Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дунейы диссӕгтӕн аргъ кӕн ӕмӕ базон Сфӕлдисӕджы

Дунейы диссӕгтӕн аргъ кӕн ӕмӕ базон Сфӕлдисӕджы

Дунейы диссӕгтӕн аргъ кӕн ӕмӕ базон Сфӕлдисӕджы

ИСКУЫ фехъуыстай Микеланджелойы кой? Уый уыд италиаг нывгӕнӕг ӕмӕ скульптор (ацы фарсыл ис йӕхи ныв ӕмӕ йӕ конд нывтӕй иу). Кӕд ын йӕ нывтӕ искуы федтай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ иу аивадиртасӕджы хъуыдыимӕ, афтӕ чи загъта, зӕгъгӕ, уый уыд «диссаджы нывгӕнӕг, абарӕн дӕр ӕй никӕимӕ ис». Микеланджелойы куыстытӕ чи федта, уый ацы ныхӕстимӕ ӕнӕмӕнгӕй сразы уыдзӕн.

Ныр та ахъуыды кӕн, нӕ алыварс ӕрдзы цы ис, уыдӕттӕ иууылдӕр куыд вазыгджын конд сты, куыд алыхуызон сты ӕмӕ нӕ дисы куыд ӕфтауынц, ууыл. Газет «Нью-Йорк таймс»-ы фыст уыдысты биологийы профессоры ныхӕстӕ: «Биологийы фенӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ, дунейы хуымӕтӕджы кӕй ницы фӕзынд, уымӕн». Уыцы ахуыргонд ма загъта: «Дунейы алцыдӕр цы стыр зондӕй арӕзт у, уый адӕймаджы дисы ӕфтауы». Фӕлӕ адӕймаг дунейы ӕмӕ ӕрдзы скондыл дис кӕна, ӕмӕ сӕ исчи сфӕлдыста, ууыл та ма разы кӕна, уый куыд ис бамбарӕн?

Апостол Павел лӕмбынӕг хъуыды кодта, йӕ алыварс ӕрдзы цы уыдта, ууыл. Уый дӕр дзырдта, сфӕлдисӕгӕн нӕ, фӕлӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕн чи кад кодта ӕмӕ куывта, ахӕм адӕмы тыххӕй (Ромӕгтӕм 1:25). Эволюцийы теорийыл алкӕмдӕр кӕй дзурынц, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ нӕ разы кӕнынц кӕнӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, алцӕмӕн дӕр аразӕг кӕй хъуамӕ уа, ууыл. Фӕлӕ цымӕ эволюцийы теори зонадӕн кад хӕссы? Мӕнӕ цавӕр хатдзӕг скодта Венӕйы католикон архиепископ Кристоф Шёнборн: «Дуне хуымӕтӕджы кӕй нӕ фӕзынд, уымӕн биологийы ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уыдоныл чи нӕ разы кӕны кӕнӕ сӕ чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй дунейы сконд бамбарын кӕнынмӕ чи хъавы, уыцы теоритӕ афтид хъуыдытӕй дарддӕр ницы сты, зонадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис» («The New York Times»).

Зонадӕн кӕрон?

Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Сфӕлдисӕг ис, ууыл иууылдӕр куы сразы уой, уӕд «иртасӕн куыстытӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн». Иу зонадон журналы уый фӕдыл фыст уыд: «Афтӕ куы уа, уӕд, абон зонадӕн иртасӕнтӕ кӕнынӕн цы ӕгӕрон фадӕттӕ ис, уыдонӕн сӕ фӕндаг ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн» («New Scientist»). Цымӕ ӕцӕгдӕр у тӕссаг уымӕй? Ӕппындӕр нӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕд зонады фӕндаг ӕхгӕд не ’рцӕудзӕн, фӕлӕ уӕрӕхдӕр байгом уыдзӕн. Куыд?

Дун-дуне ӕмӕ цард зӕххыл ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындысты ӕмӕ стӕй эволюцийы фӕрцы алыхуызон цӕрӕгойтӕ равзӕрд, зӕгъгӕ,– ацы хъуыдыйыл куы сразы уӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ фарстытӕн бӕлвырд дзуапп никуы ссардзыстӕм. Фӕлӕ, нӕ алыварс цы уынӕм, уыдон зондджын Сфӕлдисӕг кӕй скодта, ууыл куы сразы уӕм, уӕд та нӕ бафӕнддзӕн хуыздӕр бамбарын Сфӕлдисӕджы стыр зонд ӕмӕ уыцы зонд йе сконд дунейы куыд зыны, уый. Ӕркӕсӕм-ма ахӕм цӕвиттонмӕ: кӕд аивадиртасджытӕ зонынц, «Мона Лизӕ» Леонардо да Винчи кӕй сныв кодта, уӕддӕр абоны онг архайынц, куыд ӕмӕ йӕ цавӕр ахорӕнтӕй сныв кодта, уый базоныныл. Уӕдӕ Сфӕлдисӕг ис, уый кӕй зонӕм, уый дӕр нӕ хъуамӕ ма хъыгдара, цы сфӕлдыста, уыдӕтты вазыгджын конд иртасын.

Адӕймаг йӕ фарстытӕн дзуаппытӕ агура,– зонадимӕ баст уой ӕви уырнындзинадимӕ,– уыцы хъуыддаджы йӕ Библи къуылымпы нӕ кӕны, фӕлӕ ма йӕ уымӕ разӕнгард дӕр кӕны. Рагон паддзах Давид хъуыды кодта, адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, ууыл, ӕмӕ ахӕм хатдзӕг скодта: «Ӕз диссаджы арӕзт дӕн. Диссаг Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ мӕ уд уый ӕмбары ӕххӕстӕй» (Псалом 138:14). Библийы ма кӕсӕм, Сфӕлдисӕг йӕ рагон лӕггадгӕнӕг Иовы куыд фарста, уый тыххӕй дӕр: «Зӕххы фӕтӕнтӕ кӕуылты сты, уый дӕ зонд ахсы?» (Иов 38:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ истӕмӕй фӕрсын кӕнӕ исты иртасын не ’мбӕлы. Сфӕлдисӕджы фӕндыд, цӕмӕй йын Иов йе сконд хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтаид. Ӕркӕсӕм-ма, пехуымпар Исайы фыст ныхӕстӕ дӕр нӕ куыд разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй хуыздӕр базонӕм Сфӕлдисӕгӕн йӕхи: «Схӕцут ма уӕ цӕстытыл бӕрзонд ӕмӕ акӕсут. Чи сфӕлдыста ӕппӕт уыдӕттӕ?». Исайы 40:26 дарддӕр цы фыст ис, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Дун-дуне арӕзт ӕрцыд ӕгӕрон хъомыс ӕмӕ тыхы руаджы. Ӕмӕ уый бӕлвырд кӕнынц зонадон иртасӕнтӕ дӕр.

Ӕцӕг, сфӕлдыстады фӕдыл цы фарстытӕ ӕвзӕры, уыдонӕн дзуапп ссарын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Иуӕй уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ нӕ бон алцы бамбарын нӕу ӕмӕ, цы дунейы цӕрӕм, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Иов ацы хабар хорз ӕмбӕрста. Уый кадджын кодта Сфӕлдисӕджы, йӕ зонды фӕрцы афтӕ чи скодта, ӕмӕ Зӕхх ницӕуыл ауыгъд у, афтӕмӕй лӕууы, стӕй донӕй йедзаг мигътӕ та зӕххы сӕрмӕ чи байтыгъта (Иов 26:7–9). Фӕлӕ Иов ӕмбӕрста, ахӕм диссӕгтӕ Сфӕлдисӕджы бирӕ хъуыддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ иу гыццыл хай кӕй сты (Иов 26:14). Иовы, бӕгуыдӕр, фӕндыд фылдӕр базонын йӕ алыварс дунейы тыххӕй. Давид дӕр ыл саст, йӕ бон алцы бамбарын кӕй нӕу, ӕмӕ фыста: «Диссаг мӕнӕн Дӕ зонындзинад,– бӕрзонд, мӕ бон нӕу йӕ бамбарын!» (Псалом 138:6).

Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл иууылдӕр куы сразы уой, уӕд зонад размӕ нал цӕудзӕн. Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ дунейы сконды ӕмӕ Хуыуцауы хъуддӕгты тыххӕй ногӕй базонӕн мацыуал уа – уыцы зонындзинӕдтӕн кӕрон нӕй. Йе стыр зонды кой дӕрдтыл кӕмӕн айхъуыст, иу ахӕм рагон паддзах сӕрныллӕгӕй ныффыста: «[Хуыцау] адӕймаджы зонды бавӕрдта ӕнусон царды хъуыды, фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон лӕгӕн йӕ бон кӕрӕй-кӕронмӕ бамбарын нӕу» (Екклесиаст 3:11, «Holy Bible – New Life Version»).

Библи цы Сфӕлдисӕджы кой кӕны, уый

Алцыдӕр Йегъовӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый псаломзарӕггӕнӕг бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Дӕумӕ ис царды гуырӕн; Дӕу рухсӕй уынӕм мах рухс» (Псалом 35:10). Библийы ма Хуыцауы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый «сфӕлдыста арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый» (Хъуыддӕгтӕ 4:24; 14:15; 17:24). Фыццаг ӕнусы дӕр иу ахуыргонд лӕг Хуыцауы дзӕгъӕлы не схуыдта «ӕппӕтсфӕлдисӕг Хуыцау» (Ефесӕгтӕм 3:9).

Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау сфидар кодта «арвы закъӕттӕ», ома, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр кӕуыл лӕууынц ӕмӕ ахуыргӕндтӕ нырмӕ дӕр кӕй иртасынц, ӕрдзы уыцы закъӕттӕ (Иов 38:33). Цы сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр сты ӕххӕст ӕмӕ дзы алцӕмӕндӕр ис йӕхи бынат. Уый фӕрцы Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ зӕххыл ис алы ӕмӕ алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ.

Цавӕр хатдзӕгмӕ ис ӕрцӕуӕн ӕнӕуи ахъуыды кӕнгӕйӕ дӕр

Ныр та аныхас кӕнӕм, ӕнӕуи ахъуыды кӕнгӕйӕ та цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцӕуӕн ис, ууыл. Абон зонады цы бирӕ теоритӕ ис, уыдоныл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, ууыл дзургӕйӕ иу ахуыргонд-фыссӕг Джон Хорган загъта: «Кӕцыдӕр теорийы бӕлвырдгӕнӕнтӕ дызӕрдыггаг куы уой, уӕд нӕм хъуамӕ ӕнӕуи ахъуыды кӕнын худинаг ма кӕса».

Уӕдӕ ӕнӕуи куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд цымӕ раст у афтӕ дзурын, ӕмӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы, цавӕрдӕр тыхы фӕрцы фӕзынд? Кӕд эволюцийы теори тынг апарахат, уӕддӕр ӕмбаргӕ адӕмӕй ӕмӕ ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ разы сты, стыр зонды хицау чи у, ахӕм Сфӕлдисӕг кӕй ис. Иу ахуыргонд, биохимийы профессор, зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕмӕн «сӕ фылдӕр нымайынц, цардӕн сфӕлдисӕг кӕй ис, ӕмӕ уыцы хъуыды ӕнӕбындур нӕу». Цӕмӕ гӕсгӕ? Бирӕтӕ сразы уыдзысты апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы» (Дзуттӕгтӕм 3:4). Ӕмӕ уый фӕстӕ та Павел скодта ахӕм хатдзӕг: «Ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау». Библимӕ гӕсгӕ раст нӕ уаид, хӕдзарӕн архитектор ӕмӕ аразӕг кӕй хъӕуы, ууыл разы кӕнын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг дзурын, зӕгъгӕ, вазыгджын чырӕг йӕхигъӕдӕй фӕзынд.

Дунескӕнӕг ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис, ууыл чи не ’ууӕнды, уыдоны тыххӕй Библи зӕгъы: «Ӕнӕзонд йӕ зӕрдӕйы загъта: „нӕй Хуыцау“» (Псалом 13:1). Ам псаломзарӕггӕнӕг уайдзӕф кӕны, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый тыххӕй ма бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕмӕн хъӕуы хӕссын, уыдонӕн. Ахӕм адӕм, хъуыддаг бӕлвырд куыд у, уый ницӕмӕ фӕдарынц ӕмӕ, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ фӕхъуыды кӕнынц. Фӕлӕ ӕмбаргӕ, алцӕуыл дӕр арф чи хъуыды кӕны, ахӕм адӕймаг сӕрныллӕгӕй сразы вӕййы, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл (Исай 45:18).

Ӕмбаргӕ чи у ӕмӕ хъуыды чи кӕны, ахӕм адӕмӕй бирӕтӕн, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый дызӕрдыггаг нӕу.

Дӕ бон у Сфӕлдисӕджы базонын

Кӕд мах дӕр афтӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕ чидӕр сфӕлдыста, уӕд нӕ цымӕ цӕмӕн сфӕлдыста? Цӕй тыххӕй цӕрӕм? Айдагъ зонадӕн йӕ бон нӕу ахӕм фарстытӕн дзуапп раттын. Фӕлӕ уыцы ахсджиаг фарстытӕн хъӕуы, дызӕрдыггаг чи нӕ уа ӕмӕ адӕймаг разыйӕ кӕмӕй баззайа, ахӕм дзуапп раттын. Уыцы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн Библи. Уый дзуры, Йегъовӕ ӕрмӕст Сфӕлдисӕг кӕй нӕу, фӕлӕ ма, бӕлвырд фӕнд кӕмӕ ис ӕмӕ цы аразы, уый хуымӕтӕджы чи нӕ аразы, ахӕм Хуыцау дӕр. Библи нын ӕргом кӕны, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый, ӕмӕ нын амондджын фидӕнӕй ныфс ӕвӕры.

Фӕлӕ чи у Йегъовӕ? Цавӕр Хуыцау у? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй базонай, нӕ Диссаджы Сфӕлдисӕг чи у, уый. Ды базондзынӕ, цы нысан кӕны йӕ ном, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, адӕммӕ цы зӕрдӕ дары. Йӕ Ныхас Библийы фӕрцы бамбардзынӕ, йӕ диссаджы сфӕлдыстадӕн аргъ кӕнынӕй дарддӕр ма Сфӕлдисӕгӕн йӕхи дӕр кадджын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый (Псалом 85:12; Раргомад 4:11).

[Ныв 4 фарсыл]

Микеланджело

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Сфӕлдисӕгыл ӕууӕндын зонады ныхмӕ нӕу

[Ныв 6 фарсыл]

Уыцы иу цӕрӕгойӕн ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хуызтӕ кӕй ис, уый дзурӕг у ууыл, ӕмӕ йе сфӕлдисыныл чидӕр бӕстон ахъуыды кодта

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Диссаджы арӕзт цы у, уымӕн хъуамӕ уа аразӕг дӕр