Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдонӕн сӕ цард фӕхуыздӕр Дӕ бон сӕ у бафӕзмын?

Уыдонӕн сӕ цард фӕхуыздӕр Дӕ бон сӕ у бафӕзмын?

Уыдонӕн сӕ цард фӕхуыздӕр Дӕ бон сӕ у бафӕзмын?

КАНАДӔЙӔ иу ӕфсымӕр, Марк, зӕгъгӕ, куыста, космос иртасынӕн вазыгджын аппараттӕ кӕм арӕзтой, иу ахӕм фирмӕйы. Куыста бонӕмбис ӕмӕ лӕггад кодта пионерӕй. Иухатт хицау Маркӕн загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уӕлдӕр бынатмӕ раива. Кусгӕ кодтаид ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ йын мызд фыстаиккой фылдӕр. Куыд бакодта Марк?

Иу хо Филиппинтӕй, Эми, зӕгъгӕ, цалынмӕ йӕ ахуыр нӕ фӕци, уӕдмӕ лӕггад кодта пионерӕй. Ахуыры фӕстӕ йын загътой, кӕй йӕ айсдзысты, стыр мызд ын кӕм фиддзысты, фӕлӕ йын бирӕ рӕстӕг кӕуыл цӕудзӕн, ахӕм куыстмӕ. Цы равзӕрста Эми?

Марк ӕмӕ Эми иухуызон нӕ бакодтой. Цы равзӕрстой, уый фӕрцы дзы алчидӕр цы ссардта, уый ӕвдисы, куыд раст у, апостол Павел рагон Коринфы чырыстӕттӕн кӕй радта, уыцы уынаффӕ: «Ацы дунейӕ чи пайда кӕны, уыдон... уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ» (1 Кор. 7:29–31).

Пайда кӕн дунейӕ, фӕлӕ ӕххӕстӕй нӕ

Цалынмӕ Марк ӕмӕ Эмийы хабӕрттӕ нӕ базыдтам, уӕдмӕ уал ӕркӕсӕм, цы нысан кӕны, Павел йӕ фыстӕджы коринфӕгтӕм цы дзырдӕй спайда кодта, уый – «дуне» (грекъагау ко́смос). Ацы ран ко́смос амоны, кӕм цӕрӕм, уыцы цардӕвӕрдмӕ – адӕммӕ ӕнӕхъӕнӕй. Уымӕ хауынц нӕ цардимӕ, не ’рвылбоны хъуыддӕгтимӕ цыдӕриддӕр баст ис, ӕппӕт уыдӕттӕ, зӕгъӕм, цӕрӕнбынат, хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕс *. Уыдӕттыл ӕххӕссынӕн нӕ фылдӕры хъӕуы кусын. Уӕдӕ цӕмӕй ӕххӕст кӕнӕм, Фыстадмӕ гӕсгӕ ныл цы хӕс ис, уый – тыхсӕм нӕхиуыл ӕмӕ нӕ бинонтыл – уый тыххӕй нӕ хъӕуы ацы дунейӕ пайда кӕнын (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ ма уыимӕ ӕмбарӕм, дуне кӕй фӕивгъуыйы (1 Иоан. 2:17). Уымӕ гӕсгӕ дунейӕ пайда кӕнӕм «ӕххӕстӕй» нӕ, фӕлӕ нӕ ӕнӕмӕнг цас хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц (1 Кор. 7:31).

Ацы стих бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты сразӕнгард кодта дунейӕ къаддӕр пайда кӕнынмӕ. Уыдон сӕ уавӕртӕм ногӕй ӕркастысты, куыстыл сын цы рӕстӕг цыд, уый фӕкъаддӕр кодтой ӕмӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой. Афтӕ куы бакодтой, уӕд уый фӕстӕ бамбӕрстой, сӕ цард ӕцӕгдӕр кӕй фӕхуыздӕр, уымӕн ӕмӕ сын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд сӕ бинонтӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай, сӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, уый фӕрцы сӕ ныфс ацы дунейыл нал дарынц, фӕлӕ Йегъовӕйыл. Дӕ бон сӕ у бафӕзмын ӕмӕ дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй дын Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уа? (Матф. 6:19–24, 33).

