Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?

«Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?

«Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?

«Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (ЛУКАЙЫ 12:21).

1, 2. а) Адӕм бирӕ цӕуылдӕрты сӕ къух сисынмӕ цӕттӕ цӕй тыххӕй сты? ӕ) Ӕцӕг чырыстӕттӕн зын цы у ӕмӕ сын тӕссаг цӕмӕй у?

ӔНУСТЫ дӕргъы бирӕтӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайдтой, цӕмӕй схъӕздыг уыдаиккой. Зӕгъӕм, 19 ӕнусы Австралийы, Хуссар Африкӕйы, Канадӕйы ӕмӕ Иугонд Штатты адӕм фӕрынчын сты «сыгъзӕрины низӕй». Уыдон-иу ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ бинонты, ӕмӕ-иу хорз цард агурынмӕ араст сты ӕнӕзонгӕ, суанг-иу цӕрӕг дӕр кӕм нӕ уыд, ахӕм бӕстӕтӕм. О, абон дӕр бирӕтӕ, цы хъӕздыгдзинадмӕ бӕллынц, уый тыххӕй сӕ цард тасы дӕр ӕппарынц ӕмӕ цӕттӕ сты бирӕ цӕуылдӕрты сӕ къух сисынмӕ.

2 Кӕд абон адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕцӕг сыгъзӕринтӕ нӕ агурынц, уӕддӕр сӕ хъӕуы бирӕ кусын, цӕмӕй сӕ цардыл ӕххӕссой. Нӕ рӕстӕджы уый у тынг зын, домы бирӕ тыхтӕ. Хӕринаджы, дзаумайы ӕмӕ хӕдзары мӕт адӕймаджы ӕнцонтӕй сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ йӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм ӕвдӕлгӕ дӕр нал фӕкӕны кӕнӕ та дзы суанг рох дӕр фӕвӕййынц (Ромӕгтӕм 14:17). Адӕймаг ӕцӕг афтӕ кӕй у, уый равдисынӕн Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Фыст ис Лукайы 12:16–21.

3. Лукайы 12:16–21 цы фӕсномыг ныхас фыст ис, уый цыбыртӕй радзур.

3 Йесо ацы фӕсномыг ныхас радзырдта, зыд кӕнынӕй хи хизын кӕй хъӕуы, уый кой куы ракодта, уый фӕстӕ. Ууыл лӕмбынӕг аныхас кодтам айразмӕ статьяйы. Йесо радзырдта иу хъӕздыг лӕджы хабар. Уыцы лӕгмӕ уыд стыр хордӕттӕ ӕмӕ йын йедзаг уыдысты бирӕ фӕллӕйттӕй. Фӕлӕ лӕджы бафӕндыд йӕ хордӕттӕ фехалын ӕмӕ ноджы стырдӕр хордӕттӕ саразын, фылдӕр фӕллӕйттӕ кӕм бацыдаид, ахӕмтӕ. Афтӕ куы ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, ныр баулӕфдзынӕн ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвитдзынӕн мӕ бонтӕ, уӕд ын Хуыцау загъта, райсоммӕ дӕр кӕй нал ахӕсдзӕн ӕмӕ цы фӕллӕйттӕ скодта, уыдон ӕндӕр кӕмӕндӕр кӕй баззайдзысты. Йӕ ныхасы кӕрон Йесо загъта: «Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (Лукайы 12:21). Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы фӕсномыг ныхасӕй? Куыд ӕй ис ахӕссӕн нӕ цардмӕ?

«Ныр цы кӕнон»?

4. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой кодта, уый цавӕр адӕймаг уыд?

4 Йесо цы хабар ракодта, ахӕм хабӕрттӕ абон дӕр арӕх сты. Йесо йӕ ныхас райдыдта хуымӕтӕг хабарӕй: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ быдыры ӕрзади бирӕ хор». Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ уыцы лӕг иннӕтыл сайдӕй кӕй цыд кӕнӕ давгӕ кӕй кодта, уымӕй схъӕздыг. Иудзырдӕй йӕ Йесо ӕвзӕр адӕймаг не схуыдта. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый уыд кусаг адӕймаг. Хъуыды кодта йӕ сомбоныл ӕмӕ ӕвӕрӕнтӕ кодта, ӕвӕццӕгӕн, йӕ бинонтыл кӕй мӕт кодта, уый тыххӕй. Уӕдӕ дунейы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, уый уыд хӕдзардарӕг, кусаг адӕймаг.

