Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕ Фыд... фӕлмӕнзӕрдӕ у»

«Уӕ Фыд... фӕлмӕнзӕрдӕ у»

«Уӕ Фыд... фӕлмӕнзӕрдӕ у»

«Уӕдӕ уӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, сымах дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ут» (ЛУКАЙЫ 6:36).

1, 2. Йесо чиныджыдӕснытӕн, фарисейтӕн ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уый куыд ӕвдисы, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ахсджиаг миниуӕг кӕй у?

ХУЫЦАУ Моисейы уылты цы Закъон радта, уым уыд 600 фӕдзӕхсты бӕрц. Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыд, фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕр тынг ахсджиаг уыд. Ӕркӕсӕм, фарисейтӕ адӕммӕ уазал зӕрдӕ кӕй дардтой, уый тыххӕй сын Йесо Чырысти цы загъта, уымӕ. Дыууӕ хатты сын бауайдзӕф кодта ӕмӕ сын сӕ хъус ӕрдардта Хуыцауы ныхӕстӕм: «Мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат, уый» (Матфейы 9:10–13; 12:1–7; Оси 6:6). Йесо йӕ лӕггады кӕрон загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Битъынайӕ, хъонтхорайӕ ӕмӕ зирӕйӕ дӕсӕм хай дӕттут, Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ та – рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дарут» (Матфейы 23:23).

2 Фидарӕй ис зӕгъӕн, Йесо фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ахсджиаг миниуӕгыл кӕй нымадта. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уӕдӕ уӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, сымах дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ут» (Лукайы 6:36). Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаджы «фӕзмӕм Хуыцауы», уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый (Ефесӕгтӕм 5:1). Уымӕй уӕлдай ма, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад хорз цӕмӕн у, уый куы ’мбарӕм, уӕд нӕ царды ноджы тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн.

Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ

3. Йегъовӕйӕ куыд ахуыр кӕнӕм, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый тыххӕй?

3 Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ йе ’нувыд уарзтӕн кӕрон дӕр нӕй. Алкӕмӕн дӕр хорз у ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад йе ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр бӕрӕг у» (Псалом 145:8, 9). Йегъовӕ у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 1:3). Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нысан кӕны искӕй рис ӕмбарын. Уый у Хуыцауы сӕйраг миниуджытӕй иу. Йӕхӕдӕг ацы миниуӕг куыд ӕвдисы ӕмӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕй базонӕн ис, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый.

4. Исайы 49:15 фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

4 Исайы 49:15 кӕсӕм Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Искуы сылгоймаг йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕндзӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн йӕ лӕппуйӕн, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн?» Ам «фӕтӕригъӕд кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый у, уӕлдӕр Псалом 145:8, 9 «фӕлмӕнзӕрдӕ»-йӕ цы дзырд раивтой, уый хуызӕн. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг цӕмӕн у, уый абарӕн ис, ныййарӕг мад йӕ дзидзидай сывӕллоны цы фӕлмӕн уарзтӕй уарзы, уыимӕ. Сывӕллон ӕххормаг куы уа кӕнӕ йӕ ӕндӕр исты куы хъӕуа, уӕд ыл йӕ мад батыхсы, тӕригъӕд ын кӕй кӕны, уый тыххӕй. Йегъовӕ дӕр ахӕм фӕлмӕн уарзтӕй уарзы, тӕригъӕд кӕмӕн кӕны, уыдоны.

5. Йегъовӕ израилӕгтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уый-иу куыд равдыста?

5 Ӕххуысхъуаг чи у, уымӕн тӕригъӕд кӕнын хорз у, фӕлӕ йын хъуыддагӕй баххуыс кӕнын та – ноджы хуыздӕр. Ӕркӕсӕм, 3 500 азы размӕ Йегъовӕ Моисейӕн цы загъта, йӕ адӕм Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд. «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын египетӕгтӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Куыд удхар кӕнынц, уый ӕз хорз зонын. Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон, цӕмӕй сӕ уыцы зӕххӕй ракӕнон ӕмӕ сӕ бакӕнон хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм» (Рацыд 3:7, 8). Израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй сын 500 азы фӕстӕ Йегъовӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Ӕз Израилы Египетӕй ракодтон ӕмӕ уӕ ссӕрибар кодтон Египеты къухӕй ӕмӕ уӕ чи хъыгдардта, ӕппӕт уыцы паддзахӕдты къухӕй» (1 Самуилы 10:18). Израилӕгтӕ-иу Хуыцауы закъӕттӕ кӕй фехӕлдтой, уый тыххӕй-иу арӕх бахаудысты уӕззау уавӕрты. Фӕлӕ-иу сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ та-иу сӕ фервӕзын кодта (Тӕрхонгӕнджыты 2:11–16; 2 Азфыст 36:15). Уымӕй хорз зыны, уарзӕгой Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, ӕххуысхъуаг чи у, тӕссаг уавӕры чи ис кӕнӕ зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонмӕ. Йегъовӕ тынг «фӕлмӕнзӕрдӕ» Хуыцау у (Ефесӕгтӕм 2:4).

6. Йесо Чырысти йӕ Фыдау фӕлмӕнзӕрдӕ куыд уыд?

6 Йесо Чырысти дӕр йӕ Фыдау фӕлмӕнзӕрдӕ уыд. Цы сарӕзта, дыууӕ куырм лӕджы йын куы ныллӕгъстӕ кодтой: «Хицау, Давиды Фырт, батӕригъӕд нын кӕн»? Уыдон дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ цӕстӕй ракӕсын кӕна. Йесо сӕ сдзӕбӕх кодта, фӕлӕ уыцы диссаг ӕнӕуи, куыдфӕндыйӕ нӕ сарӕзта. Библийы кӕсӕм: «Йесо сын фӕтӕригъӕд кодта, сӕ цӕстытӕм сын бавнӕлдта, ӕмӕ уайтагъд цӕстӕй ракастысты» (Матфейы 20:30–34). Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уымӕ гӕсгӕ арӕзта бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта куырмыты, хӕйрӕджджынты, хъотырджынты ӕмӕ удӕнцой хаста, сӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн хъизӕмар кодтой, уыцы ныййарджытӕн (Матфейы 9:27; 15:22; 17:15; Марчы 5:18, 19; Лукайы 17:12, 13).

7. Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл куыд ахуыр кӕнӕм?

7 Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕвдисынц, уымӕй бӕрӕг у, уыцы миниуӕгӕн кӕй ис дыууӕ фӕзилӕны. Фыццаг, ӕххуысхъуаг чи у, уымӕн йӕ рис ӕмбарын ӕмӕ йын тӕригъӕд кӕнын; дыккаг, уыцы адӕймагӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын. Цӕмӕй адӕймаг фӕлмӕнзӕрдӕ уа, уый тыххӕй ацы дыууӕ хъуыддаджы ӕнӕмӕнг сты. Фыстады фӕлмӕнзӕрдӕдзинад фылдӕр хатт фӕамоны, фӕкӕсынхъуаг чи у, уыдонӕн цы ӕххуыс бакӕнынц, уымӕ. Фӕлӕ тӕрхоны хъуыддаджы та куыд ис фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисӕн? Цымӕ уый дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг уыдзӕн, цыдӕр аразын куы хъӕуа, фӕлӕ йӕ куы нӕ саразой, зӕгъӕм, кӕйдӕр бафхӕрын хъӕуы, ӕмӕ йӕ куы нӕ бафхӕрой?

Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн хатыр кӕнын

8, 9. Давид Вирсавиимӕ тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста?

8 Ӕркӕсӕм, рагон Израилы паддзах Давид Вирсавиимӕ тӕригъӕд куы сарӕзта ӕмӕ йын пехуымпар Нафан куы бауайдзӕф кодта, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Давид ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ куывта: «Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, о Хуыцау, де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ. Дӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй мын мӕ фыдракӕндтӕ фесаф. Мӕ рӕдыдтытӕ мын ныхс, мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн. Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ, мӕ тӕригъӕд ӕппынӕдзух мӕ разы ис. Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд ӕмӕ дӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый сарӕзтон» (Псалом 51:1–4).

9 Давид фӕсмонӕй йӕхи хордта. Йегъовӕ йын йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта ӕмӕ сӕ Вирсавиимӕ карзӕй нал бафхӕрдта. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ Давид ӕмӕ Вирсавийы хъуамӕ амардтаиккой (Дыккаг закъон 22:22). Ӕмӕ кӕд, сӕ тӕригъӕд цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕддӕр сӕ маргӕ нӕ акодтой (2 Самуилы 12:13). Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд дӕр хатыр кӕны. Фӕлӕ куы фӕхъӕуы, уӕд ӕфхӕргӕ дӕр бакӕны.

10. Кӕд Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ фӕтӕрхон кӕны, уӕддӕр ын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

10 «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ» тӕригъӕд кӕй ӕрцыд ӕмӕ тӕригъӕд мӕлӕтӕй фыст кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ адӕм иууылдӕр мӕлӕты аккаг сты (Ромӕгтӕм 5:12; 6:23). Уӕдӕ куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, куы нын фӕтӕрхон кӕны, уӕд фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй вӕййы! Фӕлӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн аргъ кӕнӕм, куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕм ма кӕсӕм. «[Йегъовӕйы] фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты»,– фыст ис Дыккаг закъоны 32:4. Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййы, уӕд йӕ рӕстдзинады сӕрты нӕ ахизы.

11. Давид ӕмӕ Вирсавийы хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ, Йегъовӕ рӕстдзинады сӕрты кӕй нӕ ахызт, уый куыд равдыста?

11 Давид ӕмӕ Вирсави мӕлӕты аккаг уыдысты, ӕмӕ цӕмӕй уыцы тӕрхон ивд ӕрцыдаид, уый тыххӕй сын хъуыд сӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнын. Фӕлӕ Израилы тӕрхонгӕнджытӕн тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар нӕ уыд. Хъуыддаг уыдон куы ӕвзӕрстаиккой, уӕд сын мӕлӕты тӕрхон йеддӕмӕ ницы рахастаиккой. Афтӕ домдта Закъон. Фӕлӕ Йегъовӕ Давидимӕ бадзырд кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд базонын, Давидӕн цӕй тыххӕй ис ныххатыр кӕнӕн, уый (2 Самуилы 7:12–16). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Хуыцау, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» ӕмӕ зӕрдӕтӕ чи уыны, уый уыцы хъуыддаг йӕхӕдӕг равзӕрста (Райдиан 18:25; 1 Азфыст 29:17). Хуыцауӕн йӕ бон уыд Давиды зӕрдӕмӕ лӕмбынӕг ныккӕсын, бамбарын, ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнын.

12. Тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ уа?

12 Мах нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй стӕм мӕлӕты аккаг. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады фӕрцы мӕлӕты тӕрхонӕй сӕрибар кӕнӕм ӕмӕ уый та йӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ у. Цӕмӕй Йегъовӕ тӕригъӕдтӕ дӕр хатыр кодтаид ӕмӕ йӕ рӕстдзинады сӕрты дӕр ма хызтаид, уый тыххӕй нывондӕн ӕрхаста йӕ Фырт Йесо Чырыстийы. Уымӕй равдыста диссаджы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 6:22, 23). Цӕмӕй нӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ уа, ӕмӕ нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уый тыххӕй мӕлӕты тӕрхон ма баййафӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ Фыртыл ӕууӕндӕм (Иоанны 3:16, 36).

Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ раст

13, 14. Цымӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад йӕ рӕстдзинад лӕмӕгъдӕр кӕны? Бамбарын ӕй кӕн.

13 Кӕд Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад йӕ рӕстдзинад нӕ халы, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл искуыд ӕндавы? Цымӕ Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ рӕстдзинад куыд домы, бынтон афтӕ нӕ бакӕны? Ӕппындӕр нӕ.

14 Пехуымпар Осийы уылты Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Лӕппу ӕмӕ чызг куыд бафидауынц, афтӕ ӕз демӕ бафидаудзынӕн ӕнустӕм, бафидаудзынӕн рӕстдзинад, уарзондзинад, ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады» (Оси 2:19). Ацы ныхӕстӕ бӕлвырдӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад йӕ иннӕ миниуджыты, уыимӕ йӕ рӕстдзинады ныхмӕ кӕй никуы вӕййы. «Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау... хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы уадзы» (Рацыд 34:6, 7). Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ раст Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис: «Уый Хох у, йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты» (Дыккаг закъон 32:4). Хуыцауы рӕстдзинад ӕххӕст у, раст йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕххӕст у, афтӕ. Уыцы миниуджытӕй иу иннӕйӕ хуыздӕр нӕу, иу иннӕйы лӕмӕгъдӕр нӕ кӕны. Хуыцаумӕ уыцы миниуджытӕ сты ӕмхуызон.

15, 16. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцауы рӕстдзинад ӕгъатыр кӕй нӕу? ӕ) Йегъовӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд йӕ лӕггадгӕнджыты цы ныфс уыдзӕн?

15 Йегъовӕйӕн йӕ рӕстдзинад ӕгъатыр нӕу. Рӕстдзинад баст вӕййы тӕрхон кӕнынимӕ, раст тӕрхон та домы, цӕмӕй аххосджынты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ бафхӕрой. Фӕлӕ ма Хуыцауы рӕстдзинады фӕрцы хорз адӕм дӕр аирвӕзынц. Зӕгъӕм, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйы фыдадӕмы куы фесӕфта, уӕд Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы фервӕзын кодта (Райдиан 19:12–26).

16 Мах фидар ныфс ис, Йегъовӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд «бирӕ адӕмы», йе ’цӕг лӕггадгӕнджыты, «сӕ дарӕстӕ [чи] ныхсадта ӕмӕ сӕ [чи] сурс кодта Уӕрыччы тугӕй», уыдон кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уӕдӕ уыцы адӕм «стыр бӕллӕхы сӕрты... ахиздзысты» (Раргомад 7:9–14).

Фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

17. Фӕлмӕнзӕрдӕ сӕйрагдӕр цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

17 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕвдисынц, уымӕй ахуыр кӕнӕм, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, ууыл. Фӕлмӕнзӕрдӕ сӕйрагдӕр цӕмӕн хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй Ӕмбисӕндты 19:17 кӕсӕм: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Йегъовӕйӕн дӕтты ӕфстау, ӕмӕ йын уый йӕ хорздзинад бафиддзӕн». Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, мах дӕр уыйау ӕмӕ Йесойау фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 11:1). Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд нӕм уыдон дӕр ахӕм зӕрдӕ фӕдарынц (Лукайы 6:38).

18. Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

18 Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад бирӕ хорз миниуджытӕй арӕзт у. Зӕгъӕм, уӕздандзинад, уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинадӕй. Чидӕр кӕмӕндӕр кӕй тӕригъӕд кӕны кӕнӕ йын йӕ рис кӕй ӕмбары, уый тыххӕй йӕм вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕ. Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад йӕ рӕстдзинад кӕй нӕ лӕмӕгъдӕр кӕны, уымӕ гӕсгӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ тӕригъӕд чи аразы, уыдонӕн фӕразонӕй фаг рӕстӕг дӕтты, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной (2 Петры 3:9, 10). Фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ хауынц фӕразондзинад ӕмӕ бирӕфӕразондзинад. Стӕй ма йӕм бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ хауы, уыимӕ Хуыцауы сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон дӕр. Ӕппӕт уыцы миниуджытӕ адӕймаджы удыхъӕды фидар кӕнынц фӕлмӕнзӕрдӕдзинады фӕрцы (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм!

«Амондджын сты, иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон»

19, 20. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад тӕрхоныл куыд уӕлахиз кӕны?

19 Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста, фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй: «Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад уӕлахиз кӕны тӕрхоныл» (Иаковы 2:13ӕ, фип.). Иаков дзырдта, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад тӕрхоныл куыд уӕлахиз кӕны? Адӕймаджы «Хуыцауы раз... дзуапп дӕттын» куы бахъӕуа, уӕд Йегъовӕ кӕсдзӕн, цас фӕлмӕнзӕрдӕ уыди, уымӕ, ӕмӕ йын ныххатыр кӕндзӕн йӕ Фырты нывонды руаджы (Ромӕгтӕм 14:12). Давид Вирсавиимӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый ма йын хатыргонд уымӕн ӕрцыд, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг уыд (1 Самуилы 24:4–7). Фӕлӕ «тӕригъӕдгӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхоны дӕр тӕригъӕд нӕ фӕкӕндзысты» (Иаковы 2:13а). Уӕдӕ диссаг нӕу, «тӕригъӕд [чи] никӕмӕн зоны», уыдоны дӕр Хуыцау «мӕлӕты аккагыл» кӕй нымайы (Ромӕгтӕм 1:31, 32).

20 Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды загъта: «Амондджын сты, иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн дӕр фӕтӕригъӕд кӕндзысты» (Матфейы 5:7). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, адӕймаджы куы фӕнда, цӕмӕй йӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ уа, тӕригъӕд ын кӕна, уӕд йӕхӕдӕг дӕр кӕй хъуамӕ уа фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Иннӕ статьяйы ныхас кӕндзыстӕм, алы бон дӕр куыд ис фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисӕн, ууыл.

Цы базыдтай?

• Цы у фӕлмӕнзӕрдӕдзинад?

• Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

• Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ раст Хуыцау куыд у?

• Фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 7 фарсыл]

Мад йӕ сывӕллоны куыд уарзы, афтӕ Йегъовӕ дӕр фӕлмӕн уарзтӕй уарзы адӕмы

[Ныв 8 фарсыл]

Цымӕ Йегъовӕ Давидӕн куы ныххатыр кодта, уӕд йӕ рӕстдзинады сӕрты ахызт?