Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Райсомы боныл хъуыды кӕн

Райсомы боныл хъуыды кӕн

Райсомы боныл хъуыды кӕн

«МА МӔТ КӔНУТ райсомы боныл»,– загъта Йесо Чырысти, Галилейы хохыл адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Синодалон тӕлмацы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йесо дарддӕр загъта: «Райсомы бон йӕхӕдӕг мӕт кӕндзӕн йӕхиуыл» (Матфейы 6:34).

Цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «райсомы бон йӕхӕдӕг мӕт кӕндзӕн йӕхиуыл»? Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕм хъуамӕ ӕрмӕст абоны бонӕй цӕрой ӕмӕ райсомы боныл та хъуыды дӕр ма кӕной? Йесо дӕр ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр афтӕ хъуыды кодтой?

«Мауал мӕт кӕнут»

Ӕнӕхъӕнӕй-ма бакӕс Йесойы ныхӕстӕ Матфейы 6:25–32. Йесо зӕгъы: «Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат... Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады... Стӕй, куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр исчи бафтаудзӕн? Уӕдӕ дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ – уыдон нӕдӕр фыдӕбон кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ. [...] Уӕдӕ мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц» (Матфейы 6:25–32).

Уый фӕстӕ Йесо радта дыууӕ уынаффӕйы. Фыццаг: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни». Дыккаг та: «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ фаг сты» (Матфейы 6:33, 34).

Уӕ уӕларвон Фыд зоны, цы уӕ хъӕуы, уый

Цымӕ Йесойы уый фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ – се ’хсӕн уыд зӕхкусджытӕ дӕр – таугӕ дӕр мауал кодтаиккой, кӕрдгӕ дӕр, ӕмӕ хордӕтты хор дӕр мауал ӕфснайдтаиккой? Кӕнӕ сын цӕмӕй уӕлӕдарӕс уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ фыдӕбон дӕр мауал кодтаиккой ӕмӕ ӕлвисгӕ дӕр? (Ӕмбисӕндтӕ 21:5; 24:30–34; Екклесиаст 11:4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы уый нӕ фӕндыд. Куы нал куыстаиккой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хуымгӕрдӕн афон иннӕтӕн лӕгъстиаг уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сын уӕд, цы бахордтаиккой ӕмӕ сӕ уӕлӕ цы скодтаиккой, уый нӕ уыдаид (Ӕмбисӕндтӕ 20:4).

Уӕдӕ цы зӕгъын фӕндыд Йесойы, мӕт мауал кӕнут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд? Уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдонӕн сӕ бон уыд, ӕмӕ се ’ппӕт сагъӕстӕй дӕр фервӕзтаиккой? Уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Йесо йӕхӕдӕг дӕр, куы йӕ ӕрцахстой, уыцы ӕхсӕв тынг мӕт кодта ӕмӕ тыхсти (Лукайы 22:44).

Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн загъта иу ахсджиаг хъуыддаг: ӕгӕр мӕт кӕнын адӕймагӕн йӕ зын фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн никуы баххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, куы мӕт кӕнӕм, уӕд нын уый фылдӕр фӕцӕрынӕн нӕ баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй нын «нӕ цардыл иу гыццыл дӕр... [нӕ] бафтаудзӕн» (Матфейы 6:27). Бирӕ рӕстӕг истӕуыл тынг куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ царды бонтӕ къаддӕр цы фӕуой, ӕндӕр нын уый ницы пайда ӕрхӕсдзӕн.

Уый уыд тынг раст уынаффӕ. Кӕуыл фӕмӕт кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ цӕугӕ дӕр никуы ӕркӕнынц. Ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыд Британийы кӕддӕры премьер-министр Уинстон Черчилль дӕр, Дыккаг дунеон хӕсты уӕззау рӕстӕджытыл куы хъуыды кодта, уӕд. Уыцы фыдбонты йӕ мӕт цӕуыл уыд, уый тыххӕй ныффыста: «Цӕуыл катай кодтон, уый куы ӕрымысын, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы иу зӕронд лӕджы хабар. Йӕ мӕлӕты размӕ уыцы лӕг загъта, йӕ царды маст ӕмӕ бӕллӕх йеддӕмӕ кӕй ницы уыд, фӕлӕ йыл сӕ фылдӕр та цӕугӕ дӕр никуы ӕркодтой». Зондыл дзурӕг уыдзӕн, алы бон дӕр йемӕ цы ’рхӕссы, уымӕй хъаст куы нӕ кӕнӕм, уӕлдайдӕр та, кӕд ӕгӕр мӕтгӕнаг стӕм, уӕд.

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад»

Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’нӕниздзинадыл ӕмӕ, цӕмӕй мацӕуыл тыхстаиккой, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кодта. Уый зыдта, царды ӕнӕмӕнг цы хъуыд, ууыл мӕт кӕнын, стӕй хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ ӕвӕлмӕцгӕ цардмӕ бӕллын адӕймаджы уый онг дӕр ӕркӕндзысты, ӕмӕ дзы ферох уыдзӕн, ахсджиагдӕр цы у, уый (Филиппӕгтӕм 1:10). Чи зоны, ӕмӕ ахъуыды кӕнай, царды ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй ахсджиагдӕр ма цы хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр сты, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ чи хауы, уыцы хъуыддӕгтӕ. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй нын царды «Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» агурынӕй сӕйрагдӕр хъуамӕ мацы уа (Матфейы 6:33).

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕты хъӕздыгдзинад йеддӕмӕ ницы хъуыд. Сӕйрагдӕр сын уыд бирӕ мулк ӕрӕмбырд кӕнын. Фӕлӕ Йесо, кӕимӕ ныхас кодта, уыдоны фӕдзӕхста, цӕмӕй цардмӕ ахӕм цӕстӕй ма кастаиккой. Уыдон Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «тарстаиккой ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаиккой» (Екклесиаст 12:13).

Чи йӕм хъуыста, уыдон мулкы фӕдыл куы цыдаиккой, ома царды сагъӕстыл куы суыдаиккой ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл куы асайдтаид, уӕд Хуыцауӕй адард уыдаиккой (Матфейы 13:22). «Кӕй фӕнды, цӕмӕй схъӕздыг уа,– ныффыста апостол Павел,– уыдон та бахауынц фӕлварӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны, адӕймаджы сӕфтмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи кӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тимофеймӕ 6:9). Цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уыцы «къӕппӕджы» ма бахаудтаиккой, уый тыххӕй сын Йесо сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ уӕларвон Фыд кӕй зоны, цы сӕ хъӕуы, уый. Хуыцау, «уӕларвон мӕргътыл» куыд тыхст, афтӕ батыхстаид уыдоныл дӕр (Матфейы 6:26, 32). Уыдон хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кодтаиккой. Уый бӕсты сӕ хъуыдис фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй сӕ царды ӕнӕмӕнг цы хъуыдис, уый амал кодтаиккой ӕмӕ стӕй хъуыддӕгтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы бар бакодтаиккой (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Йесойы ныхӕстӕ, «райсомы бон йӕхӕдӕг мӕт кӕндзӕн йӕхиуыл», зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, райсом цы уыдзӕн, ууыл, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ абоны сагъӕстӕ ноджы ма фылдӕр кӕнӕм. Библийы ӕндӕр тӕлмацы ацы ныхӕстӕ раивтой афтӕ: «Райсомы боныл ма мӕт кӕнут; уымӕн йӕхи сагъӕстӕ дӕр фаг уыдзысты. Алы бон дӕр йемӕ цы сагъӕстӕ ӕрхӕссы, уыдонмӕ ӕфтауын нал хъӕуы» (Матфейы 6:34, «Today’s English Version»).

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

Фӕлӕ райсомы боныл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, уый иу хъуыддаг у ӕмӕ йыл ӕппындӕр ма хъуыды кӕнӕм, уый та бынтон ӕндӕр хъуыддаг у. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ никуы загъта, райсомы бон уӕм нымады дӕр ма уӕд, зӕгъгӕ. Уый сын дзырдта, цӕмӕй сомбон цы уыдзӕн, ууыл хъуыды кӕнын сӕ макуы рох кӕна. Уыдон хъуамӕ куывтаиккой, алы бон дӕр сӕ цы хъуыд, уый тыххӕй – къӕбӕры тыххӕй алы боны фаг дӕр. Фӕлӕ сӕ фыццаджыдӕр хъуыдис кувын фидӕны хъуыддӕгты тыххӕй – цӕмӕй ӕрцӕуа Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уа зӕххыл (Матфейы 6:9–11).

Нойы бонты цы адӕм цард, мах хъуамӕ уыдоны хуызӕн ма уӕм. Уыдоны ӕппындӕр не ’вдӕлд, уымӕн ӕмӕ «хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты», ӕмӕ цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд. Цӕмӕ сӕ ’ркодта уый? «Доны хъаймӕт... райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр... фӕласта» (Матфейы 24:36–42). Апостол Петр ацы хабары кой ракодта, цӕмӕй нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, райсомы боныл ӕнӕмӕнгӕй кӕй хъӕуы хъуыды кӕнын, уый. Петр ныффыста: «Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ уӕ зӕрдыл даргӕйӕ!» (2 Петры 3:5–7, 11, 12).

Ӕмбырд кӕнут хӕзнатӕ уӕлӕрвты

Цӕй уӕдӕ Йегъовӕйы бон «нӕ зӕрдыл дарӕм». Уый тынг зындзӕн, нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ исбонӕй куыд пайда кӕнӕм, ууыл. Мулк ӕмбырд кӕныныл хъуамӕ афтӕ ма суӕм, ӕмӕ нын рӕстӕг мауал зайа, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг кӕны, уыдонӕн – фӕнды, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй фыдӕбон кӕнӕм, фӕнды, цӕмӕй ӕвӕлмӕцгӕ цард кӕнӕм, уый тыххӕй. Ӕрмӕст абоны бонӕй куы цӕрӕм, уӕд, чи зоны, ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уый нӕ къухы бафта. Фӕлӕ нын цыфӕнды куы бантыса, уӕддӕр уымӕн йӕ пайда цыбыр рӕстӕгмӕ йеддӕмӕ нӕ уыдзӕн. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй бирӕ хуыздӕр уаид, нӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты куы ӕмбырд кӕниккам (Матфейы 6:19, 20).

Афтӕ раст кӕй у, уый Йесо равдыста иу фӕсномыг ныхасӕй. Уый ракодта, фидӕны тыххӕй стыр пълӕнттӕ чи скодта, иу ахӕм лӕджы кой. Уыцы лӕг алцӕуылдӕр ахъуыды кодта, ӕрмӕст Хуыцауыл нӕ. Ӕрзади йӕм бирӕ хор. Лӕг сфӕнд кодта йӕ хордӕттӕ фехалын ӕмӕ стырдӕртӕ саразын, цӕмӕй йӕ уды дзӕбӕхӕн цардаид, хордтаид, нуӕзтаид ӕмӕ йӕ бонтӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстаид. Уым ӕвзӕрӕй цы уыдис? Ницы, фӕлӕ йӕ фыдӕбонӕй ницы федта, афтӕмӕй амард. Ӕмӕ ноджы ӕвзӕрдӕр та уый уыд, Хуыцауы кӕй нӕ базыдта. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон загъта: «Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (Лукайы 12:15–21; Ӕмбисӕндтӕ 19:21).

Куыд бакӕндзынӕ ды?

Йесо цы лӕджы кой кодта, уый рӕдыд ныл макуы ’рцӕуӕд! Базон, Хуыцаумӕ фидӕны тыххӕй цы фӕнд ис, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ араз дӕ цард. Хуыцау, цы аразынмӕ хъавы, уый адӕмӕй не ’мбӕхсы. Рагзаманты пехуымпар Амос фыста: «Дунескӕнӕг Хуыцау Йегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ лӕггадгӕнджытӕн, йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕна, уӕдмӕ» (Амос 3:7). Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты цы раргом кодта, уый дӕ бон у бакӕсын йӕ Ныхасы, Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, тагъд рӕстӕджы кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм диссаджы хабар, ӕмӕ зӕххыл алцыдӕр цӕхгӕр фӕивдзӕн. Йесо загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх» (Матфейы 24:21). Уый бауромын никӕй бон бауыдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ уыцы хабармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц зӕрдиагӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцау зӕххӕй фесафдзӕн ӕппӕт фыддзинад дӕр ӕмӕ скӕндзӕн «ног арв ӕмӕ ног зӕхх», ома уыдзӕн ног уӕларвон хицауад ӕмӕ уыдзӕн ног ӕхсӕнад, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмӕй. Уыцы ног дунейы Хуыцау «ныссӕрфдзӕн... [адӕмы] цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:1–4).

Уӕдӕ хорз нӕ уаид, рӕстӕг куы ссарис, ӕмӕ, Библи фидӕны хабӕртты тыххӕй цы дзуры, уый куы базонис? Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы исчи баххуыс кӕна, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн кӕнӕ ныффысс ацы журналы рауагъдадмӕ. Куыдфӕнды ма уа, ӕрмӕст абоны бонӕй ма цӕр, фӕлӕ хъуыды кӕн, цы диссаджы фидӕн дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.

[Нывтӕ 3 фарсыл]

«Мауал мӕт кӕнут... райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ»