Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнут Йегъовӕйы бауарзын

Уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнут Йегъовӕйы бауарзын

Уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнут Йегъовӕйы бауарзын

«Куыд фаттӕ тыхджыны къухы; афтӕ [сты] ӕрыгон фырттӕ» (ПСАЛОМ 126:4).

1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сты «куыд фаттӕ тыхджыны къухы»?

ФАТӔЙӔХСӔГ йӕхи цӕттӕ кӕны фатӕй нысан акъахынмӕ. Ӕрдыны фат аифтыгъта, ӕрдынбос айвӕзта, ӕмӕ кӕд ивӕзт ӕрдыныл хӕцын ӕнцон нӕу, уӕддӕр арӕхстгай ныхъхъавыд йӕ нысанмӕ. Ӕмӕ стӕй фат феуӕгъд кодта. Цымӕ йӕ нысан акъахдзӕн? Уый баст у цалдӕр хъуыддагыл: фатӕйӕхсӕг куыд арӕхстджын у, дымгӕ куыд дымы ӕмӕ фат йӕхӕдӕг цавӕр у, ууыл.

2 Паддзах Соломон сывӕллӕтты абарста «фаттимӕ тыхджыны къухы» (Псалом 126:4). Лӕмбынӕгдӕр-ма ахъуыды кӕнӕм ацы абарстыл, цӕуыл дзурӕг у? Фатӕйӕхсӕгӕн фат йӕ къухы вӕййы цыбыр рӕстӕг. Цӕмӕй йӕ нысан акъаха, уый тыххӕй йыл хъуамӕ бирӕ ма фӕхӕца. Афтӕ ныййарджытӕн дӕр ис цыбыр рӕстӕг, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕной Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзын. Сывӕллӕттӕ куыд ахъомыл вӕййынц ӕмӕ сӕ цард сӕхӕдӕг аразын куыд райдайынц, уый адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны (Матфейы 19:5). Цымӕ сӕ нысан акъахдзысты, ома сӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой, уӕддӕр ма Хуыцауы уарздзысты ӕмӕ йын лӕггад кӕндзысты? Уый бирӕ хъуыддӕгтӕй аразгӕ у. Уыдонӕй ӕртӕ сты: ныййарджытӕ куыд арӕхстджын сты, сывӕллӕттӕ цавӕр уавӕрты хъомыл кӕнынц, ӕмӕ «фат» йӕхӕдӕг цавӕр у, ома сывӕллон йӕ ныййарджытӕм куыд хъусы, уый. Цӕй ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ иугай равзарӕм. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, арӕхстджын, ома хорз ныййарӕг цавӕр хъуамӕ уа, уымӕ.

Хорз ныййарджытӕ сты фӕзминаг

3. Ныййарджытӕ сӕ ныхӕстӕ хъуыддӕгтӕй цӕмӕн хъуамӕ бӕлвырд кӕной?

3 Йесо иннӕтӕн цы амыдта, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕххӕст кодта, ӕмӕ уымӕй ныййарджытӕн у фӕзминаг (Иоанны 13:15). Уый фаудта фарисейты, зӕгъгӕ, уыдон, «цы дзурынц, уый сӕхӕдӕг нӕ аразынц» (Матфейы 23:3). Уӕдӕ кӕд ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы бауарзой, уӕд сӕ ныхӕстӕ хъуамӕ бӕлвырд кӕной хъуыддӕгтӕй. Ныхас хъуыддагӕй куы нӕ бӕлвырд кӕна, уӕд ӕрдын ӕнӕ босӕй куыд уа, уымӕй уӕлдай нӕу (1 Иоанны 3:18).

4. Ныййарджытӕ сӕхимӕ цавӕр фарстытӕ хъуамӕ раттой ӕмӕ цӕмӕн?

4 Ныййарджытӕ фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой? Стыр адӕймаг Йесойы дӕнцӕгмӕ кӕсгӕйӕ куыд бауарзы Йегъовӕйы, афтӕ сывӕллон та йӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ сахуыр вӕййы Йегъовӕйы уарзын. Сывӕллон фылдӕр кӕимӕ уа, уыдон ыл кӕнӕ хорзырдӕм фӕзындзысты, кӕнӕ та йын йӕ «хорз ӕгъдӕуттӕ фехалдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Сывӕллон йӕ гыццылӕй цӕуыл сахуыр уыдзӕн, уый тынг ахсджиаг у. Уыцы рӕстӕг та фылдӕр вӕййы йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдимӕ, ӕмӕ йыл ӕппӕты тынгдӕр уыдоны цӕвиттон фӕзыны. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕхимӕ раттой ахӕм фарстытӕ: «Цӕуыл ахуыр кӕны мӕ сывӕллон мӕнӕй? Мӕнмӕ кӕсгӕйӕ йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ сфидар кӕндзӕн? Куыд кувын ӕмӕ Библи куыд ахуыр кӕнын, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгты йын фӕзминаг дӕн?»

