Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд ис бабыхсӕн ӕнӕрастдзинадӕн

Куыд ис бабыхсӕн ӕнӕрастдзинадӕн

Куыд ис бабыхсӕн ӕнӕрастдзинадӕн

ЦЫМӔ ӕнӕрастдзинад чи нӕ бавзӕрста, иунӕг ахӕм адӕймаг дӕр ис? Ӕмӕ нӕм кӕд хатт ӕрмӕст кӕсгӕ афтӕ фӕкӕны, ницы аххосджын уыдыстӕм, афтӕмӕй нӕ кӕй бафхӕрдтой, уӕддӕр ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ тынг арӕх ӕвзарӕм.

Ӕнӕрастдзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ фӕриссы. Ахӕм рӕстӕг, гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕ дӕр адард уӕм. Чи зоны нӕ тынг фӕфӕнды исты хуызы хъуыддаг сраст кӕнын. Цӕмӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцаумӕ «нӕй ӕнӕрастдзинад», ӕмӕ мах дӕр скодта афтӕ, цӕмӕй хорз ӕмбарӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый (Дыккаг закъон 32:4; Райдиан 1:26). Фӕлӕ уӕддӕр арӕх сӕмбӕлӕм ӕнӕраст хъуыддӕгтыл. Иу зондджын лӕг загъта: «Ногӕй та ахъуыды кодтон, хуры бын цы ӕфхӕрд ис, ууыл, ӕмӕ мӕнӕ, ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, барӕвдауӕг та сӕ нӕ уыд. Бартӕ уыдысты се ’фхӕрджыты къухы, ӕмӕ сӕ барӕвдауӕг нӕ уыд» (Екклесиаст 4:1). Уӕдӕ куыд бабыхсӕм ӕнӕрастдзинадӕн?

Цы у ӕнӕрастдзинад?

Ӕнӕрастдзинад у рӕстдзинады уагӕвӕрдтӕ халын, ома искӕмӕ кӕнӕ истӕмӕ ӕнӕраст цӕстӕй кӕсын кӕнӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын. Адӕмӕн рӕстдзинады уагӕвӕрдтӕ чи ӕвӕры? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ рӕстаг ӕмӕ нӕ ӕнӕивгӕ Сфӕлдисӕг. Уымӕн ис, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый лыг кӕныны бар. Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «царды закъӕттӕм гӕсгӕ [чи] цӕуы», уый «ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ нӕ кӕны» (Иезекил 33:15). Хуыцау фыццаг адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ын радта ӕфсарм, ома мидхъӕлӕс. Уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кодтаид (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Уымӕй уӕлдай ма нын Йегъовӕ раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын кӕны йӕ Ныхасы, Библийы.

Куыд бакӕнӕм, афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ ницы аххосджын стӕм, афтӕмӕй нӕ ӕфхӕрынц? Хорз уаид, хъуыддагмӕ раст цӕстӕй куы бакӕсиккам. Ахъуыды-ма кӕнӕм, цы ’рцыд израилаг пехуымпар Ионӕйыл. Йегъовӕ йӕ арвыста, цӕмӕй Ниневийы цӕрджытӕн фехъусын кодтаид, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ Ионӕ Йегъовӕйы ныхас сӕххӕст кӕныны бӕсты ӕндӕр ранмӕ алыгъд. Уӕддӕр фӕстагмӕ Ниневимӕ ацыд ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕн фехъусын кодта, Йегъовӕ сын цы тӕрхон рахаста, уый. Ниневийӕгтӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ ныххатыр кодта ӕмӕ горӕт нӕ фесӕфта. Куыд фӕкаст уый Ионӕмӕ? «Ионӕйӕн уый уыд тынг хъыг ӕмӕ фырмӕстӕй рафыхт» (Ионӕ 4:1). Уымӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ Йегъовӕ раст нӕ бакодта.

Йегъовӕ уыны зӕрдӕтӕ ӕмӕ «уарзы рӕстдзинад». Уымӕ гӕсгӕ дзы афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ раст нӕ бакодта (Псалом 33:5). Ионӕ хъуамӕ бамбӕрстаид, Йегъовӕ цы уынаффӕ рахаста, уый ӕххӕст рӕстдзинадыл дзурӕг кӕй уыд. Уӕдӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ ницы аххосджын уыдыстӕм, афтӕмӕй нӕ бафхӕрдтой, уӕд нӕ бон у, ӕмӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Цымӕ Йегъовӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕны?»

Ӕнӕрастдзинад бавзӕрстой

Библийы ис, адӕмы-иу рӕстӕй куы бафхӕрдтой, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Сӕ зындзинӕдтӕн куыд быхстой, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм. Ӕркӕсӕм, Иосифыл цы ’рцыд, уымӕ. Йе ’фсымӕртӕ йӕ сӕ фырхӕлӕгӕй цагъарӕй Египетмӕ ауӕй кодтой. Уым ӕй йӕ хицауы ус рӕдийын кодта, фӕндыд ӕй, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Фӕлӕ йын куы нӕ сразы, уӕд ыл ӕрымысыд, тыхми бакӕнынмӕ мын хъавыди, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй Иосифы ахӕстоны сбадын кодтой. Фӕлӕ йӕ уырнындзинад, ахӕстоны йӕ цы ӕфсӕйнаг хъадаманты бакодтой, уыдонӕй фидардӕр разынд. Кӕд ӕй рӕстӕй бафхӕрдтой, уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта ӕмӕ йӕ ныфс раздӕрау Йегъовӕйыл дардта (Райдиан 37:18–28; 39:4–20; Псалом 105:17–19).

Рӕстӕй кӕй бафхӕрдтой, уыдонӕй ма иу уыд Навуфей. Уый бабын кодта, Израилы паддзах Ахавы ус Иезавелы мӕнгарддзинад. Паддзах бабӕллыд, Навуфейӕн йӕ фыдӕлтӕй чи баззад, уыцы зӕххытӕм – уыдысты тӕккӕ дӕр паддзахы галуаны раз. Израилӕгтӕн закъонмӕ гӕсгӕ сӕ фыдызӕххытӕ ӕнустӕм уӕй кӕныны бар нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Навуфей йӕ зӕхх паддзахӕн ауӕй кӕныныл не сразы (Левит 25:23). Уӕд Ахавы фыдсыл ус ссарын кодта мӕнгӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй загътаиккой, зӕгъгӕ, Навуфей ӕфхӕрдта Хуыцауы ӕмӕ паддзахы. Навуфейы ӕмӕ йӕ фыртты амардтой. Цымӕ цы хъуыды кодта Навуфей, йӕ марджытӕ дуртӕ сӕ къухмӕ куы систой, уӕд? (1 Паддзӕхты 21:1–14; 2 Паддзӕхты 9:26).

Фӕлӕ уӕддӕр Йесо Чырысти цы бавзӕрста, уый – ничи. Закъонмӕ гӕсгӕ бар нӕ уыд, афтӕмӕй йын тӕрхон скодтой, мӕнгӕвдисӕнтӕ бакодтой ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой. Тӕрхонгӕнӕджы бынаты цы ромаг хицау бадт, уый уыдта, Йесойы амарын раст кӕй нӕ уыд, уый. Фӕлӕ куыд хъуыды кодта, афтӕ бакӕнынӕн ӕм фаг ныфс нӕ разынд (Иоанны 18:38–40). О, Сайтан Йесо Чырыстийӕн цы ӕнӕраст митӕ бавзарын кодта, афтӕ никуы никӕмӕн!

Цымӕ ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы? Нӕ! Йегъовӕ адӕмӕй фылдӕр уыны (Исай 55:8, 9). Иосифы цагъарӕй кӕй ауӕй кодтой, уый фӕрцы йӕ бон бацис йӕ бинонты мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын, ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд. Уыцы рӕстӕг, Египеты цы хойраг уыд, уый иууылдӕр уыд йӕ къухы. Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддаг ӕрцӕуын куы нӕ бауагътаид, уӕд Иосиф ахӕстонмӕ нӕ бахаудаид. Растдӕр ахӕстоны райхӕлдта Иосиф дыууӕ ахст лӕджы фынтӕ. Фӕстӕдӕр дзы иу фараонӕн йӕ кой ракодта, ӕмӕ фараон Иосифы стыр бынаты сӕвӕрдта – хойраджы хабӕрттӕ йын иууылдӕр йӕ бӕрны бакодта (Райдиан 40:1; 41:9–14; 45:4–8).

Цы зӕгъӕн ис Навуфейӕ та? Цы ’рцыд, уымӕ-ма Йегъовӕйы цӕстӕй бакӕсӕм. Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд Навуфейы амардтой, уӕддӕр Йегъовӕйӕн уыд удӕгас (1 Паддзӕхты 21:19; Лукайы 20:37, 38). Навуфейы хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ йӕ Йегъовӕ райгас кӕна, уӕдмӕ. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг куыд атӕхдзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы зонынц (Екклесиаст 9:5). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ Навуфейы туг райста – Ахавы ӕмӕ йын йӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр скуынӕг кодта (2 Паддзӕхты 9:21, 24, 26, 35, 36; 10:1–11; Иоанны 5:28, 29).

Йесо дӕр амард. Фӕлӕ йӕ Хуыцау райгас кодта ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта, «цыдӕриддӕр хицауад, хицаудзинад, барджынтӕ, сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ ном ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр» (Ефесӕгтӕм 1:20, 21). Сайтан Йесо Чырыстийӕн цы ӕнӕраст митӕ бакодта, уыдон Йегъовӕйы нӕ бахъыгдардтой, цӕмӕй йӕ Фырты стыр хорзӕхтӕй схайджын кодтаид. Йесойы ӕнаххосӕй куы ’рцахстой, уӕд ӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ уыцы тӕккӕ дӕр кӕй суӕгъд кодтаид, йӕ фӕндон куы уыдаид, уӕд. Фӕлӕ ма Чырысти зыдта уый дӕр, Йегъовӕйӕн алцӕмӕндӕр йӕхи рӕстӕг кӕй ис – рӕстӕг Фыстад сӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ рӕстӕг рӕстдзинад ӕрфидар кӕнынӕн.

Сайтан ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдон рӕстаг адӕмы ӕнаххосӕй хъизӕмар кӕнын кодтой. Фӕлӕ-иу уӕддӕр Йегъовӕ хъуыддӕгтӕм ӕркаст, ӕмӕ-иу рӕстгӕнӕг дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕг дӕр, цы сын ӕмбӕлд, уый райстой, йе та райсдзысты фидӕны. Уӕдӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын йӕ бон кӕмӕн у, уымӕ – Хуыцаумӕ (Дыккаг закъон 25:16; Ромӕгтӕм 12:17–19).

Йегъовӕ ӕнӕрастдзинад цӕмӕн уадзы

Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддаг ӕрцӕуын кӕй бауадзы, уый дзӕгъӕлы нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, аххосджын куы нӕ вӕййӕм, афтӕмӕй нӕ куы фефхӕрынц, уӕд уый фӕрцы фӕкусӕм чырыстон миниуджытыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау фыддзинадӕй никӕй фӕлвары (Иаковы 1:13). Фӕлӕ уӕддӕр, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ӕрцӕуой, уый бауадзы. Ӕцӕг, ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Гыццыл рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ бавзардзыстут, фӕлӕ уӕ стӕй Хуыцау,– йе стыр хорзӕхӕй рӕдауӕй чи хай кӕны... уый,– кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Петры 5:10).

Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ ӕнӕрастдзинадӕн кӕй быхсы, уый фӕрцы фыдгӕнджытӕн ис рӕстӕг сӕ митыл ӕрфӕсмон кӕнынӕн. Йесойы мӕлӕтыл цалдӕр къуыри йеддӕмӕ куы нӕма рацыд, уӕд, Петр цы дзырдта, уый иудейтӕй иуӕй-иуты «зӕрдӕты ахызт». Хуыцауы ныхас зӕрдӕйӕ айстой ӕмӕ донаргъуыд райстой (Хъуыддӕгтӕ 2:36–42).

Ӕнӕраст митӕ чи кӕны, уыдон иууылдӕр кӕй не ’рфӕсмон кӕндзысты, ууыл дзырд дӕр нӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы чидӕртӕ суой ноджы ӕгъатырдӕр ӕмӕ ӕбуалгъ митӕ кӕной. Фӕлӕ Ӕмбисӕндты 29:1 фыст ис: «Бирӕ хӕттыты кӕмӕн амыдтой зонд ӕмӕ уӕддӕр хивӕнд митӕ чи кӕны, уый ӕвиппайды ӕрхаудзӕн – нал сдзӕбӕх уыдзӕн». Йегъовӕ фесафдзӕн, йе ’взӕр митӕ чи нӕ уадзы, уыдоны (Екклесиаст 8:11–13).

Ӕнӕрастдзинады аххосӕй цы бавзӕрстам, уымӕй фервӕзынӕн нӕ цасфӕнды рӕстӕг ма бахъӕуа, уӕддӕр хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй зоны, куыд нын баххуыс кӕна, уый. Ацы фыддунейы цы бӕллӕхтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарӕм, уыдонӕн иууылдӕр Йегъовӕ кӕрон скӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай нын зӕрдӕ бавӕрдта, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы ног дунейы (2 Петры 3:13).

[Ныв 16, 17 фарсыл]

Цымӕ цы хъуыды кодта Навуфей, ахӕм ӕнӕраст ми йын куы бакодтой, уӕд?