Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Данелы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Данелы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

«БИБЛИЙЫ чингуытӕй Данелы чиныджы хуызӕн цымыдисаг иу дӕр нӕу. [...] Цы хабӕрттӕ дзы ис, уыдон раздӕр куыд ахсджиаг уыдысты, афтӕ ахсджиаг сты ныр дӕр»,– фыст ис иу дзырдуаты («Holman Illustrated Bible Dictionary»). Уыцы хабӕрттӕ райдыдтой н. э. агъоммӕ 618 азы, вавилойнаг паддзах Навуходоносор йе ’фсад Иерусалимы алыварс куы ӕрӕвӕрдта ӕмӕ стӕй «Израилы фырттӕй» иуӕй-иуты уацары Вавилонмӕ куы акодта, уӕд (Данел 1:1–3). Уацайрӕгты ’хсӕн бахауд Данел дӕр, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нырма уыди хӕрзӕрыгон. Чиныг фыст фӕцис, фӕлӕ ма Данел Вавилоны уыд. Данелыл сӕдӕ азы бӕрц куы цыдис, уӕд ын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕрӕнцайдзынӕ, ӕмӕ та райгас уыдзынӕ рӕстӕджыты фӕуды дӕ хал райсынмӕ» (Данел 12:13).

Данелы чиныджы фыццаг хай фыст у, хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ, стӕй сӕ цыма чидӕр дзуры, ахӕм хуызы. Дыккаг хайы цы хабӕрттӕ ис, уыдон та Данел дзуры йӕхӕдӕг. Данелы чиныджы ис пехуымпарӕдтӕ, дунеон паддзахӕдтӕ куыд фӕзындзысты ӕмӕ куыд фесӕфдзысты, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы ис пехуымпарӕдтӕ, Мессийӕ кӕд фӕзындзӕн ӕмӕ нӕ рӕстӕджы цы ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дӕр *. Пехуымпар Данел йӕ зӕронды бонты йӕ цардыл хъуыды кӕны ӕмӕ нын дзуры, Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм хабӕрттӕ. Данелы чиныг «у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

ЦӔУЫЛ НӔ АХУЫР КӔНЫ ДАНЕЛЫ ЧИНЫДЖЫ ФЫЦЦАГ ХАЙ?

(Данел 1:1–6:28)

Н. э. агъоммӕ 617 аз. Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго сты Вавилоны, паддзахы галуаны. Ӕртӕ азы дӕргъы сӕ ахуыр кодтой уымы цард ӕмӕ ӕгъдӕуттыл, фӕлӕ уыдон уӕддӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ не сивтой. Иу аст азы фӕстӕ паддзах Навуходоносор федта иу ӕнахуыр фын. Данел ын уыцы фын радзырдта ӕмӕ йын ӕй райхӕлдта. Паддзах сразы ис, Йегъовӕ кӕй у «хуыцӕутты-Хуыцау ӕмӕ паддзӕхты Стырхицау ӕмӕ сусӕгдзинӕдтӕ раргомгӕнӕг» (Данел 2:47). Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Навуходоносор уый ферох кодта. Данелы ӕртӕ ӕмбалы стыр дурцыртӕн куы нӕ бакуывтой, уӕд сӕ паддзах судзгӕ пецы баппарын кодта. Ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ ӕртӕ лӕппуйы фервӕзын кодта. Ӕмӕ ма Навуходоносорӕн цы гӕнӕн уыд, ӕмӕ басаст: «Нӕй ӕндӕр Хуыцау, афтӕ чи фервӕзын кодтаид!» (Данел 3:29).

