Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Осийы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Осийы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ИЗРАИЛӔЙ – цӕгат дӕсмыггаг паддзахадӕй – раст дин бынтондӕр фесӕфтаид, уымӕ бирӕ нал хъуыд. Паддзах Иеровоам II рӕстӕджы израилӕгтӕ кодтой хъӕздыг цард. Фӕлӕ куы амард, уӕд тынг смӕгуыр сты. Стӕй та сыл скодта тыхст ӕмӕ змӕст рӕстӕджытӕ. Иеровоамы фӕстӕ цы ӕхсӕз паддзахы уыд, уыдонӕй цыппары акодтой маргӕ (2 Паддзӕхты 14:29; 15:8–30; 17:1–6). Уыцы змӕст рӕстӕджытӕ ӕрӕййӕфта Оси дӕр. Уый Хуыцауы пехуымпар уыд 59 азы дӕргъы. Йегъовӕ Осийы пехуымпарӕй снысан кодта н. э. агъоммӕ иу-804 азы, уымӕй фӕстӕдӕр нӕ.

Йегъовӕ мӕнгард израилӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта, уый хорз зыны Осийы бинонты хабӕрттӕй. Оси ӕргом дзырдта Израилы рӕдыдтыты тыххӕй, стӕй хъусын кодта, Йегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон. Оси йӕ чиныджы кӕмдӕр фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан ныхас кӕны, кӕмдӕр та – фидар ӕмӕ ӕргом. Осийы чиныг, Хуыцауы Ныхасы чингуытӕй иу, «у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

«ӔРКӔН ДӔХИЦӔН, ХӔТГӔ ЧИ КӔНА, АХӔМ УС»

(Оси 1:1–3:5)

Йегъовӕ Осийӕн загъта: «Ацу, ӕркӕн дӕхицӕн, хӕтгӕ чи кӕна, ахӕм ус» (Оси 1:2). Оси Хуыцауы коммӕ бакаст ӕмӕ афтӕ бакодта. Йӕ ус Гомер ын ныййардта лӕппу. Уый фӕстӕ ма Гомерӕн райгуырд дыууӕ сывӕллоны, ӕвӕццӕгӕн, хӕтгӕ куы кодта, уӕд. Сӕ нӕмттӕ Лорухама ӕмӕ Лоамми амонынц, Йегъовӕ Израилмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ йӕ мӕнгард адӕмыл йӕ къух кӕй сисдзӕн.

Йегъовӕ, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта? Осийӕн загъта: «Ацу та, ӕмӕ йӕ лымӕн кӕй уарзы ӕмӕ хӕтгӕ чи кӕны, ахӕм сылгоймаджы дӕ зӕрдӕйӕн садджын кӕн, мӕнӕ Йегъовӕ Израилы фыртты куыд уарзы, фӕлӕ уыдон та се ’ргом ӕндӕр хуыцӕуттӕм куыд здахынц, афтӕ» (Оси 3:1).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:1 – Оси пехуымпар куы уыд, уӕд цӕмӕн скодта, Иудӕйы цы цыппар паддзахы уыд, уыдонӕй алкӕй кой дӕр ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕй та ӕрмӕст иуы кой? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмыл хицауиуӕг кӕныны бар уыд, Давиды хӕдзарвӕндагӕй чи уыд паддзӕхтӕ, ӕрмӕст уыдонӕн. Цӕгат паддзахады паддзӕхтӕ Давиды мыггагӕй нӕ уыдысты, Иудӕйы паддзӕхтӕ та уыдысты.

1:2–9 – Оси ӕцӕгдӕр хӕтаг ус ӕркодта? О, Оси ракуырдта, фӕстӕдӕр хӕтын чи райдыдта, ахӕм сылгоймаджы. Пехуымпар йӕ бинонты хабӕртты кой кӕнгӕйӕ афтӕ никуы зӕгъы, уыдӕттӕ фын кӕнӕ цӕстылуайӕн уыдысты, зӕгъгӕ.

1:7 – Йегъовӕ Иудӕйы хӕдзарӕн кӕд фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ кӕд фервӕзын кодта? Уый ӕрцыд н. э. агъоммӕ 732 азы паддзах Езекийы бонты. Уӕд ассириӕгтӕ хъавыдысты Иерусалиммӕ бабырсынмӕ. Йегъовӕ йӕ зӕды арвыста ӕмӕ уый иунӕг ӕхсӕвмӕ ассириӕгтӕй амардта 185 мин адӕймаджы (2 Паддзӕхты 19:34, 35). Афтӕмӕй Йегъовӕ Иудӕйы фервӕзын кодта «фат, хъама, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты руаджы» нӕ, фӕлӕ зӕды руаджы.

1:10, 11 – Кӕд н. э. агъоммӕ 740 азы знӕгтӕ цӕгат паддзахад Израил ныппырх кодтой, уӕд Израилы фырттӕ Иудӕйы фырттимӕ иумӕ ӕмбырд куыд ӕрцыдысты? Цӕгат паддзахадӕй бирӕтӕ Иудӕмӕ алыгъдысты, цалынмӕ н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иудӕйы цӕрджыты уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ (2 Азфыст 11:13–17; 30:6–12, 18–20, 25). Н. э. агъоммӕ 537 азы иудейӕгтӕ уацарӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд се ’хсӕн уыдысты, кӕддӕр цӕгат паддзахад Израилы чи цард, уыдоны байзӕддӕгтӕ (Ездрӕ 2:70).

2:21–23 – Цӕмӕ амыдтой Йегъовӕйы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «Ӕз мӕхицӕн [Изреелы] мыггагау зӕххыл байтаудзынӕн, ӕмӕ йӕм фӕлмӕнзӕрдӕ дардзынӕн»? Осийӕн Гомерӕй фыццаг райгуырд фырт ӕмӕ хуынди Изреел (Оси 1:2–4). Уыцы ном нысан кӕны «Хуыцау байтаудзӕн мыггаг» ӕмӕ амыдта, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион адӕмы кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн н. э. агъоммӕ 537 азы ӕмӕ сӕ кӕй байтаудзӕн, Иудӕйы зӕхкусӕг мыггаг куыд тыдта, афтӕ. 70 азы дӕргъы заууаты цы зӕхх уыд, уый ратдзӕн йӕ тыллӕг – хор, адджын сӕн ӕмӕ зети. Ацы пехуымпарады рӕсугъд ӕвзагӕй фыст ис, зӕгъгӕ, тыллӕг зӕгъдзӕн зӕххӕн, цӕмӕй йӕ пайдайаг буаргъӕдтӕй бафсада, зӕхх та арвӕй ракурдзӕн къӕвда. Арв та Хуыцауӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй мигътӕ рарвита. Ӕппӕт адӕттӕй хорз зыны, уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдонӕн Хуыцау алцыдӕр рӕдауӕй куыд лӕвӕрдта, уый. Апостол Павел ӕмӕ апостол Петр, уӕларвон Израилӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон ӕмбырд кӕныны тыххӕй дзургӕйӕ хӕссынц Осийы 2:23 фыст ныхӕстӕ (Ромӕгтӕм 9:25, 26; 1 Петры 2:10).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:2–9; 3:1, 2. Ахъуыды ма кӕн Осийы уавӕрыл: цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд хӕтаг усимӕ цӕрын! Цымӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны тыххӕй мах та цӕмӕй стӕм цӕттӕ нӕхи фӕцух кӕнынмӕ?

1:6–9. Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон у хӕтындзинад – ӕнӕуи дӕр ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр.

1:7, 10, 11; 2:14–23. Йегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау цы загъта, уыдон сӕххӕст сты. Йегъовӕйы ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы.

2:16, 19, 21–23; 3:1–4. Йегъовӕ цӕттӕ у ныххатыр кӕнынмӕ, зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн (Нееми 9:17). Йегъовӕйау мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ дарӕм.

«ЙЕГЪОВӔ ТӔРХОН КӔНЫ»

(Оси 4:1–13:16)

«Йегъовӕ тӕрхон кӕны ацы зӕххы цӕрджытимӕ». Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ ацы зӕххы нӕй ӕцӕгдзинад, ӕнувыд уарзт ӕмӕ зонындзинӕдтӕ Хуыцауы тыххӕй» (Оси 4:1). Израилӕгтӕ Хуыцауы ныууагътой, сайдтой, кӕрӕдзи мардтой, стӕй хӕтыдысты – ӕнӕуи дӕр ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр. Уыдон ӕххуыс Хуыцауӕй нӕ агуырдтой, фӕлӕ «ӕххуысмӕ сидтысты Египетмӕ ӕмӕ цыдысты Ассиримӕ» (Оси 7:11).

