Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хицауы хъуыддаджы дын дӕ бар цы куыст бакодтой, ууыл ӕнувыд у»

«Хицауы хъуыддаджы дын дӕ бар цы куыст бакодтой, ууыл ӕнувыд у»

«Хицауы хъуыддаджы дын дӕ бар цы куыст бакодтой, ууыл ӕнувыд у»

«Хицауы хъуыддаджы дын дӕ бар цы куыст бакодтой, ууыл ӕнувыд у, дарддӕр дӕр ӕй ӕххӕст кӕн» (КОЛ. 4:17).

1, 2. Чырыстӕттыл адӕмы раз цавӕр хӕс ис?

МАХЫЛ адӕмы раз ис ахсджиаг хӕс. Абон цы уынаффӕтӕ хӕссынц, ууыл баст у «стыр бӕллӕхы» фервӕздзысты ӕви нӕ (Рарг. 7:14). Ӕмбисӕндты чиныджы фыст ис: «Ирвӕзын кӕн, марынмӕ кӕй кӕнынц, уыдоны; ӕмӕ, ау, мӕлӕтӕн нывондгонд чи у, уыдонмӕ ’ххуысмӕ нӕ фӕзындзынӕ?» Ацы ныхӕстӕй адӕймаджы хъуын арц сбады. Нӕ хӕс у адӕмы фӕдзӕхсын, разӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Ӕмӕ сын куы ницы дзурӕм, уӕд сӕ мӕлӕты аххосджын уыдзыстӕм. Ӕмбисӕндты дарддӕр фыст ис: «Куы зӕгъай: „Мах ӕй нӕ зыдтам“, уӕд цымӕ, зӕрдӕтӕ чи уыны, уый нӕ бафиппайдзӕн ӕмӕ дӕм лӕмбынӕг чи кӕсы, уый нӕ базондзӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй цы ’мбӕлы, уый йын нӕ бакӕндзӕн?» Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ, адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ зонынц (Ӕмб. 24:11, 12).

2 Йегъовӕ цардӕн тынг аргъ кӕны. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзуры, цӕмӕй сӕ бон цы у, уый кӕной, ӕмӕ фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕной фервӕзынӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр хъуамӕ хъусын кӕна, Библийы цы цардирвӕзынгӕнӕн хабар фыст ис, уый. Мах абарӕн ис хъахъхъӕнӕгимӕ. Уый куы фены, ӕмӕ цӕмӕйдӕр тӕссаг у, уӕд уайтагъд иннӕтӕн фӕхабар кӕны. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕн у, уыдоны туг нӕ сӕрыл уа (Иез. 33:1–7). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у «хъусын кӕнын дзырд» дарддӕр дӕр! (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:1, 2, 5.)

3. Ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уацамынды цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты нӕ бон куыд у хизын ӕмӕ фылдӕр адӕмӕн куыд баххуыс кӕнӕм. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, цы ис аразӕн, цӕмӕй адӕмӕн Библийы ахсджиаг хабӕрттӕ хуыздӕр амонӕм. Ӕртыккаг ахуыргӕнӕн статьяйӕ базондзыстӕм, ӕгас дунейы Паддзахады хъусынгӕнджытӕн цы бантыст, уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, нӕ рӕстӕг афтӕ уӕззау цӕмӕн у, ууыл.

Бирӕты ныфс цӕуылнӕ ис

4, 5. Адӕм цытӕ ’взарынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ цы уавӕры сты?

4 Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ӕвдисынц, мах кӕй цӕрӕм «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны». Кӕрон та у тынг хӕстӕг. Абон адӕм сӕхиуыл ӕвзарынц, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ «фӕстаг бонты» кой кӕнгӕйӕ цы хабӕрттӕ ӕмӕ уавӕрты кой кодтой, уыдон иууылдӕр. Адӕм удхар кӕнынц «тухитӕй» – хӕстытӕй, зӕххӕнкъуыстытӕй, хӕринаг фаг кӕй нӕй, уымӕй, ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕй. Абон нал дӕр закъон ис, нал дӕр ӕгъдау, адӕм сты хиуарзон, Хуыцау сӕм нымады дӕр нӕу. Ӕмӕ афтӕ у алы ран дӕр. Суанг ма Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл чи архайы, уыдонӕн дӕр ныр у «тынг уӕззау рӕстӕг» (Матф. 24:3, 6–8, 12; 2 Тим. 3:1–5).

