Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут

«Алцыдӕр аразут уарзгӕйӕ» (1 КОРИНФӔГТӔМ 16:14).

1. Цы фенкъарынц ныййарджытӕ, сывӕллон сын куы райгуыры, уӕд?

НЫЙЙАРДЖЫТӔН сӕ фылдӕр сразы уыдзысты, царды ӕхсызгондӕр хабӕрттӕй иу кӕй у сывӕллоны райгуырд. Иу сылгоймаг, Аля, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы: «Мӕ ноггуырд чызджы куы федтон, уӕд мӕнӕй амондджындӕр адӕймаг нӕ уыд. Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ сывӕллонӕй рӕсугъддӕр нӕй». Фӕлӕ ахӕм ӕхсызгон хабар ныййарджытӕн цинӕй дарддӕр сагъӕсы хос дӕр свӕййы. Аляйы лӕг зӕгъы: «Мӕ сагъӕс ууыл уыд, ӕмӕ мӕ чызджы царды зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кӕнын мӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ». Ныййарджытӕй бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц афтӕ. Ӕмбарынц ӕй, сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ ууыл чи архайы, уыцы чырыстон ныййарджытӕ сӕмбӕлынц зындзинӕдтыл. Цы сты уыцы зындзинӕдтӕй иуӕй-иутӕ?

2. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ныййарджытӕ?

2 Мах цӕрӕм ацы дунейы фӕстаг бонты кӕрон. Библийы куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ адӕм кӕрӕдзи нал уарзынц. Суанг ма «бинонты ’хсӕн [дӕр] уарзондзинад нал ис», «хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц, сты мӕнгард... хиуыл хӕцын нӕ зонынц, сты ӕгъатыр» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Чырыстӕттӕ алы бон дӕр ахӕм адӕмыл кӕй ӕмбӕлынц, уый, гӕнӕн ис, фӕзына, хӕдзары сӕ кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл. Уыимӕ ма ныййарджытӕ фӕтох кӕнынц сӕхи ӕнӕххӕстдзинадимӕ дӕр – ӕнӕххӕст кӕй сты, уый аххосӕй кӕмдӕр сӕхиуыл нӕ фӕхӕцынц, йе та ӕнӕрхъуыды ныхас фӕзӕгъынц, ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр фӕрӕдийынц (Ромӕгтӕм 3:23; Иаковы 3:2, 8, 9).

3. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, ӕмӕ сын амондджын уой?

3 Фӕлӕ уӕддӕр ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы уарзой ӕмӕ амондджын уой. Куыд? Уый тыххӕй сӕ хъӕуы хъусын Библийы уынаффӕмӕ, «алцыдӕр аразут уарзгӕйӕ», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 16:14). Ӕцӕгдӕр, уарзондзинады «хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕджы апостол Павел ӕмбарын кӕны уарзондзинады алыхуызон фӕзилӕнтӕ. Цӕй уӕдӕ дзы ӕртӕмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ аныхас кӕнӕм, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзысты, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 13:4–8).

Ныййарджытӕ хъуамӕ уой бирӕфӕразон

4. Ныййарджытӕ бирӕфӕразон цӕмӕн хъуамӕ уой?

4 Павел фыста: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4). «Бирӕ фӕразын»-ӕй цы грекъаг дзырд ивд у, уый амоны «быхсын» ӕмӕ «мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕнын». Ахӕм фӕразондзинад ныййарджыты кӕд фӕхъӕуы? Сӕ фылдӕр уымӕн бирӕ уавӕртӕ ранымайдзысты. Ӕркӕсӕм дзы ӕрмӕст цалдӕрмӕ. Сывӕллоны исты куы фӕхъӕуы, уӕд ӕппынӕдзух уый кой фӕкӕны. Ныййарджытӕ йын хъӕддыхӕй «нӕ» куы фӕзӕгъынц, уӕддӕр не ’рлӕууы – зӕгъгӕ, кӕд сразы уаиккой. Ӕрыгӕтты дӕр исты куы фӕфӕнды, уӕд бирӕ ӕфсӕнттӕ ӕрхӕссынц, цӕмӕн сӕ хъуамӕ бауадзой афтӕ бакӕнын, уымӕн,– кӕд ӕй сӕ ныййарджытӕ фӕзонынц, уый ӕнӕзонд ми у, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Стӕй, махӕй алчидӕр куыд у, афтӕ сывӕллӕттӕ дӕр арӕх фӕкӕнынц уыцы иу рӕдыдтытӕ (Псалом 129:3).

5. Цы баххуыс кӕндзӕн ныййарджытӕн, цӕмӕй бирӕфӕразон уой?

5 Цы баххуыс кӕндзӕн ныййарджытӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ бирӕфӕразон уой? Паддзах Соломон ныффыста: «Арфуынӕг адӕймаг йӕ маст уромын фӕразы» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты бамбарын ӕнцондӕр уыдзӕн, куы ӕрымысой, сӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр кӕй кодтой «сабийы ныхӕстӕ... сӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд, сӕ хъуыдытӕ дӕр уыдысты сабийы хъуыдытӕ» (1 Коринфӕгтӕм 13:11). Ныййарджытӕ, хъуыды-ма кӕнут, гыццылӕй-иу уӕ мадӕлты кӕнӕ уӕ фыдӕлты куыд стыхсын кодтат, исты-иу уӕ куы хъуыди, уӕд? Куы фестырдӕр стут, уӕд афтӕ никуы ахъуыды кодтат, уӕ ныййарджытӕ уӕ кӕй не ’мбарынц, ӕмӕ уӕ цы тыхсын кӕны, уый кӕй нӕ уынынц? Кӕд о, уӕд ӕй ӕмбардзыстут, уӕ сывӕллӕттӕ сӕхи афтӕ цӕмӕн дарынц ӕмӕ сын иу хатт зӕгъын фаг цӕуылнӕ вӕййы (Колоссӕгтӕм 4:6). Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ сӕ сывӕллӕтты «зӕрдӕты арф ӕвӕрдтаиккой» (Дыккаг закъон 6:6, 7). «Зӕрдӕйы арф ӕвӕрын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд ивд, уый нысан кӕны «ногӕй ӕмӕ ногӕй дзурын», «ӕууӕндын кӕнын». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сывӕллонӕн Хуыцауы закъӕттӕ ӕмбарын кӕнын хъӕудзӕн бирӕ хӕттыты, цалынмӕ сӕ ӕххӕст кӕнын нӕ сахуыр уа, уӕдмӕ. Ӕмӕ афтӕ вӕййы, царды йӕ ӕндӕр истӕуыл куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд дӕр.

6. Ныййарӕг бирӕфӕразон у, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ алцыдӕр бары?

6 Фӕлӕ, ныййарӕг бирӕфӕразон у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алцыдӕр бары. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕнӕркастӕй цы лӕппу баззайа, уый йӕ мады худинаг кӕндзӕн». Цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй нын ацы ӕмбисонд дӕтты ахӕм уынаффӕ: «Уис ӕмӕ ных бакъуырын – зонды хос» (Ӕмбисӕндтӕ 29:15). Хатт сывӕллонмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ныййарджытӕн уый бар нӕй, цӕмӕй йын уайдзӕф кӕной. Фӕлӕ чырыстон бинонтӕ демократийы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цӕрынц, ома, ныййарджытӕ сывӕллӕттӕй цы домдзысты, уый уымӕй аразгӕ нӕу, ӕмӕ уыцы домӕнтыл сывӕллӕттӕ сразы уыдзысты ӕви нӕ. Алы бинонты Хицау дӕр у Йегъовӕ, ӕмӕ уый ныййарджытӕн радта уыцы бар, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕной ӕмӕ сын зонд амоной (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 3:15; 6:1–4). Зонд амонын ӕнгом баст у уарзондзинады иннӕ фӕзилӕнимӕ, Павел кӕй кой кодта, уыимӕ.

Куыд ис уарзгӕйӕ зонд амонӕн

7. Хӕларзӕрдӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд цӕмӕн амондзысты ӕмӕ уыцы зондамындмӕ цы хауы?

7 Павел фыста: «Уарзондзинад... у хӕларзӕрдӕ» (1 Коринфӕгтӕм 13:4). Кӕд ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕцӕг уарзынц, уӕд сын зонд амондзысты, ӕмӕ уый кӕндзысты хӕларзӕрдӕйӕ, стӕй афтӕ нӕ, ӕмӕ сӕ абон иу домынц, райсом та ӕндӕр. Афтӕмӕй уыдон фӕзмдзысты Йегъовӕйы. «Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны»,– фыста Павел. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библи цы зондамынды кой кӕны, уый ӕрмӕст ӕфхӕрд нӕу. Йӕ хъуыды у амонын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Ахӕм зондамындӕн йӕ нысан цы у? Павел дзуры: «Уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – рӕстдзинад» (Дзуттӕгтӕм 12:6, 11). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хӕларзӕрдӕйӕ, Хуыцау сын куыд амоны, афтӕ куы ахуыр кӕной, уӕд сын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой фарнуарзаг ӕмӕ ӕгъдауджын адӕймӕгтӕ. Сывӕллӕттӕ «Йегъовӕйы зондамындмӕ» куы хъусой, уӕд ссардзысты зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад – ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй бирӕ зынаргъдӕр чи у, ахӕм миниуджытӕ (Ӕмбисӕндтӕ 3:11–18).

8. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы нӕ фӕамонынц, уӕд арӕх куыд рауайы?

8 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы нӕ амоной, уӕд уый сӕ хӕларзӕрдӕдзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ Соломонӕн ныффыссын кодта: «Йӕ фыртмӕ уис чи нӕ исы, уый дзы йе сӕфт уыны, чи йӕ уарзы, уый та йын зонд амоны» (Ӕмбисӕндтӕ 13:24). Ӕдзухдӕр зонд кӕмӕн нӕ фӕамонынц, уыцы сывӕллон арӕх свӕййы хиуарзон ӕмӕ вӕййы ӕнамонд. Уыдонӕй уӕлдай, йӕ ныййарджытӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕмӕн сты, фӕлӕ кӕм хъӕуы, уым фидарӕй «нӕ» чи фӕзӕгъы, ахӕм сывӕллон та хуыздӕр фӕахуыр кӕны скъолайы, адӕмимӕ цӕрын ын ӕнцондӕр вӕййы ӕмӕ ӕнӕуи дӕр вӕййы амондджындӕр. Уӕдӕ, йӕ сывӕллонӕн хӕларзӕрдӕйӕ зонд цы ныййарӕг амоны, уый йӕ ӕцӕгдӕр уарзы.

9. Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цы хъуамӕ амоной ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын?

9 Сывӕллӕттӕн хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ уарзгӕйӕ зонд амонай, уымӕ цы хауы? Иу уый, ӕмӕ-иу ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн хорз бамбарын кӕной, цы сӕ домынц, уый. Зӕгъӕм, чырыстон бинонты ’хсӕн цы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕны, уыдонӕн сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ амонынц Библийы сӕйраг уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ, ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайын кӕй хъӕуы, уый (Рацыд 20:12–17; Матфейы 22:37–40; 28:19; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Сывӕллӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой, ацы хъуыддӕгтӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнинаг кӕй сты.

10, 11. Ныййарджытӕ сӕ бинонтӕн исты фӕтк куы ’вӕрой, уӕд хорз цӕмӕн уаид, сӕ сывӕллӕтты хъуыдымӕ дӕр-иу сӕ хъус куы ’рдариккой?

