Кусут, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн чи хъӕуы, ахӕм миниуджытыл
Кусут, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн чи хъӕуы, ахӕм миниуджытыл
«Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (МАТФЕЙЫ 28:19).
1. Рагзаманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты цавӕр миниуджытӕ хъуыд?
ЙЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджыты арӕх бахъӕуы бакусын, сӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн сын чи ӕххуыс кӕна, ахӕм миниуджытыл. Зӕгъӕм, Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ ныууагътой хъӕздыг горӕт Ур. Цӕмӕй сӕ бон цатырты цӕрын суыдаид, уый тыххӕй сӕ бахъуыд цавӕрдӕр миниуджытыл бакусын (Дзуттӕгтӕм 11:8, 9, 15). Йесо Навины хъуыд израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакӕнын. Уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уыдаид хъӕбатырдзинад, хъуамӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаид ӕмӕ Закъон зыдтаид (Йесо Навин 1:7–9). Веселеил ӕмӕ Аголиав, ӕвӕццӕгӕн, цавӕрдӕр куыстытӕм хорз арӕхстысты, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы ноджы дӕсныдӕр кӕй систы сӕ куысты. Уый руаджы сӕ бон уыд хӕсгӕ кувӕндоны цатыр аразыны хъуыддаджы архайын ӕмӕ дзы цы куыст цыд, уымӕн разамынд дӕттын (Рацыд 31:1–11).
2. Цавӕр фарстытыл дзурдзыстӕм?
2 Сӕдӕ азтӕ фӕстӕдӕр Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. [...] Амонут [сын], ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной» (Матфейы 28:19, 20). Адӕймагмӕ уый хуызӕн кад никуы ма ӕрхауд, цӕмӕй ахӕм стыр хъуыддаг араза. Цавӕр миниуджытӕ хъӕуы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн? Нӕ бон куыд у уыцы миниуджытыл кусын?
Хуыцауы зӕрдӕйӕ уарзут
3. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы кӕй архайӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?
3 Цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кӕнӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕ уарзӕм. Израилӕгтӕ Хуыцауы кӕй уарзтой, уый уымӕй ӕвдыстой, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм кӕй хъуыстой, йӕ зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм нывӕндтӕ йын кӕй хастой ӕмӕ йӕ кадӕн кӕй зарыдысты (Дыккаг закъон 10:12, 13; 30:19, 20; Псалом 21:13; 96:1, 2; 138:5). Мах дӕр ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы закъӕттӕ. Фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый ма ӕвдисӕм, иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндӕтты тыххӕй кӕй дзурӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уымӕй. Хъуамӕ дзурӕм фидарӕй ӕмӕ нӕ ныхӕстыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй бӕрӕг уа, Хуыцау нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, ууыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 1:5; 1 Петры 3:15).
4. Йесойӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын ӕхсызгон цӕмӕн уыд?
4 Йесо Чырысти Йегъовӕйы зӕрдӕйӕ кӕй уарзта, уый тыххӕй йын тынг ӕхсызгон уыд йӕ фӕндӕттӕ, йӕ Паддзахад ӕмӕ раст дины тыххӕй адӕмӕн дзурын (Лукайы 8:1; Иоанны 4:23, 24, 31). Йесо загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уый фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоанны 4:34). Йесомӕ хауынц псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ дӕр: «Ӕхсызгон мын у, мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы. Ӕз хъусын кӕнын хорз хабар рӕстдзинады тыххӕй стыр ӕмбырды. Ӕз хъусӕй нӕ лӕууын. О Йегъовӕ, уый ды дӕхӕдӕг зоныс» (Псалом 40:8, 9; Дзуттӕгтӕм 10:7–10).
5, 6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы сӕйраджыдӕр цӕмӕн архайӕм?
5 Ӕрӕджы рӕстдзинад чи базыдта, уыдон дӕр Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хатт афтӕ фидарӕй фӕдзурынц, ӕмӕ сӕ бацымыдис кӕнынц ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕнды Фыстад иртасын (Иоанны 1:41). Хуыцауы кӕй уарзӕм, сӕйраджыдӕр уымӕн архайӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ уарзт ма ӕрмынӕг уа, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас иудадзыг кӕсӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм (1 Тимофеймӕ 4:6, 15; Раргомад 2:4).