Навуходоносор та федта ӕндӕр диссаджы фын. Фыны федта тынг стыр бӕлас, уыцы бӕлас акалдтой ӕмӕ йын йӕ бындзӕфхадыл сӕвӕрдтой ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы тӕлытӕ, цӕмӕй мауал сырӕзтаид. Данел бамбарын кодта паддзахӕн йӕ фын. Уыцы фын фыццаджыдӕр сӕххӕст, Навуходоносор йӕ зонд куы фесӕфта ӕмӕ стӕй куы сдзӕбӕх, уӕд. Бирӕ фӕстӕдӕр паддзах Валтасар куывд скодта йӕ бӕстӕйы кънйӕзтӕн ӕмӕ сарӕзта, чи не ’мбӕлд, ахӕм хъуыддаг – нуӕзта, Йегъовӕйы кувӕндонӕй цы мигӕнӕнтӕ рахастой, уыдонӕй. Тӕккӕ дӕр уыцы ’хсӕв Валтасары амардтой ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий (Данел 5:30–6:1 [5:30, 31, НД]). Дарийы бонты Данелмӕ (цыд ыл 90 азӕй фылдӕр) паддзахы кънйӕзтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд. Фӕлӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта Данелы домбӕйттӕй (Данел 6:27 [6:28, НД]).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:11–15 – Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы халсартӕ йеддӕмӕ кӕй ницы хордтой, уый фӕрцы фӕхӕрзхуыздӕр сты? Нӕ. Иу диетӕйы фӕрцы дӕр дӕс бонмӕ нӕ фӕхӕрзхуыздӕр уыдаиккой. Уый уыд Йегъовӕйы фӕрцы – раарфӕ сын кодта, сӕ ныфс ыл кӕй дардтой, уый тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

2:1 – Навуходоносор стыр дурцырты тыххӕй фын кӕд федта? Библи куыд дзуры, афтӕмӕй уый уыд «Навуходоносоры... паддзахдзинады дыккаг азы». Навуходоносор паддзах сси н. э. агъоммӕ 624 азы. Уӕдӕ уӕд н. э. агъоммӕ 623 азы паддзахы бынаты уыд дыууӕ азы дӕргъы – Иудӕмӕ куы нӕма бабырста, уымӕй цалдӕр азы раздӕр. Уыцы рӕстӕг Данел Вавилоны уыдаид ӕмӕ паддзахӕн йӕ фын бамбарын кодтаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ «дыккаг аз» нымайын хъӕуы н. э. агъоммӕ 607 азӕй – Вавилоны паддзах Иерусалим куы ныппырх кодта ӕмӕ дунеон паддзахады сӕргъы куы слӕууыд, уыцы азӕй.

2:32, 39 – Куыд ӕмбаргӕ у, ӕмӕ ӕвзист паддзахад ӕдыхдӕр уыд сызгъӕрин сӕрӕй, ӕрхуы паддзахад та – ӕвзист паддзахадӕй? Мидо-Персаг паддзахад, дурцырты ӕвзист хай, ӕдыхдӕр уыд Вавилонӕй, сызгъӕрин сӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Иудӕйы ныппырх кӕныны бар уымӕн лӕвӕрд не ’рцыд. Уый фӕстӕ дунеон паддзахад сси Греци, ӕвдыст у ӕрхуыйӕ. Греци Мидо-Персӕй тыхджындӕр нӕ уыд, ӕрхуы ӕвзисты хуызӕн кадджын куыд нӕу, афтӕ. Кӕд Греци тынг бирӕ бӕстӕтӕ бацахста, уӕддӕр, Хуыцауы адӕмы уацарӕй уый нӕ ракодта, уыцы кад уымӕ не ’рхауд.

4:5, 6 [4:8, 9, НД] – Цымӕ Данел ӕцӕгдӕр дӕсныты хицау уыд? Нӕ. Дзырдбаст «дӕсныты хицау» амыдта, цы бынат ахста, уымӕ. Данел уыд «Вавилоны зӕнджынтӕн се ’гасы» хицау (Данел 2:48).

