Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», уыдон хъусынц

«Йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», уыдон хъусынц

«Йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», уыдон хъусынц

«Йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ» (АП. ХЪ. 13:48).

1, 2. Йесойы пехуымпарад, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, зӕгъгӕ, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕ зӕрдӕмӕ куыд айстой?

ЙЕСО загъта, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой уыцы пехуымпарады ныхӕстӕ. Цы диссаджы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон фыст сты Хъуыддӕгты чиныджы (Матф. 24:14). Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ хорз цӕвиттон ныууагътой Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы мингай адӕм, уыдонимӕ сауджынтӕй дӕр тынг бирӕтӕ, систы чырыстӕттӕ (Ап. хъ. 2:41; 4:4; 6:7).

2 Фыццаг ӕнусы ма ноджы фылдӕр адӕмӕн чырыстон дин райсынӕн баххуыс кодтой миссионертӕ. Зӕгъӕм, Филипп ацыд Самаримӕ. Уым тынг бирӕ адӕм лӕмбынӕг байхъуыстой йӕ ныхӕстӕм (Ап. хъ. 8:5–8). Павел йе ’мбӕлттимӕ дард балцты цыд, ӕмӕ хорз хабар хъусын кодта Кипры, Къаннӕг Азийы кӕцыдӕр хӕйтты, Македонийы, Грецийы ӕмӕ Италийы. Цы горӕтты хъусын кодта, уым дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕй дӕр тынг бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ (Ап. хъ. 14:1; 16:5; 17:4). Тит лӕггад кодта Криты (Тит. 1:5). Петр та уыд Вавилоны, ӕмӕ н. э. 62–64 азмӕ, йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд Понтийы, Галатийы, Каппадокийы, Азийы ӕмӕ Вифинийы (1 Пет. 1:1; 5:13). Цӕй диссаджы рӕстӕджытӕ уыдысты! Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ афтӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой, ӕмӕ сӕ се знӕгтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, «сызмӕстой ӕгас дуне» (Ап. хъ. 17:6; 28:22).

3. Хъусынгӕнджытӕн цы бантыст ӕмӕ дӕм уый уынгӕйӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕры?

3 Абон дӕр чырыстон ӕмбырдмӕ бирӕ адӕм ивылы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон хыгъдмӕ куы фӕкӕсыс, ӕмӕ нын ӕгас дунейы цы бантыст, уый куы феныс, уӕд дӕ ныфсыл ныфс нӕ бафты? Ӕхсызгон дын нӕу, 2007 лӕггады азы хъусынгӕнджытӕ Библи ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр адӕймагимӕ кӕй ахуыр кодтой, уый? Уымӕй уӕлдай ма Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ фарон чи ’рбацыд, уыдонӕй иу-дӕс милуаны уыдысты, Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, ахӕм адӕм. Уый дзурӕг у, нырма бирӕ куыст кӕй ис, ууыл.

4. Хорз хабармӕ чи хъусы?

4 Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у, уыдон се ’ппӕт дӕр» хорз хабармӕ хъусынц (Ап. хъ. 13:48). Ахӕм адӕмы Йегъовӕ кӕны йӕ организацимӕ. (Бакӕс Аггейы 2:7.) Цӕмӕй адӕм ӕмбырд кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, уый тыххӕй хъусын кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Хъусын кӕн алкӕмӕндӕр

5. Йегъовӕйы хорзӕх ссарын кӕй бон у?

5 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕмбӕрстой, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Ап. хъ. 10:34, 35). Адӕймаг Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕнды, уымӕй зыны, Йегъовӕ йӕ хӕлар у ӕви нӕ (Иоан. 3:16, 36). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4).

6. Хъусынгӕнджытӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой ӕмӕ цӕмӕн?

6 Раст нӕу кӕсын адӕймагӕн йӕ буары хуызмӕ, йе ’ддаг бакастмӕ, ӕхсӕнады цы бынат ахсы ӕмӕ цы диныл хӕст у, уымӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕ. Ахъуыды-ма кӕн: бузныг нӕ дӕ, фыццаг хатт ӕцӕгдзинад кӕмӕй фехъуыстай, уый ахӕм цӕмӕдӕрты кӕй нӕ каст, уый тыххӕй? Уӕдӕ мах хъуамӕ цардирвӕзынгӕнӕн хабар дзурӕм, хъусынмӕ цӕттӕ чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. (Бакӕс Матфейы 7:12.)

7. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн тӕрхон цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?

7 Йегъовӕ Тӕрхонгӕнӕгӕй сӕвӕрдта Йесойы. Уымӕ гӕсгӕ махӕн тӕрхон кӕныны бар нӕй. Ӕмӕ уый раст у, уымӕн ӕмӕ мах тӕрхон кӕнӕм, «ӕрмӕст [нӕ] цӕстытӕ цы уынынц» ӕмӕ «[нӕ] хъустӕ цы хъусынц», уымӕ гӕсгӕ. Чырысти та адӕймагӕн йе ’мбӕхст хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы сусӕг фӕндтӕ дӕр зоны (Ис. 11:1–5; 2 Тим. 4:1).

8, 9. а) Савл цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ цавӕр адӕймаг уыд? ӕ) Апостол Павелы цӕвиттон нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

8 Йегъовӕйӕн цынӕхуызон адӕм райдайынц лӕггад кӕнын. Уымӕн диссаджы цӕвиттон у Савл, фӕстӕдӕр апостол Павел чи сси, уый. Савл уыд фарисей. Уый йе сӕфт уыдта чырыстӕттӕй. Уымӕ афтӕ каст, ӕмӕ уыдон раст фӕндагыл нӕ цӕуынц ӕмӕ чырыстон ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрдта (Гал. 1:13). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, Савл чырыстон суыдаид, уый никуы никӕй бауырныдтаид. Фӕлӕ йын Йесо йӕ зӕрдӕйы хорзӕй цыдӕр федта, ӕмӕ йӕ равзӕрста сӕрмагонд хъуыддагӕн. Фӕстӕдӕр Савл сси, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды ӕппӕты зынгзӕрдӕдӕр хъусынгӕнджытӕй иу.

9 Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Кӕм хъусын кӕнӕм, уым, ӕвӕццӕгӕн, ис, махмӕ куыд кӕсы, афтӕмӕй хорз хабары ныхмӕ чи у, ахӕм адӕм. Уыдонӕй искуы исчи ӕцӕг чырыстон суа, уый нӕ кӕд зынтӕй уырны, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр семӕ ныхас кӕнӕм. Хатт Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайынц, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй нӕ вӕййӕм, уыдон. Нӕ хӕс у «ӕнӕрынцойӕ» алкӕмӕндӕр хъусын кӕнын. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:42.)

«Ӕнӕрынцойӕ» чи хъусын кӕны, уыдон арфӕгонд цӕуынц

10. Ӕнхъӕл кӕмӕй не стӕм, уыдонӕн дӕр хорз хабар цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм? Радзур, кӕм цӕрут, уым чи ’рцыд, ахӕм хабӕрттӕ.

10 Адӕймагӕн йе ’ддаг бакаст ницӕуыл дзурӕг у. Зӕгъӕм, Игнасио * Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, Хуссар Америкӕйы бӕстӕтӕй иуы ахӕстоны куы бадт, уӕд. Ӕгъатыр адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы иууылдӕр кодтой тӕрсгӕ. Ахӕстоны чи бадт, уыдонӕй чидӕртӕ цыдӕртӕ арӕзтой ӕмӕ сӕ иннӕтӕн уӕй кодтой. Ӕмӕ-иу йӕ хӕстӕ афоныл чи нӕ фыста, уыдоныл-иу сардыдтой Игнасиойы. Фӕлӕ Игнасио дарддӕр Библи ахуыр кодта ӕмӕ-иу цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайдта цӕрын. Афтӕмӕй ацы ӕгъатыр адӕймаг ивта ӕмӕ хӕларзӕрдӕдӕр кодта. Ныр ӕй ничи никӕуылуал ардауы. Игнасиойӕн ӕхсызгон у, ӕцӕгдзинад ӕмӕ йын Хуыцауы сыгъдӕг уд йӕ цард кӕй аивтой ӕмӕ бынтон ӕндӕр адӕймаг кӕй сси. Уый ма бузныг у хъусынгӕнджытӕй, кӕй йӕ нӕ фӕхъулон кодтой ӕмӕ йемӕ Библи кӕй ахуыр кодтой, уый тыххӕй.

11. Адӕммӕ ногӕй цӕмӕн бацӕуӕм?

11 Хорз хабары тыххӕй цы адӕмимӕ ныхас кодтам, уыдонмӕ ма ногӕй цӕмӕн бацӕуӕм? Иу уымӕн, ӕмӕ гӕнӕн ис сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ зондахаст аивой. Чи зоны, сӕ исчи уӕззау низӕй фӕрынчын, ӕнӕ куыстӕй баззад йе та йын исчи амард. (Бакӕс Екклесиаст 9:11.) Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ адӕм, чи зоны, сӕ сомбоныл ахъуыды кӕной. Раздӕр нӕм чи нӕ хъуыста – кӕнӕ суанг нӕ ныхмӕ чи уыд – уыдон нӕм ныр, гӕнӕн ис, ӕмӕ хуыздӕр байхъусой. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар дзурӕм.