5. Цавӕр зын хъуыддагыл сӕмбӕлд, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой ракодта, уый?

5 Куыдфӕнды ма уыдаид, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой кодта, уый схуыдта хъӕздыг, уӕдмӕ дӕр ӕм бирӕ мулк кӕй уыдис, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, уыцы лӕг сӕмбӕлд иу зын хъуыддагыл: ӕрзад ӕм, ӕнхъӕл цас уыд, уымӕй бирӕ фылдӕр хор – цас ӕй хъуыд ӕмӕ йӕ бон бафснайын цас уыд, уымӕй бирӕ фылдӕр. Куыд хъуамӕ бакодтаид?

6. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты абон цы бахъӕуы аскъуыддзаг кӕнын?

6 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр абон бирӕтӕ бахауынц, хъӕздыг лӕг цы уавӕрты бахауд, ахӕм уавӕрты. Ӕцӕг чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй кусой ӕнӕзӕрдӕхудтӕй, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ сыгъдӕг цӕсгомимӕ (Колоссӕгтӕм 3:22, 23). Вӕййы сын хорз кусджыты ном, сӕ хъуыддаг размӕ фӕцӕуы, искӕмӕн кусой ӕви сӕхӕдӕг уой хицӕуттӕ, уӕддӕр. Уӕлдӕр бынаты сӕ куы февӕрынц кӕнӕ сын ӕндӕр куыст куы фӕдӕттынц, уӕд сӕ фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын: сразы уой ӕви нӕ? Ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ скъолайы хорз ахуыр кӕнынц. Уый тыххӕй сӕ схорзӕхджын кӕнынц кӕнӕ сын зӕрдӕ февӕрынц стипендийӕ, цӕмӕй кадджындӕр институттӕм бацӕуой. Куыд бакӕной: иннӕтау хъуамӕ сразы уой?

7. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой ракодта, уый куыд бакодта?

7 Ногӕй та Йесойы фӕсномыг ныхасмӕ раздӕхӕм. Хъӕздыг лӕгмӕ уыйас тыллӕг куы ӕрзад, ӕмӕ йӕ кӕм бафснайдтаид, уый дӕр ын куы нӕ уыд, уӕд куыд бакодта? Уый сфӕнд кодта йӕ хордӕттӕ фехалын ӕмӕ стырдӕртӕ саразын, цӕмӕй дзы йӕ хор ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕ бафснайдтаид. Ахӕм фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ фӕныфсджын ӕмӕ афтӕ бахъӕлдзӕг, ӕмӕ ахъуыды кодта: «Мӕхицӕн зӕгъдзынӕн: „Ис дӕм бирӕ фӕллой бирӕ азты фаг. Ныр цӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн, хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ“» (Лукайы 12:19).

«Ӕнӕзонд» – цӕмӕн?

8. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой кодта, уымӕй цы ферох?

8 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы хъӕздыг лӕгӕн йӕ фӕндтӕ удӕнцой уыдысты, фӕлӕ сыл митын мӕсгуытӕй хъауджыдӕр ныфс ӕвӕрӕн нӕ уыд. Куыд зынди, афтӕмӕй алцыдӕр лыстӕггай сбарста, фӕлӕ ферох кодта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – Хуыцауы фӕндон. Уыцы лӕг хъуыды кодта ӕрмӕст йӕхиуыл: йӕ удыдзӕбӕхӕн куыд цӕрдзӕн, куыд хӕрдзӕн, куыд нуаздзӕн ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй йӕ бонтӕ куыд ӕрвитдзӕн. Уымӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕм «бирӕ фӕллой» куы уа, уӕд «бирӕ азтӕ» фӕцӕрдзӕн. Фӕлӕ йе ’намондӕн, хъуыддӕгтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ рауадысты. Йесо уымӕй размӕ загъта, зӕгъгӕ, «адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕддӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй аразгӕ нӕу» (Лукайы 12:15). Лӕг цӕуыл фӕфыдӕбон кодта, уыдон иууылдӕр уыцы ӕхсӕв ӕнӕхъуаджы фесты, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау загъта: «Куыд ӕнӕзонд дӕ! Ахсӕв дын дӕ цард байсдзысты, ӕмӕ уӕд, цы фӕллӕйттӕ скодтай, уыдон кӕмӕн баззайдзысты?» (Лукайы 12:20).

9. Фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой цӕуы, уый Хуыцау ӕнӕзонд цӕмӕн схуыдта?

9 Ныр бахӕццӕ стӕм Йесойы фӕсномыг ныхасы сӕйраг хъуыдымӕ. Хуыцау уыцы лӕджы схуыдта ӕнӕзонд. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, грекъаг ӕвзаджы ацы дзырдӕн цы формӕтӕ ис, уыдон «алкӕддӕр фӕамонынц, чидӕр цыдӕр кӕронмӕ кӕй не ’мбары, уымӕ». Уыцы дзырдуаты ма фыст ис, зӕгъгӕ, ацы фӕсномыг ныхасы Хуыцау уыцы лӕджы афтӕ уымӕн схуыдта, цӕмӕй равдыстаид, куыд «ӕнӕхъуаджы уыдысты хъӕздыг лӕджы фӕндтӕ». Ацы дзырд зондхъуаг адӕймагмӕ нӕ амоны, фӕлӕ «йӕ цард Хуыцауӕй кӕнгӕ кӕй у, ууыл чи нӕ разы кӕны, ахӕм адӕймагмӕ» («Exegetical Dictionary of the New Testament»). Йесо хъӕздыг лӕджы тыххӕй цы загъта, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, фӕстӕдӕр, фыццаг ӕнусы кӕрон, Лаодикийы (Къаннӕг Ази) чырыстӕттӕм цы ныффыста уый: «Ды зӕгъыс: „Ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ ӕппындӕр ницӕмӕй цух дӕн“. Фӕлӕ уый нӕ зоныс, ӕмӕ ницӕйаг, тӕригъӕддаг, мӕгуыр, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ» (Раргомад 3:17).

10. Адӕймаг йӕ «бирӕ фӕллойы» фӕрцы «бирӕ азтӕ» цӕуылнӕ фӕцӕрдзӕн?

10 Хорз уаид, ацы хабарыл куы ахъуыды кӕниккам. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр, фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой цыд, уый хуызӕн суӕм – бирӕ кусӕм, цӕмӕй нӕм «бирӕ фӕллой» уа, фӕлӕ «бирӕ азтӕ» цӕй фӕрцы ис фӕцӕрӕн, уый ма аразӕм? (Иоанны 3:16; 17:3). Библийы фыст ис: «Зынаргъ дзауматӕ ницы пайда уыдзысты масты бон» ӕмӕ «йӕ хъӕздыгдзинадыл йӕ ныфс чи дары, уый ӕрхаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 11:4, 28). Уӕдӕ Йесо дӕр йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон уымӕн загъта: «Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (Лукайы 12:21).

11. Ныфс хъӕздыгдзинадыл ӕвӕрын ӕнӕпайда хъуыддаг цӕмӕн у?

11 Йесо куы загъта, «афтӕ рауайы», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъӕздыг лӕгыл цы ’рцыд, уый кӕй ӕрцӕудзӕн, йӕ цард ӕрмӕст мулкимӕ чи бӕтты ӕмӕ йӕ ныфс ӕрмӕст хъӕздыгдзинадыл чи дары, ууыл дӕр. Йӕ бӕллӕх сӕйраджыдӕр уый мидӕг нӕ уыд, ӕмӕ хӕзнатӕ йӕхицӕн ӕмбырд кодта, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг кӕй нӕ кодта, уый мидӕг. Ахуыргӕнинаг Иаков дӕр фӕдзӕхста. Афтӕ чи дзырдта, «абон кӕнӕ райсом фӕцӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм сахармӕ, афӕдз дзы фӕуыдзыстӕм, исты хъуыддаджы ныллӕудзыстӕм ӕмӕ ӕхца бакусдзыстӕм», зӕгъгӕ, уыдонӕн загъта: «Афтӕмӕй та уыл райсом цы ’рцӕудзӕн, уый дӕр нӕ зонут». Сӕ бӕллӕх цӕй мидӕг уыд? Иаков ӕй ӕмбарын кӕны: «Уый бӕсты хъуамӕ афтӕ дзурат: „Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд удӕгас уыдзыстӕм ӕмӕ сараздзыстӕм уый кӕнӕ уый“» (Иаковы 4:13–15). Адӕймаг цыфӕнды хъӕздыг ма уа кӕнӕ цасфӕнды мулк ма ӕрӕмбырд кӕна, иууылдӕр ӕнӕпайда фӕуыдзысты, Хуыцауы цӕсты хъӕздыг куы нӕ уа, уӕд. Уӕдӕ куыд ӕмбарын хъӕуы, адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг у, зӕгъгӕ?

