Ахсджиаг хъуыдытӕ Матфейы чиныгӕй
Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас
Ахсджиаг хъуыдытӕ Матфейы чиныгӕй
ЙЕСО Чырыстийы царды хабӕрттӕ, стӕй, куыд лӕггад кодта, уыдӕтты тыххӕй фыццаг ныффыста Матфей. Матфей раздӕр уыди хъалонисӕг, уый фӕстӕ та сси Йесойы ӕмбал. Матфейы Евангели фыст ӕрцыд дзуттаг ӕвзагыл, уый фӕстӕ та тӕлмац ӕрцыд грекъаг ӕвзагмӕ. Чиныг фыст фӕци н. э. 41 азмӕ ӕввахс. Матфейы Евангели бӕтты Дзуттаг Фыстытӕ Грекъаг Фыстытимӕ.
Ацы Евангели, ӕвӕццӕгӕн, сӕйраджыдӕр фыст ӕрцыди дзуттӕгтӕн. Ӕмӕ ӕвдисы, Йесо Чырысти кӕй уыд, кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ ӕмӕ Хуыцауы Фырт. Цы дзы ис фыст, уымӕн ис арф хъуыды ӕмӕ хъары зӕрдӕмӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм иунӕг ӕцӕг Хуыцауыл, йӕ Фыртыл, стӕй нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл (Дзут. 4:12).
«УӔЛАРВОН ПАДДЗАХАД ӔРХӔСТӔГ»
Матфей сӕйраджыдӕр фыссы Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесойы ахуырӕдты тыххӕй, уымӕ гӕсгӕ хабӕрттӕ се ’ппӕт фӕд-фӕдыл нӕ ныффыста. Зӕгъӕм, Йесо хохыл кӕй дзырдта, уыцы зындгонд ныхӕстӕ ныффыста чиныджы райдианы, ӕмӕ сӕ Йесо та ракодта, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уымӕй иу азы бӕрц куы рацыд, уӕд.
Йесо Галилейы куы уыди, уӕд дзы сарӕзта диссӕгтӕ, йӕ 12 апостолӕн хъусын кӕныны тыххӕй радта амындтӕ, фарисейтӕн карзӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ радзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уый фӕстӕ уырдыгӕй араст ӕмӕ ӕрцыди «Иудеймӕ, Иорданы иннӕ фарсмӕ» (Матф. 19:1). Фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ уым Адӕймаджы Фыртӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн (Матф. 20:18, 19).
Фарстытӕн дзуаппытӕ
3:16 – Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд арв кӕй фегом, уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, раздӕр уӕлӕрвты куыд цард, уый.
5:21, 22 – Ӕвзӕрдӕр цы у, адӕймаг искӕуыл йӕ маст куы акала ӕви йӕм маст куы хӕсса? Йесо загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг йе ’фсымӕрмӕ маст куы хӕсса, уӕд аразы уӕззау тӕригъӕд. Фӕлӕ йӕ масты фӕдыл куы ацӕуа ӕмӕ йын куы бафидис кӕна, уӕд аразы ноджы уӕззаудӕр тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй ӕрлӕудзӕн, ӕнӕуи тӕрхонӕй уӕлдӕр чи у, уыцы тӕрхоны раз.
5:48 – Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр, «нӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ» ӕххӕст уӕм? Зӕгъӕн ис, о. Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд кодта уарзондзинады кой, ӕмӕ адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы фӕзмой ӕмӕ сӕ уарзондзинад ӕххӕст уа (Матф. 5:43–47). Ома куыд? Хъуамӕ уарзтаиккой се знӕгты дӕр.
7:16 (фип.) – Раст дин цавӕр «дыргътӕй» ис базонӕн? Уыцы «дыргътӕм» ӕрмӕст нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау нӕ хауы, фӕлӕ ма цӕуыл ӕууӕндӕм – цы ахуырӕдтыл хӕст стӕм, уый дӕр.
10:34–38 – Бинонтӕ кӕрӕдзи кӕй нал фембарынц, уый Библийы аххос вӕййы? Уый афтӕ нӕу. Бинонтӕ кӕрӕдзи нал фембарынц, ӕнӕуырнӕг сӕ чи у, уыдон сӕхи куыд фӕдарынц, уый тыххӕй. Уыдоны нӕ фӕфӕнды раст фӕндагыл ӕрлӕууын кӕнӕ та, уыцы фӕндагыл лӕуд чи у, уыдоны фӕхъыгдарынц, ӕмӕ афтӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ свӕййынц (Лук. 12:51–53).
11:2–6 – Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Иоанн фехъуыста, Хуыцау Йесойӕ куыд загъта, «ай у мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уымӕй базыдта, Йесо Мессийӕ кӕй у. Ӕмӕ ма йӕ уӕд цӕмӕн бафарста, зӕгъгӕ, «ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ»? Иоанны, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй йӕ Йесо йӕхӕдӕг загътаид. Фӕлӕ ма Иоанны ноджыдӕр фӕндыди базонын, «ӕндӕрмӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсын сӕ хъӕуы ӕви нӕ, ома, Паддзахы бартӕ кӕй къухы уыдзысты ӕмӕ, дзуттӕгтӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыдӕттӕ иууылдӕр чи сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Йесо йын цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг уыд, йӕ фӕстӕ ӕндӕр кӕй нал уыдзӕн.
19:28 – Тӕрхон кӕмӕн кӕндзысты, уыцы «Израилы дыууадӕс мыггаджы» кӕй ӕвдисынц? Уыдон «Хуыцауы Израилы» 12 мыггаджы не сты (Гал. 6:16; Рарг. 7:4–8). Йесо кӕимӕ ныхас кодта, уыцы апостолтӕ «Хуыцауы Израилӕн» хъуамӕ тӕрхонгӕнджытӕ ма уыдаиккой, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр уыдаиккой «Хуыцауы Израилӕй». Йесо семӕ сарӕзта бадзырд паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уыдон систы «Хуыцауӕн... паддзахад ӕмӕ сауджынтӕ» (Лук. 22:28–30; Рарг. 5:10). Хуыцауы Израилмӕ чи хауы, уыдон тӕрхон кӕндзысты «дунейӕн» (1 Кор. 6:2). Уӕдӕ уӕларвон паддзахбадӕнтыл чи бады, уыдон тӕрхон кӕмӕн кӕндзысты, уыцы «Израилы дыууадӕс мыггаджы», ӕвӕццӕгӕн, ӕвдисынц зӕххыл цӕрӕг адӕмы. Уыдон нӕдӕр паддзӕхтӕ сты, нӕдӕр сауджынтӕ. Афтӕ уыд, Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу нывонд цы 12 мыггаджы тыххӕй цыд хаст, уыдоны хабар дӕр (Лев. 16 сӕр).
Зондзонӕнтӕ махӕн
4:1–10. Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис ӕмӕ ӕнӕуи фыддзинадмӕ кӕй нӕ амоны. Уый пайда кӕны «тӕригъӕдджын буары монцтӕй, цӕстыты монцтӕй» ӕмӕ, адӕймаг йӕ «мулкӕй ӕппӕлын» кӕй уарзы, уымӕй, цӕмӕй нӕ фӕрӕдийын кӕна. Фӕлӕ, Библийы цы фыст ис, уымӕй царды куы пайда кӕнӕм, уӕд Хуыцауыл уыдзыстӕм иузӕрдион (1 Иоан. 2:16).
5:1–7:29. Хъуамӕ йӕ ӕмбарӕм, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй. Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕр. Дӕ сӕрӕй хӕлд хъуыдытӕ сур. Дӕ ныхасӕн хицау у. Кувгӕйӕ фыццаджыдӕр дзур, дӕхи ӕмӕ дӕ дӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй цы хъӕуы, уыдӕттыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл. Хъӕздыг у Хуыцауы цӕсты. Дӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Хуыцауы рӕстдзинад. Иннӕты кой ма кӕн. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕн. Ацы сӕрты цӕй диссаджы хорз хъуыдытӕ ис!
9:37, 38. Хуымы Хицауӕй куы фӕкурӕм, «цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита», уӕд хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр зӕрдиагӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:19, 20).
10:32, 33. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын хъуамӕ макуы тӕрсӕм.
13:51, 52. Адӕймаг Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы базоны, цы у, уый дзӕбӕх куы бамбары, уӕд свӕййы хӕсджын, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ иннӕтӕн дӕр амона ӕмӕ сын сӕ ӕмбарын кӕна.
14:12, 13, 23. Адӕймаджы истӕуыл арф ахъуыды кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд ӕй хатт фӕхъӕуы хибар ранмӕ ацӕуын дӕр (Марчы 6:46; Лук. 6:12).
17:20. Хъуамӕ нӕм уа фидар уырнындзинад, цӕмӕй нӕ хохы йас цӕлхдуртӕ Хуыцауы фӕндагыл размӕ цӕуын ма хъыгдарой, стӕй нӕ бон уа зындзинӕдтӕн фӕразын. Хъуамӕ нӕ уырнындзинад ӕдзухдӕр фидар кӕнӕм ӕмӕ ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл (Марчы 11:23; Лук. 17:6).
18:1–4; 20:20–28. Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, стӕй раздӕр цы диныл хӕст уыдысты, уыцы дины, стыр бынат ахсай, уый кадджын кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр бӕллыдысты стыр бынӕттӕм. Уӕдӕ мах хъуамӕ кусӕм сӕрныллӕгдзинадыл ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕйы фӕдыл ма цӕуӕм, фӕлӕ нын ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм.