Хорз ныййарджытӕ фӕкувынц сӕ сывӕллӕттимӕ

5. Цы базондзысты сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты куывдтытӕй?

5 Уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базондзысты уӕ куывдтытӕм хъусгӕйӕ. Хӕрды размӕ Хуыцауӕн бузныг кӕй фӕдзурут кӕнӕ Библи ахуыр кӕныны размӕ кӕй фӕкувут, уымӕй цы базондзысты? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ бамбардзысты, алцыдӕр нын Йегъовӕ кӕй дӕтты ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг кӕй хъуамӕ уӕм, стӕй нын Библийы ӕцӕгдзинад кӕй амоны, уый дӕр. Уыдӕттӕ ӕмбарын та у тынг ахсджиаг (Иаковы 1:17).

6. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын, Йегъовӕ сӕ алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы?

6 Фӕлӕ хӕрды размӕ ӕмӕ Библи ахуыр кӕныны размӕ кувынӕй дарддӕр ма ӕндӕр хӕттыты дӕр куы куват, ӕмӕ уӕхи ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты цы тыхсын кӕны, уыдӕттыл куы дзурат, уӕд та ноджы фылдӕр бафтдзӕн уӕ къухы. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ бамбардзысты, Йегъовӕ дӕр уӕ бинонтӕй кӕй у ӕмӕ уӕ алкӕуыл дӕр зӕрдиагӕй кӕй тыхсы (Ефесӕгтӕм 6:18; 1 Петры 5:6, 7). Иу фыд загъта: «Нӕ чызг куы райгуырд, уӕдӕй фӕстӕмӕ куывтам йемӕ. Куы фестырдӕр, уӕд куывтам, цӕмӕй йын хорз ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй, стӕй ма йӕ цы тыхсын кодта, ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй дӕр. Цалынмӕ не смой кодта, уӕдмӕ иунӕг бон дӕр афтӕ нӕ ацыд, ӕмӕ иумӕ ма акуывтаиккам». Хорз нӕ уаид, сымах дӕр уӕ сывӕллӕттимӕ алы бон дӕр куы кувиккат? Стӕй хорз нӕ уаид, уӕ куывдтытӕй-иу куы бамбариккой, Йегъовӕ ӕрмӕст сӕ дарӕг ӕмӕ сӕ ахуыргӕнӕг кӕй нӕу, фӕлӕ ма се ’нувыд Ӕмбал дӕр? (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

7. Цы зонын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй сӕ куывдтытӕ бӕлвырддӕр уой?

7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй уӕ куывдтытӕ бӕлвырддӕр уой, уый тыххӕй хъуамӕ зонат, уӕ сывӕллоны царды цы хабӕрттӕ цӕуы, уый. Мӕнӕ цы загъта, дыууӕ сывӕллоны чи схъомыл кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг: «Алы къуырийы кӕрон дӕр-иу мӕхимӕ радтон дыууӕ фарсты: „Цӕуыл тыхстысты мӕ чызджытӕ ацы къуыри? Цины хабарӕй та сӕм цы уыд?“». Ныййарджытӕ, уӕ бон нӕу ахӕм фарстытыл хъуыды кӕнын ӕмӕ стӕй иумӕ кувгӕйӕ уӕ сывӕллӕтты сагъӕстӕ ӕмӕ цинты кой дӕр ракӕнын? Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕтты ӕрмӕст ууыл нӕ сахуыр кӕндзыстут, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ, куывдтытӕ чи хъусы, уымӕ кувой, фӕлӕ ма йӕ цӕмӕй уарзгӕ дӕр кӕной (Псалом 64:3).

Хорз ныййарджытӕ разӕнгард кӕнынц Библи ахуыр кӕнынмӕ

8. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы ныхас ахуыр кӕнынмӕ цӕмӕн хъуамӕ разӕнгард кӕной?

8 Мад ӕмӕ фыд Библи ахуыр кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый куыд фӕзындзӕн, сӕ сывӕллон Хуыцаумӕ баввахс уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл? Цӕмӕй дыууӕ адӕймаджы балымӕн уой ӕмӕ хӕларӕй цӕрой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕст ныхас ма кӕной, фӕлӕ ма кӕрӕдзимӕ хъусгӕ дӕр кӕной. Йегъовӕмӕ та фӕхъусӕм, «ӕууӕнкджын цагъар» нын цы литературӕ дӕтты, уый ӕххуысӕй Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд (Матфейы 24:45–47; Ӕмбисӕндтӕ 4:1, 2). Уӕдӕ цӕмӕй сывӕллӕттӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой ӕмӕ йӕ бауарзой, уый тыххӕй сӕ сӕ ныййарджытӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ.

9. Куыд ис баххуыс кӕнӕн сывӕллӕттӕн, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын бауарзой?

9 Куыд ис баххуыс кӕнӕн сывӕллӕттӕн, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын бауарзой? Ам дӕр та ӕппӕты хуыздӕр у мад ӕмӕ фыды дӕнцӕг. Библи зӕрдиагӕй кӕй кӕсут ӕмӕ йӕ кӕй иртасут, уый уӕ сывӕллӕттӕ арӕх уынынц? Раст у, сывӕллӕтты дарын ӕнцон нӕу ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕнай, кӕм ма ссарон рӕстӕг кӕсынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-ма дӕхимӕ ратт ахӕм фарст: «Мӕ сывӕллӕттӕ мӕ телевизормӕ кӕсгӕйӕ арӕх фӕуынынц?» Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ бон нӕ уаид уыцы рӕстӕгӕй Библи ахуыр кӕнынӕн рахицӕн кӕнын, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уай?

10, 11. Бинонтӕ иумӕ Библи цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной?

10 Цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕмӕ хъусын сахуыр кӕной, уый тыххӕй ма хъуамӕ бинонтӕ иумӕ дӕр ахуыр кӕной Библи (Исай 30:21). Фӕлӕ, чи зоны, искӕмӕ фӕзына фарст: «Цӕмӕн ма хъӕуы сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын, кӕд ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм семӕ кӕнынц, уӕд?» Уый хъӕуы цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Йегъовӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын сӕйраджыдӕр ныййарджытӕн бахӕс кодта (Ӕмбисӕндтӕ 1:8; Ефесӕгтӕм 6:4). Бинонтӕ иумӕ Библи куы ахуыр кӕной, уӕд сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты, ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕрмӕст адӕмы ’хсӕн ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм ӕгъдау нӕу, фӕлӕ у сӕ бинонты царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иу (Дыккаг закъон 6:6–9).

11 Иннӕмӕй та, ныййарджытӕ уыцы ахуырмӕ сӕхи дзӕбӕх куы цӕттӕ кӕной, уӕд сӕ бон уыдзӕн базонын, сӕ сывӕллӕттӕ уырнындзинады хъуыддӕгты ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый. Кӕд сывӕллӕттӕ гыццыл сты, уӕд семӕ ахуыр кӕнӕн ис чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ» *. Стӕм абзацӕй фӕстӕмӕ дзы алы абзацы дӕр ис сывӕллӕттӕм фарстытӕ. Ацы чиныджы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдоныл ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ куы ныхас кӕной, уӕд сын ӕххуыс кӕндзысты, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарынӕн» (Дзуттӕгтӕм 5:14).

12. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у бинонты ахуыр афтӕ уадзын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн фылдӕр пайда хӕсса, ӕмӕ дӕумӕ гӕсгӕ уый хуыздӕр куыд ис аразӕн?

12 Сывӕллӕттӕ куыд рӕзынц, афтӕ ивынц. Уымӕ гӕсгӕ бинонты ахуыры дӕр фӕхъӕуы цыдӕртӕ ивын. Мӕнӕ куыд баххуыс кодтой иу бинонтӕ сӕ дыууӕ чызгӕн, се скъолайы цы дискотекӕ хъуамӕ уыдаид, уырдӕм ацӕуын хорз у ӕви нӕ, уый бамбарынӕн. Фыд зӕгъы: «Нӕ чызджытӕн загътам, иннӕ хатт нӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы мах сӕ мадимӕ цыма сӕ сывӕллӕттӕ уыдзыстӕм ӕмӕ уыдон та – нӕ мад ӕмӕ нӕ фыд. Мад чи уыдаид ӕмӕ фыд чи уыдаид, уый уӕлдай нӕ уыд – сӕйраг уыди, цӕмӕй иумӕ ӕрмӕг бацагуырдтаиккой ӕмӕ нын бамбарын кодтаиккой, растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый». Ӕмӕ дзы цы рауад? Фыд дарддӕр дзуры: «Тынг ӕхсызгон нын уыди ӕмӕ ма дис дӕр фӕкодтам, нӕ чызджытӕ (нӕ мад ӕмӕ нӕ фыд) немӕ (сӕ сывӕллӕттимӕ) куыд ӕмбаргӕ ныхас кодтой ӕмӕ нын цы хорз уынаффӕтӕ радтой Библийӕ, дискотекӕмӕ ацӕуын раст цӕуылнӕ уыдзӕн, уый бамбарын кӕнынӕн. Стӕй ма ууыл дӕр бадис кодтам, дискотекӕмӕ цӕуыны бӕсты хи аирхӕфсӕн куыд ис, уый тыххӕй нын куыд хорз уынаффӕ радтой. Афтӕмӕй бамбӕрстам, куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ цӕмӕ бӕллынц, уый». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бинонтимӕ Библи ӕрвылкъуыри дӕр ахуыр кӕнай ӕмӕ сывӕллӕтты зӕрдӕ агайай – уымӕн хъӕуы фӕразондзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у (Ӕмбисӕндтӕ 23:15).

Уӕ сывӕллӕттӕн хорз уавӕртӕ скӕнут

13, 14. а) Цы аразын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй сӕ хӕдзары фарн уа? ӕ) Ныййарджытӕ сӕ рӕдыдтытыл куы сӕттой, уӕд сӕ къухы цы бафтдзӕн?

13 Фатӕйӕхсӕг йӕ нысан ӕнцондӕрӕй акъахдзӕн, дымгӕ куы нӕ уа, уӕд. Раст афтӕ, сывӕллӕттӕн дӕр Йегъовӕйы бауарзын ӕнцондӕр уӕд уыдзӕн, сӕ ныййарджытӕ куы архайой, цӕмӕй сӕ хӕдзары фарн уа. «Рӕстдзинады мыггаг байтыдӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым, ӕмӕ фарн чи уарзы, уыдонӕн»,– ныффыста Иаков (Иаковы 3:18). Цы аразын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй сӕ хӕдзары фарн уа? Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Кӕрӕдзи чи уарзы ӕмӕ кӕрӕдзийӕн чи аргъ кӕны, уыцы лӕг ӕмӕ усӕн ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй иннӕты, уыимӕ Йегъовӕйы дӕр уарзой ӕмӕ сын кад кӕной (Галатӕгтӕм 6:7; Ефесӕгтӕм 5:33). Кӕрӕдзи кӕм уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕм аргъ кӕнынц, уыцы хӕдзары вӕййы фарн. Фӕрнӕй чи цӕры, ахӕм лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд дӕр сын ӕнцондӕр вӕййы хъуыддаг банывыл кӕнын.

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон зӕххыл нӕй нӕдӕр ӕнаипп лӕг ӕмӕ ус, нӕдӕр ӕнаипп бинонтӕ. Ныййарджытӕ дӕр алы хатт, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ нӕ равдисынц (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ӕмӕ сын афтӕ куы рауайы, уӕд сӕ цы бакӕнын фӕхъӕуы? Сӕ рӕдыдыл-иу куы басӕттой, уӕд сын цымӕ сӕ сывӕллон къаддӕр аргъ кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм Павелы хабармӕ. Уырнындзинады хъуыддаджы уый бирӕтӕн уыди фыды хуызӕн (1 Коринфӕгтӕм 4:15). Фӕлӕ Павел ӕргом дзырдта, уый дӕр кӕй рӕдийы (Ромӕгтӕм 7:21–25). Павел сӕрныллӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕ рӕдыдтытыл кӕй саст, уый тыххӕй йӕ кад нӕ цӕсты не ’рхауд, фӕлӕ ноджыдӕр сырӕзт. Кӕд ӕнаипп нӕ уыд, уӕддӕр Коринфы ӕмбырдӕн йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын: «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 11:1). Сымах дӕр уӕ рӕдыдтытыл куы сӕттат, уӕд уын сӕ уӕ сывӕллӕттӕ уӕ цӕстмӕ нӕ дардзысты.

15, 16. Ныййарджытӕ цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной сӕ сывӕллӕтты чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзыныл ӕмӕ цы у сӕ бон уый тыххӕй саразын?