Хуыцауы цӕсты хъӕздыг ут

12. Хуыцауы цӕсты цӕй фӕрцы уыдзыстӕм хъӕздыг?

12 Йесойы фӕсномыг ныхасы ныхмӕ ӕвӕрд цӕуынц дыууӕ хъуыддаджы – адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уа ӕмӕ йӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕна, ома хъӕздыгдзинадыл бафта. Йесо загъта, нӕ сӕйраг мӕт кӕй ма хъуамӕ уа мулк ӕмбырд кӕнын кӕнӕ нӕм цы ис, ууыл цин кӕнын ӕмӕ нӕ бонтӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. Уый бӕсты хъуамӕ, цы нӕм ис, уымӕй афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм Йегъовӕмӕ. Афтӕмӕй Хуыцауы цӕсты уыдзыстӕм хъӕздыг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕндзӕн. Библи нын дзуры: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

13. Йегъовӕйы арфӕдзинад хъӕздыг куыд кӕны?

13 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куы фӕарфӕ кӕны, уӕд сын алкӕддӕр ратты, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый (Иаковы 1:17). Зӕгъӕм, израилӕгтӕн цӕрынӕн зӕхх куы лӕвӕрдта, уӕд сын радта, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм калд, уыцы зӕхх». Кӕд Египеты зӕххы тыххӕй дӕр Библийы афтӕ фыст ис, уӕддӕр Йегъовӕ израилӕгтӕн цы зӕхх радта, уый дзы, ӕппынкъаддӕр, хицӕн кодта иу хъуыддагӕй. Уый уыд уыцы зӕхх, Моисей израилӕгтӕн афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «йӕм дӕ Хуыцау Йегъовӕ зилы». Ӕндӕр ныхасӕй, сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодтаид, уымӕн ӕмӕ сыл Йегъовӕ тыхстаид. Цалынмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдысты, уӕдмӕ сын рӕдауӕй арфӕ кодта ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ уыд, уыдонӕй бирӕ хуыздӕр цардысты. Йегъовӕйы арфӕдзинад ӕцӕгдӕр «хъӕздыг кӕны»! (Нымӕцтӕ 16:13; Дыккаг закъон 4:5–8; 11:8–15).

14. Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын, Хуыцауы цӕсты хъӕздыг чи у, уыдон?

14 Хъӕздыг адӕмы фылдӕр фӕтыхсын кӕны, иннӕтӕ сӕ цы хъуыды кӕнынц, сӕ цӕсты сын цы кад ис, уый. Арӕх уый бӕрӕг вӕййы, куыд цӕрынц, уымӕй. Уыдоны фӕфӕнды сӕхи равдисын, ома «сӕхицӕй раппӕлын» (1 Иоанны 2:16). Фӕлӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг чи у, уыдонӕй Хуыцау разы у, уарзы сӕ, йе стыр хорзӕхӕй сӕ хайджын кӕны ӕмӕ йӕм сты ӕввахс. Уый фӕрцы сты хъӕлдзӕг ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсынц – уыдӕттӕ та ницавӕр хъӕздыгдзинадӕй ис балхӕнӕн (Исай 40:11). Фӕлӕ ма ӕвзӕры иу фарст: цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уӕм?

Хуыцауы цӕсты хъӕздыг кӕнын нӕ бон куыд у?

15. Цӕмӕй Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

15 Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой кодта, уый Хуыцау ӕнӕзонд уымӕн схуыдта, ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ хъарутӕ сарӕзта ӕрмӕст хъӕздыгдзинадмӕ. Фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, Хуыцау ахсджиагыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддӕгты зӕрдӕбынӕй архайӕм. Уыдонмӕ хауы, Йесо кӕй кой кодта, уыцы хъуыддаг дӕр: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матфейы 28:19). Уӕдӕ нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй ӕрмӕст нӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн куы нӕ пайда кӕнӕм, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ «банчы ӕхца ӕвӕрӕм». Афтӕ чи кӕны, уыдон райсынц стыр «проценттӕ». Уый зыны, дӕлдӕр цы хабӕрттӕ ис, уыдонӕй (Ӕмбисӕндтӕ 19:17).

