Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?

Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?

Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?

«ЙЕГЪОВӔ [ХУЫЦАУ] раст у йе ’ппӕт фӕндӕгтыл дӕр»,– фыст ис Библийы (Псалом 145:17; Раргомад 15:3). Йегъовӕйы тыххӕй пехуымпар Моисей загъта: «Йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Хуыцау ӕнувыд у, хӕрамӕй йӕм ницы ис; уый у рӕстаг ӕмӕ раст» (Дыккаг закъон 32:4). «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ... у»,– дзырдӕуы Иаковы 5:11. Фыддзинад кӕй ис, уым Хуыцау аххосджын нӕу ӕмӕ йӕ ӕвзарын дӕр никӕмӕн кӕны.

Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Йегъовӕ Хуыцау адӕмы фыддзинадӕй нӕ фӕлвары ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтыл дӕр нӕ ардауы. Уӕдӕ, фыддзинады ӕмӕ, уый цы хъизӕмӕрттӕ хӕссы, уыдоны аххосджын чи у?

Чи у аххосджын?

Иаковы фыстӕгӕй, Библийы чингуытӕй иуӕй, хорз зыны, фыддзинад кӕй ис, уым адӕм сӕхӕдӕг дӕр аххосджын кӕй сты. Иаков фыссы: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ» (Иаковы 1:14, 15). Арӕх адӕм ацӕуынц се ’нӕраст фӕндты фӕдыл. Ӕндавы ма сыл, сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый дӕр. Туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд ӕнӕраст фӕндтӕ афтӕ сцырен кӕны ӕмӕ адӕймаджы стыр бӕллӕхты баппары (Ромӕгтӕм 7:21–23). Туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд та адӕмӕн паддзахӕй уӕлдай нӕу, ӕмӕ сын, стыр хъизӕмӕрттӕ чи хӕссы, ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын кӕны (Ромӕгтӕм 5:21). Уымӕй уӕлдай ма ӕвзӕр адӕм иннӕты дӕр фесафынц, сӕхи хуызӕн сӕ скӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 1:10–16).

Фӕлӕ фыддзинад кӕй ис, уым сӕйраджыдӕр аххосджын у Сайтан Хӕйрӕг. Уый куы нӕ уыдаид, уӕд дунейы фыддзинад нӕ уаид. Йесо Чырысти Сайтаны схуыдта «Фыдбылыз» ӕмӕ «ацы дунейы хицау», ома Хуыцауӕй иппӕрд чи у, уыцы ӕнӕраст дунейы хицау. Сайтан адӕмы ардауы, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы хорз фӕндӕгтӕ мацӕмӕ дарой, ӕмӕ сӕ фылдӕр йӕ коммӕ кӕсынц (Матфейы 6:13; Иоанны 14:30; 1 Иоанны 2:15–17). «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы»,– зӕгъы 1 Иоанны 5:19. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» сайынц ӕмӕ сын уый маст йеддӕмӕ ницы хӕссы (Раргомад 12:9, 12). Уӕдӕ фыддзинад кӕй ис, уым сӕйраджыдӕр аххосджын у Сайтан Хӕйрӕг.

Екклесиасты 9:11 амоны бӕллӕхтӕ ӕмӕ хъизӕмӕртты ӕндӕр аххосагмӕ: «Кӕд [нӕ] кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны». Йесо Чырысти ракодта иу бӕллӕхы кой – мӕсыг ныккалд ӕмӕ 18 адӕймаджы йӕ быны фесты (Лукайы 13:4). Уыцы адӕм бабын сты, уыцы рӕстӕг уым кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Ахӕм хабӕрттӕ абон дӕр ӕрцӕуы. Зӕгъӕм, бирӕуӕладзыгон хӕдзарӕй адӕймагӕн йӕ сӕрыл ӕрхауд агуыридур. Уым Хуыцау у аххосджын? Нӕ. Уый ӕрцыд бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы. Хуыцау аххосджын нӕ вӕййы, адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы куы ӕрбарынчын вӕййы кӕнӕ та исчи цӕрынхъуагӕй куы фӕзиан вӕййы, ӕмӕ йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ сидзӕрӕй куы баззайынц, уӕд.

Уӕдӕ бӕрӕг у: фыддзинад кӕй ис, уым Хуыцауы аххосджын кӕнӕн нӕй. Ӕмӕ Хуыцау хъизӕмӕрттӕ дӕр не ’взарын кӕны. Уый нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ фӕнд кӕны фесафын фыддзинад дӕр ӕмӕ йӕ чи аразы, уыдоны дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 2:22). Хуыцау ма фӕнд кӕны ӕндӕр цыдӕр дӕр. Фыстадӕй бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды Чырыстийы уылты «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалын» (1 Иоанны 3:8). Абоны цардӕвӕрдӕн – кӕрӕфдзинад, ӕнӕуынондзинад ӕмӕ фыдхъуыддӕгтыл арӕзт чи у, уымӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Хуыцау алы адӕймаджы цӕссыгтӕ дӕр ныссӕрфдзӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн (Раргомад 21:4). Фӕлӕ чи зоны ды бафӕрсай: Хуыцау нырмӕ дӕр цӕмӕ кӕсы? Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ абоны онг цӕмӕн сты? Уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы хабар Библийӕ.

Сӕвзӕрд ахсджиаг дзырддаг фарст

Хуыцау фыддзинад абоны онг кӕй нӕ фесӕфта, уый баст у, зӕххыл ма дыууӕ адӕймаджы куы уыд, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыимӕ. Уӕд сӕвзӕрд иу ахсджиаг фарст ӕмӕ хауд Сфӕлдисӕгӕн йӕхимӕ. Уыцы фарст кӕронмӕ тагъд ӕмӕ ӕнцонтӕй аскъуыддзаг кӕнӕн нӕ уыд. Цы ’рцыд, уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

Йегъовӕ Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдыста ӕххӕстӕй ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта Дзӕнӕты, ратта сын, цӕрӕгойтӕй сӕ чи хицӕн кодта, уыцы лӕвар – сӕрибардзинад (Райдиан 1:28; 2:15, 19). Уый руаджы Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон уыд равзарын, се Сфӕлдисӕджы кӕй уарздзысты, кӕй йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсдзысты. Кӕнӕ та аскъуыддзаг кӕнын, ӕнӕ Хуыцауӕй кӕй цӕрдзысты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй нӕ кӕсдзысты.

Йегъовӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта фадат сӕ уарзондзинад равдисынӕн ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста иу хъуыддагӕй. Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:16, 17). Цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕ хай ма фӕуыдаиккой,– ууыл та баст уыд сӕхи амонд дӕр, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты амонд дӕр,– уый тыххӕй хъуамӕ уыцы бӕласӕй ма бахордтаиккой. Куыд бакодтой?

Библи нын дзуры, дарддӕр цы ’рцыд, уый. Калмы уылты Сайтан Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ йын, Хуыцау сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый ногӕй куы загъта, уӕд ӕм Сайтан фӕцырд ис: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр». Уыцы ныхӕстӕм Евӕ бӕласы дыргътӕм афтӕ смондаг, ӕмӕ «дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ фарсмӕ куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Райдиан 3:1–6). Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодтой – Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ тӕригъӕд сарӕзтой.

Уӕдӕ бӕрӕг у, цы ’рцыд, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕ уыд. Хуыцау Адамӕн иу дзырдта, Хӕйрӕг та йын бынтон ӕндӕр цыдӕр загъта. Сайтаны ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ӕнӕ Йегъовӕйӕ дӕр сӕ бон у, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнын. Сайтан сдзырддаг кодта, Йегъовӕйӕн адӕмыл хицауиуӕг кӕныны бар ис ӕви нӕ, уый. Сайтаны фарст уыд тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ сдзырддаг кодта, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Ӕцӕг Хуыцау цы бакодта?

Хъуамӕ рацыдаид рӕстӕг

Йегъовӕмӕ уыцы тых уыд, цӕмӕй фесӕфтаид, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны – Сайтаны, Адамы ӕмӕ Евӕйы. Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцау уыдонӕй тыхджындӕр кӕй уыд. Фӕлӕ Сайтан Хуыцауы тыхы кой нӕ кодта. Уый сдзырддаг кодта, Йегъовӕ хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Уыцы фарст хаудта алкӕмӕ дӕр, зӕдтӕм дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр. Уыдон хъуамӕ бамбӕрстаиккой, цы сӕрибардзинад сын ис, уымӕй раст кӕй хъуамӕ пайда кӕной – ма хизой, Хуыцау ӕгъдау ӕмӕ лӕггад кӕныны тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, стӕй ӕрдзы мидӕг цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдоны сӕрты. Афтӕ чи нӕ кӕна, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы бӕллӕх. Зӕгъӕм, адӕймаг химӕлвасынады закъон куы ницӕмӕ дара, ӕмӕ бӕрзонд хӕдзары сӕрӕй куы рагӕпп кӕна, уӕд ӕнӕ фыдбылыз нӕ баззайдзӕн (Галатӕгтӕм 6:7, 8). Зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр сӕ бон уыд фенын, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын цавӕр кӕуинаг фӕстиуджытӕм кӕны, уый. Уымӕн та хъуыди рӕстӕг.

Цавӕрдӕр фарстытӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн рӕстӕг кӕй хъӕуы, уый фенӕн ис ахӕм цӕвиттонӕй. Зӕгъӕм, иу фыд иннӕмӕн дзуры, цӕмӕй сӕ тых бавзарой. Чи сӕ тыхджындӕр у, уый ӕнцонӕй ис сбӕрӕг кӕнӕн. Дзырдӕн, уӕззау дуртӕ сисынӕй. Уӕззаудӕр дур чи сиса, тыхджындӕр уый разындзӕн. Фӕлӕ, зӕгъӕм, дзырд рауад, дыууӕ фыдӕй йӕ лӕппуты ӕмӕ йӕ чызджыты тынгдӕр чи уарзы, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕ фыды уарзынц ӕви нӕ, уый фӕдыл. Йе та сӕ дыууӕйӕ йӕ бинонтыл тынгдӕр чи тыхсы, ууыл. Ацы хъуыддаджы нӕдӕр тых баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕдӕр ныхӕстӕ – хъӕуы йын рӕстӕг. Хъӕуы бакӕсын, хабӕрттӕ куыд цӕуынц, уымӕ, ӕмӕ раст хатдзӕгтӕ скӕнын.