«АДӔЙМАДЖЫ ФЫРТЫ ХЪӔДЫЛ БАЙТЫНДЗДЗЫСТЫ»
Н. э. 33 азы 9 нисаны Йесо «хӕрӕгыл» бацыд Иерусалиммӕ (Матф. 21:5). Иннӕ бон та бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кодта. 11 нисаны кувӕндоны адӕмы ахуыр кӕны, карз уайдзӕф кӕны чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн, стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры, «кӕй ӕрцыд ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн», уыдӕттӕ (Матф. 24:3). Иннӕ бон та сын загъта: «Сымах зонут, дыууӕ боны фӕстӕ кӕй уыдзӕн Куадзӕн, ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты хъӕдыл байтындздзысты» (Матф. 26:1, 2).
Ралӕууыд 14 нисан. Йесо бындур ӕрӕвӕрдта йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн. Уый фӕстӕ йӕ йӕ уӕйгӕнӕг радта йе знӕгты къухтӕм, ӕмӕ йӕ ӕрцахстой, стӕрхон ын кодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Фӕлӕ ӕртыккаг бон Йесо райгас. Ӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхыны размӕ Матф. 28:19).
йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Фарстытӕн дзуаппытӕ
22:3, 4, 9 – Адӕм чындзӕхсӕвмӕ ӕртӕ хатты хуынд кӕд ӕрцыдысты? «Чындз» кӕй ӕвдисы, уыдоны ӕрӕмбырд кӕныны тыххӕй фыццаг хатт хонджытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты, Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ н. э. 29 азы хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд, ӕмӕ хуынд цыдысты н. э. 33 азмӕ (Рарг. 21:1, 2). Дыккаг хатт уыди, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уыцы бонӕй н. э. 36 азмӕ. Фыццаг дыууӕ хатты хуынд цыдысты ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон ӕмӕ самариӕгтӕ. Фӕлӕ ӕртыккаг хатт хуынд ӕрцыдысты, горӕты ӕдде фӕндӕгтыл чи уыд, уыцы адӕм, ома ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй – сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдон. Хонын та сӕ райдыдтой н. э. 36 азы, ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилийыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд, ӕмӕ ма нӕ рӕстӕджы дӕр ӕмбырдгонд цӕуынц.
23:15 – Фарисейтӕ-иу сӕ динмӕ кӕй раздӕхтой, уый-иу сӕхицӕй «дыууӕ хатты тынгдӕр» цӕмӕн фӕци «гееннӕйы аккаг»? Фарисей чи сси, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, раздӕр кодтой тынг ӕвзӕр митӕ. Фӕлӕ-иу карз ӕгъдӕуттыл хӕст фарисейты дин куы райстой, уӕд та-иу ноджы фыддӕр фесты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ ахуыргӕнджытӕй систы ноджы карздӕр. Ӕмӕ кӕд фарисейтӕн Хуыцауы цӕсты сӕ тӕрхон конд уыди, уӕд сын сӕ дин чи райста, уыдон та-иу дыууӕ хатты тынгдӕр фесты «гееннӕйы аккаг».
27:3–5 – Иудӕ фӕсмонӕй йӕхицӕн ӕнцой кӕй нал ардта, уый куыд ӕмбаргӕ у? Нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Иудӕ, цы сарӕзта, ууыл ӕцӕгӕй ӕрфӕсмон кодта. Уый Хуыцауӕй хатыр нӕ ракуырдта, фӕлӕ ацыд сауджынты хистӕртӕм ӕмӕ хистӕр лӕгтӕм ӕмӕ уыдонӕн загъта, тӕригъӕд ракодтон, зӕгъгӕ. Иудӕ сарӕзта, «мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд», ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ аххос бамбӕрста ӕмӕ фырадӕргӕй цы акодтаид, уый нал зыдта (1 Иоан. 5:16). Ӕмӕ фӕсмонӕй йӕхицӕн ӕнцой уый тыххӕй нал ардта. Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ, цы стыр тӕригъӕд сарӕзта, ууыл йӕхи хордта.
Зондзонӕнтӕ махӕн
21:28–31. Йегъовӕйӕн сӕйраг у, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Зӕгъӕм, хъуамӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 24:14; 28:19, 20).
22:37–39. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй цы домы, уый ацы дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты куыд хорз ӕмӕ куыд бӕлвырд ӕвдисынц!
[Ныв 31 фарсыл]
Хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй архайыс?
[Барлӕвӕрдӕй]
© 2003 BiblePlaces.com
[Ныв 31 фарсыл]
Матфей фыссы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй