Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ионафан. «Уый Хуыцауимӕ архайдта»

Ионафан. «Уый Хуыцауимӕ архайдта»

Ионафан. «Уый Хуыцауимӕ архайдта»

ИЗРАИЛЫ фыццаг паддзахы фырт бацыд лыгъд адӕймагмӕ. «Ма тӕрс,– дзуры лыгъд лӕгӕн,– мӕ фыд Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ. Ды суыдзынӕ Израилы паддзах, ӕз та уыдзынӕн дыккаг адӕймаг дӕ фӕстӕ» (1 Самуилы 23:17).

Лыгъд лӕг уыд Давид, цӕугӕ та йӕм бакодта Ионафан. Ионафан уыцы хабарӕй гыццыл фӕстӕдӕр куы нӕ амардаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр суыдаид Давиды рахиз къух.

Ионафан ӕмӕ Давид уыдысты диссаджы хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ Ионафан йӕхӕдӕг дӕр уыд диссаджы адӕймаг. Афтӕ хъуыды кодтой, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыдон дӕр. Дзырдтой: «Уый Хуыцауимӕ архайдта» (1 Самуилы 14:45). Цӕмӕ дзы дзырдтой афтӕ? Цавӕр адӕймаг уыд Ионафан? Ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

Израилӕгтӕ «уыдысты уӕззау уавӕры»

Библи Ионафаны кой фыццаг хатт кӕны, дзырд израилӕгты «уӕззау уавӕрыл» кӕм цӕуы, уым. Филистимӕгтӕ сын сӕ бӕстӕйы ницыуал ныууагътой ӕмӕ ма сӕхи бахъахъхъӕдтаиккой, уый фадат дӕр сын нал уыд (1 Самуилы 13:5, 6, 17–19).

Фӕлӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ адӕмы кӕй нӕ ныууадздзӕн, ӕмӕ Ионафан ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Йӕ фыд Саулӕй йын Хуыцау дзырдта: «Уый мын мӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн филистимӕгты къухӕй». Ионафаны уырныдта, уыцы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Израилӕгтӕм рӕстмӕ хӕцӕнгарз дӕр нӕ уыд, афтӕмӕй Ионафан иу хатт йӕхӕдӕг 1 000 ӕфсӕддонимӕ филистимӕгты ныппырх кодта. Ныр та йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕм ӕртхъирӕн кӕнын дӕр макуыуал бауӕндой (1 Самуилы 9:16; 12:22; 13:2, 3, 22).

Хъӕбатыр ми

Ионафан сфӕнд кодта филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къордмӕ бабырсын. Уыцы къорд уыди Михмасы ӕфцӕгмӕ хӕстӕг (1 Самуилы 13:23). Цӕмӕй сӕм уыцы хӕрды ссыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд «йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхты» ’ххуыс. Фӕлӕ уымӕй нӕ фӕтарст. Ионафан сӕм бабырсинаг уыд иунӕг адӕймагимӕ – йӕ хӕцӕнгарз ын чи хаста, уыимӕ, ӕмӕ йын загъта: «Чи зоны нын Йегъовӕ феххуыс кӕна, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн бирӕты кӕнӕ ӕрмӕст цалдӕры уылты фервӕзын кӕнын» (1 Самуилы 14:6, 13).

Ацы дыууӕ израилаг лӕджы фӕндыд, Йегъовӕ сын исты нысан куы радтаид. Ӕмӕ сфӕнд кодтой, хъахъхъӕнджытӕ сӕ куыд федтаиккой, ахӕм ран слӕууын. Филистимӕгтӕ афтӕ куы загътаиккой: «Уым лӕуут, цалынмӕ уӕм не ’рцӕуӕм, уӕдмӕ», уӕд сӕм Ионафан йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгимӕ не схызтаид. Фӕлӕ афтӕ куы загътаиккой: «Схиз нӕм», уӕд уый нысан кодтаид, Йегъовӕйы ’ххуысӕй Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг знӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз уыдаиккой. Уӕд сӕм Ионафан ссыдаид, цӕмӕй семӕ схӕцыдаид (1 Самуилы 14:8–10).

Дыууӕ адӕймагӕн ӕнӕхъӕн хъахъхъӕнджыты къордӕн сӕ бон бакӕнын цы уыд? Фӕлӕ исты Йегъовӕ тӕрхонгӕнӕг Аодӕн нӕ баххуыс кодта, израилӕгтимӕ моавитӕгты ныхмӕ куы рацыд, уӕд? Ӕмӕ цымӕ Хуыцау Самегаримӕ нӕ уыд, 600 филистимаджы галскъӕрӕн цыргъагӕй куы амардта, уӕд? Кӕнӕ Йегъовӕ Самсонӕн тых нӕ радта, иунӕгӕй филистимӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд? Ионафаны уырныдта, Хуыцау уымӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн (Тӕрхонгӕнджыты 3:12–31; 15:6–8, 15; 16:29, 30).

Филистимӕгтӕ дыууӕ израиладжы куы федтой, уӕд сӕм ныхъхъӕр кодтой: «Схизут нӕм, ӕмӕ уын мах фенын кӕндзыстӕм!». Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг схызтысты. Хъахъхъӕнджытыл сӕхи ныццавтой ӕмӕ дзы ссӕдз адӕймаджы бӕрц амардтой. Знаджы ӕфсӕддонты тас бацыд, ӕмӕ цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Ӕвӕццӕгӕн, филистимӕгтӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ уыцы дыууӕ израиладжы фӕстӕ ссӕуы ӕнӕхъӕн ӕфсад. Дарддӕр Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «хъахъхъӕнджыты къордӕй чи уыд, уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хъуын арц сбадт» ӕмӕ «зӕхх банкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр тасы бафтыдта». Хуыцау зӕхх кӕй банкъуысын кодта, уымӕ гӕсгӕ филистимӕгтӕ сӕмтъеры сты, ӕмӕ «алкӕй кард дӕр арӕзт уыд йӕ хионы ныхмӕ». Израилы ӕфсад уый куы федта, уӕд фӕныфсджын ис. Раздӕр ӕмбӕхсгӕ чи кодта, стӕй филистимӕгты фарс чи фӕци, уыдон дӕр ӕм ӕрбаиу сты, ӕмӕ иумӕ «филистимӕгты сырдтой ӕмӕ сӕ мардтой Михмасӕй Аиалоны онг» (1 Самуилы 14:11–23, 31).

Адӕм фервӕзын кодтой Ионафаны

Паддзах Саул дзӕбӕх нӕ ахъуыды кодта, афтӕмӕй адӕмы сомыйы дзырдӕй сбаста, зӕгъгӕ, цалынмӕ знаджы нӕ ныццӕгъдой, уӕдмӕ хъуамӕ хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуой. Ионафан уый нӕ зыдта, ӕмӕ йӕ фыды ныхасы сӕрты ахызт: йӕ лӕдзӕджы кӕронӕй хъӕддаг мыдӕй иугыццыл фелвӕста ӕмӕ йӕ ахордта. Ӕвӕццӕгӕн ӕм уый фӕрцы тых фӕзынд, цӕмӕй тох кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид (1 Самуилы 14:24–27).

Саул куы базыдта, ӕмӕ Ионафан бахордта, уӕд загъта, хъуамӕ амӕла, зӕгъгӕ. Ионафан мӕлӕтӕй нӕ фӕтарст. «Ӕз мӕнӕ дӕн! Уадз ӕмӕ амӕлон!» – загъта уый. «Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: „Куыд хъуамӕ амӕла Ионафан – Израилӕн ацы стыр ирвӕзындзинад чи ’рхаста, уый? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Удӕгас у Йегъовӕ, йӕ сӕрӕй иу хъуын дӕр не ’рхаудзӕн зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ абон уый Хуыцауимӕ архайдта“. Афтӕ адӕм фервӕзын кодтой Ионафаны, ӕмӕ Ионафан нӕ амард» (1 Самуилы 14:38–45).

Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хӕстыты нӕ хӕцынц, фӕлӕ, чи зоны, вӕййы ахӕм уавӕртӕ, ӕмӕ дӕу дӕр бахъӕуы фидар уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Дӕ алыварс адӕм иууылдӕр Хуыцауы закъӕттӕ куы ницӕмӕ дарой, уӕд алы хатт, раст куыд у, афтӕ кӕнын зын у. Фӕлӕ дын Йегъовӕ хъару дӕтдзӕн ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл куы архайай, уӕд. Чи зоны ма дӕ ныфс бахъӕуа, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийы дӕхимӕ исты хӕс райсай, зӕгъӕм, фылдӕр лӕггад кӕнын райдайай, дӕ бӕрны дын цы ног хӕстӕ кӕнынц, уыдоныл сразы уай кӕнӕ та, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ ацӕуай. Чи зоны дызӕрдыг кӕныс, дӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Фӕлӕ дӕ фидарӕй уырнӕд: кӕд дӕхи Йегъовӕйы къухмӕ дӕттыс, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ йын лӕггад кӕнай, уӕд кӕныс раст. Дӕ зӕрдыл дар Ионафаны – «уый Хуыцауимӕ архайдта»!

Ионафан ӕмӕ Давид

Уымӕй рацыд иу-ссӕдз азы, ӕмӕ Давид амардта, Израилы ӕфсадӕй чи хынджылӕг кодта, уыцы филистимаг хӕстон Голиафы. Кӕд Ионафан Давидӕй 30 азы бӕрц хистӕр уыд, уӕддӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты уыдысты ӕмхуызон *. Ионафан Михмасы цы хъӕбатырдзинад равдыста, ахӕм хъӕбатырдзинад уыд Давидмӕ дӕр. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Ионафанау Давид дӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ Давид уӕндонӕй рацыд Голиафы ныхмӕ, иннӕ израилӕгтӕ йӕм сӕ ныфс куы нӕ хастой, уӕд. Уӕд «Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн фӕадджын, ӕмӕ йӕ Ионафан йӕхи удау бауарзта» (1 Самуилы 17:1–18:4).

Давид афтӕ хъӕбатыр кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕм Саул знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдта. Фӕлӕ йӕм Ионафан ӕппындӕр нӕ хӕлӕг кодта. Уый тынг балымӕн Давидимӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иуахӕмы зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ куы ныхас кодтой, уӕд ын Давид радзырдта, Хуыцау ӕй Саулы бӕсты Израилы паддзахӕй кӕй равзӕрста. Ионафан аргъ кодта, Хуыцау цы аскъуыддзаг кодта, уымӕн.

Паддзах Саул йӕ фыртӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, Давиды амарынвӕнд кӕй скодта. Ионафан уый тыххӕй Давидмӕ фӕхабар кодта. Саулы та баууӕндын кодта, Давидӕй дзӕгъӕлы кӕй тӕрсы. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уый паддзахы ныхмӕ ӕппындӕр ницы тӕригъӕд ракодта! Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ цард тасы не ’ппӕрста? Ӕппындӕр ницы аххосджын уыди Давид. Ӕмӕ Ионафан йӕ хӕлары тыххӕй йӕ фыдӕн зӕрдиагӕй куы балӕгъстӕ кодта, уӕд уый дӕр ӕрсабыр. Фӕлӕ та гыццыл фӕстӕдӕр Саулы ногӕй бафӕндыди Давиды амарын. Уымӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ алыгъд (1 Самуилы 19:1–18).

Ионафан йӕ зӕрдӕ Давидыл не сивта. Дыууӕ хӕлары фембӕлдысты, цӕмӕй аныхас кодтаиккой, дарддӕр цы кӕндзысты, ууыл. Ионафан йӕ хӕларыл уыд иузӕрдион, фӕлӕ йӕ йӕ фыдыл дӕр йӕ зӕрдӕ сивын нӕ фӕндыд, ӕмӕ Давидӕн загъта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй! Ды нӕ амӕлдзынӕ». Фӕлӕ Давид Ионафанӕн афтӕ бакодта: «Мӕлӕтмӕ мӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ нӕ хъӕуы!» (1 Самуилы 20:1–3).

Ионафан ӕмӕ Давид ӕрхъуыды кодтой, Саул цы фӕнд кӕны, уый куыд ис базонӕн. Паддзах куы бафиппайа, Давид семӕ фынгыл кӕй нӕ бады, уӕд ын Ионафан зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, йӕхи акуырдта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ иумӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕсса. Саул куы рамӕсты уа, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Давиды хабар хорз кӕй нӕу. Ионафан йӕ хӕларӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йын загъта: «Йегъовӕ мӕ фыдимӕ куыд уыд, афтӕ уӕд демӕ дӕр!». Уымӕй Ионафан равдыста, Израилы фидӕны паддзахыл ӕй кӕй нымайы. Хӕлӕрттӕ ард бахордтой, сӕ кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты ӕмӕ баныхас кодтой, Ионафан Давидӕн хабар куыд фехъусын кӕндзӕн, ууыл (1 Самуилы 20:5–24).

