы сты, ныххатыр кӕнӕн кӕй нӕй, уыцы тӕригъӕдтӕ? Ацы фарстӕн дзуапп ссарыны тыххӕй ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ Библийӕ. Уыдон нын удӕнцой ӕрхӕсдзысты, кӕд нӕ уӕззау тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтам, фӕлӕ ма уӕддӕр фырмӕтӕй нӕхи хӕрӕм. Мах базондзыстӕм, тӕригъӕд ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый сӕйраджыдӕр, адӕймаг цавӕр тӕригъӕд ракодта, ууыл баст кӕй нӕу, фӕлӕ йӕ цӕмӕн ракодта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ йӕ зонгӕ-зонын бакодта ӕви нӕ, ууыл.

8. Фыццаг ӕнусы иудейты дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд куыд арӕзтой?

8 Фыццаг ӕнусы иудейты дины разамонджытӕ арӕзтой тӕригъӕд сыгъдӕг уды ныхмӕ – зонгӕ-зонын цыдысты Йесо Чырыстийы ныхмӕ. Уыдон уыдтой, Йесо сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй арӕзта, Йегъовӕйы чи кадджын кодта, ахӕм диссӕгтӕ. Фӕлӕ дзырдтой, зӕгъгӕ сӕ Сайтан Хӕйрӕджы хъаруйӕ аразы. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуыцауы сыгъдӕг уд чи фаудта, уыдон арӕзтой, «нӕдӕр ацы цардӕвӕрды, нӕдӕр, чи ӕрцӕуа, уым» хатыргонд чи не ’рцӕудзӕн, ахӕм тӕригъӕд (Матфейы 12:22–32).

9. Цы нысан кӕны фауын ӕмӕ цы загъта Йесо уый тыххӕй?

9 Фауын нысан кӕны ӕгадгӕнаг, мӕнг кӕнӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын. Сыгъдӕг уд Хуыцауы архайгӕ тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ дзурын Йегъовӕйы ныхмӕ дзурынӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаг ахӕм ныхӕстӕ куы кӕна ӕмӕ сыл куы нӕ фӕсмон кӕна, уӕд уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕй. Ахӕм тӕригъӕды тыххӕй Йесо цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, кӕй кодта, Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ зонгӕ-зонын чи цӕуы, уыдоны кой. Фарисейтӕ уыдтой, Йесойӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг уд кӕй ӕххуыс кодта, уый. Фӕлӕ уӕддӕр, Хӕйрӕджы хъаруйӕ архайы, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ фаудтой сыгъдӕг уд ӕмӕ тӕригъӕд арӕзтой. Йесо дӕр уымӕн загъта: «Сыгъдӕг удӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн – уыцы тӕригъӕд ыл уыдзӕн ӕнусмӕ» (Марчы 3:20–29).

10. Йесо Иудӕйы «сафинаг» цӕмӕн схуыдта?

10 Ӕркӕсӕм ма Иудӕ Искариоты хабармӕ дӕр. Уый уыд мӕнгард адӕймаг – ӕхцайы къопп уыди уымӕ, ӕмӕ дзы цы ’хцатӕ ӕвӕрдтой, уыдонӕй давта (Иоанны 12:5, 6). Фӕстӕдӕр Иудӕ ацыд иудейты разамонджытӕм ӕмӕ семӕ баныхас кодта, Йесойы сын 30 ӕвзист ӕхцайыл кӕй ауӕй кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр Иудӕмӕ худинаг ӕркаст, йӕ ахуыргӕнӕгыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, фӕлӕ уыцы тӕригъӕд ракодта зонгӕ-зонын ӕмӕ йыл не ’рфӕсмон кодта. Уӕдӕ Иудӕ райгас кӕныны аккаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдта Йесо «сафинаг» (Иоанны 17:12; Матфейы 26:14–16).

Сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд нӕ ракодтой

11–13. Цавӕр тӕригъӕд ракодта паддзах Давид ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ куыд бакодта, уый нын удӕнцой куыд хӕссы?

11 Вӕййы афтӕ, ӕмӕ йӕ уӕззау тӕригъӕдыл чи басаст ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕмӕн баххуыс кодтой, ахӕм адӕймаг уӕддӕр фӕмаст кӕны, кӕддӕр Хуыцауы закъоны сӕрты кӕй ахызт, уый тыххӕй (Иаковы 5:14). Кӕд уый махӕй дӕр зӕгъӕн ис, уӕд нын, ӕвӕццӕгӕн, стыр пайда фӕуыдзӕн, йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцыдысты, уыдоны тыххӕй Фыстад цы дзуры, уый.