15 Цы ма у сӕ бон ныййарджытӕн саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы уарзой? Апостол Иоанн ныффыста: «Афтӕ чи зӕгъы, ӕз уарзын Хуыцауы, зӕгъгӕ, йе ’фсымӕрӕй та йе сӕфт чи уыны, уый сайгӕ кӕны. Уымӕн ӕмӕ, кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын» (1 Иоанны 4:20, 21). Уӕдӕ кӕд уӕ сывӕллӕттӕн чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бауарзынӕн ӕххуыс кӕнут, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут Йегъовӕйы бауарзынӕн. Ныййарджытӕ, уӕхимӕ-ма ахӕм фарст раттут: «Ӕмбырды кой куы фӕкӕнын, уӕд арӕхдӕр ӕппӕлӕгау фӕдзурын ӕви ӕфхӕрӕгау?» Куыд ис уый базонӕн? Лӕмбынӕг байхъусут, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмбырды тыххӕй, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй цы дзурынц, уымӕ. Афтӕмӕй базондзыстут, уӕхӕдӕг дӕр сӕ цы фӕдзурут, уый, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ арӕхдӕр фӕдзурынц, сӕ ныййарджытӕй цы хъусынц, уый.

16 Цы ис саразӕн, цӕмӕй сывӕллӕттӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бауарзой? Питер, дыууӕ лӕппуйы фыд, зӕгъы: «Нӕ лӕппутӕ ма гыццыл куы уыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕхимӕ хонӕм, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, ахӕм хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты, цӕмӕй иумӕ къӕбӕр ахӕрӕм, аныхӕстӕ кӕнӕм. Ӕмӕ уый не ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр тынг цӕуы. Нӕ сывӕллӕтты фарсмӕ ӕдзух вӕййынц, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕм, ӕмӕ уый фӕрцы сӕхӕдӕг дӕр ӕмбарынц, царды Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис». Деннис, фондз чызджы фыд, зӕгъы: «Нӕ чызджытӕн дзырдтам, цӕмӕй лымӕн кодтаиккой, сӕхицӕй хистӕр чи уыд, уыцы пионертимӕ, стӕй-иу гӕнӕн уӕвгӕйӕ нӕхимӕ фӕхуыдтам цӕугӕ цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты». Сымахӕн дӕр уӕ бон нӕ уаид уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты сӕхи бинонтыл нымайой? (Марчы 10:29, 30).

Сывӕллӕттӕн сӕхицӕй аразгӕ цы у

17. Сывӕллӕтты сӕхи цы хъӕудзӕн аскъуыддзаг кӕнын?

17 Ногӕй-ма ӕркӕсӕм фатӕйӕхсӕджы цӕвиттонмӕ. Куыдфӕнды арӕхстджын ма уа, уӕддӕр йӕ нысан нӕ акъахдзӕн, йӕ фат зылын кӕнӕ къӕдз куы уа, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ, сӕ бон цы у, уый араздзысты, цӕмӕй «зылын фат», ома сӕ сывӕллоны зондахаст, сраст кӕной. Фӕлӕ уӕддӕр сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, ацы дунейӕн сӕхи «ӕркъӕдз кӕнын» бауадздзысты ӕви Йегъовӕйӕн ратдзысты бар, цӕмӕй сын «раст кӕна сӕ къахвӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Ромӕгтӕм 12:2).

18. Сывӕллон цавӕр фӕндаг равзардзӕн, уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?

18 Кӕд сывӕллӕтты, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» хъомыл кӕнын ӕмӕ «сӕ йӕ зондыл аразын» ныййарджыты хӕс у, уӕддӕр сывӕллон, цавӕр фӕндагыл ацӕудзӕн, уый равзардзӕн йӕхӕдӕг (Ефесӕгтӕм 6:4). Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ-ма ахъуыды кӕнут ахӕм фарстыл: «Уӕ ныййарджыты уарзт ӕмӕ зондамындӕн саргъ кӕндзыстут?» Кӕд о, уӕд царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзардзыстут. Афтӕмӕй уӕ ныййарджытӕ амондджын уыдзысты, ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та – Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзыстут (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Цы аразын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй кувыны ӕмӕ Библи ахуыр кӕныны хъуыддаджы фӕзминаг уой?

• Цы аразын хъӕуы ныййарджыты, цӕмӕй сӕ хӕдзары фарн уа?

• Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг цы хъуамӕ равзарой ӕмӕ уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

Библи куыд ахуыр кӕныс, уымӕй дӕ сывӕллонӕн фӕзминаг дӕ?

[Ныв 27 фарсыл]

Фарн цы бинонты ’хсӕн ис, уыдон сты амондджын