«Ныр куыд ӕввахс стӕм Йегъовӕмӕ, афтӕ никуы ма»

Статьяйы райдианы цы Маркы кой кодтам, уый байхъуыста Библийы уынаффӕмӕ, дунейӕ ӕххӕстӕй ма пайда кӕнут, зӕгъгӕ. Уӕлдӕр бынаты йӕ сӕвӕрдтаиккой, ууыл не сразы. Фӕлӕ та йӕм цалдӕр боны фӕстӕ хицау ногӕй бахатыд, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, ӕрмӕст сразы у, уый йеддӕмӕ дын дӕ мызд ноджы фӕфылдӕр кӕндзыстӕм. «Уый мын уыд фӕлварӕн,– дзуры Марк,– фӕлӕ та ацы хатт дӕр „нӕ“ загътон». Цӕмӕн? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Мӕ бинойнаг Полӕимӕ нӕ фӕндыд, нӕ бон цас у, уыйас лӕггад кӕнын Йегъовӕйӕн. Уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтам, нӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кӕндзыстӕм. Йегъовӕйӕ зонд куырдтам, цӕмӕй нӕ фӕнд нӕ къухы бафтыдаид ӕмӕ снысан кодтам, фылдӕр рӕстӕг лӕггад кӕнын кӕд райдайдзыстӕм, уыцы бон».

Полӕ дзуры: «Ӕз куыстон секретарӕй рынчындоны къуыри ӕртӕ боны ӕмӕ мын уыд хорз мызд. Лӕггад ма кодтон пионерӕй дӕр. Фӕлӕ мӕн дӕр Маркау фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Фӕлӕ куыстӕй ацӕуыны тыххӕй курдиат куы балӕвӕрдтон, уӕд мын мӕ хицау загъта, хистӕр секретары бынат кӕй суӕгъд, ӕмӕ уыцы бынаты кусынмӕ ӕз хорз кӕй сарӕхсдзынӕн. Рынчындоны секретартӕй хистӕр секретарӕй фылдӕр мызд никӕмӕн уыд, фӕлӕ ӕз мӕ фӕнд нӕ аивтон. Хицауӕн мӕ хъуыды куы загътон, уӕд мӕ мӕ уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд».

Уымӕй бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ Марк ӕмӕ Полӕйы снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй иу гыццыл ӕмбырдмӕ Канадӕйы дард районтӕй иумӕ. Сӕ ацыд сын исты фӕпайда? Марк зӕгъы: «Мӕ царды фылдӕр хай кӕй фӕкодтон ӕмӕ ӕхцахъуаг кӕй фӕрцы никуы фӕдӕн, уыцы куыст куы ныууагътон, уӕд кӕмдӕр мӕ зӕрдӕйы тас бацыд, фӕлӕ нын Йегъовӕ арфӕ кодта. Иннӕтӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Ӕххӕст рӕстӕг кӕй лӕггад кӕнӕм, уый ма хуыздӕрырдӕм фӕзынд нӕ бинонты цардыл дӕр. Нӕ ныхас сӕйраджыдӕр вӕййы, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, ууыл – Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уыимӕ баст хъуыддӕгтыл. Ныр куыд ӕввахс стӕм Йегъовӕмӕ, афтӕ никуы ма» (Ап. хъ. 20:35). Полӕ дзуры: «Дӕ куыст ӕмӕ, дӕ хӕдзары цы ӕнӕмӕт цард кодтай, уый куы ныууадзай, уӕд хъуамӕ дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕрай Йегъовӕйыл. Мах афтӕ бакодтам ӕмӕ нын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Нӕ ног ӕмбырды нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдон сӕхи немӕ куыд дарынц, уымӕй йӕ ӕмбарӕм, кӕй нӕ уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй хъӕуӕм. Раздӕр мын куыстыл цы хъарутӕ цыд, уыдон ныр хардз кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнон Хуыцауы базонынӕн ӕмӕ бауарзынӕн. Сӕрмагонд пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, ууыл куыд цин кӕнын, уымӕн ныхӕстӕй зӕгъӕн дӕр нӕй».

