Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарӕм, уый нын цы пайда фӕуыдзӕн

Хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарӕм, уый нын цы пайда фӕуыдзӕн

Хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарӕм, уый нын цы пайда фӕуыдзӕн

«Мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны» (ИАКОВЫ 5:11).

1, 2. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг хъизӕмар кодтаид?

ИУ АДӔЙМАДЖЫ дӕр нӕ фӕнды хъизӕмар кӕнын. Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной. Афтӕ кӕй у, уый нӕ бон у фенын Хуыцауы комытӕфӕй фыст Ныхасы. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куыд сфӕлдыста ӕмӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд, уымӕ. Фыццаг уал Хуыцау сфӕлдыста нӕлгоймаджы. «Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард, ӕмӕ адӕймаг сси удӕгас» (Райдиан 2:7). Адам уыд алцӕмӕй дӕр ӕххӕст ӕмӕ хъуамӕ мадӕр рынчын кодтаид, мадӕр – мӕлгӕ.

2 Цавӕр уавӕрты цард Адам? «Йегъовӕ Хуыцау скодта цӕхӕрадон скӕсӕнырдыгӕй, Едемы, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта, кӕй скодта, уыцы адӕймаджы. Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон, зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодта ӕмӕ сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ» (Райдиан 2:8, 9). Уӕдӕ Адамӕн уыдис диссаджы цӕрӕнбынат. Едемы цӕхӕрадоны хъизӕмӕрттӕн сӕ кой дӕр нӕ уыд.

3. Цавӕр фидӕн хъуамӕ уыдаид Адам ӕмӕ Евӕйӕн?

3 Райдианы 2:18 кӕсӕм: «Йегъовӕ Хуыцау загъта: „Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Сфӕлдисдзынӕн ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕджы“». Йегъовӕ Адамӕн сфӕлдыста алцӕмӕй дӕр ӕххӕст усы, цӕмӕй бинонты цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодтаид (Райдиан 2:21–23). Библийы ма кӕсӕм: «Хуыцау [сын] раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта: „Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йӕ хицӕуттӕ ут“» (Райдиан 1:28). Адам ӕмӕ Евӕмӕ ахӕм кад ӕрхауд, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн скодтаиккой. Стӕй ма хъуамӕ рауагътаиккой цот, ӕмӕ сӕ цот хъуамӕ уыдаиккой амондджын, хъизӕмар цы у, уый ма зыдтаиккой. Ӕцӕгдӕр, диссаджы райдиан! (Райдиан 1:31).

Зӕхх хъизӕмӕрттӕй куыд байдзаг

4. Ӕнусты дӕргъы адӕм куыд цардысты, уымӕ акӕсгӕйӕ цы зӕгъӕн ис?

4 Фӕлӕ ӕнусты дӕргъы адӕм куыд цардысты, уымӕ акӕсгӕйӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, цыдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцыд. Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы, адӕм хъизӕмар кӕнынц. Рагзамантӕй абоны онг Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр рынчын кӕнынц, зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Зӕхх ӕппындӕр нӕй схонӕн, амондджын адӕм кӕм цӕры, ахӕм дзӕнӕтон бынат. Раст фыст ис Ромӕгтӕм 8:22: «Хуыцауы сконд дуне ӕгасӕй дӕр тухӕнӕй... мӕлы ӕмӕ... удхар кӕны абоны онг дӕр».

5. Нӕ рагфыдӕлтӕ ӕппӕт адӕмы дӕр хъизӕмӕртты хай куыд фӕкодтой?

5 Ӕнусты дӕргъы адӕм цы ӕвирхъау хъизӕмӕртӕ ’взарынц, уыдон Йегъовӕйы аххосӕй не сты (2 Паддзахӕдты 22:31). Иуӕй уыцы хъизӕмӕрттӕ адӕмыл цӕуынц сӕхи аххосӕй. «Уыдон сӕнӕгъдау сты, бакодтой ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ» (Псалом 13:1). Нӕ рагфыдӕлтӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, райдианы алцы дӕр уыд. Ӕмӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр амондджынӕй цардаиккой, уый тыххӕй сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыд Хуыцауы коммӕ кӕсын. Хъыгагӕн, уыдон Хуыцауӕй аздӕхтысты ӕмӕ сӕхи зондыл ацыдысты. Фӕлӕ ӕнӕ Йегъовӕйӕ ӕххӕст уыдаиккой – уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Бонӕй-бонмӕ Адам ӕмӕ Евӕ зӕронд кодтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Ӕмӕ мах дӕр уыдонӕй нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад (Райдиан 3:17–19; Ромӕгтӕм 5:12).

6. Сайтан адӕмы хъизӕмӕртты аххосджын куыд у?

6 Адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уым ма аххосджын у, Сайтан Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕд дӕр. Йегъовӕ йӕ сфӕлдыста сӕрибарӕй, ома йӕхӕдӕг ӕвзӕрста, куыд бакӕна, уый. Фӕлӕ уый уыцы сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй иууылдӕр уымӕн кувой. Кувын та ӕмбӕлы ӕрмӕст Йегъовӕйӕн, цы сфӕлдыста, уымӕн нӕ, фӕлӕ. Сайтан Адам ӕмӕ Евӕйы сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ мауал хъуыстаиккой, фӕлӕ сӕхи зондӕй цардаиккой, зӕгъгӕ, дам, уӕд «суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр» (Райдиан 3:5).

Ӕрмӕст Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй хицау уа

7. Сайтан ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый фӕстиуджытӕй цы рабӕрӕг?

7 Сайтан ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый фӕстиуджытӕй рабӕрӕг, ӕрмӕст Йегъовӕйӕн, Дунедарӕг Стыр Хуыцауӕн, кӕй ис бар, цӕмӕй хицау уа, ӕмӕ ӕрмӕст уый кӕй у раст хицау. Ныр цалдӕр мин азы дӕргъы Сайтан у «ацы дунейы хицау», ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ акӕсгӕйӕ бӕрӕг у, йӕ хицаудзинад куыд ӕвзӕр, ӕнӕраст ӕмӕ ӕгъатыр у ӕмӕ хорзӕй йӕ бон кӕй ницы у саразын (Иоанны 12:31). Хицауӕдтӕ сты Сайтаны къухы, ӕмӕ ӕнусты дӕргъы адӕмӕн маст ӕмӕ хъизӕмӕртты йеддӕмӕ кӕй ницы хастой, уымӕй рабӕрӕг, адӕймагӕн йӕ бон раст разамынд дӕттын кӕй нӕу, уый дӕр (Йереми 10:23). Уӕдӕ адӕм цавӕрфӕнды хицауад ма ӕрымысой – ӕнӕ Йегъовӕйы разамындӕй сын ницы рауайдзӕн. Рӕстӕг куыд равдыста, уымӕ гӕсгӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у.

8. Цавӕр фӕнд ис Йегъовӕмӕ адӕмы хицауӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн?

8 Уал мин азы дӕргъы Йегъовӕ адӕмӕн фадат лӕвӕрдта алыхуызон хицауӕдтӕ бафӕлварынӕн, ӕмӕ ныр йӕ бон у ӕппӕт уыцы хицауӕдтӕ зӕххӕй аиуварс кӕнын ӕмӕ уыдоны бӕсты йӕхи хицауад сӕвӕрын. Ацы хабары тыххӕй Библийы фыст уыд: «Уыцы паддзӕхты [зӕххон хицауӕдты] дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад [йӕ уӕларвон хицауад Чырыстийы къухы]... уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдты иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данел 2:44). Хӕйрӕджыты ӕмӕ адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххӕн уыдзӕн иу хицауад – Хуыцауы уӕларвон Паддзахад. Чырысти уыдзӕн Паддзах, ӕмпаддзӕхтӕ та йын уыдзысты, зӕххӕй ӕвзӕрст чи у, уыцы 144 000 иузӕрдион адӕймаджы (Раргомад 14:1).

Хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын цы пайда вӕййы

9, 10. Йесо хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уый йын цы пайда фӕци?

9 Хорз уаид базонын, уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый. Фыццаг уал ахъуыды кӕнӕм Йесо Чырыстийыл. Уый равдыста, хорз Паддзах кӕй уыдзӕн, уый. Йесо ӕнӕнымӕц бирӕ азты дӕргъы уыд Йегъовӕйы раз, уыдис йӕ «дӕсны кусӕг» ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодта (Ӕмбисӕндтӕ 8:22–31). Йегъовӕ йын зӕхмӕ ӕрцӕуын куы бахӕс кодта, уӕд Йесо ӕнӕзивӕгӕй сразы. Зӕххыл куы уыд, уӕд йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр радта уымӕ, цӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы хицаудзинад ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй дзура. Йесойӕн йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыд, Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, ӕмӕ уымӕй не ’ппӕтӕн дӕр у фӕзминаг (Матфейы 4:17; 6:9).

10 Йесойӕн йе знӕгтӕ йӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ амардтой. Зӕххыл куы уыди, уӕд уыдта, адӕм цы тӕригъӕддаг уавӕры уыдысты, уый. Цы федта ӕмӕ цы бавзӕрста, уый йын исты пайда фӕци? Куыннӕ ма. Дзуттӕгтӕм 5:8 кӕсӕм: «Кӕд йӕ Фырт уыди, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл». Йесо зӕххыл цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы адӕмы хуыздӕр ӕмбарын райдыдта ӕмӕ сын тынгдӕр тӕригъӕд кодта. Адӕм цы уавӕры уыдысты, уыцы уавӕры уый дӕр уыди. Чи хъизӕмар кодта, уыдонӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ ноджы хуыздӕр бамбӕрста, йӕ бон сын баххуыс кӕнын куыд у, уый. Ӕркӕсӕм-ма, куыд ӕмбарын кӕны уый апостол Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм: «Хъуамӕ алцӕмӕй дӕр суыдаид „йе ’фсымӕрты“ хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын, ӕмӕ цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывонд ӕрхастаид. Уымӕн ӕмӕ фӕлварӕнты йӕхӕдӕг кӕй хъизӕмар кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн». «Ахӕм цытджын хистӕр сауджын [нын] кӕй ис,– Йесо, Хуыцауы Фырт, уӕлӕрвты чи бацыд, уый,– уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр ӕргом дзурӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу, фӕлӕ махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта. Гъемӕ уӕдӕ баввахс уӕм, стыр хорзӕх кӕцӕй цӕуы, уыцы паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна» (Дзуттӕгтӕм 2:17, 18; 4:14–16; Матфейы 9:36; 11:28–30).

11. Фидӕны паддзӕхтӕн ӕмӕ сауджынтӕн, зӕххыл цы бавзӕрстой, уый цы пайда фӕуыдзӕн?

11 Зӕххӕй чи «ӕрцыд ӕлхӕд» ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, уыцы 144 000 адӕймагӕй дӕр ис афтӕ зӕгъӕн (Раргомад 14:4). Уыдон се ’ппӕт дӕр райгуырдысты ӕмӕ цардысты хъизӕмӕрттӕй йедзаг дунейы, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр бавзӕрстой хъизӕмӕрттӕ. Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты ӕмӕ Йесойы фӕдыл кӕй цыдысты, уый тыххӕй дзы бирӕты ӕфхӕрдтой, кӕйдӕрты та дзы маргӕ дӕр акодтой. Фӕлӕ уыдон не ’фсӕрмы кодтой, «сӕ Хицауы тыххӕй кӕй хъусын кодтой» ӕмӕ хорз хабары тыххӕй хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзӕрстой, уымӕй (2 Тимофеймӕ 1:8). Зӕххыл цы бавзӕрстой, уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн уӕлӕрвтӕй адӕмӕн раст тӕрхон кӕнын. Уый фӕрцы систы ноджы тӕригъӕдгӕнагдӕр ӕмӕ ноджы фӕлмӕнзӕрдӕдӕр, ноджы тынгдӕр сӕ фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын (Раргомад 5:10; 14:2–5; 20:6).

Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон амондджын сты

12, 13. Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый сын цы пайда у?

12 Зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрыны ныфс кӕй ис, уыдон абон хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый сын исты пайда у? Хъизӕмӕрттӕ цы маст ӕмӕ рыст бавзарын кӕнынц, уыдон бӕллиццаг кӕцӕй сты. Фӕлӕ хъизӕмӕрттӕн куы фӕразӕм, уӕд нӕ удыхъӕды фидар кӕндзыстӕм хорз миниуджытӕ ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын.

13 Ӕркӕсӕм-ма, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас цы зӕгъы: «Рӕстдзинады тыххӕй [уӕ] кӕд хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа, уӕддӕр амондджын уыдзыстут». «Кӕд уын Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ кӕнынц, уӕд амондджын стут» (1 Петры 3:14; 4:14). «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг» (Матфейы 5:11, 12). «Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, аккаг разынгӕйӕ, райсдзӕн... хӕрзиуӕг – цард» (Иаковы 1:12).

14. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ амондджын цӕмӕ гӕсгӕ вӕййынц?

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъизӕмар кӕй кӕнӕм, амондджын уый тыххӕй не стӕм. Амондджын уымӕн стӕм, ӕмӕ йӕ зонӕм: мах хъизӕмар кӕнӕм, Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы апостолтӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой, ӕмӕ сӕ стӕй дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны раз ӕрлӕууын кодтой, Йесо Чырыстийы тыххӕй кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй. Фӕнӕмын сӕ кодтой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ауагътой. Цы цӕстӕй ракастысты апостолтӕ, цы сыл ӕрцыд, уымӕ? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой, ууыл цингӕнгӕйӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:17–41). Кӕй сӕ фӕнадтой, ууыл нӕ цин кодтой. Цин кодтой ууыл, ӕмӕ ӕмбӕрстой: афтӕ сын бакодтой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты ӕмӕ Йесойы къахвӕдтыл кӕй цыдысты, уый тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 16:25; 2 Коринфӕгтӕм 12:10; 1 Петры 4:13).

15. Абон хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ фидар кӕй фӕлӕууӕм, уый нын фидӕны куыд фӕпайда уыдзӕн?

15 Нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ нӕ кӕй ӕфхӕрынц, уымӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ сын куы фӕразӕм, уӕд фидардӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй та нӕ бон уыдзӕн сфӕразын, фидӕны нӕм цы хъизӕмӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон дӕр. Библийы кӕсӕм: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд уый уӕхицӕн нымайут стыр амондыл, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг зонут, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы кӕй равзӕры фидардзинад» (Иаковы 1:2, 3). Ромӕгтӕм 5:3–5 дӕр кӕсӕм: «Цин кӕнӕм фыдӕвзарӕнты дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: фыдӕвзарӕнты адӕймаг свӕййы фидар; фидардзинад та ӕркӕны уымӕ, ӕмӕ адӕймаг ссары Хуыцауы хорзӕх; Хуыцауы хорзӕх куы ссары, уӕд та йын фӕзыны ныфс, ӕмӕ уыцы ныфсӕй та фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн». Уӕдӕ, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй абон цас фылдӕр фӕлварӕнтӕн бафӕразӕм, уыйас хуыздӕр цӕттӕ уыдзыстӕм, ацы фыддунейы ма нӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ.

Йегъовӕ нын алцыдӕр баххӕст кӕндзӕн

16. Фидӕны паддзӕхты ӕмӕ сауджынты Йегъовӕ сӕ хъизӕмӕртты тыххӕй куыд схорзӕхджын кӕндзӕн?

16 Нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц кӕнӕ нӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй кӕд нӕ исбон фесафӕм, уӕд дӕр ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ рӕдауӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, ӕмӕ нын уый удӕнцой хӕссы. Апостол Павел, уӕлӕрвтӕм ацӕуыны ныфс кӕмӕн уыд, уыдонӕй кӕмӕдӕрты фыста: «Сымахӕн... уӕ исбон куы фӕхастой, уӕд дӕр цин кодтат, уӕлӕрвты уын хуыздӕр ӕмӕ ӕнӕсӕфгӕ бынтӕ кӕй ис (ома, Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты), уый зонгӕйӕ» (Дзуттӕгтӕм 10:34). Ӕмӕ-ма уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут, куыд цин кӕндзысты, ног дунейы Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы разамындӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмыл диссаджы арфӕдзинӕдтӕ куы тауой, уӕд. Ай-гъайдӕр, раст загъта апостол Павел иузӕрдион чырыстӕттӕн: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдон, мах уылты цы кад раргом уыдзӕн, уыимӕ абаргӕйӕ сӕ койы аккаг дӕр не сты» (Ромӕгтӕм 8:18).

17. Цӕмӕй схорзӕхджын кӕндзӕн Йегъовӕ, ӕнувыдӕй йын чи лӕггад кӕны ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны?

17 Афтӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм дӕр Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы фесӕфтой кӕнӕ сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой, уыдӕттӕ сын Йегъовӕ фидӕны уӕлдайджынтӕй баххӕст кӕндзӕн. Балӕвар сын кӕндзӕн ӕххӕст, ӕнусон цард дзӕнӕты зӕххыл. Уыцы ног дунейы сын Йегъовӕ «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4). Диссаджы фидӕн! Ацы дунейы Йегъовӕйы тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм – уыдӕттӕ абарӕн дӕр нӕй, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты сӕ фӕразондзинады тыххӕй цы диссаджы цардӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, уыимӕ.

18. Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы цавӕр рӕсугъд фидӕнӕй ӕвӕры зӕрдӕ?

18 Цыфӕнды хъизӕмӕрттӕ ма нӕ ма бахъӕуа бавзарын, уӕддӕр Хуыцауы ног дунейы ӕнусон цардыл къаддӕр нӕ цин кӕндзыстӕм. Дзӕнӕты зӕххыл цы рӕсугъд цард уыдзӕн, уый нын нӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр ферох кӕнын кӕндзӕн. Исайы 65:17, 18 кӕсӕм: «Раздӕр чи уыд, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзысты. Фӕлӕ сымах хъӕлдзӕг ут, ӕмӕ ӕнустӕм цин кӕнут, ӕз цы аразын, ууыл». Уӕдӕ Йесойы ӕфсымӕр Иаков дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны» (Иаковы 5:11). Ӕцӕгдӕр, кӕд Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ нӕ ивӕм ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн фӕразӕм, уӕд нын уый пайда уыдзӕн абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Зӕхх хъизӕмӕрттӕй куыд байдзаг?

• Цы пайда фӕуыдзысты хъизӕмӕрттӕ, фидӕны зӕххыл чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, стӕй йыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн?

• Кӕд хъизӕмӕрттӕ ’взарӕм, уӕддӕр амондджын цӕмӕн стӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Адам ӕмӕ Евӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст диссаджы цард

[Ныв 15 фарсыл]

Йесо адӕмы хъизӕмӕрттӕ кӕй уыдта, уый йӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй суыдаид хорз Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын

[Ныв 17 фарсыл]

Апостолтӕ цин кодтой, сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой, ууыл