Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Авди, Ионӕ ӕмӕ Михейы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Авди, Ионӕ ӕмӕ Михейы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

«АВДИЙЫ цӕстылуайӕн» (Авди 1). Ацы ныхӕстӕй райдыдта Авдийы чиныг. Пехуымпар йӕхи тыххӕй йӕ номӕй дарддӕр ницы ныффыста. Авди йӕ чиныг фыст фӕци н. э. агъоммӕ 607 азы. Пехуымпар Ионӕ та йӕ чиныг ныффыста Авдийы чиныгӕй 200 азы раздӕр. Уым ӕргом радзырдта, Йегъовӕ йӕ балцы куы арвыста, уӕд ыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уый тыххӕй. Михей та пехуымпар уыд 60 азы дӕргъы н. э. агъоммӕ 777 азӕй 717 азмӕ. Цардис Авдийы фӕстӕ ӕмӕ Ионӕйы размӕ. Михей йӕхи тыххӕй загъта, «Мореше́фӕй [хъӕу]» кӕй уыд ӕмӕ йӕм Йегъовӕ кӕй дзырдта «Иудӕйы паддзӕхтӕ Иофам, Ахаз ӕмӕ Езекийы бонты» (Михей 1:1). Михей хъӕууон цардимӕ зонгӕ кӕй уыд, уый зыны, цы хабар хъусын кодта, уый сӕйраг хъуыдытӕ ирддӕрӕй равдисынӕн цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй спайда кодта, уыдонӕй.

ЕДОМ «ӔНУСТӔМ ФЕСӔФДЗӔН»

(Авди 1–21)

Едомы тыххӕй Авди загъта: «Де ’фсымӕр Иаковӕн фыдмитӕ кӕй кодтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, ӕмӕ ӕнустӕм фесӕфдзынӕ». Пехуымпар нӕма ферох кодта, едомӕгтӕ Иаковы фырттӕн – израилӕгтӕн – цы фыдмитӕ бакодтой, уый. Н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд едомӕгтӕ «иуварс лӕууыдысты» ӕмӕ, чи ӕрбабырста, уыцы «ӕрцӕуӕггӕгты» фарс уыдысты (Авди 10, 11).

Едомӕй уӕлдай, Иаковы хӕдзар ногӕй йӕ къахыл слӕудзӕн. Авдийы пехуымпарады ис фыст: «Чи алидза, уыдон уыдзысты Сионы хохыл ӕмӕ уый суыдзӕн сыгъдӕг хох» (Авди 17).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

стихтӕ 5–8 – Едомы сӕфт, къӕрныхтӕ ӕхсӕвыгон куыд ӕрбацӕуынц кӕнӕ сӕнӕфсиртонджытӕ сӕнӕфсир куыд ӕртонынц, уыимӕ барст кӕй ӕрцыд, уым цымыдисагӕй цы ис? Едоммӕ къӕрныхтӕ куы ӕрцыдаиккой, уӕд дзы, цы сӕ хъуыд, уымӕй дарддӕр ницы ахастаиккой. Тыллӕг ӕфснайынмӕ йӕм чи ӕрцыдаид, уыдон дӕр ма сӕ фӕстӕ исты ныууагътаиккой. Едом та куы ныппырх уа, уӕд ын, «йемӕ бадзырд чи скодта, уыцы адӕм» – йе ’мцӕдисонтӕ, вавилойнӕгтӕ – йӕ хӕзнатӕ ссардзысты ӕмӕ дзы ницыуал ныууадздзысты (Йереми 49:9, 10).

стих 10 – Едом ӕнустӕм куыд фесӕфт? Едомӕгтӕн уыдис сӕхи хицӕуттӕ, уыдысты хицӕн адӕмыхатт ӕмӕ сын уыди зӕххытӕ. Пехуымпарады куыд загъд уыд, афтӕмӕй уыцы адӕм фесӕфтысты. Н. э. агъоммӕ иу-ӕхсӕзӕм ӕнусы ӕмбисы Вавилоны паддзах Набонид бацахста Едом. Н. э. агъоммӕ цыппӕрӕм ӕнусмӕ ’ввахс едомӕгты зӕххыл цардысты наботейтӕ, едомӕгтӕ та цардысты Иудӕйы хуссайраг хайы, Негевы. Фӕстӕдӕр уыцы бынат хонын райдыдтой Идумей. Н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд едомӕгтӕ мыггагсӕфт фесты.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

стихтӕ 3, 4. Едомӕгтӕ цардысты хӕхбӕсты ӕмӕ арф кӕмтты, ӕмӕ сӕм-иу чи ӕрбабырста, уыдонӕн-иу семӕ хӕцын ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ едомӕгтӕ уыдысты сӕхицӕй хъал ӕмӕ сӕхи сайдтой, ӕппындӕр нын ницӕмӕй тас у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы тӕрхонӕй фервӕзӕн нӕй.

стихтӕ 8, 9, 15. «Йегъовӕйы бон» куы ’рцӕуа, уӕд адӕймаджы нӕдӕр йӕ зонд бахъахъхъӕндзӕн, нӕдӕр йӕ тых (Йереми 49:7, 22).

стихтӕ 12–14. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц, ууыл чи цин кӕны, уыдонӕн едомӕгты хабар у хорз зондзонӕн. Йегъовӕ ӕнӕмӕнгӕй бафхӕрдзӕн, йӕ адӕммӕ йын ахӕм цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны.

стихтӕ 17–20. Ацы пехуымпарады Иаковы фыртты тыххӕй цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын райдыдта н. э. агъоммӕ 537 азы, Вавилоны уацары чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Йегъовӕйы ныхас алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы. Махӕн нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын йе ’ппӕт зӕрдӕвӕрдтыл дӕр.

«НИНЕВИЙӔ НИЦЫУАЛ БАЗЗАЙДЗӔН»

(Ионӕ 1:1–4:11)

Хуыцау Ионӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, «ацу стыр сахар Ниневимӕ ӕмӕ йын фехъусын кӕн», цы тӕрхон ын рахастон, уый. Фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста, ӕмӕ ӕндӕрырдӕм алыгъд. Йегъовӕ «стыр дымгӕ денджызыл» рауагъта ӕмӕ Ионӕйы «стыр кӕфӕн» аныхъуырын кодта. Афтӕмӕй Йегъовӕ Ионӕйы фӕстӕмӕ раздӕхта ӕмӕ йӕ ногӕй Ассирийы сӕйраг горӕтмӕ арвыста (Ионӕ 1:2, 4, 17; 3:1, 2).

Ионӕ бацыд Ниневимӕ ӕмӕ адӕмӕн ӕргом дзурын райдыдта: «Дыууиссӕдз боны фӕстӕ Ниневийӕ ницыуал баззайдзӕн» (Ионӕ 3:4). Куыд хъусын кодта, хъуыддаг афтӕ нӕ рауад. Ионӕ «фырмӕстӕй рафыхт». Йегъовӕ «куысыфтӕг» сзайын кодта, цӕмӕй Ионӕйӕн, тӕригъӕд кӕнын цы у, уый бамбарын кодтаид (Ионӕ 4:1, 6).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

3:3 – Ӕцӕгӕйдӕр Ниневи уыйас уыд, ӕмӕ йыл ӕрзилынӕн «ӕртӕ боны» хъуыдис? О. Рагзаманты Ниневи, ӕвӕццӕгӕн, хуыдтой Хорсабадӕй (цӕгат) Нимруды (хуссар) онг цы хъӕутӕ уыд, уыдон иууылдӕр. Уыцы хъӕутӕ ӕмӕ Ниневи иумӕ уыдысты цыппаркъуымоны хуызӕн. Уыцы цыппаркъуымоны фӕрсты дӕргъ уыдис 100 километры бӕрц.

3:4 – Ниневиӕгтӕн хъусын кӕныны тыххӕй Ионӕ ассириаг ӕвзаг сахуыр кодта? Ионӕ, чи зоны, зыдта ассириаг ӕвзаг кӕнӕ та йыл сдзырдта диссаджы хуызы. Йе та дзырдта дзуттаг ӕвзагыл ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чидӕр тӕлмац кодта. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд ӕм ноджы хуыздӕр хъуыстаиккой.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:1–3. Адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ куы пълан кӕна, цӕмӕй йын хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн фаг рӕстӕг мауал зайа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ зондахаст раст нӕу. Ахӕм адӕймагӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ лидзы, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уымӕй.

1:1, 2; 3:10. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕрмӕст кӕцыдӕр адӕмыхатмӕ кӕнӕ цавӕрдӕр адӕмы къордмӕ нӕу. «Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр хорз у ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад йе ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр бӕрӕг у» (Псалом 145:9).

1:17; 2:10. Ионӕ стыр кӕфы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы кӕй уыди, уый амоны, Йесо кӕй амард ӕмӕ стӕй кӕй райгас, уымӕ (Матфейы 12:39, 40; 16:21).

1:17; 2:10; 4:6. Йегъовӕ Ионӕйы фервӕзын кодта абухгӕ денджызӕй. Стӕй ма «сырӕзын кодта куысыфтӕг, цӕмӕй Ионӕйы сӕрмӕ аууон дардтаид ӕмӕ йын фенцондӕр уыдаид». Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕ Хуыцауыл дарынц, ӕмӕ йӕ зонынц, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзы, уымӕн ӕмӕ сӕ уый хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны (Псалом 13:5; 40:11).

2:1, 2, 9, 10. Йегъовӕ хъусы йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ ӕмӕ йе ’ргом здахы сӕ лӕгъстӕтӕм (Псалом 120:1; 130:1, 2).

3:8, 10. Ӕцӕг Хуыцау «фӕфӕсмон кодта», ома йӕ фӕнд фӕивта, ӕмӕ, цы бӕллӕхы кой кодта, уый сыл «нал ӕруагъта». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ниневиӕгтӕ «се ’взӕр фӕндӕгтӕй раздӕхтысты». Абон дӕр, адӕймаг йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй Хуыцауы тӕрхон нал баййафдзӕн.

4:1–4. Хуыцауы искӕмӕн фӕтӕригъӕд кӕнын куы бафӕнда, уӕд ын иунӕг адӕймаг дӕр йӕ фӕнд нӕ аивын кӕндзӕн. Мах хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм ӕмӕ, Йегъовӕ искӕмӕн куы фӕтӕригъӕд кӕна, уӕд хъуыр-хъуыр ма кӕнӕм.

4:11. Йегъовӕ фӕразонӕй кӕсы, Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт зӕххыл дӕр хъуыстгонд куыд цӕуы, уымӕ, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кӕны, «йӕ рахиз къух йӕ галиу къухӕй ӕвзарын чи нӕ фӕразы», уыдонӕн – Ниневийы 120 000 цӕрӕгӕн куыд фӕтӕригъӕд кодта, раст афтӕ. Уӕдӕ цымӕ мах дӕр хъуамӕ ма тӕригъӕд кӕнӕм, нӕ алыварс цы адӕм цӕры, уыдонӕн, ӕмӕ зӕрдиагӕй хорз хабар ма хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма цӕттӕ кӕнӕм? (2 Петры 3:9).

СӔ СӔРЫ ГӔМӔХ ФЕСТЫРДӔР УЫДЗӔН

(Михей 1:1–7:20)