12 Паддзах Давид ракодта стыр тӕригъӕд. Уый йӕ галуаны сӕрӕй федта иу рӕсугъд сылгоймаджы йӕхи найгӕ. Уыцы сылгоймаг уыд Урийы ус Вирсави. Давид ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Фӕстӕдӕр Давид куы базыдта, сылгоймаг басывӕрджын, уӕд сфӕнд кодта хабар басусӕг кӕнын. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй Ури йӕ ус Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Паддзахӕн уымӕй куы ницы рауад, уӕд афтӕ бакодта, Ури хӕсты быдыры куыд фӕмард уыдаид. Уый фӕстӕ Вирсави Давиды ус сси, фӕлӕ йын цы сывӕллон райгуырд, уый амард (2 Паддзахӕдты 11:1–27).

13 Йегъовӕ ацы хъуыддаджы куыд бакодта? Хуыцау Давидӕн ныххатыр кодта, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ уыдта, кӕй ӕрфӕсмон кодта, стӕй ма йемӕ бадзырд Паддзахады тыххӕй кӕй скодта, уый тыххӕй дӕр (2 Паддзахӕдты 7:11–16; 12:7–14). Вирсави дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕм ӕрхауд стыр кад: йӕ фырт Соломон сси паддзах, стӕй Йесо Чырысти дӕр уыд йӕ байзӕддӕгтӕй (Матфейы 1:1, 6, 16). Кӕд тӕригъӕд ракодтам, уӕд хорз уаид, куы нӕ рох кӕниккам, Йегъовӕ кӕй кӕсы, зӕрдӕйӕ кӕй фӕсмон кӕнӕм, уымӕ.

14. Йегъовӕ стыр тӕригъӕдтӕ дӕр кӕй хатыр кӕны, уый паддзах Манассийы хабарӕй куыд зыны?

14 Йегъовӕ стыр тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый ма бӕрӕг у Иудӕйы паддзах Манассийы хабарӕй дӕр. Уый арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Манасси сарӕзта нывондхӕссӕн Ваалӕн, куывта «ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн дӕр» ӕмӕ суанг Йегъовӕйы кувӕндоны дыууӕ кӕрты дӕр сарӕзта нывондхӕссӕнтӕ мӕнгхуыцӕуттӕн. Йӕ фыртты артыл нывондӕн ӕрхаста, дӕсныты ӕмӕ хингӕнджыты сбирӕ кодта. Манасси рӕдийын кодта Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты, ӕмӕ уыдон дӕр, «Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ размӕ кӕй ныццагъта, уыцы адӕмтӕй фыддӕр митӕ кодтой». Хуыцауы пехуымпартӕ цы дзырдтой, уымӕ ничи хъуыста. Ӕппынфӕстаг, Ассирийы паддзах Манассийы уацары акодта. Манасси уацары куы уыд, уӕд ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ сӕрныллӕгӕй Хуыцаумӕ куывта. Йегъовӕ йын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Иерусалимы паддзахӕй сӕвӕрдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Манасси архайдта, цӕмӕй адӕм фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой (2 Паралипоменон 33:2–17).

15. Йегъовӕ «бирӕхатыргӕнаг» кӕй у, уый апостол Петры цардӕй цавӕр хабарӕй рабӕрӕг?

15 Ныр та ӕркӕсӕм, цалдӕр ӕнусы фӕстӕдӕр чи ’рцыд, уыцы хабармӕ. Апостол Петр нӕ басаст, Йесойы кӕй зыдта, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый уыд стыр тӕригъӕд (Марчы 14:30, 66–72). Фӕлӕ Йегъовӕ «бирӕхатыргӕнаг» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Петрӕн ныххатыр кодта (Исай 55:7). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Петр зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта (Лукайы 22:62). Хуыцау ын кӕй ныххатыр кодта, уый хорз рабӕрӕг уыцы хабарӕй 50 боны фӕстӕдӕр. Йегъовӕ Петрӕн радта ахӕм диссаджы фадат, цӕмӕй Фӕндзайӕм боны адӕмы раз ныфсджынӕй дзырдтаид Йесойы тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 2:14–36). Уӕдӕ цымӕ абон чырыстӕттӕй йӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн Хуыцау афтӕ нӕ хатыр кӕны? Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Хицау, Ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,– Хицау! чи бафӕраздзӕн? Фӕлӕ Дӕумӕ хатырдзинад» (Псалом 129:3, 4).

Мауал мӕт кӕнӕм – куыд?

16. Цы хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау ныххатыр кӕна?

16 Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодтам, уӕд нын, уӕлдӕр цы цӕвиттонтӕ равзӕрстам, уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй мауал мӕт кӕнӕм. Уыцы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Ӕппӕты ахсджиагдӕр у зӕрдӕбынӕй кувын. Кӕд тӕригъӕд ракодтам, уӕд нӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна Йесо Чырыстийы нывонды бындурыл. Дзурӕм ын, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый кӕй зонӕм, нӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастам, ууыл кӕй сӕттӕм ӕмӕ нӕ ныфс кӕй ис, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Йегъовӕйӕн йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, ӕмӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн, ууыл (Ефесӕгтӕм 1:7).

17. Тӕригъӕд куы ракӕнӕм ӕмӕ нӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд цы хъуамӕ бакӕнӕм?

17 Фӕлӕ, зӕгъӕм, тӕригъӕд ракодтам, ӕмӕ Йегъовӕмӕ нӕ бон кувын дӕр нал у, кӕй дзы адард стӕм, уый тыххӕй. Уӕд та цы бакӕнӕм? Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «[Ахӕм адӕймаг] фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт. Ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Иаковы 5:14, 15).

18. Адӕймаджы суанг ӕмбырдӕй дӕр куы ацух кӕной, уӕддӕр уый зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд ракодта?

18 Адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл кӕй нӕ фӕсмон кӕны, уый тыххӕй йӕ ӕмбырдӕй дӕр куы ацух кӕной, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд ракодта. Коринфы ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы сӕрст ӕфсымӕры тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Уыцы адӕймагӕн уӕ фылдӕр цы уайдзӕф бакодтой, уый йын фаг у. Ныр та йын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут, цӕмӕй уыцы адӕймаг бынтондӕр йӕхимӕ ма ныхъхъуса» (2 Коринфӕгтӕм 2:6–8; 1 Коринфӕгтӕм 5:1–5). Фӕлӕ чи фӕрӕдыд, уый цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй хъуамӕ байхъуса, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын Библийӕ цы уынаффӕтӕ раттой, уыдонмӕ, ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕна. Уыцы адӕймаг хъуамӕ, «кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый хъуыддагӕй равдиса» (Лукайы 3:8).

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа?

19 Ноджыдӕр ма нӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ ракодтам тӕригъӕд? Чи зоны, гыццыл исты дӕр нӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр кӕй исӕм кӕнӕ не ’нӕниздзинад ӕвзӕр кӕй у, уый тыххӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд нын, гӕнӕн ис, баххуыс кӕна, Хуыцаумӕ куы кувӕм ӕмӕ фылдӕр куы улӕфӕм. Хъуамӕ Сайтанӕн уый бар ма дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕтта, ӕмӕ Хуыцауӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Кӕд Йегъовӕйы суанг тӕригъӕдджын адӕймаджы мӕлӕт дӕр нӕ фӕнды, уӕд ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй исчи фесӕфа. Уӕдӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодтам, уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕхи фидар кӕнӕм Хуыцауы Ныхасӕй, зӕгъӕм, псаломтӕй, ӕдзух ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн ӕмӕ нӕ мӕт кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд ракодтам (Титмӕ 2:2).

20. Адӕймагӕн йӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын, цӕмӕй бамбара, сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд кӕй нӕ ракодта, уый?

20 Афтӕ кӕмӕ кӕсы, ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодта, уымӕн йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цымӕ сыгъдӕг уд бафаудтон? Мӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтон? Хуыцау хатыргӕнаг кӕй у, уый мӕ уырны? Мыййаг, раст динӕй аздӕхтӕн ӕмӕ Хуыцауы рухсӕн нӕ аргъ кӕнын?» Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм фарстытыл ахъуыды кӕнгӕйӕ, адӕймаг бамбардзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕй нӕ бафаудта, стӕй раст динӕй дӕр кӕй нӕ аздӕхт. Уый фӕсмон кӕны ӕмӕ йӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ йын кӕй хатыр кӕны. Кӕд афтӕ у, уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд нӕ ракодта.

21. Цавӕр фарстытыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

21 Куыд хорз у фидарӕй зонын, сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд кӕй нӕ ракодтам! Иннӕ статьяйы равзардзыстӕм, ацы темӕимӕ баст чи у, ӕндӕр ахӕм фарстытӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй архайын? Сыгъдӕг уды фӕрцы цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдон мӕнмӕ дӕр сты?

Цавӕр дзуапп раттис?

• Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракӕнӕн ис?

• Цы нысан кӕны фӕсмон кӕнын?

• Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд чи арӕзта?

• Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд ракодта, уӕд йӕ бон цы у бакӕнын, цӕмӕй мауал мӕт кӕна?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Петр Йесойы кӕй зыдта, ууыл кӕй нӕ басаст, уымӕй, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм тӕригъӕд нӕ ракодта