Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аккаг сты, цӕмӕй сӕ Чырысти кӕна царды суадӕттӕм

Аккаг сты, цӕмӕй сӕ Чырысти кӕна царды суадӕттӕм

Аккаг сты, цӕмӕй сӕ Чырысти кӕна царды суадӕттӕм

«Уӕрыкк [сӕ] хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм» (РАРГ. 7:17).

1. Хуыцауы Ныхас сӕрст чырыстӕтты куыд хоны, ӕмӕ сын Чырысти сӕ бар цы бакодта?

ЗӔХХЫЛ Чырыстийы хъуыддӕгтӕ сты сӕрст чырыстӕтты бӕрны. Уыдоны Хуыцауы Ныхас хоны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар». 1918 азы Чырысти «цагъары» бӕрӕггӕнӕг куы ’рцыд, уӕд федта, уыцы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ ӕцӕгдӕр ӕууӕнкджын кӕй сты – уыдон адӕмӕн «афоныл» лӕвӕрдтой, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм «хӕринаг». Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Хицау Чырысти сӕ бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый». (Бакӕс Матфейы 24:45–47.) Сӕрст чырыстӕттӕ, цалынмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацӕуынц, уӕдмӕ уыцы хъуыддаджы лӕггад кӕнынц Йегъовӕйы адӕмӕн.

2. Чырыстийӕн зӕххыл цавӕр исбон ис?

2 Адӕймагӕн йӕхи цы у, ууыл йӕ бар фӕцӕуы, ӕмӕ дзы йӕ бон вӕййы, куыд ӕй фӕнды, афтӕ пайда кӕнын. Зӕххыл Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон дӕр иууылдӕр сты Йесо Чырыстийы, Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзахы. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы «тынг бирӕ адӕм» дӕр уый сты. Иоанн уыцы адӕмы тыххӕй загъта: «Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз, сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ, сӕ къухты та – пальмӕйы къалиутӕ» (Рарг. 7:9).

3, 4. Тынг бирӕ адӕмӕн стыр кад цы у?

3 Уыцы тынг бирӕ адӕм сты, Йесо «ӕндӕр фыстӕ» кӕй схуыдта, уыдонӕй (Иоан. 10:16). Уыдонӕн ис ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрыны ныфс. Фидарӕй сӕ уырны, Йесо Чырысти «сӕ [кӕй] кӕндзӕн царды суадӕттӕм» ӕмӕ сын «Хуыцау [кӕй] ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ». Цӕмӕй уыцы цард сӕхи цӕстӕй феной, уый тыххӕй «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй» (Рарг. 7:14, 17). Уырны сӕ, Чырысти сӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы цӕсты афтӕ сты, цыма сыл урс дарӕстӕ ис. Йегъовӕ уыдоны дӕр Авраамау нымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл.

4 Хуыцау сӕ рӕстгӕнджытыл кӕй нымайы, уый фӕрцы ма сӕ ис уый ныфс дӕр, ӕмӕ ацы дунейы кӕрон «стыр бӕллӕхы» удӕгасӕй кӕй баззайдзысты (Иак. 2:23–26). Уый фӕрцы ма сӕ бон у Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын дӕр. Ӕмӕ уыдон, ӕмткӕй райсгӕйӕ, Армаггедоны сӕрты ахиздзысты (Иак. 4:8; Рарг. 7:15). Уыцы тынг бирӕ адӕм хицӕнӕй нӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн, фӕлӕ хъусынц сӕ уӕларвон Паддзахмӕ ӕмӕ ма йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдонмӕ.

5. Тынг бирӕ адӕм Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

5 Сӕрст чырыстӕттӕн Хӕйрӕджы дуне алкӕддӕр цыди сӕ ныхмӕ, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн дарддӕр дӕр. Фӕлӕ сын стыр ныфс сты тынг бирӕ адӕм. Кӕд сӕрстытӕй зӕххыл гыццыл йеддӕмӕ нал ис, уӕд тынг бирӕ адӕмӕн та алы аз дӕр сӕ нымӕцыл бафты сӕдӕгай минтӕ. Ныртӕккӕ Хуыцауы адӕм сты цалдӕр милуаны, сӕ ӕмбырдтӕ та ӕгас дунейы дӕр сты 100 мины бӕрц. Уыцы ӕмбырдтӕм кӕсын Йегъовӕ бахӕс кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн», фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ уыйбӕрц не сты, цӕмӕй се ’ппӕтыл дӕр аххӕссой ӕмӕ дзы алкӕцымӕ дӕр сӕ хъус сӕхӕдӕг дарой. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц ӕндӕр фыстӕ – ӕфсымӕртӕй фӕлтӕрд чи у, уыдон ӕмбырдты лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй.

6. Сӕрст чырыстӕттӕн ӕндӕр фыстӕ кӕй ӕххуыс кӕндзысты, уый тыххӕй Исай цы загъта?

6 Сӕрст чырыстӕттӕн ӕндӕр фыстӕ куыд зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕндзысты, уый тыххӕй кӕддӕр загъта пехуымпар Исай. Уый фыста: «Афтӕ дзуры Йегъовӕ: „Египеты ӕнӕмызд кусджытӕ, Эфиопийы базаргӕнджытӕ ӕмӕ савейӕгтӕ, бӕрзонд адӕм, дӕумӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕу бауыдзысты. Уыдон дӕ фӕдыл ацӕудзысты» (Ис. 45:14). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон ӕцӕгдӕр цӕуынц сӕрст чырыстӕтты фӕдыл, ома сын цы разамынд дӕттынц, уымӕ хъусынц. Ӕндӕр фыстӕ, «ӕнӕмызд кусджытӕ», ӕгас дунейы дӕр зӕрдиагӕй архайынц, Чырысти зӕххыл йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бахӕс кодта, уыцы куысты. Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕ ауӕрдынц сӕ хъарутыл дӕр ӕмӕ сӕм цы ис, ууыл дӕр (Ап. хъ. 1:8; Рарг. 12:17).

7. Сӕрст чырыстӕттӕ тынг бирӕ адӕмы цавӕр куыстмӕ цӕттӕ кӕнынц?

7 Тынг бирӕ адӕм сӕрстытӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы сӕ уыдон цӕттӕ кӕнынц фидӕнмӕ – уыдон уыдзысты, Армагеддоны фӕстӕ ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдонӕй фыццӕгтӕ. Ӕмӕ хъуамӕ фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ уой, хъуамӕ ӕнӕзивӕгӕй хъусой Хицауы разамындмӕ ӕмӕ сӕ бон уа, цы сын цы дзура, уый кӕнын дӕр. Ныртӕккӕ алы чырыстонӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй равдиса, Паддзах Чырыстийы къухы хорз мигӕнӕн уыдзӕн ӕви нӕ. Кӕд абон йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисы ӕмӕ ӕнувыдӕй лӕггад кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын Паддзах ног дунейы дӕр исты куы бахӕс кӕна, уӕд дӕр ӕй ӕнӕзивӕгӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн.

Тынг бирӕ адӕм сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисынц

8, 9. Ӕндӕр фыстӕ сӕ уырнындзинад куыд ӕвдисынц?

8 Ӕндӕр фыстӕ сӕ уырнындзинад бирӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц. Фыццаджыдӕр уымӕй, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Матф. 24:14; 28:19, 20). Дыккаг – ӕнӕзивӕгӕй хъусынц, Разамонӕг Совет цы разамынд дӕтты, уымӕ (Дзут. 13:17; бакӕс Захари 8:23).

9 Ӕртыккаг та – сӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц, сӕ цард Йегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй аразынц, уымӕй. Уыдон сӕ удыхъӕды фидар кӕнынц «уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (Гал. 5:22, 23). Уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ абоны дунейы, ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдоныл худгӕ кӕнынц, «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» чи кӕны, уыдон та кадджын сты. Фӕлӕ уӕддӕр тынг бирӕ адӕм цыфӕндыйӕ дӕр сӕхи хизынц «хӕтынӕй, чъизи митӕй, хӕлд хъуыддӕгтӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, хинтӕ-кӕлӕнтӕ, искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, хылтӕ, ӕдзӕстуарзон, мӕстыгӕр, загъд, иуты иннӕты ныхмӕ кӕнын, сектӕтыл дихтӕ кӕнын, хӕлӕг, фыднозт, минас уарзын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй» (Гал. 5:19–21).

10. Тынг бирӕ адӕм дарддӕр дӕр цӕуыл тох кӕндзысты?

10 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын зын вӕййы нӕ царды уыцы арфӕйаг миниуджытӕ ӕвдисын, буары хъуыддӕгтӕй хи хизын ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы ныхмӕ фидар лӕууын. Фӕлӕ ныл кӕд хатт нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ стых вӕййынц, кӕд рӕдийгӕ дӕр фӕкӕнӕм ӕмӕ нӕ низтӕ дӕр тыхсын кӕнынц, уӕддӕр нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм. Дарддӕр тох кӕнӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцуда ӕмӕ, Йегъовӕйы цы уарзтӕй уарзӕм, уый ма ӕруазал уа. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – тынг бирӕ адӕмы стыр бӕллӕхы сӕрты удӕгасӕй ахизын кӕндзӕн.

11. Хӕйрӕг цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны, цӕмӕй чырыстӕтты уырнындзинад фӕцудын кӕна?

11 Фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕдзухдӕр хъӕуы нӕхимӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, нӕ сӕйраг знаг Хӕйрӕг кӕй у ӕмӕ нӕ уый афтӕ ӕнцонтӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн. (Бакӕс 1 Петры 5:8.) Хуыцауы фӕндаг чи ныууагъта, уыдоны уылты, стӕй иннӕ адӕмы уылты дӕр архайы, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕйы дызӕрдыг хъуыдытӕ байтауа ӕмӕ, цы фӕндагыл цӕуӕм, уый нӕм раст мауал кӕса. Фӕлӕ йын арӕхдӕр уымӕй ницы рауайы. Ницы йын рауайы, нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй дӕр. Кӕд хатт уый тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг фӕсындӕгдӕр вӕййы, уӕддӕр, ӕфхӕрд чи баййафы, уыцы чырыстӕтты уырнындзинад та фидардӕр фӕвӕййы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕг арӕхдӕр пайда кӕны йӕ тыхджындӕр хӕцӕнгарзӕй: ууыл архайы, цӕмӕй нӕхимӕ ныхъхъусӕм. Апостол Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм дӕр уымӕн фыста: «Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, йӕхӕдӕг йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр чи кодта, уыцы тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн чи бафӕрӕзта, ууыл». Цӕмӕн? «Цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта» (Дзут. 12:3).

12. Йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыдоны Библи куыд фидар кӕны?

12 Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ дӕхицӕн загътай, нал у мӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын? Хатт дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дын ницы уайы? Кӕд о, уӕд Хӕйрӕгӕн уый бар ма ратт, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕй спайда кӕна ӕмӕ дӕ Йегъовӕйӕ фӕиппӕрд кӕна. Лӕмбынӕг ахуыр кӕн Библи, зӕрдиагӕй кув Йегъовӕмӕ, цу алы ӕмбырдмӕ дӕр ӕмӕ ӕмбӕл, уырнындзинадӕй иу кӕимӕ дӕ, уыдонимӕ. Уый фӕрцы фидардӕр кӕндзынӕ ӕмӕ «дӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн». Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ тыхыл тых кӕй ӕфтаудзӕн, ӕмӕ уый та йӕ ныхас нӕ сайы. (Бакӕс Исай 40:30, 31.) Уӕдӕ дӕ хъарутӕ ратт Хуыцауы хъуыддӕгтӕм. Рӕстӕг чи хӕры, ахӕм ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз ӕмӕ хъуыды кӕн, иннӕтӕн куыд баххуыс кӕнай, ууыл. Уӕд фидар лӕудзынӕ, кӕд хатт дӕхимӕ ныхъхъусыс, уӕддӕр (Гал. 6:1, 2).

Стыр бӕллӕхӕй – ног дунемӕ

13. Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдонмӕ цавӕр куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

13 Армагеддоны фӕстӕ райгас уыдзысты, Хуыцауы чи нӕ зыдта, бирӕ ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн Йегъовӕйы фӕндӕгтыл ахуыр кӕнын (Ап. хъ. 24:15). Хъӕудзӕн сын бамбарын кӕнын, Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста, уый. Стӕй ма хъуамӕ сахуыр уой, уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый хъуыддагӕй ӕвдисын дӕр – уӕд уыдзысты хайджын, уыцы нывонд цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй. Сӕ раздӕры дины ӕгъдӕуттыл ӕмӕ цардыуагыл сӕ хъӕудзӕн сӕ къух сисын, ӕмӕ сӕ удыхъӕд дӕр ногмӕ раивын (Еф. 4:22–24; Кол. 3:9, 10). Уӕдӕ, Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр куыст. Куыд диссаг уыдзӕн Йегъовӕйӕн ног дунейы лӕггад кӕнын – ацы фыддуне ныл нал ӕндавдзӕн ӕмӕ нӕ нал къуылымпы кӕндзӕн!

14, 15. Стыр бӕллӕхы чи фервӕза, уыдон ӕмӕ ног дунейы чи райгас уа, уыцы рӕстгӕнджытӕ цы радзурдзысты кӕрӕдзийӕн?

14 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй Йесойӕ раздӕр чи цард, уыдоны дӕр бирӕ цыдӕртӕ хъӕудзӕн базонын. Зӕгъӕм, базондзысты, кӕй ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ кӕй нӕ федтой, уыцы Мессийӕ чи разынди, уый. Уыдон раздӕр дӕр равдыстой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна. Ӕмӕ сын уӕд уыцы хъуыддаджы мах ӕххуыс кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, Данелӕн ӕмбарын кӕндзыстӕм, йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, фӕлӕ кӕй не ’мбӕрста, уыцы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Ахъуыды ма кӕн, уый цӕй стыр кад ӕмӕ циндзинад уыдзӕн! (Дан. 12:8, 9).

15 Ӕниу, мах нӕхи дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕнддзӕн бафӕрсын, чи райгас уа, уыдоны. Бӕстон, лыстӕггай нын фӕдзурдзысты, Библийы цыбыртӕй цы хабӕртты тыххӕй ис фыст, уыдон. Цӕй диссаг уыдзӕн, Йесойы тыххӕй нын йӕ хӕстӕг Аргъауӕг Иоанн йӕхӕдӕг куы дзура! Уыцы иузӕрдион ӕвдисӕнтӕй цы базонӕм, уый фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм Хуыцауы Ныхас. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй раджы дӕр ӕмӕ ацы фӕстаг бонты дӕр чи амард, уыдонӕн хай уыдзӕн «хуыздӕр райгасӕй». Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой Сайтаны дунейы. Ног дунейы куы райгас уой, уӕд та сӕ ничиуал хъыгдардзӕн, сӕрибарӕй лӕггад кӕндзысты Хуыцауӕн. Куыд тынг цин кӕндзысты уӕд! (Дзут. 11:35; 1 Иоан. 5:19).

16. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Тӕрхоны бон адӕм тӕрхонгонд куыд цӕудзысты?

16 Тӕрхоны бон иу афон байгом уыдзысты тыхтӕттӕ. Уыцы тыхтӕттӕм гӕсгӕ ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзысты адӕмӕн, ӕнусон царды аккаг сты ӕви нӕ. (Бакӕс Раргомад 20:12, 13.) Тӕрхоны боны кӕрон алы адӕймагӕн дӕр ӕцӕгдӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдиса, хицаудзинады фарстайы кӕй фарс лӕууы, уый. Хуыцауы ӕвӕрд хицауады коммӕ кӕсдзӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн уый бар ратдзӕн, цӕмӕй йӕ царды суадӕттӕм кӕна? Ӕви йӕ нӕ бафӕнддзӕн йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакӕнын? (Рарг. 7:17; Ис. 65:20). Уӕдмӕ адӕм ссӕрибар уыдзысты, сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕдӕй, стӕй зӕххыл фыдгӕнджытӕ дӕр нал уыдзӕн, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр цы уынаффӕ рахӕсса, уый уыдзӕн йӕхи зондӕй, йӕхи фӕндӕй. Уӕдӕ Йегъовӕ фӕстагмӕ тӕрхон куы рахӕсса, уӕд афтӕ ничи зӕгъдзӕн, раст нӕу, зӕгъгӕ. Ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты ӕрмӕстдӕр ӕвзӕргӕнджытӕ (Рарг. 20:14, 15).

17, 18. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ Тӕрхоны бонмӕ афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

17 Хуыцау сӕрст чырыстӕтты банымадта уый аккагыл, цӕмӕй Паддзахад райсой, ӕмӕ ныр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Тӕрхоны бон паддзӕхтӕ куы суой, уымӕ. Цӕй стыр кад сын уыдзӕн уый! Уыцы диссаджы ныфс сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй архайой, Павел фыццаг ӕнусы сӕрстытӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ: «Ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй уӕ Хуыцау цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, ууыл фидар хӕцат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут. Ӕмӕ уын уӕд уыдзӕн диссаджы фадат нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ бацӕуынӕн» (2 Пет. 1:10, 11).

18 Ӕндӕр фыстӕ дӕр цин кӕнынц сӕ сӕрст ӕфсымӕрты циныл. Ӕмӕ цӕттӕ сты, цӕмӕй сын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕной. Уыдоны ныр дӕр фӕнды, йӕ хъуыддаджы сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, уымӕн ӕмӕ сты йӕ хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бон Чырысти царды суадӕттӕм куы кӕна, уӕд дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзысты, Хуыцауы ӕвӕрд хицауад сын цы дзура, уый. Ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг Йегъовӕ банымайдзӕн уый аккагыл, цӕмӕй йын зӕххыл ӕнустӕм лӕггад кӕной! (Ром. 8:20, 21; Рарг. 21:1–7).

Бахъуыды кодтай?

• Чырыстийӕн зӕххыл цавӕр исбон ис?

• Тынг бирӕ адӕм сӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

• Цавӕр кад ӕмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы тынг бирӕ адӕммӕ?

• Цы хъуыды кӕныс Тӕрхоны боны тыххӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Тынг бирӕ адӕм сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй

[Ныв 27 фарсыл]

Ног дунейы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куы райгас уой, уӕд сӕ цӕмӕй бафӕрсдзынӕ?