«Ницы хъуаг уыдтӕн, фӕлӕ амондджын нӕ уыдтӕн»

Райдианы цы Эмийы кой кодтам, уый та бакодта ӕндӕрхуызон. Стыр мызд кӕм истаид ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон кӕм куыстаид, ахӕм куыстмӕ бацӕуыныл сразы. Эми дзуры: «Фыццаг азы дӕргъы ма бирӕ лӕггад кодтон, фӕлӕ хатын райдыдтон, куыдфӕстагмӕ мын уӕлдӕр бынатмӕ схизын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй сси. Хуыздӕр куыстытӕм мӕ хуыдтой, ӕмӕ мӕ тыхтӕ иууылдӕр радтон уымӕ, цӕмӕй уӕлдӕр бынатмӕ схызтаин. Куысты мӕ хӕстӕ цас фылдӕр кодтой, уыйас мын къаддӕр рӕстӕг задис лӕггад кӕнынӕн. Фӕстагмӕ та ӕппындӕр нал хъусын кодтон».

Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Эми зӕгъы: «Ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕй ӕппындӕр ницы хъуаг уыдтӕн. Кӕдӕм мӕ-иу бафӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕн ӕмӕ мын ӕхсызгон уыдис, мӕ куысты мын стыр кад кӕй уыд, уый. Фӕлӕ амондджын нӕ уыдтӕн. Кӕд мӕм ӕхца уыди, уӕддӕр хызт нӕ уыдтӕн бирӕ зындзинӕдтӕй. Хъуыды кодтон, мӕ рӕдыд цӕй мидӕг ис, ууыл. Стӕй йӕ фӕстагмӕ бамбӕрстон: ацы дунейы уӕлдӕр бынатмӕ кӕй тырныдтон, уый аххосӕй, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ «уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдаин». Уымӕ гӕсгӕ, раст Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕ мӕхи «бирӕ мӕстыты хай фӕкодтон» (1 Тим. 6:10).

Цы бакодта Эми? Мӕнӕ цы дзуры: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацыдтӕн, цӕмӕй мын баххуыс кодтаиккой, ӕмӕ ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаин ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтаин. Иухатт зарӕджы рӕстӕг кӕуын райдыдтон. Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, фондз азы дӕргъы пионерӕй куы лӕггад кодтон, уӕд куыд амондджын уыдтӕн, кӕд мӕм бирӕ ӕхца нӕ уыд, уӕддӕр. Бамбӕрстон, кӕй хъӕуы къаддӕр рӕстӕг ӕхца кусыныл хардз кӕнын ӕмӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ та фыццаг бынаты сӕвӕрын. Ӕз райдыдтон кусын дӕлдӕр бынаты. Мӕ мызд дыууӕ хатты къаддӕр фӕци. Фӕлӕ ногӕй хъусын кӕнын райдыдтон». Эми цингӕнгӕйӕ дзуры: «Ныр цалдӕр азы пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ райы. Мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр куыстыл куы цыд, уӕд афтӕ амондджын никуы уыдтӕн».

Дӕ бон у дӕ уавӕртӕ аивын ӕмӕ дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын? Дӕ рӕстӕгӕй афтӕ куы пайда кӕнай, цӕмӕй Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн (Ӕмб. 10:22).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Кӕс «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 1207, 1208 фф., (англ.).

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

Дӕ бон у дӕ уавӕртӕ аивын ӕмӕ дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын?

[Рамкӕ/Ныв 19 фарсыл]

«Ныридӕгӕн дӕр мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы!»

Дейвиды, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаджы Иугонд Штаттӕй, тынг фӕндыд, цӕмӕй уый дӕр йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ ӕххӕст рӕстӕг лӕггад кодтаид. Кӕм куыста, уым йӕ хицауимӕ баныхас кодта, цӕмӕй бонӕмбис йеддӕмӕ ма куыстаид, ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдта пионерӕй. Цымӕ афтӕ кӕй бакодта, уымӕй йӕ цард фӕхуыздӕр ис? Цалдӕр мӕйы фӕстӕ Дейвид йе ’мбалмӕ ныффыста: «Дӕ бинонтимӕ Йегъовӕйӕн, дӕ бон цас у, уыйас лӕггад кӕнай – уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ рӕстӕг бахъӕудзӕн, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕныныл фӕцайдагъ уон, фӕлӕ ныридӕгӕн дӕр мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Адӕймагыл раст базыртӕ базайы!»

[Ныв 18 фарсыл]

Марк ӕмӕ Полӕ уацамынды