12. Хорз хабар кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

12 Адӕймаг рӕвдз у адӕмы къордтыл дих кӕнынмӕ ӕмӕ сын тӕрхон кӕнынмӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ алы адӕймагмӕ дӕр кӕсы хицӕнӕй. Уый уыны алы адӕймагӕн дӕр йӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ, йӕ бон хорзӕй саразын цы у, уый. (Бакӕс 1 Самуилы 16:7.) Мах дӕр уацамынды куы вӕййӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм. Кӕуыл фембӕлӕм, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсын хорз цӕмӕн у, ууыл дзурӕг сты бирӕ хабӕрттӕ.

13, 14. а) Иу пионер уацамынды цы сылгоймагыл амбӕлд, уый тыххӕй фыццаг цы ахъуыды кодта, уый раст цӕуылнӕ уыд? ӕ) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы хабарӕй?

13 Сандрӕ лӕггад кӕны пионерӕй Карибы денджызы сакъадахтӕй иуы. Иухатт хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодта, уӕд фембӕлд иу ӕрыгон сылгоймагыл, йӕ ном Руф. Руф тынг уарзта карнавалтӕ. Дыууӕ хатты йӕ равзӕрстой карнавалы рӕсугъддӕр чызгӕй. Сандрӕйы ныхӕстӕ Руфы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ йӕ бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Сандрӕ дзуры: «Мидӕмӕ йӕм куы бахызтӕн, уӕд ауыдтон иу стыр къам – Руф йӕ карнавалы дарӕсы, стӕй йӕ хӕрзиуджытӕ. Мӕхимидӕг ахъуыды кодтон, ахӕм зындгонд чи у ӕмӕ, карнавалтӕ йӕ зӕрдӕйӕн афтӕ адджын кӕмӕн сты, уыцы адӕймаг Библи бирӕ рӕстӕг нӕ фӕахуыр кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ нал бацыдтӕн».

14 Иу бон куы уыд, уӕд Руф Паддзахады залмӕ бацыд. Фембӕлды фӕстӕ Руф Сандрӕйы бафарста: «Цӕуылнӕуал мӕм ӕрбацыдтӕ?» Сандрӕ дзы хатыр ракуырдта ӕмӕ ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Руфӕн йӕ уырнындзинад цыбыр рӕстӕгмӕ тынг сфидар, йӕ къамтӕ раппӕрста, ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайын райдыдта ӕмӕ йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сандрӕ бамбӕрста, Руфы тыххӕй фыццаг цы ахъуыды кодта, уый раст кӕй нӕ уыд.

15, 16. а) Иу хо йӕ хӕстӕгӕн кӕй хъусын кодта, уымӕй цы рауад? ӕ) Нӕ хӕстӕджытӕ цыфӕнды цард куы кӕной, уӕддӕр сын цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

15 Йе ’нӕуырнӕг хӕстӕджытӕн чи хъусын кодта, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕцис, суанг-иу сӕ кӕд уырнгӕ дӕр нӕ кодта, ӕмӕ сӕм байхъусдзысты, уӕддӕр. Зӕгъӕм, нӕ хо Джойсыл чи ’рцыд, уыцы хабар. Джойс цӕры Иугонд Штатты. Йӕ хӕстӕджытӕй иу йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕдзух уыд ахӕстӕтты. Джойс дзуры: «Адӕм дзы дзырдтой, йӕ цард ӕппындӕр кӕй ницы у, уымӕн ӕмӕ давта, кодта наркотиктӕ ӕмӕ ноджы бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Кӕд мӕ ницы ныфс уыд, уӕддӕр ын 37 азы дӕргъы Библийы тыххӕй дзырдтон». Джойсӕн йӕ фӕразондзинад дзӕгъӕлы нӕ фӕци: ӕппынфӕстаг йӕ хӕстӕг Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Ӕрӕджы Джойсы хӕстӕг, 50 азы йыл куы цыд, уӕд Калифорнийы облӕстон конгрессы донаргъуыд райста. Джойс зӕгъы: «Фырцинӕй мӕ цӕссыгтӕ гӕр-гӕр кодтой. Куыд хорз у, мӕ къух ыл кӕй никуы ауыгътон, амӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ!»

16 Чи зоны дӕ ныфс нӕ хӕссыс дӕ хӕстӕджытӕй кӕйдӕртимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнын. Фӕлӕ Джойсы уый нӕ баурӕдта, ӕмӕ-иу йӕ хӕстӕгимӕ арӕх ныхас кодта. Уымӕй уӕлдай, цӕмӕй зонӕм, иннӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый? Чи зоны, ӕмӕ уыцы адӕймаг зӕрдиагӕй агуры рӕстдзинад. Уымӕ гӕсгӕ йын хъуамӕ фадат раттӕм, цӕмӕй йӕ ссара. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:27.)

