Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы

Йегъовӕйы Ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы

Йегъовӕйы Ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы

«Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты» (ЙЕСО НАВИН 23:14).

1. Чи уыд Йесо Навин ӕмӕ йӕ мӕлӕты размӕ цы бакодта?

УЫЙ уыд хъаруджын ӕмӕ хъӕбатыр ӕфсӕддон раздзог, фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг. Уый алкӕддӕр уыд Мосейы фарсмӕ ӕмӕ йӕ Йегъовӕ равзӕрста, цӕмӕй Израилы адӕмы тӕссаг ӕдзӕрӕг быдырӕй ракодтаид ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм калдысты, уыцы зӕхмӕ бакодтаид. Йӕ мӕлӕты размӕ уыцы кадджын нӕлгоймаг, Йесо Навин, Израилы хистӕртӕн загъта тынг зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ. Уыцы ныхӕстӕ бафидар кодтой, чи йӕм хъуыста, уыдоны уырнындзинад. Бафидар дын кӕндзысты дӕ уырнындзинад дӕр.

2, 3. Йесо Навин Израилы хистӕртимӕ куы ныхас кодта, уӕд Израилы цавӕр уавӕр уыд ӕмӕ Йесо Навин цы загъта?

2 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ацы хабар: «Йегъовӕ Израилы, йӕ алыварс цы знӕгтӕ уыд, уыдонӕй куы фервӕзын кодта ӕмӕ йын сабыр цард куы радта, ууыл бирӕ бонтӕ куы рацыд, Йесо куы базӕронд ӕмӕ йыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руагътой, уӕд Йесо фӕсидт ӕгас Израилмӕ, сӕ хистӕртӕм, сӕ сӕргълӕуджытӕм, сӕ тӕрхоны лӕгтӕм ӕмӕ сӕ хицӕуттӕм, ӕмӕ сын загъта: „Ӕз базӕронд дӕн, бирӕ азтӕ мыл рацыд“» (Йесо Навин 23:1, 2).

3 Йесо Навиныл цыдис 110 азмӕ ’ввахс ӕмӕ цард ахӕм рӕстӕджы, Хуыцауы адӕм сӕхиуыл стыр диссӕгтӕ куы бавзӕрстой. Уый йӕхи цӕстӕй федта Хуыцауы хъомысджын хъуыддӕгтӕ. Федта ма, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй загъта: «Сымах уӕхӕдӕг дӕр хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты. Иу ныхас дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йесо Навин 23:14).

4. Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

4 Йегъовӕйы ныхӕстӕй Йесо Навины рӕстӕджы цы сӕххӕст? Мах ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонӕй ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, кӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн цагъарадӕй. Дыккаг, кӕй сӕ хъахъхъӕндзӕн. Ӕртыккаг, кӕй сыл тыхсдзӕн. Уымӕй Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры йӕ абоны лӕггадгӕнджытӕн дӕр, ӕмӕ, йӕ ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр куыд ӕххӕст кӕнынц, уый уынӕм. Уӕдӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Йесо Навины заманы цы арӕзта, уымӕ. Стӕй та аныхас кӕнӕм йӕ хъуыддӕгтыл нӕ рӕстӕджыты.

Йегъовӕ ирвӕзын кӕны йӕ адӕмы

5, 6. Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куыд фервӕзын кодта ӕмӕ уымӕй цы рабӕрӕг?

5 Израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ куы дзынӕзтой, уӕд сӕ фехъуыста (Рацыд 2:23–25). Судзгӕ къутӕры раз Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Цӕуын, цӕмӕй [мӕ адӕмы] египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон, цӕмӕй сӕ уыцы зӕххӕй ракӕнон ӕмӕ сӕ бакӕнон хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм» (Рацыд 3:8). Цымӕ Йегъовӕ йӕ ныхас куыд сӕххӕст кодта, уый чи федта, уымӕн йӕ зӕрдӕ фырдисӕй куыд кодтаид! Фараон израилӕгты Египетӕй куы нӕ ауагъта, уӕд ын Моисей загъта, Хуыцау Нилы дон туг кӕй фестын кӕндзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас нӕ фӕмӕнг. Нилы дон туг фестад. Цы кӕсӕгтӕ дзы уыд, уыдон амардысты, ӕмӕ дон нуазынӕн нал бӕззыд (Рацыд 7:14–21). Фӕлӕ фараон нӕ басаст. Уӕд ма йӕ Йегъовӕ фараст хатты бафхӕрдта. Куыд, уый та йын-иу фехъусын кодта рагацау (Рацыд, 8–12 сӕртӕ). Дӕсӕм ӕфхӕрды фӕстӕ, египетӕгтӕн сӕ фыццаггуырдтӕ куы амардысты, уӕд, фараон израилӕгты ауагъта – ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты! (Рацыд 12:29–32).

6 Йегъовӕ израилӕгты фервӕзын кодта, ӕмӕ сӕ йӕхицӕн равзӕрста. Уыдон систы йӕ адӕм ӕмӕ сын йӕ Закъон радта. Уымӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ кӕй у, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алы хатт дӕр чи сӕххӕст кӕны, йӕ ныхас кӕмӕн никуы фӕмӕнг вӕййы, уыцы Хуыцау. Рабӕрӕг ма, адӕмы хуыцӕуттӕ Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр кӕй ницы сты. Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ уырнындзинад тынг бафидар вӕййы. Ахъуыды-ма кӕн, уӕд, уым чи уыд, уыдон та куыд кодтаиккой! Йесо Навин бамбӕрста, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй у «Ӕппӕтбӕрзонд ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ» (Псалом 83:18).

Йегъовӕ хъахъхъӕны йӕ адӕмы

7. Йегъовӕ израилӕгты фараоны ӕфсадӕй куыд бахъахъхъӕдта?

7 Цы ис зӕгъӕн дыккаг хъуыддагӕй та, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уымӕй? Йегъовӕ зӕрдӕ куы бавӕрдта, йӕ адӕмы Египетӕй кӕй ракӕндзӕн ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй бакӕндзӕн, уӕд уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕндзӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕн, фараон мӕстӕй куыд рафыхт ӕмӕ йӕ тыхджын ӕфсадимӕ ӕмӕ сӕдӕгай хӕстон бӕхуӕрдонимӕ израилӕгты фӕсте куыд асырдта. Куыд ныфсджын хъуамӕ уыдаид сӕрбӕрзонд фараон йӕхицӕй, уӕлдайдӕр та, израилӕгтӕ къӕппӕджы кӕй бахаудысты, уый куы федта, уӕд – иуырдыгӕй уыдысты хӕхтӕ, иннӕрдыгӕй та уыд денджыз. Хуыцау йӕ адӕмы фарс рахӕцыд, ӕмӕ израилӕгты ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн мигъ ныббадын кодта. Египетӕгты ’рдыгӕй уыд талынг, израилӕгты ’рдыгӕй та – рухс. Мигъ египетӕгты размӕ акъахдзӕф кӕнын нал уагъта. Моисей та йӕ лӕдзӕг хӕрдмӕ систа, ӕмӕ Сырх денджызы дӕттӕ дыууӕ дихы фесты. Израилӕгтӕн уый уыд ирвӕзындзинады фӕндаг, египетӕгтӕн та – къӕппӕг. Йегъовӕ бынсӕфт фӕкодта фараоны тыхджын ӕфсад, ӕмӕ йӕ адӕмы знагӕй бахъахъхъӕдта (Рацыд 14:19–28).

8. Йегъовӕ израилӕгты куыд хъахъхъӕдта а) ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ ӕ) Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд?

