Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Наум, Аввакум ӕмӕ Софонийы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Наум, Аввакум ӕмӕ Софонийы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

АССИРИ, уыцы рӕстӕджы ӕппӕты тыхджындӕр паддзахад, басаста дӕсмыггаг паддзахад Израилы сӕйраг горӕт Самари. Фӕлӕ ма рагӕй хъавыд Иудӕйы басӕттын дӕр. Наумӕн, Иудӕйы цы пехуымпар уыд, уымӕн, Хуыцау фехъусын кодта, Ассирийы сӕйраг горӕт Ниневимӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Уыцы хабар нӕ бон у бакӕсын Наумы чиныджы, ныффыста йӕ н. э. агъоммӕ 632 азы размӕ.

Уый фӕстӕ дунейы ӕппӕты тыхджындӕр паддзахад сси Вавилони. Йӕ сӕргъы-иу арӕх уыдысты халдейаг паддзӕхтӕ. Аввакумы чиныджы (фыст фӕци, ӕвӕццӕгӕн, н. э. агъоммӕ 628 азы) рагацау фыст ӕрцыд, Йегъовӕ йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынӕн уыцы паддзахадӕй куыд спайда кӕндзӕн ӕмӕ ӕппынфӕстаг Вавилоныл цы ’рцӕудзӕн.

Софони Иудӕйы пехуымпарӕй лӕггад кодта Наум ӕмӕ Аввакумы размӕ. Уый пехуымпар уыд 40 азы дӕргъы, н. э. агъоммӕ 607 азы знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уый размӕ. Софони хъусын кодта, Иудӕмӕ цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йын Хуыцау ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй. Софонийы чиныджы ма фыст сты, Хуыцау ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон дӕр.

«ДОДОЙ ЙӔ КЪОНА ТУГЗӔЙТЫ ГОРӔТӔН»

(Наум 1:1–3:19)

«Тӕрхон Ниневийӕн» рахаста Йегъовӕ Хуыцау. Уый «тагъд нӕ кӕны, йӕ тых у стыр». Йӕ ныфс ыл чи дары, уыдонӕн Йегъовӕ у «фидар мӕсыг фыдохы бон». Ниневи та пырхгонд ӕрцӕудзӕн (Наум 1:1, 3, 7).

«Йегъовӕ Иаковы [фӕстӕмӕ] скадджын кӕндзӕн». Фӕлӕ Ассири, «домбай йӕ амӕттаджы куыд скъуыдтӕ кӕна», афтӕ иу ран нӕ уагъта Хуыцауы адӕмы. Йегъовӕ «фӕздӕгкалгӕ арты басудздзӕн [Ниневийы] хӕстон уӕрдӕттӕ. Ӕмӕ [йын] кард бахӕрдзӕн йе ’взонг домбӕйтты» (Наум 2:2, 12, 13). «Додой йӕ къона тугзӕйты горӕтӕн» – Ниневийӕн. «[Йӕ] хабар ын чи фехъуса, уыдон иууылдӕр ӕмдзӕгъд кӕндзысты» ӕмӕ цин кӕндзысты (Наум 3:1, 19).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:9 – Хуыцау Ниневийӕн «йӕ мыггаг сыскъуындзӕн», зӕгъгӕ, уый Иудӕйӕн цӕуыл дзурӕг уыдзӕн? Уый йын ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Ассирийӕ бынтондӕр кӕй сулӕфдзӕн; «бӕллӕх [ыл] дыккаг хатт нал ӕрцӕудзӕн». Цыма Ниневи ныридӕгӕн нал ис, уыйау Наум дзуры: «Уӕртӕ-ма! Хохыл фидиуӕг йӕ къах ӕрӕвӕрдта, уый хӕссы хорз хабар, хъусын кӕны фарны хабар. Иудӕ, дӕ бӕрӕгбӕттӕ кӕн» (Наум 1:15).

2:6 – «Цӕугӕдӕтты кулдуӕрттӕ» цы сты ӕмӕ куыд байгом сты? Уыцы кулдуӕрттӕ систы, Тигры цӕугӕдон Ниневийы къултӕй цы хай батыдта, уый. Н. э. агъоммӕ 632 азы Вавилони ӕмӕ Мидийы ӕфсӕдтӕ Ниневийы ныхмӕ рацыдысты. Фӕлӕ сӕ уый нӕ фӕтарст. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ йӕ бӕрзонд къултӕ хъахъхъӕндзысты ӕмӕ йӕ ничи басӕтдзӕн. Фӕлӕ тыхджын къӕвдатӕй Тигр раивылд. Историк Диодоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, «горӕты иу хай доны бын фӕцис, йӕ къултӕ та ныппырх сты». Уӕдӕ Наум куыд загъта, афтӕмӕй цӕугӕдоны кулдуӕрттӕ байгом сты ӕмӕ, арт хус хъӕмп цӕстыфӕныкъуылдмӕ куыд аныхъуыры, афтӕ Ниневи цыбыр рӕстӕгмӕ знаджы амӕттаг баци (Наум 1:8–10).

3:4 – Ниневи хӕтаг сылгоймаджы хуызӕн куыд уыд? Ниневи иннӕ адӕмтӕн зӕрдӕ ӕвӕрдта, сӕ хӕлар кӕй уыдзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ сӕ йӕхӕдӕг та йӕ къӕхты бын ссӕста. Зӕгъӕм, Сири ӕмӕ Израил Иудӕйы паддзах Ахазы ныхмӕ рацӕуынвӕнд куы скодтой, уӕд ын Ассири аххуыс кодта. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг «Ассирийы паддзах рацыд [Ахазы] ныхмӕ ӕмӕ йӕ хъыгдарын райдыдта» (2 Азфыст 28:20).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:2–6. Йегъовӕ йе знӕгтӕй, Дунедарӕгыл ӕй чи нӕ нымайы ӕмӕ йыл иузӕрдион чи нӕу, уыдонӕй исы йӕ маст. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион (Рацыд 20:5).

1:10. Ниневийы фидар къултӕн йӕ сӕдӕгай мӕсгуытимӕ сӕ бон нӕ бацис, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхас баурӕдтаиккой, ӕмӕ горӕтӕн цы тӕрхон рахаста, уый ма сӕххӕст уыдаид. Абон дӕр Йегъовӕйы адӕмы знӕгтӕ цыфӕнды ма кӕной, уӕддӕр йӕ фыдтӕрхонӕй нӕ аирвӕздзысты (Ӕмбисӕндтӕ 2:22; Данел 2:44).

«РӔСТГӔНӔГ... ЙӔ ИУЗӔРДИОНДЗИНАДЫ РУАДЖЫ БАЗЗАЙДЗӔН УДӔГАСӔЙ»

(Аввакум 1:1–3:19)

Аввакумы чиныджы фыццаг дыууӕ сӕры кӕсӕм, пехуымпар ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау куыд ныхас кӕнынц. Аввакумы тынг тыхсын кӕны, Иудӕйы цытӕ цӕуы, уый ӕмӕ Хуыцауы фӕрсы: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс ацы фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕллӕхтӕм цӕмӕн кӕсыс?» Йегъовӕ йын дзуапп дӕтты: «Ӕз сыстын кӕндзынӕн халдейты, ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг адӕмы». Пехуымпармӕ дис кӕсы, Хуыцау Иудӕйы бафхӕрынӕн, «сайдӕй [чи] цӕуы», уыдонӕй спайда кӕнынмӕ кӕй хъавы, уый (Аввакум 1:3, 6, 13). Аввакум фидарӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, рӕстгӕнӕг йӕ иузӕрдиондзинады руаджы удӕгасӕй баззайдзӕн, знаг та ӕнӕмӕнгӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн. Уымӕй уӕлдай Аввакум дзуры, халдейтӕ фондз хатты додойаг кӕй фӕуыдзысты (Аввакум 2:4).

Аввакум кувы ӕмӕ «хъарӕг кӕны». Йӕ хъарӕджы дзуры, Йегъовӕ рагзаманты йе стыр хъару куыд ӕвдыста, зӕгъӕм, Сырх денджызы раз, ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ Иерихон куы ныппырх кодта, уӕд. Пехуымпар ма дзуры, Йегъовӕ тынг мӕстыйӕ кӕй рацӕудзӕн ӕмӕ йе знӕгты кӕй фесафдзӕн. Уый уыдзӕн Армагеддоны хӕсты. Аввакум фӕстагмӕ загъта: «Дунескӕнӕг Хуыцау Йегъовӕ у ме стыр тых, мӕ къӕхтӕ мын фестын кӕндзӕн саджы къӕхты хуызӕн, ӕмӕ мӕ схизын кӕндзӕн бӕрзӕндтӕм» (Аввакум 3:1, 19).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:5, 6 – Иудӕйы цӕрджыты цӕуылнӕ уырныдта, ӕмӕ халдейтӕ Иерусалиммӕ бабырсдзысты? Аввакум пехуымпариуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд Иудӕйыл тынг цыди Египеты бар (2 Паддзӕхты 23:29, 30, 34). Кӕд вавилойнӕгтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕнын райдыдтой, уӕддӕр се ’фсадӕн йӕ бон нӕма бацис фараон Нехойы басӕттын (Йереми 46:2). Уымӕй уӕлдай Йегъовӕйы кувӕндон уыд Иерусалимы ӕмӕ дзы паддзӕхтӕ чи уыд, уыдон иууылдӕр уыдысты паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй. Уӕды рӕстӕджы цы иудейӕгтӕ цард, уыдоны нӕ уырныдта, Хуыцау кӕй бауадздзӕн, цӕмӕй халдейтӕ Иерусалим ныппырх кӕной. Кӕд Аввакумы ныхӕстыл не ’ууӕндыдысты, уӕддӕр, вавилойнӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты, уый тыххӕй пехуымпар цы цӕстылуайӕн федта, уый сӕххӕст н. э. агъоммӕ 607 азы (Аввакум 2:3).

2:5 – Чи у ацы «адӕймаг» ӕмӕ йӕ «фӕнд йӕ къухы» цӕуылнӕ бафтдзӕн? Фӕсномыгӕй уыцы адӕймаг амыдта вавилойнӕгтӕм – хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ бирӕ адӕмтӕ йӕ дӕлбар кӕмӕн баисты, уыдонмӕ. Арӕх-иу кӕй фӕуӕлахиз сты, уый сын сӕ сӕр, расыг лӕджы сӕр куыд фӕзилы, афтӕ разилын кодта. Фӕлӕ вавилойнӕгтӕ ӕппӕт адӕмы не ’рӕмбырд кодтой сӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ мидиӕгты ӕмӕ персӕгты къухӕй бабын кодта. Абон уыцы «адӕймаг» амоны хицауӕдтӕм. Уыдонӕн дӕр сӕ сӕр зилын кӕны сӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ, сӕхицӕй ныфсджын кӕй сты, уый. Ӕмӕ стӕй сты ӕнӕфсис ӕмӕ алырдӕмты лӕбурынц. Фӕлӕ сӕ фӕнд – «ӕппӕт адӕмты йӕхимӕ ӕрӕмбырд кӕнын» – сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн бантысдзӕн адӕмы баиу кӕнын (Матфейы 6:9, 10).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:1–4; 1:⁠12–​2:1. Аввакум ӕргом фарста Йегъовӕйы ӕмӕ йын уый дзуапп лӕвӕрдта. Ӕцӕг Хуыцау хъусы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм.

2:1. Аввакумау мах дӕр хъуамӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн. Хъуамӕ ма цӕттӕ уӕм нӕ зондахаст ивынмӕ дӕр, нӕ рӕдыдтытӕм нын куы бацамоной, уӕд.

2:3; 3:16. Йегъовӕйы бонмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ рох ма кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый.

2:4. Цӕмӕй Йегъовӕйы тӕрхоны бон фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фидар ӕмӕ иузӕрдион (Дзуттӕгтӕм 10:36–38).

2:6, 7, 9, 12, 15, 19. Додой йӕ сӕр, сайдӕй ӕмӕ давдӕй йӕхи чи хъӕздыг кӕны, тыхми чи уарзы, хӕлд митӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уымӕн. Мах хъуамӕ ахӕм миниуджытӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм.

2:11. Ацы дунейы фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕргом куы нӕ дзурӕм, уӕд «къулы дур дӕр уынгӕг хъӕлӕсӕй дзурдзӕн». Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм Паддзахады хабар!

3:6. Йегъовӕ йӕ тӕрхон куы ’ххӕст кӕна, уӕд ӕй ницы бауромдзӕн, суанг ма, бирӕтӕм ӕнусон хӕхты ӕмӕ къуыбырты хуызӕн чи кӕсы, уыцы организацитӕ дӕр.

3:13. Мах ӕй хорз зонӕм, Армагеддоны ӕнаххосӕй кӕй ничи фесӕфдзӕн. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕндзӕн.

3:17–​19. Кӕд Армагеддоны размӕ дӕр ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уӕддӕр ӕй мах зонӕм, Йегъовӕ нын кӕй ратдзӕн «хъару», цӕмӕй йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм.

«ЙЕГЪОВӔЙЫ БОН ХӔСТӔГ У»

(Софони 1:1–3:20)

Иудӕйы цӕрджытӕ кувынц Ваалӕн. Йегъовӕ йӕ пехуымпар Софонийы уылты дзуры: «Мӕ къух сисдзынӕн Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр». Софони фӕдзӕхсы: «Йегъовӕйы бон хӕстӕг у» (Софони 1:4, 7, 14). Уыцы бон бӕллӕхӕй «ӕмбӕхст ӕрцӕудзысты», Хуыцауы закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдон (Софони 2:3).

«Додой йӕ къона... ӕфхӕрӕг горӕтӕн» – Иерусалимӕн! «Ӕнхъӕлмӕ мӕм кӕсут,– дзуры Йегъовӕ,– уыцы бонмӕ, цалынмӕ амӕттаджы фӕдыл нӕ ацӕуон. Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕнд у адӕмты ӕрӕмбырд кӕнын... цӕмӕй сыл мӕ фыдӕх ныккалон». Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры: «Дӕ уацайрӕгты дын фӕстӕмӕ мӕ размӕ куы ӕркӕнон, уӕд ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмты ’хсӕн дӕр суыдзыстут кадджын ӕмӕ номдзыд адӕм» (Софони 3:1, 8, 20).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

2:13, 14 – Ниневийы цӕрӕг куы нал баззайа, уӕд дзы кӕй зарын хъуысдзӕн? Ниневи суыдзӕн хъӕддаг сырдты ӕмӕ мӕргъты цӕрӕн бынат. Уымӕ гӕсгӕ уый уыдзӕн мӕргъты зард ӕмӕ, чи зоны, дымгӕйы къуыззитт ӕдзӕрӕг хӕдзӕртты рудзгуыты.

3:9 – Цы нысан кӕны «сыгъдӕг ӕвзаг» ӕмӕ йыл куыд ис дзурӕн? Уый у, Хуыцау нын йӕ Ныхасы цы ӕцӕгдзинад ӕргом кӕны, уый. Уымӕ хауынц Библийы ахуырӕдтӕ иууылдӕр. Кӕд нӕ уыцы ӕцӕгдзинад уырны, иннӕтӕн ӕй раст амонӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд мах уыцы ӕвзагыл дзурӕм.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:8. Софонийы рӕстӕджы иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, цыдысты, сӕ алыварс чи цард, уыцы «ӕцӕгӕлон адӕмы дарӕсы», уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд уыдоны зӕрдӕ ссарын. Куыд ӕнӕзонд ми уаид, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр абоны дуне афтӕ куы фӕзмиккой!

1:12; 3:5, 16. Йегъовӕ йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй йын йӕ тӕрхӕттӕ йӕ адӕмӕн хъусын кодтаиккой. Фӕдзӕхста сӕ, кӕд иудейӕгтӕй бирӕтӕ сӕны бынты хуызӕн уыдысты, уӕддӕр – сӕ царды кой кодтой ӕмӕ сӕм Хуыцауы хабар нымады дӕр нӕ уыд. Йегъовӕйы бон хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ, адӕм уазалзӕрдӕ кӕй сты, уый тыххӕй хъуамӕ «нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм», фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады хабар.

2:3. Ӕрмӕстдӕр нӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕндзӕн йӕ масты бон. Цӕмӕй йын йӕ хорзӕхӕй алкӕддӕр хайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «агурӕм Йегъовӕйы», ома йын йӕ Ныхас Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, разамынд дзы курӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Мах хъуамӕ «тырнӕм рӕстдзинадмӕ», ома хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Стӕй ма нӕ хъӕуы «тырнын сӕрныллӕгдзинадмӕ» – архайӕм, цӕмӕй уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс.

2:4–15; 3:1–5. Йегъовӕйы тӕрхоны бон куы ’рцӕуа, уӕд, чырыстон динтыл ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытыл – йӕ адӕмы йын чи ӕфхӕрдта, уыдоныл – акӕндзӕн, рагон Иерусалимыл ӕмӕ йӕ алыварс цы адӕм цард, уыдоныл цы бон акодта, ахӕм бон (Раргомад 16:14, 16; 18:4–8). Мах хъуамӕ дарддӕр дӕр уӕндонӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы тӕрхӕттӕ.

3:8, 9. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Йегъовӕйы бонмӕ ӕмӕ нӕхи цӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй фервӕзӕм. Уый тыххӕй ахуыр кӕнӕм «сыгъдӕг ӕвзагыл» дзурын. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауӕн нӕхи снывонд кодтам ӕмӕ йӕм йӕ номӕй кувӕм. Стӕй ма Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын «кады нывонд» хӕссӕм (Дзуттӕгтӕм 13:15).

«Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны»

Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Иу чысыл ма, ӕмӕ ӕнӕраст нал уыдзӕн; бакӕсдзынӕ йын йӕ бынатмӕ, ӕмӕ уый нал ис» (Псалом 37:10). Наумы чиныджы Ниневийы тыххӕй цы фыст ис, Аввакумы чиныджы та Вавилон ӕмӕ мӕнгард Иудӕйы тыххӕй, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ ма цас хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

«Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у,– фыст ис Софонийы 1:14.– Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны». Софонийы чиныг ма нын ӕвдисы, куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй уыцы бон «ӕмбӕхст ӕрцӕуӕм», стӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй йӕм нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ фервӕзӕм. Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Ниневийӕн йӕ фидар къултӕ нӕ баххуыс кодтой – пехуымпар Наумы ныхӕстӕ сӕххӕст сты

[Барлӕвӕрдӕй]

Randy Olson/​National Geographic Image Collection