10 Фӕлӕ ныхас бинонты фӕткыл куы цӕуа, уӕд ныййарджыты, чи зоны, бафӕнда сывӕллӕтты хъуыды дӕр базонын. Кӕстӕртӕн сӕ хъуыды зӕгъыны фадат куы раттой, уӕд стӕй сӕ хӕстӕ зӕрдиагдӕрӕй ӕххӕст кӕндзысты. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, сӕ сывӕллӕттӕ-иу хӕдзары цал сахатыл хъуамӕ уой, уый. Сӕ бон у, ӕмӕ уыцы рӕстӕг сӕхӕдӕг снысан кӕной. Фӕлӕ ма сӕ бон у, ӕмӕ сывӕллӕттӕн сӕхи дӕр бафӕрсой, зӕгъгӕ, цавӕр рӕстӕг равзариккат ӕмӕ уӕм уыцы афон хорз цӕмӕ кӕсы. Стӕй ныййарджытӕн сӕ бон у сӕхи хъуыды зӕгъын, ӕмӕ сын бамбарын кӕнын, афтӕ хуыздӕр цӕмӕн уыдзӕн. Фӕлӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыцы хъуыддагмӕ ӕмхуызон цӕстӕй куы нӕ кӕсой – ӕмӕ арӕхдӕр вӕййы афтӕ – уӕд та? Ныййарджытӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты ныхасыл дӕр сразы уой, кӕд уый Библийы ныхмӕ нӕ уа, уӕд. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ бартӕ сывӕллӕтты къухмӕ радтой?

11 Ацы фарстӕн дзуапп раттынӕн ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Лоты ӕмӕ йӕ бинонты куыд фервӕзын кодта, уыцы хъуыддагмӕ. Зӕдтӕ Лоты, йӕ усы ӕмӕ йӕ чызджыты Содомӕй куы ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Лидзгӕ кӕн хӕхтӕм, науӕд фӕсӕфдзынӕ!». Фӕлӕ уый афтӕ бакодта: «Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрмӕст уый нӕ!». Ӕмӕ йын стӕй йӕ хъуыды загъта: «Уӕртӕ уыцы горӕт ӕввахс у, бирӕ йӕм нӕ хъӕуы лидзын. Цы уӕлдай дын у, кӕдӕм алидзон, уый? Курӕг дӕ дӕн, бар мын ратт, цӕмӕй уырдӕм алидзон». Цавӕр дзуапп ын радта Йегъовӕ? «Хорз, ацы хъуыддаджы дӕр, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Райдиан 19:17–22). Цымӕ афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ бартыл йӕ къух систа? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хуыцау Лоты курдиатмӕ йӕ хъус ӕрдардта ӕмӕ йӕм уымӕй стыр хӕларзӕрдӕдзинад равдыста. Ныййарджытӕ, куыд уӕм кӕсы, уӕ бинонтӕн исты фӕтк куы ’вӕрат, уӕд цавӕр хъуыддӕгты уаид гӕнӕн сывӕллӕтты ныхасмӕ дӕр байхъусын?

12. Сывӕллон ныфсджындӕр кӕд уыдзӕн?

12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ хъуамӕ ӕрмӕст уый ма зоной, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, фӕлӕ ма, куы нӕ байхъусой, уӕд сӕм цы ’фхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. Ныййарджытӕ семӕ ууыл куы аныхас кӕной ӕмӕ сывӕллӕттӕ, ӕфхӕрд цӕй тыххӕй баййафдзысты, уый хорз куы бамбарой, уӕд стӕй хъуамӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕной. Йӕ сывӕллонмӕ бафхӕрынӕй чи ӕртхъирӕн кӕны, фӕлӕ йӕ ӕфхӕргӕ чи нӕ бакӕны, уыцы ныййарӕджы уарзӕгой схонӕн нӕй. «Ӕвзӕр хъуыддагыл тӕрхон уайтагъд нӕ сӕххӕст вӕййы, ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаджы фыртты зӕрдӕ сахуыр вӕййы ӕвзӕр кӕныныл»,– фыст ис Библийы (Екклесиаст 8:11). Ӕцӕг, хорз уаид, ныййарӕг йӕ сывӕллоны адӕмы ’хсӕн кӕнӕ йе ’мгӕртты раз куы нӕ ӕфхӕрид, цӕмӕй сывӕллон йӕхимӕ ӕгад ма ’ркӕса. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ ныфсджындӕр уыдзысты ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн тынгдӕр аргъ кӕндзысты ӕмӕ сӕ тынгдӕр уарздзысты, куы йӕ зоной, ӕмӕ ныййарджыты «о» уыдзӕн «о», сӕ «нӕ» та – «нӕ», дзырд бафхӕрыныл куы цӕуа, уӕд дӕр (Матфейы 5:37).

13, 14. Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы фӕзмын сӕ бон куыд у?

13 Уарзӕгой ныййарӕг йӕ сывӕллоны куы ’фхӕра, уӕд ын хъуыды кӕндзӕн йӕ удыкондыл. Иу сылгоймаг, Пам, афтӕ зӕгъы: «Дыууӕ сывӕллоны схъомыл кодтам, ӕмӕ дыууӕйы ӕмхуызон нӕ бафхӕрдтаис. Иумӕ цы бахъардтаид, уый иннӕмӕ нӕ хъардта». Йӕ лӕг Ларри зӕгъы: «Нӕ хистӕр чызг уыд хивӕнд, ӕмӕ йын йӕ зонд ӕрмӕст ныхасӕй не сраст кодтаис. Кӕстӕр чызгӕн та-иу ӕрмӕст ныхас дӕр кӕнӕ тызмӕг цӕстӕнгас дӕр фаг уыдис». Ӕцӕгдӕр, уарзӕгой ныййарджытӕ хъуыды кӕндзысты, сӕ сывӕллӕттӕй кӕмӕн куыд хуыздӕр уыдзӕнис зонд бацамонын, ууыл.

14 Уыцы хъуыддаджы ныййарджытӕн фӕзминаг у Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр зоны йӕ хорз миниуджытӕ дӕр ӕмӕ йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ дӕр (Дзуттӕгтӕм 4:13). Стӕй ма Йегъовӕ куы фефхӕры, уӕд нӕдӕр ӕгӕр карз вӕййы, нӕдӕр – ӕгӕр фӕлмӕн. Уый йӕ адӕмы бафхӕры, фӕлӕ, «цас хъӕуы, уымӕй фылдӕр нӕ» (Йереми 30:11). Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты хорз миниуджытӕ ӕмӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ зонут? Ӕмӕ уӕд архайут, цӕмӕй сӕ уымӕ гӕсгӕ хъомыл кӕнат? Кӕд о, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты уарзут.

Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурой

15, 16. Цы кӕнын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ семӕ ӕргом ныхас кӕной ӕмӕ-иу уыцы хъуыддаджы чырыстон ныййарджытӕн цы баххуыс кодта?

15 Уарзондзинады иннӕ фӕзилӕн та у уый, ӕмӕ «раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны, фӕлӕ цин кӕны рӕстдзинадыл» (1 Коринфӕгтӕм 13:6). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад куыд бауарзын кӕндзысты? Ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй сӕ разӕнгард кӕной сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурынмӕ – цы зӕгъой, уый фехъусын ныййарджытӕн зын куы уа, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕн ӕхсызгон вӕййы, сывӕллӕттӕ раст куы фӕхъуыды кӕнынц. Фӕлӕ хатт сывӕллонӕн йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ зӕрдӕ ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт кӕй у (Райдиан 8:21). Куыд хъуамӕ кӕной ахӕм уавӕры ныййарджытӕ? Чи зоны, сӕ фыццаг хъуыды уа бауайдзӕф ын кӕнын, уый цытӕ дзурыс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ нал дзурдзысты, фӕлӕ дзурдзысты ӕрмӕст, сӕ ныййарджыты цы фӕнды фехъусын, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, къӕйных ныхасы тыххӕй уайтагъд хъӕуы бауайдзӕф кӕнын. Фӕлӕ сывӕллӕтты уӕздан ныхас кӕныныл ахуыр кӕнай – уый иу у, ӕмӕ кӕм цы зӕгъой, уый сын дзурай – уый та бынтон ӕндӕр у.

16 Цы кӕнын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурой? Раздӕр цы Аляйы кой кодтам, уый зӕгъы: «Нӕ сывӕллӕттӕ-иу, ӕнхъӕл сӕ цы нӕ уыдыстӕм, ахӕм исты дӕр куы загътой, уӕд дӕр-иу сӕм уайтагъд хыл кӕнынмӕ никуы фестӕм. Афтӕмӕй архайдтам, цӕмӕй не ’хсӕн ӕргом ныхас уа». Иу нӕлгоймаг, Том, дзуры: «Мах-иу нӕ чызджы алкӕддӕр разӕнгард кодтам, цӕмӕй-иу нын йӕ хъуыды загътаид, немӕ-иу разы куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Ӕмбӕрстам ӕй, алы хатт ын-иу йӕ ныхас куы фескъуыдтаиккам ӕмӕ йын тыххӕй нӕхи зонд куы хъардтаиккам, уӕд ын йӕ ныфс асастаиккам ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг цы уыд, уый нӕ ӕмбӕхсын райдыдтаид. Фӕлӕ йӕм мах хъуыстам, ӕмӕ нӕм уый дӕр хъуыста». Раст у, сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджытӕм хъусой (Ӕмбисӕндтӕ 6:20). Фӕлӕ ӕргом ныхасы фӕрцы ныййарджытӕ сӕ кӕстӕртӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сахуыр уой хъуыды кӕнын. Винсент, цыппар чызджы фыд, афтӕ зӕгъы: «Исты хъуыддаг-иу куы скъуыддзаг кодтам, уӕд-иу иумӕ аныхас кодтам, хорзӕй дӕр ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй дӕр цы ис, ууыл, цӕмӕй-иу нӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг бамбӕрстаиккой, хуыздӕр сын цы уыдзӕн, уый. Афтӕмӕй ахуыр кодтой арф хъуыды кӕнын» (Ӕмбисӕндтӕ 1:1–4).

17. Ныййарджытӕ дызӕрдыг цӕуыл хъуамӕ ма кӕной?

17 Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ ахӕм ныййарджытӕ нӕй, сывӕллӕттӕ хъомылгӕнгӕйӕ Библийы уынаффӕттӕ ӕнӕфӕрӕдийгӕ чи ӕххӕст кӕна. Фӕлӕ уӕддӕр дызӕрдыг ма кӕнут ууыл, ӕмӕ уӕ уӕ цот тынг бузныг кӕй уыдзысты, фӕразонӕй, хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ сӕ уарзгӕйӕ кӕй хъомыл кӕнут, уый тыххӕй. Йегъовӕ уын ӕнӕмӕнгӕй раарфӕ кӕндзӕн уӕ фыдӕбонӕн (Ӕмбисӕндтӕ 3:33). Алы чырыстоны дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы бауарзой, йӕхӕдӕг ӕй куыд тынг уарзы, афтӕ. Цӕй фӕрцы бафтдзӕн уыцы бӕллиццаг хъуыддаг ныййарджыты къухы? Иннӕ статьяйы равзардзыстӕм цалдӕр хорз уынаффӕйы.

Бахъуыды кодтай?

• Ныййарӕг арфуынӕг куы уа, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бирӕфӕразон уа?

• Уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ зонд амонын кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты?

• Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕргом ныхас кӕной?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Ныййарджытӕ, гыццылӕй уӕхӕдӕг куыд уыдыстут, уый ма хъуыды кӕнут?

[Ныв 23 фарсыл]

Дӕ сывӕллоны ӕргом ныхасмӕ разӕнгард кӕныс?