5 Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕт кӕнынц сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ бинонтыл дӕр. Бирӕтӕ, сӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы кӕнӕ сыл ӕндӕр исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд тынг фӕмаст кӕнынц. Уыцы адӕм бӕлвырд нӕ зонынц, ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ ӕххуыс ссарӕн кӕм ис, уый. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ ныфс ницӕмӕй ис (Еф. 2:12).

6. «Стыр Вавилонӕн» йӕ бон цӕуылнӕ у йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын?

6 «Стыр Вавилонӕн», мӕнг динтӕн, адӕмӕн сӕ уавӕр фӕрог кӕнын йӕ бон нӕу. Уый бӕсты сын «хӕтындзинады сӕн» дары ӕмӕ тынг бирӕтӕн се ’ууӕнк Хуыцауыл фӕцудын кодта. Мӕнг динтӕ хӕтаг сылгоймагӕй уӕлдай не сты. Уыдон «зӕххон паддзӕхты» сайынц ӕмӕ сӕ цы фӕнды, уый сын кӕнын кӕнынц. Адӕмы мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕй сӕ хицауӕдтӕн цагъартӕ скодтой. Афтӕмӕй мӕнг динмӕ фӕзынд стыр хъару ӕмӕ бирӕ бартӕ, фӕлӕ йӕм ӕппындӕр ницыуал ис Библийы ӕцӕгдзинадӕй (Рарг. 17:1, 2, 5; 18:23).

7. Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ иуӕй-иутӕн баххуыс кӕнӕн куыд ис?

7 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуынц, сӕфтмӕ чи кӕны, уыцы фӕтӕн фӕндагыл (Матф. 7:13, 14). Уыцы фӕндагыл иуӕй-иутӕ цӕуынц зонгӕ-зонын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды хъусын, Библи цы дзуры, уымӕ. Фӕлӕ йыл бирӕ ӕндӕр адӕм та уымӕн цӕуынц, ӕмӕ сӕ сӕ дины разамонджытӕ сайынц кӕнӕ та сын нӕ хъӕр кӕнынц, Йегъовӕ сӕм ӕцӕгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Чидӕртӕ дзы сӕ цард дӕр аивиккой, Библийӕ сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ’рхӕссиккой, уӕд. Фӕлӕ Стыр Вавилонӕй рацӕуын ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыдон «стыр бӕллӕхы» нӕ фервӕздзысты (Рарг. 7:14).

Хъусын кӕнут «ӕнӕрынцойӕ»

8, 9. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы сарӕзтой ӕмӕ цӕмӕн?

8 Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕндзысты (Матф. 28:19, 20). Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъусын кӕнын алкӕддӕр нымадтой ахсджиаг хъуыддагыл – уый фӕрцы сӕ бон уыд равдисын, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый ӕмӕ сӕйраджыдӕр уымӕй бӕрӕг кодта сӕ уырнындзинад. Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ сӕ хъусын кӕнын никуы ныууагътой, суанг-иу сӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд дӕр. Сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйы тыхыл, ӕмӕ куывдтой, цӕмӕй йын йӕ ныхас дарддӕр дӕр ныфсджынӕй дзырдтаиккой. Йегъовӕ дӕр-иу сын йӕ сыгъдӕг удӕй бахай кодта ӕмӕ-иу йӕ ныхас ныфсджынӕй дзырдтой (Ап. хъ. 4:18, 29, 31).

9 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ карзӕй куы рацыдысты, уӕд хорз хабар нал хъусын кодтой? Нӕ. Иудейты дины разамонджытӕ апостолтӕм смӕсты сты, кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй, ӕрцахстой сӕ, бартхъирӕн сӕм кодтой ӕмӕ сӕ фӕнадтой. Фӕлӕ апостолтӕ уӕддӕр «ӕнӕрынцойӕ амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар». Уыдон хорз ӕмбӕрстой, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ хъусой (Ап. хъ. 5:28, 29, 40–42).

10. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц чырыстӕттӕ абон, фӕлӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгты фӕрцы цы бантысдзӕн?

10 Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕры нӕ нӕмынц ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты не ’ппарынц, хъусын кӕй кӕнынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ахӕм уавӕр уа, ӕмӕ дӕ чырыстон ӕфсарммӕ кӕй хъусыс, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ бакӕнай, ацы дунейы адӕм куыд кӕнынц, афтӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕрхуызон. Кӕимӕ кусыс, кӕимӕ ахуыр кӕныс кӕнӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕимӕ цӕрыс, уыдонмӕ, чи зоны, ӕмӕ ӕнахуыр адӕймаг кӕсай, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый тыххӕй. Фӕлӕ дӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый дӕ хъуамӕ ма хъыгдара. Ацы дуне Хуыцауы нӕ зоны ӕмӕ ис талынджы, фӕлӕ чырыстӕттӕ та хъуамӕ «ӕрттивой рухсау» (Фил. 2:15). Сыгъдӕгзӕрдӕ чи у, уыдон дын фендзысты дӕ хорз хъуыддӕгтӕ, саргъ сын кӕндзысты ӕмӕ скадджын кӕндзысты Йегъовӕйы. (Бакӕс Матфейы 5:16.)

11. а) Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Апостол Павелы ныхмӕ куыд цыдысты ӕмӕ йыл уый куыд фӕзынд?

11 Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн хъӕуы хъӕбатырдзинад. Иуӕй-иу адӕм дыл, суанг ма дӕ хӕстӕджытӕ дӕр, чи зоны, ӕмӕ худой кӕнӕ архайой, цӕмӕй дын ӕндӕр искуыд дӕ ныфс асӕттой (Матф. 10:36). Апостол Павел зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕнадтой. Дӕ хъус-ма ӕрдар, йӕ ныхмӕ-иу куы рацыдысты, уӕд-иу уый фӕстӕ куыд бакодта, уымӕ: «Хъизӕмӕрттӕ [нын] куы бавзарын кодтой ӕмӕ нӕ куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд уый фӕстӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕхимӕ уыйас ныфс ссардтам, цӕмӕй уын Хуыцауӕй хорз хабар дзырдтаиккам, кӕд нӕ бирӕ тох кӕнын хъуыди, уӕддӕр» (1 Фес. 2:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелы куы ’рцахстой, йӕ дзаумӕттӕ йын куы раластой, лӕдзӕгӕй йӕ куы фӕнадтой ӕмӕ йӕ ахӕстоны куы бакодтой, уӕд ӕй хъуыди хъӕбатырдзинад, цӕмӕй ма дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтаид (Ап. хъ. 16:19–24). Цы йын лӕвӕрдта хъару? Хуыцауы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын йе стырдӕр фӕндон кӕй уыд, уый (1 Кор. 9:16).

12, 13. Иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ сӕрты куыд хизынц?

12 Зын вӕййы зӕрдиагӕй хъусын кӕнын, адӕмы арӕх сӕ хӕдзӕртты кӕм нӕ баййафӕм кӕнӕ нӕм хорз кӕм нӕ хъусынц, ахӕм рӕтты. Куыд кӕнӕм ахӕм уавӕры? Чи зоны нӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кӕнын бахъӕуа, цӕмӕй нын-иу фадат куы фӕзына, уӕд-иу адӕмимӕ сныхас кӕнӕм. Нӕ бон ма у нӕ график аивын кӕнӕ, фылдӕр адӕм кӕм ис, ахӕм ран хъусын кӕнын. (Абар Иоанны 4:7–15; Хъуыддӕгтӕ 16:13; 17:17.)

