Ӕнӕмӕлгӕ уд дын ис?
Ӕнӕмӕлгӕ уд дын ис?
Цымӕ адӕймаг туг ӕмӕ стӕг йеддӕмӕ ницы у? Ӕви нӕ буар цӕмӕй конд у, уымӕй уӕлдай ма нӕ ӕндӕр исты дӕр ис? Абон стӕм, райсом та нал уыдзыстӕм? Ӕви нӕ мидӕг ис, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнӕмӕлгӕ цыдӕр, ӕмӕ куы амӕлӕм, уӕд цӕргӕйӕ баззайы?
МӔЛӔТЫ фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый дунейы динтӕ кӕд алыхуызӕтты ӕмбарын кӕнынц, уӕддӕр кӕрӕдзиимӕ разы сты иу хъуыддаджы: адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы цыдӕр цӕргӕйӕ баззайы. Бирӕты уырны, уыцы «цыдӕр» уд кӕй у. Ды та цӕуыл ӕууӕндыс? Цы у уд? Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис? Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, ӕцӕг чи стӕм, уый базонын!
«Адӕймаг сси цӕргӕ уд»
Цымӕ «уд» ӕцӕгдӕр ахӕм цыдӕр у, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд буарӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ кӕмдӕр фӕцӕры? Иу дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, «уд у адӕймаг йӕхӕдӕг» («Holman Illustrated Bible Dictionary»). Зӕгъӕм, Райдианы 2:7 фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы скодта сыджытӕй ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд царды улӕфт, ӕмӕ адӕймаг сси цӕргӕ уд». Фыццаг адӕймаг, Адам, уыди уд.
Дзырд «уд» адӕймагӕн йӕхимӕ кӕй амоны, уый ма фенӕн ис Библийы ӕндӕр рӕтты дӕр. Цӕвиттон, Библи зӕгъы, удӕн йӕ бон кӕй у кусын (Левит 23:30). Уды тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уд фӕлмӕцы, тыхсы, ӕнкъард кӕны, тас дзы бацӕуы, йӕ ныфс асӕтты (Тӕрхонгӕнджыты 16:16; Иов 19:2; Псалом 118:28; Хъуыддӕгтӕ 2:43, фип.; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, фип.). Ромӕгтӕм 13:1 уд амоны адӕймагмӕ: «Алы адӕймаг дӕр [«алы уд дӕр», фип.] хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд». 1 Петры 3:20 кӕсӕм: «Нойы рӕстӕджы... цалдӕр адӕймаджы, бӕлвырдӕй та аст уды, аирвӕзтысты доны фӕрцы». Ацы стихтӕй иуы дӕр ахӕм хъуыды нӕй, уд кӕй у, мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ чи баззайы, ахӕм цыдӕр.
Цы зӕгъӕн ис цӕрӕгойтӕй ӕмӕ зайӕгойтӕй та? Уыдон дӕр удтӕ сты? Ӕркӕсӕм, цӕрӕгойтӕ куыд фӕзындысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ. «Уадз Райдиан 1:20, 24). Уӕдӕ цард кӕй мидӕг ӕмӕ цӕй мидӕг ис – адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ – уыдон иууылдӕр сты удтӕ. Библи зайӕгойты удтӕ нӕ хоны.
ӕмӕ дӕттӕ байдзаг уӕнт цӕргӕ удтӕй»,– загъта Хуыцау. Иннӕ сфӕлдыстадон бон та загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл фӕзынӕд цӕргӕ удты алы мыггӕгтӕ – хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕ, хъӕддаг сырдты алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕ» (Фӕлӕ ма дзырд «удӕн» ис ӕндӕр нысаниуӕг дӕр. Иовы 33:22 кӕсӕм: «Йӕ уд хӕстӕг кӕны уӕрммӕ, ӕмӕ йӕ цард – мӕлӕт чи ӕрхӕссы, уыдонмӕ». Ам дзырдтӕ «уд» ӕмӕ «цард» сты синонимтӕ ӕмӕ дзы иу иннӕйы хъуыды бӕлвырддӕр ӕмбарын кӕны. Уымӕ гӕсгӕ ма дзырд «уд» амоны цӕргӕ удӕн, кӕнӕ адӕймагӕн, йӕ цардмӕ дӕр. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Моисейы йе знӕгтӕ хъавыдысты марынмӕ, йӕ уд ын агуырдтой (Рацыд 4:19). Йесо Чырыстийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Адӕймаджы Фырт... ’рцыд... цӕмӕй... йӕ уд [цард] ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28).
Библи дзырд «уд» ӕмбарын кӕны хуымӕтӕгӕй. Ӕмӕ кӕм ӕмбӕлы, уым фӕамоны адӕймагмӕ, цӕрӕгоймӕ кӕнӕ уыдонӕн сӕ цардмӕ. Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй ацы хъуыды ӕмзӕл у, удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны, уыимӕ.
«Тӕригъӕд ракӕнӕг уд – амӕлдзӕн»
Библи зӕгъы: «Тӕригъӕд ракӕнӕг уд – амӕлдзӕн» (Иезекил 18:4). Пехуымпар Илиайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд Хуыцауӕй «йӕ удӕн мӕлӕт агуырдта» (3 Паддзахӕдты 19:4). Афтӕ пехуымпар Ионӕ дӕр «йӕ удӕн мӕлӕт куырдта» (Ионӕ 4:8). Уӕдӕ уд амӕлы, адӕймаг йӕхӕдӕг куы амӕлы, уӕд. Уд ӕнӕмӕлгӕ нӕу. Адӕймаг йӕхӕдӕг у уд. Ӕмӕ куы зӕгъӕм, чидӕр амард, зӕгъгӕ, уӕд уый нысан кӕны, йӕ уд кӕй амард.
Уӕдӕ куыд ӕмбарын хъӕуы Библийы афтӕ фыст кӕм ис, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ уд исы кӕнӕ йӕ уд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт? Рахилӕн фырт куы гуырд, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй Библи зӕгъы: «Йӕ уд куы иста (куы марди), уӕд ыл сӕвӕрдта ном: Бенони. Фӕлӕ йӕ йӕ фыд схуыдта Вениамин» (Райдиан 35:18). Иннӕ хабар та у, идӕдз усы фырт кӕй райгас, уый тыххӕй. Фыст ис 3 Паддзахӕдты 17:22: «Йегъовӕ фехъуыста Илиайы хъӕлӕс [Илиа йӕм куы куывта, уӕд] ӕмӕ сывӕллоны уд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ уый райгас». Ацы стихтӕ, мыййаг, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уд, буар чи ныууадзы ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхы, ахӕм ӕнӕуынгӕ цыдӕр у?
Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй, дзырд «уд»-ӕн йӕ иу нысаниуӕг у «цард». Уымӕ гӕсгӕ Рахил йӕ уд иста, зӕгъгӕ, нысан кӕны йӕ цардӕй кӕй хицӕн кодта. Ӕндӕр тӕлмацты дзырдтӕ «йӕ уд иста» раивтой «Рахил амард» («Нырыккон тӕлмац», уыр.) ӕмӕ «фӕстаг улӕфт ма куы скодта» («Ног Иерусалимаг Библи», англ.) Уӕдӕ, Библийы афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, идӕдз усы фыртмӕ йӕ уд ӕрыздӕхт, уый нысан кӕны, лӕппумӕ фӕстӕмӕ йӕ цард кӕй ӕрыздӕхт (3 Паддзахӕдты 17:23).
Цы у адӕймаг
Бӕрӕг у, Библи бӕлвырд кӕй ӕвдисы, адӕймаг цы у, уый. Адӕймагӕн уд нӕй – йӕхӕдӕг у уд. Уымӕ гӕсгӕ, чи амард, уыдонӕн ис иунӕг ныфс – райгас уыдзысты. Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Ууыл дис ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ [Йесойы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та – тӕрхон баййафынӕн» (Иоанны 5:28, 29). Чи амард, уыдонӕн сӕ иунӕг ӕцӕг ныфс уый нӕу, ӕмӕ сын ӕнӕмӕлгӕ уд ис, фӕлӕ фидар зӕрдӕвӕрд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты.
Уӕдӕ куыд тынг хъӕуы бӕлвырд базонын, цы у райгасдзинад ӕмӕ уый адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн! Ӕнӕмӕнг ма хъӕуы базонын Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй. Йесо йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ загъта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕм ӕввахс чи цӕры, уыдонӕн ӕхсызгон уыдзӕн демӕ Библи ахуыр кӕнын – афтӕмӕй фылдӕр базондзынӕ Хуыцауы тыххӕй, стӕй йӕ зӕрдӕвӕрдты ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй. Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн кӕнӕ та ныффысс ацы журналы рауагъдадмӕ.
[Нывтӕ 4 фарсыл]
Адон иууылдӕр сты удтӕ
[Барлӕвӕрдӕй]
Goat: CNPC—Centro Nacional de Pesquisa de Caprinos (Sobral, CE, Brasil)