16, 17. Цавӕр цард кӕны адӕймаджы хъӕздыг Хуыцауы цӕсты? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

16 Иу ӕфсымӕрӕн йӕ куыст баст уыди компьютертимӕ ӕмӕ бирӕ ӕхца куыста. Фӕлӕ йын рӕстӕг ӕндӕр ницӕмӕн фаг кодта ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ уырнындзинад тынг лӕмӕгъ кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ йын фылдӕр бантыса, ууыл нал хъуыды кодта, фӕлӕ йӕ куыст ныууагъта. Уый марожнӕ аразын райдыдта ӕмӕ йӕ уынджы уӕй кодта, ӕмӕ йын афтӕмӕй фӕзынд фылдӕр рӕстӕг йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕмӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Раздӕр кӕимӕ куыста, уыдон-иу ыл худтысты. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд цы рабӕрӕг? Ӕфсымӕр дзуры: «Компьютертимӕ куы куыстон, уӕд мын цас фыстой, уымӕй ныр фылдӕр ӕхца куыстон. Ӕмӕ ныр уыдтӕн бирӕ амондджындӕр, уымӕн ӕмӕ-иу раздӕры куысты кӕм тыхсгӕ скодтон, кӕм та-иу мӕсты сдӕн. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс дӕн». Ацы ӕфсымӕр йӕ куыст кӕй аивта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон сси пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ ныр та лӕггад кӕны, йӕ бӕстӕйы цы Вефил ис, уым. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы арфӕдзинад «хъӕздыг кӕны»!

17 Мӕнӕ ма ноджыдӕр иу цӕвиттон. Иу сылгоймаг схъомыл, уӕлдӕр ахуырӕн стыр аргъ чи кодта, ахӕм бинонты ’хсӕн. Уый ахуыр кодта Франц, Мексикӕ ӕмӕ Швейцарийы университетты – бӕрӕг уыд, бирӕ йын кӕй бантысдзӕн. «Амонд мӕм йӕ мидбылты худт, кад мын кодтой, уыдис мын фадӕттӕ бирӕ цӕмӕндӕрты,– дзуры уый.– Фӕлӕ мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рад, цыдӕр мын нӕ фаг кодта». Фӕстӕдӕр сылгоймаг базыдта Йегъовӕ Хуыцауы. Уый дзуры: «Мӕ уырнындзинад куыд фидар кодта, афтӕ мӕ тынгдӕр фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ мын цы радта, уымӕй дзы бузныг кӕй дӕн, уый гыццыл истӕмӕй уӕддӕр равдисын. Ӕз бамбӕрстон, уый равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр кӕй у ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын». Сылгоймаг йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ донаргъуыд райста. Ныр 20 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны ӕмӕ у тынг амондджын. «Иуӕй-иутӕ мын фӕдзурынц, зӕгъгӕ, дам, дын уыйбӕрц гӕнӕнтӕ уыди, ӕмӕ сӕ не спайда кодтай,– зӕгъы уый.– Фӕлӕ йӕ уынынц, амондджын кӕй дӕн ӕмӕ аргъ кӕнынц, цы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, уыдонӕн. Алы бон Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй сӕрныллӕг уон ӕмӕ мӕ йӕ зӕрдӕ райа».

18. Павелау махӕн дӕр нӕ бон куыд у, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уӕм?

18 Савлӕн, уый фӕстӕ апостол Павел чи сси, уымӕн, йӕ бон уыд йӕхицӕн стыр ном скӕнын. Фӕлӕ иу цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд ныффыста: «Ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы» (Филиппӕгтӕм 3:7, 8). Йесо Чырыстийы уылты Павел цы хъӕздыгдзинад ссардта, уый йын уыд, дуне йын цы радтаид, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр зынаргъдӕр. Уӕдӕ нӕ хиуарзон фӕндтӕ куы ныууадзӕм ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл куы архайӕм, уӕд мах дӕр Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уыдзыстӕм. Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» (Ӕмбисӕндтӕ 22:4).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой ракодта, уый цавӕр зын хъуыддагыл сӕмбӕлд?

• Фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой цӕуы, уый Хуыцау ӕнӕзонд цӕмӕн схуыдта?

• Куыд ӕмбарын хъӕуы, адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг у, зӕгъгӕ?

• Хуыцауы цӕсты хъӕздыг куыд суыдзыстӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Ног фадӕттӕ фӕлварӕн куыд свӕййынц?

[Ныв 30 фарсыл]

«Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны»

[Ныв 32 фарсыл]

Хуыцау хъӕздыг лӕджы ӕнӕзонд цӕмӕн схуыдта?