Диссаджы чиныг Библи ахуыр кӕнынӕн

17, 18. а) «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры» ӕцӕгдӕр диссаджы чиныг кӕй у, уый цавӕр хабӕрттӕй бӕрӕг у? ӕ) Ацы чиныгӕй пайда кӕнгӕйӕ дыл исты хорз хабар ӕрцыд? Радзур ӕй.

17 Дунейы алы бӕстӕтӕй куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй бирӕты зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, Библи цы чиныджы ’ххуысӕй ахуыр кӕнӕм, уый – «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры». Хо Пенни у пионер ӕмӕ цӕры Иугонд Штатты. Уый цалдӕр адӕймагимӕ уыцы чиныджы ’ххуысӕй ахуыр кӕны Библи. Уыдонӕй дыууӕйӕ тынг ӕнувыд уыдысты, цы аргъуанмӕ цыдысты, ууыл. Пенни нӕ зыдта, «Библи цы дзуры»-йы цы фыст ис, уый сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ мӕнӕ цы фыссы: «Ацы чиныг фыст у хуымӕтӕг ӕвзагӕй, адӕймаджы ӕркӕны раст хатдзӕгтӕм ӕмӕ дзы уӕлдай информаци нӕй – ӕрмӕстдӕр сӕйрагдӕр цы у, уый. Уымӕ гӕсгӕ уайтагъд бамбӕрстой, цы фыст дзы ис, уый ӕцӕгдзинад кӕй у, ӕмӕ сын зын нӕ уыд сӕ раздӕры дин ныууадзын».

18 Хо Пэт цӕры Британийы. Уый Библи ахуыр кӕнын райдыдта иу сылгоймагимӕ Азийы бӕстӕтӕй иуӕй. Уыцы сылгоймаг цы бӕстӕйы цард, уым змӕстытӕ куы уыд, уӕд ын йӕ лӕг ӕмӕ йӕ фыртты ӕфсӕддонтӕ акодтой, ӕмӕ сӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федта. Тӕссаг уыд, йӕхи дӕр ын куы амардтаиккой, уымӕй. Йӕ хӕдзар ын басыгътой ӕмӕ йын цалдӕр нӕлгоймаджы тыхми бакодтой. Сылгоймаджы йӕ бӕстӕйӕ лидзын бахъуыд. Йӕ цард ӕм ӕппындӕр ницыуал каст ӕмӕ цалдӕр хатт хъавыд йӕхи амарынмӕ. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕм ныфс фӕзынд. «„Библи цы дзуры“»-йы алцыдӕр куыд хуымӕтӕгӕй ӕмбӕрстгонд цӕуы ӕмӕ дзы цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ис, уыдон ын йӕ зӕрдӕ бацагайдтой»,– ныффыста Пэт. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ уырнындзинад афтӕ фӕфидар, ӕмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси. Ӕмӕ йӕ иннӕ конгрессы та фӕнды донаргъуыд райсын. Куыннӕ у уый ӕцӕг амонд – сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Фыстад ӕмбарой ӕмӕ дзы цы ныфсы хабар ис, уымӕн аргъ кӕной!

«Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд»

19. Хъусын кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

19 Бонӕй-бонмӕ ахсджиагдӕр кӕны хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг. Хуыцауы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, мингай ахӕм адӕм сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый. «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы чи ницӕмӕ дары, уыдон «лӕууынц сӕфты къахыл» (Соф. 1:14; Ӕмб. 24:11).

20. Алчидӕр нӕ цы хъуамӕ араза?

20 Ахӕм адӕмӕн ма нӕ бон баххуыс кӕнын у. Фӕлӕ сын цӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фӕзмӕм фыццаг ӕнусы чырыстӕтты – уыдон «ӕнӕрынцойӕ амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар» (Ап. хъ. 5:42). Цӕй ӕмӕ уыдонау уӕззау уавӕрты дӕр фидар уӕм, иннӕты куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм ӕмӕ алкӕмӕндӕр хъусын кӕнӕм! «Уӕдӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд», уымӕн ӕмӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ Хуыцау схорзӕхджын кӕндзӕн ӕгӕрон арфӕдзинӕдтӕй (2 Тим. 4:2; бакӕс Галатӕгтӕм 6:9).

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хорз хабармӕ чи байхъусы?

• Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны цӕуылнӕ хъуамӕ хъулон кӕнӕм?

• Куыд нын ӕххуыс кӕны чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Мингай сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабармӕ хъусынц

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Апостол Павел кӕй аивта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

[Ныв 16 фарсыл]

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хорз хабар хъусын кӕнынц алкӕмӕндӕр