Рӕстӕг цы равдыста

Сайтан Хуыцауы бартӕ куы сдзырддаг кодта, уымӕй рацыд 6 мин азы. Цавӕр хатдзӕгтӕ ис скӕнӕн? Сайтан Хуыцауӕй цы мӕнг ныхӕстӕ загъта, уыдон баст уыдысты дыууӕ хъуыддагыл. Ӕркӕсӕм сӕм. Сайтан Евӕйӕн ныфсджынӕй загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут» (Райдиан 3:4). Сайтаны ныхӕстӕй, нӕфӕтчиаг дыргъӕй куы бахӕрат, уӕд нӕ амӕлдзыстут, зӕгъгӕ, афтӕ рауад, ӕмӕ Йегъовӕ у мӕнгдзурӕг. Ахӕм ныхӕстӕн ӕнӕмӕнгдӕр хъуыди дзуапп раттын. Кӕд Хуыцау ацы хъуыддаджы адӕмы фӕсайдта, уӕд ма йыл ӕууӕндӕн ис? Цымӕ рӕстӕг цы равдыста?

Адам ӕмӕ Евӕ райдыдтой рынчын кӕнын, рыст ӕвзарын, зӕронд кӕнын ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, амардысты. «Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ амард»,– дзуры Библи (Райдиан 3:19; 5:5). Хъыгагӕн, Адам ахӕм «бынтӕ» ныууагъта ӕппӕт адӕмӕн дӕр (Ромӕгтӕм 5:12). Рӕстӕг равдыста, Сайтан кӕй «у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» ӕмӕ Йегъовӕ та «ӕцӕгдзинады Хуыцау» (Иоанны 8:44; Псалом 31:5).

Сайтан ма Евӕйӕн загъта: «Хуыцау зоны: [нӕфӕтчиаг бӕласӕй] цы бон... бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр» (Райдиан 3:5). Ацы хин ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ, Сайтан адӕмӕн цыма фадат радта, цӕмӕй ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрой. Йӕ мӕнг ныхӕстӕй афтӕ зынди, цыма, Хуыцауы коммӕ куы нӕ кӕсой, уӕд сын хуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ хъуыддаг куыд рауад?

Рӕстӕг цыди, паддзахӕдтӕ кӕрӕдзи ивтой. Адӕмӕн сӕ сӕргъы цынӕ хуызӕн хицауад уыд, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ адӕмыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл цыд. Иу-3 мин азы размӕ Библийы фысджытӕй иу ӕрцыд ахӕм зондджын хатдзӕгмӕ: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы» (Екклесиаст 8:9). «Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты»,– ныффыста пехуымпар Йереми (Йереми 10:23). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый рӕстӕг иу ӕмӕ дыууӕ хатты не сбӕлвырд кодта. Уый ма бӕлвырд кӕнынц, фӕстаг азты зонад ӕмӕ техникӕйы цы ӕнтыстытӕ ис, суанг уыдон дӕр.

Ды та цы бакӕндзынӕ?

Хуыцау цы рӕстӕг радта, уый равдыста, Сайтан, Йегъовӕйы хицаудзинады фӕдыл цы фарст ӕрӕвӕрдта, уым раст кӕй нӕ уыд. Дун-дунейы Хицау у Йегъовӕ Хуыцау. Ӕрмӕстдӕр уымӕн ис бар, цӕмӕй йе сфӕлдыстады хицау уа ӕмӕ уымӕй хуыздӕр хицау нӕй. Ууыл разы кӕнынц, тынг бирӕ азты дӕргъы сӕ хицау Хуыцау кӕмӕн у, уыцы зӕдтӕ ӕмӕ дзурынц: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Раргомад 4:11).

Хуыцауы хицаудзинады фӕдыл цы дзырддаг фарст сӕвзӕрд, уым ды кӕй фарс уыдзынӕ? Разы дӕ, Йегъовӕ Хуыцау уый аккаг кӕй у, цӕмӕй дӕ хицау уа? Кӕд о, уӕд ӕй хъуамӕ Дунедарӕгыл нымайай. Уый та дын бантысдзӕн, йӕ Ныхас Библийы цы диссаджы ӕцӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд. «Хуыцау у уарзондзинад» ӕмӕ йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ бындуриуӕг кӕнынц, кӕй сфӕлдыста, уыдоны кӕй уарзы, ууыл (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕ нӕ нӕ цух кӕны, пайда нын цы у, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, дӕ зӕрдӕмӕ арф куы айсис ацы ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ къахвӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).