8 Израилӕгтӕ Сырх денджызыл куы ахызтысты, уӕд ацыдысты, «маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ скорпионтӕй дзаг стыр ӕмӕ ӕвирхъау ӕдзӕрӕг быдырыл, хус, ӕнӕдон зӕххыл» (Дыккаг закъон 8:15 «The New English Bible»). Йегъовӕ йӕ адӕмы ам дӕр хъахъхъӕдта. Ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд та? Сӕ ныхмӕ рацыдысты ханаайнӕгты гӕрзифтонг ӕфсӕдтӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта: «Сыст, ӕппӕт ацы адӕмимӕ Иорданыл бахиз, ӕз уыдонӕн, Израилы фырттӕн, кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ. Цалынмӕ цӕрай, уӕдмӕ дӕ ныхмӕ никӕй бон уыдзӕн фӕлӕууын. Ӕз уыдзынӕн демӕ, Моисеимӕ куыд уыдтӕн, афтӕ. Мӕхи дыл никуы атигъ кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ныууадздзынӕн» (Йесо Навин 1:2, 5). Ацы ныхӕстӕ дӕр та нӕ фӕмӕнг сты. Иу-6 азмӕ Йесо Навин фӕуӕлахиз 31 паддзахыл ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йе стырдӕр хай бацахста (Йесо Навин 12:7–24). Йегъовӕ сын куы нӕ ӕххуыс кодтаид, уӕд уыдӕттӕ сӕ къухы нӕ бафтыдаиккой.

Йегъовӕ тыхсы йӕ адӕмыл

9, 10. Йегъовӕ йӕ адӕмыл ӕдзӕрӕг быдыры куыд тыхстис?

9 Ӕркӕсӕм ӕртыккаг хъуыддагмӕ – Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сыл тыхсдзӕн, уымӕй. Египетӕй сӕ куы ссӕрибар кодта, уымӕй сын гыццыл фӕстӕдӕр загъта: «Ӕз уын уӕларвӕй ӕруарын кӕндзынӕн дзул. Адӕм-иу алы бон дӕр рацӕуӕнт ӕмӕ-иу дзы ӕрӕмбырд кӕнӕнт, алкӕй дӕр иу бонӕн цас хъӕуы, уыйбӕрц». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыд: Хуыцау сын лӕвӕрдта дзул уӕларвӕй. «Израилы фырттӕ йӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдтой: „Ай цы у?“» Уый уыд маннӕ – Йегъовӕ сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы дзул (Рацыд 16:4, 13–15).

10 Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры фесты 40 азы. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг сыл Йегъовӕ тыхстис ӕмӕ сын лӕвӕрдта хӕринаг ӕмӕ дон. Сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыдис ӕмӕ сӕ къӕхтӕ нӕ рӕсыдысты (Дыккаг закъон 8:3, 4). Йесо Навин ӕппӕт уыдӕттӕ федта. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сӕ фервӕзын кодта, хъахъхъӕдта сӕ ӕмӕ сыл тыхстис.

Йегъовӕ йӕ адӕмы ирвӕзын кӕны нӕ рӕстӕджыты

11. 1914 азы октябры Рассел Бруклины Вефилы цы фехъусын кодта ӕмӕ уый цы нысан кодта?

11 Цы ис зӕгъӕн нӕ рӕстӕджытӕй та? 1914 азы 2 октябры майрӕмбоны райсомӕй Чарлз Тейз Рассел – уӕды рӕстӕджы Библииртасджытӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уый – стыр къахдзӕфтӕй бацыд Бруклины (Нью-Йорк) Вефилы хӕрӕндонмӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй загъта: «Уӕ райсом хорз уе ’ппӕтӕн дӕр!» Стӕй, йӕ бынаты дӕр нӕма сбадт, афтӕмӕй цингӕнгӕ фехъусын кодта: «Ӕндӕр адӕмыхӕттыты рӕстӕг фӕцис, сӕ паддзӕхты бонтӕ фесты!» Ногӕй та Йегъовӕйӕн, Дунедарӕг Хуыцауӕн, рӕстӕг ӕрцыд йӕ адӕмы фарс рахӕцынӕн – ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд!

12. 1919 азы Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта ӕмӕ сын уый цы ’рхаста?

12 Фондз азы фӕстӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта йӕ ӕдӕмы «Стыр Вавилонӕй», дунейы цы мӕнг динтӕ ис, уыдонӕй (Раргомад 18:2). Махӕй стӕмтӕ йеддӕмӕ уыцы диссаджы ирвӕзындзинад ничи федта. Фӕлӕ уый йӕ адӕмӕн цы ’рхаста, уый не ’ппӕт дӕр уынӕм. Йегъовӕ раст дин ногӕй йӕ къахыл слӕууын кодта ӕмӕ йын лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны баиу кодта. Уый тыххӕй пехуымпар Исай фыста: «Фӕстаг бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр ӕмӕ къуылдымтӕй суыдзӕн бӕрзонддӕр; ӕмӕ йӕм адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты» (Исай 2:2).

13. Ӕцӕгдзинад куы базыдтай, уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕйы адӕм куыд фӕфылдӕр сты?

13 Исайы ныхӕстӕ нӕ фӕмӕнг сты. 1919 азы ма сӕрстытӕй зӕххыл чи уыд, уыдон ӕгас дунейы дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнын райдыдтой хорз хабар, ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ адӕмтӕ раздӕхтысты ӕцӕг Хуыцаумӕ, ӕцӕг дин сбӕрзонд ис. 1930-ӕм азты рабӕрӕг, кӕй хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын «ӕндӕр фысты» (Иоанны 10:16). Уыдон фыццаг уыдысты минтӕ, стӕй сӕдӕгай минтӕ ӕмӕ ныр та ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц милуантӕ! Апостол Иоанн уыцы адӕмы федта цӕстылуайӕны ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, уыдысты «тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Раргомад 7:9). Куы цӕрыс, уӕдӕй нырмӕ цы аивта? Ӕцӕгдзинад куы базыдтай, уӕд ӕгас дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цал уыдысты? Абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны 6 700 000 адӕймагӕй фылдӕр. Йегъовӕ йӕ адӕмы Стыр Вавилонӕй кӕй фервӕзын кодта, уый фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджыты нымӕц уайтагъд фылдӕр кӕнын райдыдта – ӕмӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕрмӕст иу бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр.

14. Цавӕр ирвӕзындзинадмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

14 Хуыцауы адӕммӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджыдӕр иу ирвӕзындзинад. Ӕмӕ зӕххы цъарыл иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, уыцы хабар кӕуыл нӕ бандава. Йегъовӕ йӕ хъару диссаджы хъуыддӕгтӕй равдисдзӕн: йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны фесафдзӕн ӕмӕ йӕ адӕмы бакӕндзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунемӕ. Куыд цин кӕндзыстӕм, фыддзинад куы фесӕфа ӕмӕ адӕмы царды чи никуыма уыд, уыцы диссаджы дуг куы ралӕууа, уӕд! (Раргомад 21:1–4).

Йегъовӕ йӕ адӕмы хъахъхъӕны нӕ рӕстӕджы

15. Цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕ абон йӕ адӕмы хъахъхъӕна?

15 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо Навины бонты израилӕгты хъуыд, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдтаид. Ӕмӕ уӕд абон Йегъовӕйы адӕмы нал хъӕуы, цӕмӕй сӕ сӕ Хуыцау хъахъхъӕна? Дзырд дӕр ыл нӕй, хъӕуы! Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Кӕндзысты [уӕ] фыдӕвзарӕнты хай ӕмӕ уӕ мардзысты; ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матфейы 24:9). Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл зылдысты ӕмӕ сӕ тынг ӕфхӕрдтой. Фӕлӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй никуы ныууагъта (Ромӕгтӕм 8:31). Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ, «нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа», уыдонӕй иу дӕр нӕ бауромдзӕн хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг (Исай 54:17).

16. Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис абон?

16 Йегъовӕйы адӕмӕй кӕд дуне йе сӕфт уыны, уӕддӕр уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар у. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц 236 бӕстӕйы – ӕцӕгдӕр, уымӕй хорз зыны, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, фесафынмӕ кӕнӕ нӕ ныхъхъус кӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕй. Дӕ рӕстӕджыты Хуыцауы адӕмы карзӕй чи ӕфхӕрдта, ахӕм хицӕуттӕй кӕнӕ дины разамонджытӕй искӕй хъуыды кӕныс? Цы сыл ӕрцыд? Кӕм сты ныр? Моисей ӕмӕ Йесо Навины бонты чи цардис, уыцы фараон куыд нал ис, афтӕ уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр нал сты. Цы зӕгъӕн ис, нӕ рӕстӕджы Хуыцауыл иузӕрдионӕй чи баззад, афтӕмӕй чи амард, уыдонӕй та? Уыдон сты ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Йегъовӕ сӕ йӕ хъуыдыйы дары. О, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны.

Йегъовӕ тыхсы йӕ адӕмыл абон

17. Цы загъта Йегъовӕ, ӕввахсдӕр ӕм кӕй фӕрцы кӕнӕм, уыцы «хӕринаджы» тыххӕй?

17 Йегъовӕ йӕ адӕмыл тыхсти ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ тыхсы махыл дӕр абон. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ [нын] зондджын цагъар» «хӕринаг» дӕтты, ӕмӕ уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм Хуыцаумӕ (Матфейы 24:45). Мах Библийӕ базыдтам, ӕнусты дӕргъы сусӕг чи уыд, ахӕм хабӕрттӕ. Зӕд Данелӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ басусӕг кӕн ӕмӕ чиныг мыхуырӕй сӕхгӕн кӕроны рӕстӕджы онг. Бирӕтӕ агурдзысты ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат» (Данел 12:4).

18. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ зонындзинӕдтӕ Хуыцауы тыххӕй абон сты парахат?

18 Мах цӕрӕм фӕстаг бонты кӕрон ӕмӕ зонындзинӕдтӕ Хуыцауы тыххӕй сты парахат. Ӕгас дунейы дӕр, рӕстдзинад чи уарзы, уыдонӕн сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй базоной Хуыцауы ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон. Библи абон у тынг парахат. Парахат ма у, Библийы цы диссаджы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон адӕмӕн чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ дӕр. Нӕ цӕст ахӕссӕм чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»-йы сӕргӕндтыл *. Мӕнӕ дзы иуӕй-иутӕ: «Цы дзуры Библи Хуыцауы тыххӕй?», «Чи амард, уыдон кӕм сты?», «Цы у Хуыцауы Паддзахад?» ӕмӕ «Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?». Ацы фарстытӕн адӕм дзуапп агуырдтой мингай азты дӕргъы. Ныр сын дзуапп ссарӕн ис тынг ӕнцонтӕй. Кӕд ӕнусты дӕргъы адӕм талынджы уыдысты ӕмӕ сын чырыстон динтӕ мӕнг ахуырӕдтӕ хъардтой, уӕддӕр Хуыцауы ныхас фӕуӕлахиз, ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ кӕй тыхсы, лӕггад кӕнын ын кӕй фӕнды, уыдоныл.

19. Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕй дӕ рӕстӕджы цы сӕххӕст ӕмӕ цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыдтӕ?

19 Нӕхи цӕстӕй цы федтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъын у: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты. Иу ныхас дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йесо Навин 23:14). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кӕны, хъахъхъӕны сӕ ӕмӕ сыл тыхсы. Дӕ бон афтӕ зӕгъын у, ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонӕй цыдӕр йӕ афоныл нӕ сӕххӕст? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ ӕууӕндӕм Хуыцауы Ныхасыл!

20. Фидӕнмӕ ныфсджынӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

20 Цы зӕгъӕн ис фидӕнӕй та? Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ фылдӕр кӕй цӕрдзысты зӕххыл – диссаджы дзӕнӕты. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ та хицауиуӕг кӕндзысты Чырыстиимӕ уӕлӕрвты. Фӕлӕ нын фӕнды зӕххыл цӕрыны ныфс уӕд, фӕнды – уӕлӕрвты, уӕддӕр, нӕ бон у, ӕмӕ Йесо Навин Йегъовӕйыл куыд иузӕрдион уыд, афтӕ иузӕрдион ыл уӕм мах дӕр. Ӕрцӕудзӕн уыцы бон, ӕмӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыдон иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты. Уӕд фӕстӕмӕ куы акӕсӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр зӕгъдзыстӕм: «Иу ныхас дӕр дзы нӕ фӕмӕнг».

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонӕй Йесо Навин цы федта?

• Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕй дӕ рӕстӕджы цы сӕххӕст?

• Хуыцауы ныхасыл нӕ бон нӕ ныфс дарын цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Йегъовӕ йӕ адӕмы фарс рахӕцыд, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид

[Ныв 25 фарсыл]

Йегъовӕ йӕ адӕмы Сырх денджызы цур куыд бахъахъхъӕдта?

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Йегъовӕ йӕ адӕмыл тыхсы абон