Михей ӕргом кӕны Израил ӕмӕ Иудӕйы тӕригъӕдтӕ, дзуры, сӕ сӕйраг горӕттӕ сын кӕй ныппырх кӕндзысты, ӕмӕ сын ныфс ӕвӕры, фӕстӕмӕ сӕ къахыл кӕй слӕудзысты. Самари фестдзӕн «хӕлддзӕгты цӕнд быдыр». Израил ӕмӕ Иудӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй кувынц, уый тыххӕй уый аккаг сты, ӕмӕ сӕ «сӕртӕ сгӕмӕх» уой, ома фӕхудинаг уой. Уацармӕ сӕ кӕй акӕндзысты, уый тыххӕй сӕ сӕрты гӕмӕх фестырдӕр уыдзӕн ӕмӕ суыдзӕн «цӕргӕсы сӕры гӕмӕхау», ӕвӕццӕгӕн, йӕ сӕрыл ӕрмӕст цалдӕр лыстӕг хъуыны кӕмӕн ис, ахӕм хӕдмӕлхор маргъы сӕрау. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз ӕнӕмӕнгӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн Иаковы» (Михей 1:6, 16; 2:12). Йӕ хӕлд разамонджыты ӕмӕ, йӕ хӕстӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыцы пехуымпарты тыххӕй Иерусалим дӕр фестдзӕн «хӕлддзӕгты цӕнд». Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы «иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн». «Вифлеем Ефрафӕйы» райгуырдзӕн, «Израилы хицау чи суыдзӕн, уый» (Михей 3:12; 4:12; 5:2).

Цымӕ Йегъовӕ Израилӕн раст бакодта? Ӕгӕр бирӕ сӕ домдта? Нӕ. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй «рӕстӕй архайой, хӕларзӕрдӕдзинад уарзой ӕмӕ сӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуой» (Михей 6:8). Фӕлӕ Михейы рӕстӕджы чи цард, уыцы адӕм афтӕ хӕлд уыдысты, ӕмӕ уыдонӕй «се ’ппӕты хуыздӕр уыд сындзджын къутӕры хуызӕн, ӕмӕ се ’ппӕты раст та – сындзджын ӕмбондӕй фыддӕр», ӕмӕ сӕ фӕрсты чи цыд, уыдонӕн зиан ӕмӕ рыстӕй дарддӕр ницы хастой. Пехуымпар бафарста: «Кӕм ис [Йегъовӕйы] хуызӕн Хуыцау?» Хуыцау та ногӕй фӕтӕригъӕд кӕндзӕн йӕ адӕмӕн ӕмӕ «сын се ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр денджызы ӕрфытӕм фехсдзӕн» (Михей 7:4, 18, 19).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

2:12 – Ацы ныхӕстӕ, «Израилӕй ма чи баззайа, уыдоны сӕмбырд кӕндзынӕн», зӕгъгӕ, кӕд сӕххӕст сты? Фыццаг хатт сӕххӕст сты н. э. агъоммӕ 537 азы, дзуттӕгтӕн сӕ иу хай Вавилоны уацарӕй сӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд. Нӕ рӕстӕджы та ацы пехуымпарад сӕххӕст «Хуыцауы Израилыл» (Галатӕгтӕм 6:16). 1919 азӕй сӕрст чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд цӕуынц, «фысты кӕрты куыд бакӕнынц», афтӕ. Уыдонмӕ, уӕлдайдӕр 1935 азӕй фӕстӕмӕ, цӕуы «тынг бирӕ адӕм» «ӕндӕр фыстӕй» ӕмӕ уыцы кӕртӕй, «бирӕ адӕмы хъӕлӕба цӕуы» (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Уыдон иумӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн зӕрдиагӕй ахъаз кӕнынц.

4:1–4 – Йегъовӕ ацы «фӕстаг бонты» «бирӕ адӕмтӕн [куыд] тӕрхон кӕндзӕн ӕмӕ... хъомысджын адӕмыхӕттыты хъуыддӕгтӕ [куыд] сраст кӕндзӕн»? Ныхӕстӕ «бирӕ адӕмтӕ» ӕмӕ «хъомысджын адӕмыхӕттытӕ» цавӕрдӕр адӕмыхӕттытӕм кӕнӕ хицауӕдтӕм нӕ амонынц. Уыдон амонынц, алы адӕмыхӕттытӕй дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи сси, уыцы адӕймӕгтӕм. Йегъовӕ сын фӕтӕрхон кӕны ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ фӕраст кӕны, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:6, 9; 3:12; 5:2. Ассириӕгтӕ Самари ныппырх кодтой н. э. агъоммӕ 740 азы, ӕмӕ Михей уый йӕхи цӕстӕй федта (2 Паддзӕхты 17:5, 6). Паддзах Езекийы рӕстӕджы ассириӕгтӕ Иерусалимы онг дӕр бахӕццӕ сты (2 Паддзӕхты 18:13). Н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ басыгътой Иерусалим (2 Азфыст 36:19). Рагзагъд куыд уыд, уымӕ гӕсгӕ Мессийӕ райгуырд «Вифлеем Ефрафӕйы» (Матфейы 2:3–6). Йегъовӕйы ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы.

2:1, 2. Куыд тӕссаг уаид, нӕхи афтӕ куы дариккам, цыма Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, афтӕмӕй та фыццаджыдӕр «Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» куы нӕ агуриккам, фӕлӕ хъӕздыгдзинад! (Матфейы 6:33; 1 Тимофеймӕ 6:9, 10).

3:1–3, 5. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, йӕ адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыдон рӕстӕй архайой.

3:4. Цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕд ма аразӕм ӕмӕ сусӕгӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ма кӕнӕм.

3:8. Хорз хабар ӕмӕ Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъусын кӕнын нӕ бон бауыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы.

5:5. Ацы пехуымпарад Мессийӕйы тыххӕй махӕн фидар ныфс дӕтты, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ се знӕгтӕ куы рацӕуой, уӕд «авд [ӕвдисы ӕххӕстдзинад] фыййауы» ӕмӕ «аст кънйазы» – бирӕ фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ – кӕй сыстдзысты ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕн разамынд кӕй дӕтдзысты.

5:7, 8. Абон бирӕтӕн сӕрст чырыстӕттӕ сты «Йегъовӕйӕ ӕртӕх» – арфӕдзинад Хуыцауӕй. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Йегъовӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн пайда кӕны сӕрст чырыстӕттӕй. «Ӕндӕр фыстӕ» сӕрстытӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй сын стыр ӕххуыс сты адӕмӕн удӕнцой хӕссынӕн (Иоанны 10:16). Цӕй стыр кад у, адӕмӕн удӕнцой чи хӕссы, уыцы куыст кӕнын!

6:3, 4. Мах хъуамӕ Йегъовӕ Хуыцауы фӕзмӕм, ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм суанг зындзырд адӕммӕ дӕр ӕмӕ йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ сын Хуыцау куыд тӕригъӕд кӕны, афтӕ сын тӕригъӕд кӕнӕм.

7:7. Ацы фыддунейы кӕрон зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, уӕд хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Мах дӕр Михейау хъуамӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм [нӕ]... Хуыцаумӕ».

7:18, 19. Йегъовӕ цӕттӕ у махӕн нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнынмӕ. Мах дӕр хъуамӕ цӕттӕ уӕм, нӕ ныхмӕ чи фӕрӕдийы, уыдонӕн сӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕнынмӕ.

Дарддӕр дӕр цу Йегъовӕйы номӕй

Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ чи тох кӕны, уыдон «ӕрцӕудзысты сӕфт ӕнустӕм» (Авди 10). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм ӕмӕ не ’взӕр фӕндӕгтӕй куы аздӕхӕм, уӕд ныл Йегъовӕ йӕ маст нӕ ныккалдзӕн (Ионӕ 3:10). Ацы «фӕстаг бонты» раст дин ӕппӕт мӕнг динтӕй бӕрзонддӕр сси ӕмӕ йӕм коммӕгӕс адӕм цӕуынц ӕмӕ цӕуынц (Михей 4:1; 2 Тимофеймӕ 3:1). Уӕдӕ мах дӕр фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, кӕй «цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕнустӕм» (Михей 4:5).

Цӕй хорз зондзонӕнтӕ ссардтам Авди, Ионӕ ӕмӕ Михейы чингуыты! Кӕд 2 500 азы размӕ фыст ӕрцыдысты, уӕддӕр сӕ цы хабар ис, уый «у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Ныв 15 фарсыл]

Авди загъта: «[Едом] ӕнустӕм фесӕфдзӕн»

[Ныв 17 фарсыл]

Михей ӕнхъӕлмӕ каст Йегъовӕмӕ ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у

[Ныв 18 фарсыл]

Хъусын кӕнын у кадджын хъуыддаг