Саул бафиппайдта, Давид фынджы уӕлхъус кӕй нӕй. Ионафан ын хабар бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Давид афтӕ загъта: «Кӕд мӕм хорз зӕрдӕ дарыс, уӕд мӕ сусӕгӕй ауадз, цӕмӕй ме ’фсымӕрты фенон». Ионафан, Давидмӕ хорз зӕрдӕ кӕй дардта, уый тыххӕй ӕргом зӕгъын нӕ тарст. Паддзах сызнӕт! Саул Ионафанӕн бафидис кодта ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, Давид паддзахы бынатмӕ хъавы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уымӕн, Ионафанӕн, тӕссаг у, паддзахы бынат ӕм кӕй нал ӕрхаудзӕн, уымӕй. Саул Ионафанӕй домдта, цӕмӕй йӕм Давиды ӕрбакодтаид, «уымӕн ӕмӕ уый хъуамӕ амӕла», зӕгъгӕ. Ионафан ӕй бафарста: «Цӕмӕн хъуамӕ амӕла? Цы ракодта ӕвзӕрӕй?» Йӕ фырмӕстӕй Саул йӕ фыртыл йӕ арц фехста. Ионафанӕн ницы уыди, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ Давидыл тынг рыст (1 Самуилы 20:25–34).

Куыд диссаджы иузӕрдион адӕймаг разынд Ионафан! Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, Давидимӕ кӕй балымӕн, уый йын зиан цы ’рхастаид, уымӕй дарддӕр ын пайда ницы уыд. Фӕлӕ Ионафан зыдта: Йегъовӕйы фӕнд уыд, цӕмӕй Саулы фӕстӕ паддзах суыдаид Давид, ӕмӕ уый та стыр арфӕдзинад ӕрхастаид куыд Ионафанӕн йӕхицӕн, афтӕ иннӕтӕн дӕр.

Хӕрзбоны цӕссыгтӕ

Ионафан сусӕгӕй фембӕлд Давидимӕ, цӕмӕй йын хабӕрттӕ фехъусын кодтаид. Бӕрӕг уыд, Давидӕн амӕй фӕстӕмӕ паддзахы кӕртмӕ бахизӕн дӕр кӕй нал ис. Дыууӕ хӕлары ныккуыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийыл ныттыхстысты. Уый фӕстӕ Давид ӕмбӕхсын райдыдта (1 Самуилы 20:35–42).

Ионафан ма Давиды федта ӕрмӕст иунӕг хатт, Давид Саулӕй «Хорешы, ӕдзӕрӕг быдыр Зифы» куы ’мбӕхст, уӕд. Растдӕр уӕд бафидар кодта Ионафан Давиды ахӕм ныхӕстӕй: «Ма тӕрс, мӕ фыд Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ. Ды суыдзынӕ Израилы паддзах, ӕз та уыдзынӕн дыккаг адӕймаг дӕ фӕстӕ. Ӕмӕ уый зоны мӕ фыд Саул дӕр» (1 Самуилы 23:15–18). Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Ионафан ӕмӕ Саул амардысты филистимӕгтимӕ хӕцгӕйӕ (1 Самуилы 31:1–4).

Хорз уаид, Хуыцауы чи уарзы, уыдонӕй алчидӕр Ионафаны цӕвиттоныл куы ахъуыды кӕнид. Мыййаг дӕ равзарын хъӕуы, иузӕрдион кӕуыл уыдзынӕ, уый? Уӕд ӕрхъуыды кӕн, Саул Ионафанӕн кӕй дзырдта, зӕгъгӕ, дӕхи мӕт кӕн. Фӕлӕ Ионафан аргъ кодта Йегъовӕйӕн, ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ коммӕ каст, кад ын кодта ӕмӕ цин кодта, Израилы иннӕ паддзах кӕй уыдзӕн Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг. О, Ионафан ӕххуыс кодта Давидӕн ӕмӕ иузӕрдион уыд Йегъовӕйыл.

Ионафан уыди диссаджы миниуджыты хицау. Кус ды дӕр уыцы миниуджытыл! Уӕд адӕм дӕуӕй дӕр зӕгъдзысты, Ионафанӕй куыд загътой, афтӕ: «Уый Хуыцауимӕ архайдта» (1 Самуилы 14:45).

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Библийы фыццаг хатт кӕм ис Ионафаны кой, зӕгъгӕ, уыд ӕфсады хистӕр, уым ыл цыди 20 азы бӕрц. Уый уыд, Саул паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы рӕстӕг – паддзахиуӕг та кодта 40 азы (Нымӕцтӕ 1:3; 1 Самуилы 13:2). Уӕдӕ н. э. агъоммӕ 1078 азы Ионафан куы амард, уӕд ыл цыди иу-60 азы. Уыцы рӕстӕг Давидыл та цыди 30 азы. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Ионафан Давидӕй 30 азы хистӕр кӕй уыд (1 Самуилы 31:2; 2 Самуилы 5:4).

[Ныв 21 фарсыл]

Ионафан Давидмӕ хӕлӕг нӕ кодта