Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аккаг сты, цӕмӕй Паддзахад райсой

Аккаг сты, цӕмӕй Паддзахад райсой

Аккаг сты, цӕмӕй Паддзахад райсой

«Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцау раст тӕрхон кӕй кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы нымад ӕрцӕудзыстут Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл» (2 ФЕС. 1:5).

1, 2. Хуыцау кӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн ӕмӕ уыцы тӕрхон чи ӕххӕст кӕндзӕн?

НӔ ЭРӔЙЫ 50-ӕм азы апостол Павел уыд Афинты. Горӕты цас мӕнгхуыцӕуттӕ уыди, уый фенгӕйӕ Павелӕн ссыгъд йӕ зӕрдӕйы зынг, ӕмӕ сфӕнд кодта адӕмы раз ныхасы рацӕуын. Йӕ диссаджы раныхасы кӕрон цы загъта, уый ӕнӕмӕнг бацагайдтаид, чи йӕм хъуыста, уыдоны зӕрдӕтӕ. Павел загъта: «Ныр Хуыцау... ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной. Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон. Ӕмӕ уыцы лӕджы кӕй равзӕрста, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй» (Ап. хъ. 17:30, 31).

2 Хуыцау тӕрхоны бон кӕй снысан кодта, уымӕ хъус ӕрдарын ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы. Уыцы бон тӕрхон чи ӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн Павел йӕ раныхасы йӕ ном нӕ загъта, фӕлӕ йӕ мах зонӕм, уый кӕй у Йесо Чырысти. Ӕмӕ уыцы тӕрхон адӕймагӕн ӕрхӕсдзӕн кӕнӕ цард, кӕнӕ мӕлӕт.

3. Йегъовӕ Авраамимӕ бадзырд цӕмӕн скодта ӕмӕ уыцы бадзырды нысан чи сӕххӕст кӕндзӕн?

3 Уыцы Тӕрхоны бон ахӕсдзӕн иу мин азы. Тӕрхон уыдзӕн Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесойы къухы ӕмӕ уый архайдзӕн Йегъовӕйы номӕй. Фӕлӕ иунӕгӕй нӕ тӕрхон кӕндзӕн. Йегъовӕ адӕмӕй равзӕрста, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн ӕмӕ мин азы дӕргъы йемӕ чи тӕрхон кӕндзӕн, уыдоны. (Абар Лукайы 22:29, 30.) Тӕрхоны бонӕн Йегъовӕ бындур ӕрӕвӕрдта цыппар мин азы размӕ, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамимӕ бадзырд куы скодта, уӕд. (Бакӕс Райдиан 22:17, 18.) Уыцы бадзырд йӕ тыхы бацыд нӕ эрӕйы размӕ 1943 азы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Авраам кӕронмӕ не ’мбӕрста, уыцы бадзырд ӕппӕт адӕммӕ дӕр куыд хауы, уый. Фӕлӕ йӕ абон мах ӕмбарӕм, уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ, Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр Авраамы байзӕддаджы уылты кӕй тӕрхон кӕндзӕн.

4, 5. а) Авраамы байзӕддаг сӕйраджыдӕр чи у ӕмӕ Паддзахады тыххӕй цы загъта? ӕ) Адӕмӕн уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат кӕд фӕзынд?

4 Авраамы байзӕддаг сӕйраджыдӕр Йесо кӕй у, уый рабӕрӕг нӕ эрӕйы 29 азы. Уӕд Хуыцау Йесойы йӕ сыгъдӕг удӕй байсӕрста ӕмӕ сси Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти (Гал. 3:16). Уый фӕстӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг дзуттӕгтӕн хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Аргъауӕг Иоанны куы ’рцахстой, уый фӕстӕ Йесо бамбарын кодта, иннӕтӕн дӕр кӕй ис уый фадат, цӕмӕй уыцы Паддзахадмӕ бацӕуой. Уый загъта: «Аргъауӕг Иоанны заманӕй абоны онг уӕларвон паддзахадмӕ адӕм тырнынц сӕ тых, сӕ бонӕй, ӕмӕ йӕм чи тырны, уыдоны бавӕййы» (Матф. 11:12).

5 Фӕлӕ, уӕларвон Паддзахад кӕй «бауыдзӕн», уыдоны кой куы ракодта, уый размӕ та ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ уӕларвон паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у» (Матф. 11:11). Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ, цалынмӕ нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл сыгъдӕг уд не ’рцыд, уӕдмӕ зӕххӕй уӕларвон Паддзахадмӕ ӕвзӕрст ничи цыди. Ӕмӕ уӕдмӕ та Аргъауӕг Иоанн ӕгас нал уыд (Ап. хъ. 2:1–4).

Авраамы байзӕддӕгтӕ нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл

6, 7. а) Авраамы байзӕддӕгтӕ, «арвыл стъалытӕ» куыд бирӕ сты, афтӕ бирӕ кӕй хъуамӕ суыдаиккой, уый цӕуыл дзурӕг уыди? ӕ) Авраам цавӕр хорздзинӕдтӕй уыд хайджын ӕмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты йӕ байзӕддӕгтӕ та?

6 Хуыцау Авраамӕн загъта, йӕ байзӕддӕгтӕ, «арвыл стъалытӕ» ӕмӕ денджызы был змисы муртӕ куыд бирӕ сты, афӕ кӕй сбирӕ уыдзысты (Райд. 13:16; 22:17). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, уыцы байзӕддӕгтӕ цас уыдзысты, уый Авраамы рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕй никӕй бон уыди базонын. Фӕлӕ рӕстӕг цыди, ӕмӕ рабӕрӕг, бӕлвырдӕй цас сты, уый. Йесойы куы нӕ нымайӕм, уӕд сӕ нымӕц у 144 мины (Рарг. 7:4; 14:1).

7 Авраамы уырнындзинады тыххӕй Хуыцауы Ныхас афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, Авраам «баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл» (Райд. 15:5, 6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххон адӕмӕй иу дӕр нӕй ахӕм, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр раст уа (Иак. 3:2). Фӕлӕ уӕддӕр Авраам йӕ диссаджы уырнындзинады тыххӕй Йегъовӕйы цӕсты уыди рӕстгӕнӕг, ӕмӕ ма йӕ йӕ хӕлар дӕр схуыдта (Ис. 41:8). Йесоимӕ иумӕ Авраамы «байзӕддаг» чи сси, уыдон дӕр нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сын уый хӕссы, Авраам цы хорздзинӕдтӕй уыд хайджын, уыдонӕй ноджы стырдӕр хорздзинӕдтӕ.

8. Авраамы байзӕддӕгтӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?

8 Сӕрст чырыстӕтты уырны, Йесо нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый, ӕмӕ уыцы уырнындзинады фӕрцы нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл (Ром. 3:24, 28). Йегъовӕйы цӕсты уыдон ссӕрибар сты тӕригъӕдӕй ӕмӕ сӕ йӕ бон у йӕ сыгъдӕг удӕй байсӕрдын, цӕмӕй уой йӕ фырттӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕфсымӕртӕ (Иоан. 1:12, 13). Семӕ арӕзт ӕрцыд ног бадзырд ӕмӕ систы ног адӕм – «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16; Лук. 22:20). Цӕй стыр кад сын у уый! Хуыцау сӕрст чырыстӕтты ахӕм кады аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ уыдон уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрдзысты. Уыдон уыцы фадатыл сӕ къух систой, уымӕн ӕмӕ сын ис, абарӕн дӕр кӕй ницӕимӕ ис, ахӕм ныфс: уӕлӕрвтыл Йесоимӕ уыдзысты ӕмӕ Тӕрхоны бон йемӕ адӕмӕн разамынд дӕтдзысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:17.)

9, 10. а) Чырыстӕттӕ фыццаг хатт сыгъдӕг удӕй сӕрст кӕд ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ уымӕй фӕстӕмӕ цы аразын хъуыд? ӕ) Йегъовӕ сӕрст чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта?

9 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон Хуыцауыл иузӕрдион адӕймӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцыд уый фадат, цӕмӕй фидӕны, Тӕрхоны бон, Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой: Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ (уыдысты 120 бӕрц) сыгъдӕг удӕй аргъуыд райстой ӕмӕ систы фыццаг сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ ӕндӕр ницыуал хъуыд аразын. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Хӕйрӕг сын цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ӕвзарын кодтаид, уӕддӕр хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой. Цӕмӕй уӕларвон хӕрзиуӕг райстаиккой, уый тыххӕй иузӕрдионӕй хъуамӕ баззадаиккой мӕлӕты онг дӕр (Рарг. 2:10).

10 Уый тыххӕй Йегъовӕ сӕрст чырыстӕттӕн йӕ Ныхас ӕмӕ ӕмбырды уылты зонд амыдта ӕмӕ сӕ фидар кодта. Зӕгъӕм, Фессалоникӕйы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм апостол Павел фыста: «Фыд йӕ хъӕбултӕн зонд куыд фӕамоны, мах дӕр уӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ амыдтам зонд, рӕвдыдтам уӕ ӕмӕ уӕ разӕнгард кодтам, цӕмӕй уӕ йӕ паддзахадмӕ ӕмӕ йӕ кадмӕ чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрат» (1 Фес. 2:11, 12).

11. Цы ныффыссын кодта Йегъовӕ, «Хуыцауы Израилмӕ» чи хауы, уыдоны тыххӕй?

11 Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд куы фӕзынд, уый фӕстӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта Йесойы зӕххон царды тыххӕй ныффыссын кӕнын, стӕй ма, фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕттӕм цы цӕстӕй каст ӕмӕ сӕ куыд архайын хъуыд, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕм бафтыдта Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Дзуттаг Фыстытӕ фыст уыдысты сӕйраджыдӕр Израилы адӕмӕн, Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Грекъаг Фыстытӕ та фыст ӕрцыдысты фыццаджыдӕр «Хуыцауы Израилӕн» – Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй байсӕрста ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фырттӕ ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕ чи систы, уыдонӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Дзуттаг Фыстытӕ израилӕгтӕй дарддӕр иннӕ адӕмтӕн пайда нӕ уыдысты. Ӕмӕ чырыстӕттӕй сыгъдӕг удӕй сӕрст чи нӕу, уыдон дӕр стыр пайда исынц Грекъаг Фыстытӕй – ахуыр сӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразынц. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:15–17.)

12. Павел сӕрст чырыстӕтты зӕрдыл цы ’рлӕууын кодта?

12 Хуыцау фыццаг ӕнусы чырыстӕтты рӕстгӕнджытыл уымӕн банымадта ӕмӕ сӕ сыгъдӕг удӕй уымӕн байсӕрста, цӕмӕй сӕ бон уыдаид сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсын. Сӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый ууыл дзурӕг нӕ уыди, ӕмӕ зӕххыл иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн паддзӕхтӕ систы. Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй кӕмӕйдӕрты уый айрох ӕмӕ ӕмбырды мидӕг ӕфсымӕрты ’хсӕн сӕхицӕн уӕлдай кад агурын райдыдтой. Ӕмӕ сӕ Павел дӕр уый тыххӕй бафарста: «Ау, цух ницӕмӕйуал стут? Ныридӕгӕн хъӕздыг стут? Ныридӕгӕн паддзӕхтӕ систут ӕнӕ махӕй? Бӕргӕ, куы суыдаиккат паддзӕхтӕ, цӕмӕй мах дӕр уемӕ паддзӕхтӕ уӕм» (1 Кор. 4:8). Стӕй Павел сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕ уырнындзинадӕн нӕхи хицау кӕнӕм, фӕлӕ ууыл архайӕм, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм» (2 Кор. 1:24).

144 мины дарддӕр ӕвзӕрст цӕуынц

13. Нӕ эрӕйы 33 азы фӕстӕ сӕрст чырыстӕтты ӕвзарыны хъуыддаг размӕ куыд цыд?

13 Сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт фыццаг ӕнусы не ’рцыдысты ӕвзӕрст. Ӕцӕг, уый фӕстӕ хъуыддаг фӕсындӕгдӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕнусты дӕргъы чидӕртӕ ӕвзӕрст цыдысты (Матф. 28:20). Ӕмӕ 1914 азы Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухтӕм куы райста, уӕд хъуыддаг бирӕ фӕтагъддӕр.

14, 15. Нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы?

14 Фыццаг уал Чырысти ӕркаст уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ, Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр цыди, уыдонӕй дзы иуы дӕр нал ныууагъта. (Бакӕс Раргомад 12:10, 12.) Уый фӕстӕ ӕрӕвнӕлдта, уӕларвон хицауады уӕнгтӕй, 144 минӕй ма чи баззад, уыдоны ӕмбырд кӕнынмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, 1930-ӕм азты ӕмбисмӕ сӕ фылдӕр ӕмбырдгонд ӕрцыдысты. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи иста, уыдонӕй бирӕты уӕлӕрвтӕм ацӕуын нӕ фӕндыд. Сыгъдӕг уд сын ӕвдисӕн нӕ лӕууыд, Хуыцауы фырттӕ сты, уымӕн. (Абар Ромӕгтӕм 8:16.) Уыдон ӕй ӕмбӕрстой, «ӕндӕр фыстӕй» кӕй сты, ӕмӕ сӕ фӕндыд ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын (Иоан. 10:16). Уымӕ гӕсгӕ 1935 азӕй чырыстӕттӕ се ’ргом аздӕхтой, апостол Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» ӕмбырд кӕнынмӕ (Рарг. 7:9, 10, 14).

15 Фӕлӕ ма 1930-ӕм азты фӕстӕ дӕр чидӕртӕ ӕрцыдысты ӕвзӕрст уӕларвон цардмӕ. Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн дзы иуӕй-иутӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты, Хуыцау уымӕй размӕ кӕй равзӕрста, фӕлӕ стӕй иузӕрдион чи нал уыд, уыдоны бӕсты. (Абар Раргомад 3:16.) Павел дзырдта, раст фӕндаг чи ныууагъта, уыдонӕй кӕйдӕрты йӕхӕдӕг дӕр кӕй зыдта, уый тыххӕй (Фил. 3:17–19). Кӕй равзары Йегъовӕ ахӕм адӕймӕгты бӕсты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ, чырыстон фӕндагыл ӕрӕджы чи слӕууыд, ахӕмты кӕй нӕ равзардзӕн, фӕлӕ, йӕ иузӕрдиондзинад бирӕ хъуыддӕгты чи равдыста, ахӕмты – Йесо Чырысти дӕр йӕ мӕлӕты размӕ бадзырд скодта, фӕлварӕнты йыл иузӕрдион чи уыди, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ * (Лук. 22:28).

16. Сӕрст чырыстӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ Хуыцауӕй бузныг цӕй тыххӕй стӕм ӕмӕ цы у нӕ бон фидарӕй зӕгъын?

16 Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй, 1930-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ чи цӕуы ӕвзӕрст уӕларвон цардмӕ, уыдон се ’ппӕт кӕйдӕр бӕсты нӕ цӕуынц ӕвзӕрст. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы фӕстаг бонты кӕронмӕ, цалынмӕ «Стыр Вавилон» нӕ фесӕфа, уӕдмӕ, сӕрст чырыстӕттӕй исчи немӕ уа * (Рарг. 17:5). Стӕй нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕйы нысангонд рӕстӕджы 144 мины иууылдӕр ӕмбырд кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕппынфӕстаг се ’ппӕт дӕр уӕларвон хицауады сӕ бынӕтты кӕй ӕрбаддзысты. Мах уырны, Хуыцауы Ныхас «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй цы зӕгъы, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыдзӕн – дарддӕр дӕр Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзысты. Тагъд Хуыцау Хӕйрӕджы дуне куы сафа, уӕд уыдон ахиздзысты уыцы «стыр бӕллӕхы сӕрты» ӕмӕ цингӕнгӕйӕ бацӕудзысты Хуыцауы ног дунемӕ.

Тагъд уӕларвон хицауады уӕнгтӕ иууылдӕр сӕ бынӕтты ӕрбаддзысты!

17. 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15–17 ӕмӕ Раргомады 6:9–11 ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕттӕй мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдон стӕй цы фӕвӕййынц?

17 Нӕ эрӕйы 33 азӕй фӕстӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй минтӕ хъуыддагӕй равдыстой сӕ фидар уырнындзинад ӕмӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззадысты. Уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ банымадта уый аккагыл, цӕмӕй Паддзахад райсой, ӕмӕ сӕ хӕрзиуӕг исгӕ дӕр ракодтой – Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уый фӕстӕ. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15–17; Раргомад 6:9–11.)

18. а) Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон фидарӕй цы зонынц? ӕ) Ӕндӕр фыстӕ сӕ сӕрст ӕфсымӕрты тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?

18 Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон ӕй фидарӕй зонынц: кӕд кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой, уӕд тагъд сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсдзысты. Ӕндӕр фыстӕ сӕ сӕрст ӕфсымӕрты уырнындзинадыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд уыдоны дӕр фӕфӕнды апостол Павелы ныхӕстӕ зӕгъын. Павел Фессалоникӕйы цӕрӕг сӕрст ӕфсымӕртӕн афтӕ загъта: «Мах [уӕ] Хуыцауы ӕмбырдты сӕрыстыр стӕм, уымӕн ӕмӕ, цы ’фхӕрд ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕййафут, уыдоны стут фидар ӕмӕ уӕм ис уырнындзинад. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцау раст тӕрхон кӕй кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы нымад ӕрцӕудзыстут Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл, ӕмӕ сымах хъизӕмӕрттӕ дӕр уыцы паддзахады тыххӕй ӕвзарут» (2 Фес. 1:3–5). Сӕрст чырыстӕттӕй фӕстаг зӕххӕй куы ацӕуа, уӕд Хуыцауы уӕларвон хицауады уӕнгтӕ иууылдӕр уыдзысты сӕ бынӕтты. Цӕй стыр циндзинад уыдзӕн уӕд уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Кӕс 1992 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 20 фарс, 17 абзац (уыр.).

^ 16 абз. Кӕс 2007 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Кӕсджыты фарстытӕ» (уыр.).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Хуыцау Авраамӕн цы раргом кодта ӕмӕ уый Тӕрхоны бонимӕ куыд у баст?

• Йегъовӕ Авраамы рӕстгӕнӕгыл цӕмӕн банымадта?

• Авраамы байзӕддӕгты Хуыцау рӕстгӕнджытыл кӕй банымадта, уый сын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

• Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр фидарӕй цы зонынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ тых, сӕ бонӕй тырной Паддзахадмӕ

[Ныв 21 фарсыл]

Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон Йегъовӕ райдыдта ӕвзарын, Чырыстиимӕ Авраамы байзӕддаг чи хъуамӕ суыдаид, уыдоны

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Ӕндӕр фыстӕ тынг бузныг сты Йегъовӕйӕ, ацы фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕттӕ семӕ кӕй сты, уый тыххӕй