4:7, 8, 17–19 [4:10, 11, 20–22, НД] – Навуходоносор фыны цы стыр бӕлас федта, уый цӕмӕ амыдта? Бӕлас фыццаджыдӕр амыдта Навуходоносормӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыд дунеон паддзахады паддзах. Фӕлӕ йӕ хицаудзинад зӕххы кӕрӕттӕм кӕй ӕххӕссыд, уымӕ гӕсгӕ бӕлас хъуамӕ амыдтаид стырдӕр цӕмӕдӕр. Данелы 4:14 [4:17НД] ацы фын бӕтты, Иунӕг Стыр Хицау ӕппӕт адӕмы хицау кӕй у, уыимӕ. Уӕдӕ бӕлас амоны Йегъовӕйы хицаудзинадмӕ, уӕлдайдӕр та зӕххыл йӕ бар кӕй цӕуы, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы фын хауы дыууӕ хъуыддагмӕ – Навуходоносор паддзах кӕй уыд, уымӕ ӕмӕ Йегъовӕйы хицаудзинадмӕ.

4:13, 20, 22, 29, 30 [4:16, 23, 25, 32, 33, НД]. Цас ахастой «авд рӕстӕджы»? Паддзах Навуходоносорӕн йӕ бакаст куыд фӕивта, уымӕ гӕсгӕ уыцы «авд рӕстӕджы» авд бонӕй фылдӕр уыдысты. «Авд рӕстӕджы» уыдысты авд азы, алкӕцыйы дӕр дзы ис 360 боны, кӕнӕ 2520 боны. Фӕлӕ ацы цӕстылуайӕн сӕйрагдӕр хъуамӕ сӕххӕст уыдаид фидӕны, ӕмӕ «авд рӕстӕджы» нысан кӕнынц 2520 азы (Иезекил 4:6, 7). Уыдон райдыдтой Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд – н. э. агъоммӕ 607 азы ӕмӕ фесты 1914 азы, Йесо Чырысти уӕлӕрвты паддзах куы сси, уӕд (Лукайы 21:24).

6:6–10 – Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ, лӕугӕ кӕнӕм ӕви бадгӕ, уый уӕлдай кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ цымӕ Данелӕн йӕ бон нӕ уыд уыцы 30 боны дӕргъы сусӕгӕй кувын? Данел бон ӕртӕ хатты кӕй куывта, уый иууылдӕр зыдтой. Йе знӕгтӕ растдӕр уый тыххӕй рауадзын кодтой ахӕм закъон, цӕмӕй 30 боны дӕргъы адӕм паддзахӕй йеддӕмӕ макӕмӕй мацы куырдтаиккой. Данел йӕ кувыны ӕгъдауы гыццылдӕр исты куы фӕивтаид, уӕд иннӕтӕ ахъуыды кодтаиккой, зӕгъгӕ, фӕтарсти ӕмӕ Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:3–8. Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый ууыл дзурӕг у, сӕ ныййарджытӕ сӕ хорз кӕй схъомыл кодтой. Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы ныййарджытӕн Йегъовӕ сӕ царды фыццаг бынаты куы уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл куы ахуыр кӕной, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон уыдзӕнис цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фидар фӕлӕууын, скъолайы уой, ӕви ӕндӕр искуы.

1:10–12. Данел бамбӕрста, паддзахы галуаны лӕггадгӕнджыты хистӕр паддзахӕй цӕмӕн тарсти, уый ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ курдиаты тыххӕй ницыуал загъта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Данел аныхас кодта ӕндӕр лӕггадгӕнӕгимӕ ӕмӕ йын уый йӕ уавӕр бамбӕрста. Мах дӕр исты зындзинӕдты куы бахауӕм, уӕд хъуамӕ уӕм арфуынаг, ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын.

2:29, 30. Данелау мах дӕр хъуамӕ кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы, Библийы фӕрцы нӕм цы зонындзинӕдтӕ, миниуджытӕ ӕмӕ курдиӕттӕ ис, уый тыххӕй.

3:16–18. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы, Хуыцау хӕринаджы тыххӕй цы закъон радта, уымӕ уый размӕ куы нӕ байхъуыстаиккой, уӕд сын зын уыдаид паддзахимӕ афтӕ фидарӕй ныхас кӕнын. Мах дӕр хъуамӕ «алы хъуыддаджы дӕр уӕм ӕууӕнкджын» (1 Тимофеймӕ 3:11).

