Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

ДУНЕ ӕвзӕрдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй йедзаг кӕй у, уый фенынӕн дард цӕуын нӕ хъӕуы. Хӕстыты мӕлынц салдӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи цӕрджытӕ дӕр. Ахӕм бон нӕй, ӕмӕ исты фыдракӕнд кӕнӕ тыхми ма ’рцӕуа. Чи зоны дӕ ӕрӕджы исчи бафхӕрдта кӕнӕ та исты ӕнӕраст хъуыддагыл сӕмбӕлдтӕ. Цы федтай ӕмӕ цы бавзӕрстай, уый тыххӕй дӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕвзӕры фарст: Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Ацы фарст ӕрмӕст дӕумӕ нӕ сӕвзӕрд. Иу-3 600 азы размӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иов ратта фарст: «Фыдгӕнджытӕ сӕхицӕн дзӕбӕхӕй цӕмӕн цӕрынц?» (Иов 21:7). Н. э. агъоммӕ 7 ӕнусы пехуымпар Йеремийы мӕты ӕфтыдта, йе ’мбӕстӕгтӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уый, ӕмӕ хъуыды кодта: «Фыдгӕнджытӕ сӕ фӕндӕгтыл ӕнтыстджын цӕмӕн сты ӕмӕ гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон сабырӕй цӕмӕн цӕрынц?» (Йереми 12:1). Иов ӕмӕ Йереми зыдтой, Йегъовӕ раст Хуыцау кӕй у. Фӕлӕ сӕ фӕндыд базонын, зӕххыл уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис. Чи зоны ацы фарст дӕу дӕр тыхсын кӕны.

Ӕвзӕрдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ис, уым иуӕй-иутӕ аххосджын кӕнынц Хуыцауы. Иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц: кӕд Хуыцау ӕппӕтхъомысджын, рӕстаг ӕмӕ уарзӕгой у, уӕд ӕвзӕрдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Ӕвзӕрдзинад абоны онг цӕмӕн ис? Иннӕ статьяйы ис дзуапп ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕн.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

AP Photo/​Adam Butler