Йегъовӕ сын йӕ тӕрхон фехъусын кодта: «Израилы аныхъуырдзысты» (Оси 8:8). Иудӕйы паддзахад дӕр ӕнаххос нӕу. «Йегъовӕ тӕрхон кӕны Иудӕимӕ,– фыст ис Осийы 12:2.– Уый Иаковӕй йӕ фӕндӕгты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн». Фӕлӕ сӕ Хуыцау фӕстӕмӕ сӕ къахыл дӕр слӕууын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры: «Шеолы къухӕй сӕ ӕз балхӕндзынӕн, мӕлӕтӕй сӕ раздахдзынӕн» (Оси 13:14).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

6:1–3 – Чи загъта ацы ныхӕстӕ: «Цом, аздӕхӕм Йегъовӕмӕ»? Гӕнӕн ис, ӕмӕ мӕнгард израилӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, цӕмӕй Йегъовӕмӕ аздӕхтаиккой. Кӕд афтӕ уыд, уӕд сӕ фӕсмон уыд ӕнӕуи, цӕстмӕ. Се ’нувыд уарзт уыд рӕстӕгмӕ, «райсомы мигъӕй уӕлдай нӕ уыд ӕмӕ, сӕумӕйӕ чи ӕрбайсӕфы, уыцы ӕртахӕй хъауджыдӕр» (Оси 6:4). Кӕнӕ та, ацы ныхӕстӕ, чи зоны, загъта Оси, адӕмӕн куы дзырдта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ аздӕхой, уӕд. Чифӕнды сӕ ма загътаид, уӕддӕр дӕсмыггаг паддзахад Израилы адӕмы хъуыди зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕмӕ аздӕхын.

7:4 – Хӕтаг израилӕгтӕ судзгӕ пецимӕ цӕмӕн цӕуынц барст? Ацы абарстӕй зыны, сӕ зӕрдӕйы фыдвӕндтӕ куыд тыхджын уыдысты, уый.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

4:1, 6. Цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы хорзӕх уа, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнӕм ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм.

4:9–13. Йегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕй (Оси 1:4).

5:1. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон хъуамӕ фидар лӕууой, уырнындзинад фехалын сӕ бон кӕмӕн у, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хъуыдыты ныхмӕ. Афтӕ куы нӕ кӕной, уӕд, гӕнӕн ис, искӕмӕн «къӕппӕг... ӕмӕ... хыз» суой, ӕмӕ йӕ мӕнг диныл бафтауой.

6:1–4; 7:14, 16. Адӕймагӕн йӕ фӕсмондзинад ӕрмӕст ныхасӕй куы уа, уӕд кӕны цӕстмӕ митӕ ӕмӕ йӕ фӕсмондзинад ницы пайда у. Тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн цӕмӕй Хуыцау ныххатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕна, ӕмӕ раздӕха «бӕрзонд цы у, уымӕ», ома раст динмӕ. Йӕ хъуыддӕгтӕ хъуамӕ Хуыцауы ӕвӕрд сыгъдӕг ӕгъдауы ныхмӕ ма уой (Оси 7:16).

6:6. Адӕймаг тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй нӕ уарзы. Уый дины хъуыддӕгты цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ын уымӕй йӕхи сраст кӕнӕн нӕй.

8:7, 13; 10:13. Ацы ныхӕстӕ, «адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн», зӕгъгӕ, сӕххӕст сты мӕнгард израилӕгтыл (Галатӕгтӕм 6:7).

8:8; 9:17; 13:16. Цӕгат паддзахады тыххӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ уыд загъд, уыдон сӕххӕст сты, паддзахады сӕйраг горӕт Самари ассириӕгтӕ куы бацахстой, уӕд (2 Паддзӕхты 17:3–6). Мах хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау цы зӕгъа, уый кӕй сараздзӕн ӕмӕ цы дзуры, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (Нымӕцтӕ 23:19).

8:14. Н. э. агъоммӕ 607 азы Йегъовӕ Иудӕйы горӕттыл цӕхӕр ныккалдта вавилойнӕгты къухӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст, Иерусалим ӕмӕ Иудӕ ӕдзӕрӕг кӕй фӕуыдзысты, уыцы пехуымпарад (2 Азфыст 36:19). Хуыцауы ныхас алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййы (Йесо Навин 23:14).

9:10. Кӕд израилӕгтӕ Хуыцауӕн сӕхи снывонд кодтой, уӕддӕр «ацыдысты, Фегоры цы Ваал уыд, уымӕ, ӕмӕ уыцы ӕлгъаг цыртӕн сӕхи снывонд кодтой». Се ’взӕр цӕвиттон нын зондзонӕн у ӕмӕ йӕ хъуамӕ макуы рох кӕнӕм. Мах хъуамӕ фидарӕй хӕцӕм, Йегъовӕйӕн цы дзырд раттам, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 10:11).

10:1, 2, 12. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ хъуамӕ цӕстмӕхъус ма уӕм. «Мыггаг рӕстдзинады» куы фӕтауӕм, уӕд ӕркӕрдӕм Хуыцауы ӕнувыд уарзт.

10:5. Беф-Авен (нысан кӕны «Сӕфты хӕдзар») у Вефилы (нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар») ӕгады ном. Самарийы цӕрджытӕ тынг хъыг кодтой, знӕгтӕ куы ахастой, иузӕрдионӕй кӕмӕн табу кодтой, уыцы мӕнгхуыцауы – Беф-Авены цы уӕныг уыд, уый. Куыд ӕнӕзонд ми у, йӕ бон йӕхи бахъахъхъӕнын кӕмӕн нӕу, уыцы ӕнӕуд мӕнгхуыцауыл ӕууӕндын (Псалом 135:15–18; Йереми 10:3–5).

11:1–4. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы аразы, уый сын алы хатт дӕр аразы уарзондзинадӕй. Хуыцауы коммӕ кӕсын зын никуы вӕййы.

11:8–11; 13:14. Йегъовӕ цы зӕрдӕвӕрд радта, зӕгъгӕ йын йӕ адӕм фӕстӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кувдзысты, уый сӕххӕст (Исай 55:11). Хуыцауы адӕм Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты, ӕмӕ н. э. агъоммӕ 537 азы сӕ иу хай Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт (Ездрӕ 2:1; 3:1–3). Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты цы фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕуы.

12:6. Мах хъуамӕ иннӕты ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм, рӕстӕй архайӕм ӕмӕ алкӕддӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм.

13:6. Израилӕгтӕ «бафсӕстысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕ схъал ис. Растдӕр уый тыххӕй ферох кодтой [Йегъовӕйы]». Мах дӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй цытуарзаг ма суӕм.

«ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДӔГТӔ СТЫ РАСТ»

(Оси 14:1–9)

Оси лӕгъстӕ кӕны: «Раздӕх, Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды дӕхи тӕригъӕды аххосӕй фӕрӕдыдтӕ». Уый адӕмӕн дзуры, цӕмӕй Йегъовӕйӕн афтӕ зӕгъой: «Ныххатыр нын кӕн нӕ рӕдыд; ӕмӕ нӕм хорзӕй цы ис, уый айс, ӕмӕ та дын мах нывондӕн хӕсдзыстӕм нӕ дзыхы уӕнгуытӕ» (Оси 14:1, 2).

Йӕ тӕригъӕдыл чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕймаг хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕрбацӕуа, йӕ фӕндӕгтӕ раст кӕй сты, ууыл сразы уа ӕмӕ йын ӕппӕлды нывонд хӕсса. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст, ӕмӕ сыл рӕстаг адӕм цӕудзысты» (Оси 14:9). Куыд ӕхсызгон нын у, бирӕтӕ «фӕстаг бонты кӕй ӕрцӕудзысты Йегъовӕмӕ ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн» (Оси 3:5).

[Ныв 17 фарсыл]

Осийы бинонты хабӕрттӕй зыны, Йегъовӕ Израилмӕ цы зӕрдӕ дардта, уый

[Ныв 19 фарсыл]

Н. э. агъоммӕ 740 азы знӕгтӕ Самари куы ныппырх кодтой, уӕд дӕсмыггаг паддзахад Израил нал уыд