Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Диссаджы арӕзт – ӕнӕ аразӕгӕй?

Диссаджы арӕзт – ӕнӕ аразӕгӕй?

Диссаджы арӕзт – ӕнӕ аразӕгӕй?

ЧАРЛЗ ДАРВИН иу-150 азы размӕ загъта ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, дунейы цы ис, уыдӕттӕ афтӕ вазыгджын ӕмӕ афтӕ алыхуызон сты эволюцийы фӕрцы. Фӕлӕ ацы теорийы ныхмӕ, стӕй ма йӕ абон куыд ӕмбарын кӕнынц, уый ныхмӕ ӕрӕджы чидӕртӕ дзурын райдыдтой. Эволюциимӕ разы чи нӕу, уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕрдзы цыдӕриддӕр ис, уыдон алцӕмӕй дӕр куыд ӕххӕст сты, сӕ арӕзт куыд ӕнӕфау у ӕмӕ дзы алцыдӕр йӕ бынаты кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хуымӕтӕджы нӕ фӕзындысты. Суанг ма стыр ахуыргӕндтӕй дӕр чидӕртӕ разы не сты, зӕххыл цы бирӕ диссӕгтӕ ис, уыдон эволюцийы фӕрцы кӕй фӕзындысты, уыимӕ.

Уыцы ахуыргӕндтӕ хӕст сты ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, Дун-дуне стыр зондӕй арӕзт у. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, уый афтӕ кӕй у, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис биологийы, математикӕйы ӕмӕ уый раст у ӕнӕуи ахъуыды кӕнгӕйӕ дӕр. Уыцы ахуыргӕндты фӕнды, цӕмӕй ацы хъуыдыимӕ зонгӕ кӕной сывӕллӕтты скъолаты. Эволюцийы фӕдыл «хӕст» цӕуы сӕйраджыдӕр Америкӕйы, фӕлӕ ма уый тыххӕй дзурынц Англис, Нидерландтӕ, Пакистан, Серби ӕмӕ Турчы дӕр.

Ӕнӕ дзуаппӕй баззад иу фарст

Фӕлӕ кӕд, Дун-дуне стыр зондӕй арӕзт кӕй у, уый бӕстон фембарын кӕнынц, уӕддӕр арӕх ӕнӕ дзуаппӕй баззайы иу фарст: аразӕг та чи у? Дӕумӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ цыдӕр арӕзт ӕрцӕуа, ӕмӕ йын аразӕг та ма уа? Дун-дуне стыр зондӕй арӕзт у, зӕгъгӕ, ацы ахуырады фарсхӕцджытӕ, иу журналы куыд фыст ис, афтӕмӕй «бӕлвырдӕй ницы фӕзӕгъынц, чи у кӕнӕ цы у уыцы аразӕг» («The New York Times Magazine»). Иу фыссӕг, Клаудиа Уоллис, загъта, зӕгъгӕ, ацы хъуыдыйы фарсхӕцджытӕ «архайынц ууыл, цӕмӕй сӕ ныхӕсты Хуыцауы кой ӕппындӕр ма уа». Ӕмӕ ӕндӕр журналы та фыст ис, зӕгъгӕ, «уыцы ахуырады нӕдӕр аразӕджы кой ис, нӕдӕр, уыцы аразӕг чи у, уый кой» («Newsweek»).

Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, ӕнӕ скӕнӕджы койӕ ацы фарстӕн бамбарӕн кӕй нӕй. Ӕцӕгдӕр, сфӕлдисӕг кӕй ис ӕмӕ уыцы сфӕлдисӕг чи у, уый куы сусӕг кӕнай кӕнӕ йыл хъуыды дӕр куы нӕ кӕнай, уӕд куыд ис кӕронмӕ бамбарын кӕнӕн Дун-дунейы ӕмӕ царды сконд?

Дунейӕн сфӕлдисӕг ис ӕви нӕй, уый фӕдыл быцӕутӕ баст сты ахӕм фарстытимӕ: сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл иууылдӕр куы сразы уой, уӕд зонад размӕ нал цӕудзӕн? Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ разы кӕнӕм, цавӕрдӕр хъуыддаг ӕндӕр хуызы бамбарын кӕнӕн куы нӕ уа, уӕд? Адӕймаг ӕнӕуи куы ахъуыды кӕна, уӕд дӕр раст уаид ахӕм хатдзӕг скӕнын, ӕмӕ цыфӕнды сфӕлдыстадӕн дӕр сфӕлдисӕг хъуамӕ уа? Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм фарстытӕ ӕвзӕрст цӕудзысты иннӕ статьяйы.

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Чарлз Дарвины уырныдта, цард афтӕ вазыгджын эволюцийы фӕрцы кӕй у

[Барлӕвӕрдӕй]

Darwin: From a photograph by Mrs. J. M. Cameron/​U.S. National Archives photo