6 Йесо Чырысти Йегъовӕйы кӕй уарзта, адӕмы дӕр зӕрдиагӕй уымӕн ахуыр кодта. Фӕлӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уыд ӕнтыстджын Паддзахады хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Уӕдӕ ма цавӕр миниуӕджы фӕрцы уыд Йесо хорз ахуыргӕнӕг?
Адӕмыл тыхсут
7, 8. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта?
7 Йесо тыхстис адӕмыл ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ уыдис. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыд Хуыцауы «дӕсны кусӕг», ӕмӕ йӕ цин баст уыд адӕмимӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31). Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд дӕр адӕмӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн-иу сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта (Матфейы 11:28–30). Йесо дӕр уыд Йегъовӕйау уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Уымӕ гӕсгӕ-иу адӕмы бафӕндыд иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Бирӕ алыхуызон адӕм-иу хъуыстой Йесомӕ, уымӕн ӕмӕ уыдтой, кӕй сыл тыхстис ӕмӕ сын сӕ уавӕртӕ кӕй ӕмбӕрста (Лукайы 7:36–50; 18:15–17; 19:1–10).
8 Иухатт иу лӕг Йесойы куы бафарста, зӕгъгӕ мӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй мын ӕнусон цард уа, уӕд ӕм Йесо бакаст, ӕмӕ «йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын» (Марчы 10:17–21). Вифанийы йын цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыд, уыдоны тыххӕй та Библийы фыст ис: «Йесо тынг уарзта Марфӕйы, йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры» (Иоанны 11:1, 5). Йесо адӕмыл афтӕ тынг тыхстис, ӕмӕ сӕ цӕмӕй ахуыр кодтаид, уый тыххӕй-иу хатт улӕфгӕ дӕр нӕ бакодта (Марчы 6:30–34). Йесо ӕппӕты хуыздӕр ахуыргӕнӕг уымӕн сси, ӕмӕ адӕмыл уыдис зӕрдӕйӕ. Кӕй сыл тыхстис, уый фӕрцы бирӕты бафӕндыд ӕцӕг Хуыцауы базонын.
9. Цы зӕрдӕ дардта Павел адӕммӕ?
9 Апостол Павел дӕр тынг тыхстис, хорз хабар кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕмыл. Зӕгъӕм, Фессалоникты чырыстон дин чи райста, уыдонӕн загъта: «Афтӕ тынг уӕ уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауӕй хорз хабар фехъусын кодтаиккам, 1 Фессалоникӕгтӕм 1:9; 2:8). Кӕд мах дӕр Йесо ӕмӕ Павелау адӕмыл зӕрдӕйӕ тыхсӕм, уӕд, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», уыдон хорз хабармӕ куыд байхъусынц, уымӕ кӕсгӕйӕ мах дӕр цин кӕндзыстӕм (Хъуыддӕгтӕ 13:48).
фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын». Павел сӕ кӕй уарзта ӕмӕ сыл кӕй тыхст, уый фӕрцы Фессалоникты чидӕртӕ «сӕ мӕнгхуыцӕутты ныууагътой ӕмӕ удӕгас, ӕцӕг Хуыцаумӕ раздӕхтысты» (Удуӕлдай ут
10, 11. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн удуӕлдайдзинад цӕмӕн хъӕуы?
10 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы бирӕ ӕнтысы, удуӕлдай чи у, уыдонӕн. Сӕйраг хъуыддагыл хъӕздыгдзинад нӕ нымайынц. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын уыдзӕн, ӕхца кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын!» Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм уый тынг дис фӕкаст, фӕлӕ ма Йесо йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕ хъӕбултӕ, куыд зын у Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын! Хъӕздыгӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у» (Марчы 10:23–25). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй хуымӕтӕг цард кодтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕ тыхтӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ сарӕзтаиккой (Матфейы 6:22–24, 33). Куыд ӕххуыс кӕны удуӕлдайдзинад ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы?
11 Чырысти цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ адӕмӕн амонын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уый архайы, цӕмӕй, ӕцӕг Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыимӕ Библи ахуыр кӕна алы къуыри дӕр. Хорз хабар хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ куыст аивтой, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бон ма кусой, ӕмӕ сын фылдӕр рӕстӕг уа сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм агурынӕн. Мингай чырыстӕттӕ ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кодтой, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй сӕ бӕстӕйы чи цӕры, уыдонӕн. Иннӕтӕ та ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ ацыдысты ӕндӕр ранмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды «хуымы» фылдӕр бакусын (Матфейы 9:37, 38). Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты хъӕуы удуӕлдайдзинад. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕрмӕст уый фаг нӕу.
Ут фӕразон, фӕлӕ уӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы ма хардз кӕнут
12, 13. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕразондзинад ахсджиаг цӕмӕн у?
12 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн ма нӕ хъӕуы фӕразондзинад дӕр. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уыимӕ фӕстиат кӕнӕн нӕй. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кӕныныл арӕх ацӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы фӕразондзинад (1 Коринфӕгтӕм 7:29). Йесо фӕразон уыд йе ’фсымӕр Иаковимӕ. Иаков хорз зыдтаид, Йесо цы хабар хъусын кодта, уый, ӕмӕ уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинаг уайтагъд не сси (Иоанны 7:5). Фӕлӕ, Йесойы мӕлӕтӕй н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны онг чи рацыд, уыцы цыбыр рӕстӕгмӕ, ӕвӕццӕгӕн, сси Чырыстийы ахуыргӕнинаг – Фыстадмӕ гӕсгӕ ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн, ӕмӕ йӕ мад, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ апостолтӕ ӕмзӕрдӕйӕ куы куывтой, уӕд уый дӕр уыд семӕ (Хъуыддӕгтӕ 1:13, 14). Иаков сси фӕлтӕрд чырыстон, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр ӕмбырды йӕ бӕрны бакодтой стыр хӕстӕ (Хъуыддӕгтӕ 15:13; 1 Коринфӕгтӕм 15:7).
13 Зӕхкусджытау чырыстӕттӕ дӕр фӕфыдӕбон кӕнынц, арӕх афтӕ тагъд цы нӕ сырӕзы, ууыл – цӕмӕй ахуыргӕнинаг райдайа Хуыцауы Ныхас ӕмбарын, Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ Чырыстийы фӕзмын. Уымӕн хъӕуы фӕразондзинад. Иаков фыста: «Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ ут фӕразон. Зӕхкусӕг дӕр фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ Иаковы 5:7, 8). Иаков йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй фӕразон уой, цалынмӕ Хицау не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ-иу исты куы нӕ бамбӕрстой, уӕд-иу сын ӕй Йесо фӕразонӕй бамбарын кодта кӕнӕ-иу сын цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ’рхаста (Матфейы 13:10–23; Лукайы 19:11; 21:7; Хъуыддӕгтӕ 1:6–8). Афтӕ у абон дӕр, Йесо Паддзах куы у, уӕд: мах хъуамӕ фӕразон уӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ. Нӕ рӕстӕджы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ чи свӕййы, уыдоны ахуыр кӕнын хъӕуы фӕразонӕй (Иоанны 14:9).
тыллӕгмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ нӕ рацӕуынц, уӕдмӕ. Афтӕ сымах дӕр фӕразон ут, фидар кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззад» (14. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ рӕстӕгӕй раст куыд пайда кӕнӕм?
14 Цыфӕнды фӕразон ма уӕм, уӕддӕр, Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдайӕм, уыдон дзырд фехъусынц, фӕлӕ сӕ фылдӕр тыллӕг нӕ раттынц (Матфейы 13:18–23). Уымӕ гӕсгӕ, махӕй кӕнгӕ цы у, уый куы бакӕнӕм, уӕд хорз уаид, нӕ рӕстӕг уыдоныл куы нал хардз кӕниккам, фӕлӕ Библийы ӕцӕгдзинадӕн тынгдӕр чи саргъ кӕндзӕн, ахӕм адӕмы куы агуриккам (Екклесиаст 3:1, 6). Рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыцы адӕмӕн цӕмӕй сӕ зондахаст, сӕ зӕрдӕйы уаг ӕмӕ сӕ фӕндтӕ аивынӕн баххуыс кӕнӕм, уымӕн дӕр хатт, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гыццыл рӕстӕг нӕ бахъӕуы. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ зондахаст сраст кӕнын зын уыд. Фӕлӕ Йесо семӕ уыд фӕразон. Ӕмӕ мах дӕр архайӕм, цӕмӕй уыйау фӕразон уӕм (Марчы 9:33–37; 10:35–45).
Архайут, цӕмӕй адӕмы «арӕхстджынӕй ахуыр кӕнат»
15, 16. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ хуымӕтӕг ныхас кӕнын ӕмӕ хорз цӕттӕ кӕнын ахсджиаг цӕмӕн сты?
15 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы сӕйрагдӕр у Хуыцауы уарзын, адӕмыл тыхсын, стӕй удуӕлдайдзинад ӕмӕ фӕразондзинад. Хъӕуы ма нӕ кусын, цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ уӕм ӕмӕ нӕ бон алыхуызон фарстытӕ хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕнын уа. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырыстийы ныхӕсты уыд стыр тых, хуымӕтӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, ӕнцонтӕй ӕрхъуыды кӕнӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты». «Табуйаг цы у, уый куыйтӕн ма дӕттут». «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй». «Кесӕры цы у, уый кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матфейы 6:20; 7:6; 11:19; 22:21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕрмӕст цыбыр ныхӕстӕй нӕ дзырдта. Куы-иу хъуыди, уӕд-иу алыхуызон фарстытӕ лӕмбынӕг бамбарын кодта. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойау хорз арӕхсай адӕмы ахуыр кӕнынмӕ?
16 Цӕмӕй нӕ ныхас хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн уа, уый тыххӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у хорз цӕттӕ кӕнын. Хъусынгӕнӕг йӕхи куы нӕ бацӕттӕ кӕны, уӕд фӕдзуры ӕгӕр бирӕ. Дзырд цы фарстыл фӕцӕуы, уый фӕдыл цыдӕриддӕр зоны, уый фӕдзуры, ӕмӕ йын афтӕмӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, йӕ сӕйраг хъуыды ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна. Фӕлӕ йӕхи хорз чи бацӕттӕ кӕны, уыцы хъусынгӕнӕг ахъуыды кӕны, кӕй фӕахуыр кӕны, ууыл, ӕмӕ ӕрмӕгӕн йӕ сӕйраг хъуыдытыл, ӕмӕ хуымӕтӕг Ӕмбисӕндтӕ 15:28; 1 Коринфӕгтӕм 2:1, 2). Уый хъуыды кӕны, ахуыргӕнинаг цы зоны, ууыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ скъуыддзаг кӕны, цавӕр хъуыдытӕм ын хъӕуы ӕрдарын йӕ хъус. Хъусынгӕнӕг, гӕнӕн ис, уыцы фарсты фӕдыл бирӕ цыдӕртӕ зона. Фӕлӕ цӕмӕй ахуыргӕнинагӕн фарст хорз бамбарын кӕнай, уый тыххӕй, ӕнӕмӕнг цы нӕу, уыдӕттӕ дзурын нӕ хъӕуы.
ныхӕстӕй бамбарын кӕны, цы фӕхъӕуы, ӕрмӕст уый (17. Куыд у нӕ бон адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ахуыр кӕной Библийыл хъуыды кӕнын?
17 Йесо адӕмӕн алцыдӕр ӕнӕуи комкоммӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ ма сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъуыды кодтаиккой. Зӕгъӕм, иу хатт Симоны бафарста: «Куыд хъуыды кӕныс, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕ фырттӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?» (Матфейы 17:25). Чи зоны Библийы хабӕртты тыххӕй дзурын афтӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ нӕ хатт фӕхъӕуы нӕхиуыл фӕхӕцын, цӕмӕй ахуыргӕнинаг йӕ хъуыды зӕгъа кӕнӕ, дзырд цы фарстыл цӕуы, уымӕн йӕхӕдӕг дзуапп ратта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмы-иу хъуамӕ фарстыты бын ма фӕкӕнӕм. Уый бӕсты сын фӕлмӕнӕй, хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ фарстыты фӕрцы ӕххуыс кӕндзыстӕм, Библийӕ нӕ литературӕйы цы хъуыдытӕ ӕвзӕрст цӕуынц, уыдон ӕмбарынӕн.
18. Адӕмы арӕхстджынӕй ахуыр кӕнынмӕ цы хауы?
18 Библийы фыст ис, «арӕхстджынӕй ахуыр кӕн», зӕгъгӕ (2 Тимофеймӕ 4:2). Адӕмы ахуыр кӕнынмӕ арӕхсын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ ахуыргӕнинагӕн цыдӕр хабӕрттӕ бахъуыды кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Хъуамӕ йын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сахуыр уа ӕвзарын, цы у ӕцӕг ӕмӕ цы у мӕнг, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр, цы у зонд ӕмӕ цы у ӕнӕзонддзинад (Матфейы 6:5, 6). Афтӕ йӕ куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ ууыл куы архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕйӕ бауарза, уӕд, чи зоны, бамбара, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕй цӕмӕн хъӕуы, уый.
Зынгзӕрдӕйӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгты
19. Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
19 Чырыстон ӕмбырд у, ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, ахӕм организаци. Адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг куы свӕййы, уӕд ууыл, чи йӕ ссардта ӕмӕ йемӕ Библи чи ахуыр кодта, ӕрмӕст уый нӕ фӕцин кӕны. Зӕгъӕм, сывӕллон куы фӕдзӕгъӕл вӕййы, уӕд йӕ агурӕг ацӕуы бирӕ адӕм. Фӕлӕ йӕ чи фӕагуры, уыцы адӕмӕй йӕ, фылдӕр хатт, ӕрмӕст иу ссары. Сывӕллон йӕ ныййарджытӕм куы фӕхӕццӕ вӕййы, уӕд фӕцин кӕнынц, чи йӕ агуырдта, уыдон иууылдӕр (Лукайы 15:6, 7). Ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын дӕр у иумӕйаг хъуыддаг. Чырыстӕттӕ иууылдӕр агурынц, Йесойы ахуыргӕнинаг чи суыдзӕн, ахӕм адӕмы. Ӕмӕ ног адӕймаг Паддзахады залмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын куы райдайы, уӕд ын алы чырыстон дӕр феххуыс кӕны, цӕмӕй сахуыр уа аргъ кӕнын, ӕцӕг Хуыцауӕн кувынӕн ын фадат кӕй ис, уымӕн (1 Коринфӕгтӕм 14:24, 25). Уӕдӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у цин кӕнын, алы аз дӕр сӕдӕгай мин адӕймаджы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй свӕййынц, ууыл.
20. Кӕд дӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын фӕнды, уӕд дӕ цы кӕнын хъӕуы?
20 Иузӕрдион чырыстӕттӕй бирӕты фӕнды искӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй базона Йегъовӕйы ӕмӕ йын лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уый. Фӕлӕ кӕд тынг архайынц, уӕддӕр уый сӕ къухы не ’фты. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд архай, цӕмӕй Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзай, иннӕтыл тыхсай, удуӕлдай ӕмӕ фӕразон уай ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр дӕр та – Йегъовӕмӕ кув, иннӕтӕн дӕ ӕцӕгдзинад амонын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Екклесиаст 11:1). Дӕ зӕрдыл дар уый, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цыдӕриддӕр аразыс – алцы дӕр у ӕххуыс ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн,– Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыцы хъуыддагӕн.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, ууыл дзурӕг куыд у?
• Ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа?
• «Арӕхстджынӕй ахуыр кӕнынмӕ» цы хауы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 22 фарсыл]
Чырыстӕттӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц, уымӕй ӕвдисынц, Хуыцауы зӕрдӕйӕ кӕй уарзынц
[Ныв 23 фарсыл]
Ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уый иннӕтыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕна?
[Ныв 24 фарсыл]
Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн цавӕр миниуджытӕ хъӕуы?
[Ныв 25 фарсыл]
Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр цин кӕнынц, ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй фылдӕр кӕнынц, ууыл