4:21–24 [4:24–27, НД]. Цӕмӕй хорз хабар, уыимӕ Хуыцауы тӕрхӕттӕ дӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Данелау уӕм хъӕбатыр ӕмӕ нӕм уа, уымӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад. Данел Навуходоносорӕн ныфсджынӕй загъта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый ӕмӕ йӕ цы кӕнын хъуыд, цӕмӕй дарддӕр фӕрнӕй цардаид.

5:30–6:1 [5:30, 31, НД]. «Фӕсномыг ныхас Вавилоны паддзахы тыххӕй сӕххӕст» (Исай 14:3, 4, 12–15). Вавилоны паддзӕхтау Сайтан Хӕйрӕг дӕр у сӕрбӕрзонд ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕгады сӕфт (Данел 4:27 [4:30, НД]; 5:2–4, 23).

ДАНЕЛЫ ЦӔСТЫЛУАЙӔНТӔ ЦЫ НЫСАН КӔНЫНЦ?

(Данел 7:1–12:13)

Н. э. агъоммӕ 553 азы Данел фыццаг цӕстылуайӕн куы федта, уӕд ыл цыд 70 азӕй фылдӕр. Цӕстылуайӕны федта цыппар хъӕддаг сырды, уыдон амыдтой, йӕ рӕстӕгӕй мах рӕстӕгмӕ кӕрӕдзи чи ивта, уыцы дунеон паддзахӕдтӕм. Стӕй уӕд федта, уӕларвыл цы хабӕрттӕ цӕуы, уый: «адӕймаджы Фырты хуызӕн» чи уыд, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд, «ӕнусмӕ чи нӕ аивгъуыйдзӕн, ахӕм стыр хицауад» (Данел 7:13, 14). Дыууӕ азы фӕстӕ Данел федта цӕстылуайӕн Мидо-Перси, Греци ӕмӕ «знӕтхуыз паддзахы» тыххӕй (Данел 8:23, НД).

Н. э. агъоммӕ 539 аз. Вавилон бацахстой ӕмӕ мидиаг Дарий сси халдейты бӕстӕйы паддзах. Данел куывта Йегъовӕмӕ, цӕмӕй йӕ адӕм сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхой. Йӕ куывд нӕма фӕцис, афтӕ йӕм Йегъовӕ зӕд Гавриилы арвыста, цӕмӕй Данелӕн бамбарын кодтаид Мессийӕйы ӕрцыдимӕ баст хабӕрттӕ (Данел 9:22–27 [9:20–25, НД]). Н. э. агъоммӕ 536/535 азы, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ ӕрыздӕхтысты Иерусалиммӕ. Фӕлӕ кувӕндон куы арӕзтой, уӕд сӕ знӕгтӕ хъыгдардтой. Данел ууыл тынг мӕт кодта ӕмӕ зӕрдиагӕй куывта. Йегъовӕ йӕм арвыста, стыр бынат чи ахста, ахӕм зӕды. Зӕд Данелы куы бафидар кодта ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс куы бафтыдта, уӕд ын радзырдта пехуымпарад, цӕгаты паддзах ӕмӕ хуссары паддзахы ’хсӕн цы тох уыдзӕн, уый тыххӕй. Уыцы тох райдыдта, Македойнаг Алыксандры цыппар инӕлары йын йӕ паддзахад сӕ кӕрӕдзийыл куы ныддихтӕ кодтой, уӕд ӕмӕ уыдзӕн, Михаил, Стыр Кънйаз куы фӕзына, уӕды онг (Данел 12:1).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

8:9 – «Бӕстӕты фидауц» цы у? Ам «бӕстӕты фидауц» нысан кӕны, Англо-Америкаг дунеон паддзахады хицаудзинады рӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл цы уавӕры сты, уый.

8:25, НД – Чи у «Кънйӕзты кънйаз»? «Кънйаз»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд сар нысан кӕны «хистӕр» кӕнӕ «хицау». «Кънйӕзты кънйаз» схонӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауы. Йегъовӕ хицау у, зӕдтӕй кънйӕзтӕ чи сты, уыдонӕн, уыимӕ «Михаилӕн, хистӕр кънйӕзтӕй иуӕн» дӕр (Данел 10:13, НД).

9:21 – Данел зӕд Гавриилы «лӕг» цӕмӕн схуыдта? Уымӕн ӕмӕ уый размӕ цӕстылуайӕны дӕр ӕмӕ йӕм ныр дӕр Гавриил фӕзынд адӕймаджы хуызы (Данел 8:15–17).

9:27, НД – Бирӕтимӕ цавӕр бадзырд уыд йӕ тыхы ӕвдай авд азы * фӕудмӕ кӕнӕ н. э. 36 азмӕ? Закъоны бадзырд фехӕлд н. э. 33 азы, Йесо Чырыстийы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд. Фӕлӕ Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый н. э. 36 азмӕ йӕ тыхы уыд зӕххон Израилимӕ. Дзуттӕгтӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ма сын Йегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ рӕстӕг радта. Авраамимӕ арӕзт бадзырд нырма йӕ тыхы ис «Хуыцауы Израилимӕ» (Галатӕгтӕм 3:7–9, 14–18, 29; 6:16).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

9:1–23; 10:11. Данел сӕрныллӕг, ӕнувыд ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, стӕй ӕппынӕдзух кӕй куывта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцау схуыдта «зӕрдӕйӕн адджын лӕг». Уыцы миниуджытӕ ма йын баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ царды кӕронмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ ма сивтаид. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Данелы фӕзмӕм.

9:17–19. Суанг Хуыцауы ног дунейы, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы дунейы ӕрцыды тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд дӕр хъуамӕ ууыл ма хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзӕм, фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы ном скадджын уа ӕмӕ уымӕй хуыздӕр хицау кӕй нӕй, уый сбӕлвырд уа (2 Петры 3:13).

10:9–11, 18, 19. Данелмӕ цы зӕд фӕзынд, уыйау мах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм – хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ дзыхыныхасӕй дӕр.

12:3. Фӕстаг бонты «зӕнджынтӕ», ома сӕрст чырыстӕттӕ, «ӕрттивдзысты... уӕларвон рухсау» ӕмӕ «бирӕты рӕстадмӕ» ӕрбакӕндзысты, уыдоны ’хсӕн уыдзысты тынг бирӕ адӕм «ӕндӕр фыстӕй» (Филиппӕгтӕм 2:15; Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Сӕрст чырыстӕттӕ «стъалытау» иууыл тынгдӕр ӕрттивдзысты Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Уӕд сӕрст чырыстӕттӕ Йесоимӕ, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй хай кӕндзысты зӕххыл цӕрӕг коммӕгӕс адӕмӕн. «Ӕндӕр фыстӕ» хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайой сӕрст чырыстӕттимӕ ӕмӕ сын алы хъуыддаджы дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной.

Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн

Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Данелы чиныг нӕ Хуыцауы тыххӕй? Ацы чиныджы пехуымпарӕдтӕй чи сӕххӕст ӕмӕ ма фидӕны чи сӕххӕст уыдзӕн, уыдон хорз ӕвдисынц, Йегъовӕ йӕ ныхас ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕны! (Исай 55:11).

Данелы чиныгӕй цы ис базонӕн Хуыцауы тыххӕй? Цыппар дзуттаг лӕппуйы не сразы сты Вавилоны цард ӕмӕ ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕмӕ сын Хуыцау радта зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд (Данел 1:17). Ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ арвыста йӕ зӕды ӕмӕ Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы фервӕзын кодта судзгӕ пецӕй. Данелы бахызта домбӕйттӕй. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны ӕмӕ арфӕ кӕны, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн (Псалом 113:17, 21).

[Фипаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Данелы чиныг ӕнӕхъӕнӕй ӕвзӕрст цӕуы чиныджы «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!» (уыр.). Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 2 абз. 70 авдазы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныджы «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 197–199 фф. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 32 фарсыл]

Данел «зӕрдӕйӕн адджын лӕг» цӕмӕн уыд?