13 Чырыстӕттӕй бирӕтӕн фӕлварӕн свӕййы, ацӕргӕ кар ӕмӕ низты аххосӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ бон бирӕ аразын кӕй нӕу, уый. Кӕд ды дӕр ацӕргӕ кӕнӕ рынчын дӕ, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕ дын дӕ уавӕр уыны ӕмӕ, цы аразыс, уымӕн аргъ кӕны. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:12.) Цавӕрфӕнды цӕлхдуртыл ма ӕмбӕлай – дӕ ныхмӕ цӕуынц, адӕм дӕм нӕ хъусынц ӕви рынчын дӕ – дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнай (Ӕмб. 3:27; абар Марчы 12:41–44).

Дӕ бар дын цы куыст бакодтой, ууыл ӕнувыд у

14. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй уыд ӕмӕ сын цавӕр уынаффӕ радта?

14 Апостол Павел лӕггад кодта тынг зӕрдиагӕй ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты дӕр разӕнгард кодта уымӕ (Ап. хъ. 20:20, 21; 1 Кор. 11:1). Павел зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдонӕй иу уыд фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон Архипп. Йӕ фыстӕджы колоссӕгтӕм ныффыста: «Архиппӕн зӕгъут: „Хицауы хъуыддаджы дын дӕ бар цы куыст бакодтой, ууыл ӕнувыд у, дарддӕр дӕр ӕй ӕххӕст кӕн“» (Кол. 4:17). Мах нӕ зонӕм, чи уыд Архипп кӕнӕ йӕ уавӕртӕ цавӕр уыдысты, фӕлӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, бабар кодтой хъусын кӕнын. Кӕд ды дӕр дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ хӕс у хъусын кӕнын. Уыцы хӕс дарддӕр дӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кӕныс?

15. Хуыцауӕн хи снывонд кӕнынмӕ цы хауы ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ’взӕры?

15 Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстам, уӕдмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтам ӕмӕ йын нӕхи снывонд кодтам. Ӕндӕр ныхасӕй, мах фидарӕй аскъуыддзаг кодтам, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын мын ӕцӕгдӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг у?» Ӕвӕццӕгӕн ныл ис алыхуызон хӕстӕ, ӕмӕ Йегъовӕ ’нхъӕлмӕ кӕсы, кӕй сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм, уымӕ. Уыдонӕй иу у нӕ бинонтыл тыхсын (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ ма нын уымӕй уӕлдай цы рӕстӕг ӕмӕ цы хъарутӕ зайы, уыдонӕй та куыд пайда кӕнӕм? Царды нын сӕйрагдӕр цы у? (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.)

16, 17. Ӕрыгон чырыстӕттӕн ӕмӕ, бирӕ хӕстӕ кӕуыл нӕй, уыдонӕн сӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

16 Зӕгъӕм, ӕрӕджы скъола каст фӕдӕ кӕнӕ йӕ тагъд фӕуыдзынӕ. Ӕвӕццӕгӕн дыл нырма бинонты раз бирӕ хӕстӕ нӕй. Кӕд Йегъовӕйӕн дӕхи снывонд кодтай, уӕд дарддӕр цы фӕнд кӕныс? Цы у дӕ бон бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕнай? Бирӕтӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕной. Уый сын хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райы (Пс. 110:3; Еккл. 12:1).

17 Кӕнӕ, чи зоны, ӕрыгон дӕ. Кусыс ӕнӕхъӕн бон, фӕлӕ дын дӕхи йеддӕмӕ дарын никӕй хъӕуы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, рӕстӕг дын цас ис, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды хъуыддӕгты кӕй архайыс, уый. Нӕ дӕ фӕнды ноджы тынгдӕр цин кӕнын? Никуы ахъуыды кодтай фылдӕр лӕггад кӕныныл? (Пс. 34:8; Ӕмб. 10:22). Бирӕ рӕтты нырма царддӕттӕг хабар нӕ фехъуыстой. Дӕ бон исты аивын у, зӕгъӕм, хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын? (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:6–8.)

18. Иу ӕрыгон бинонтӕ сӕ царды цы аивтой ӕмӕ сын уый фӕрцы цы бантыст?

18 Ӕркӕсӕм Кевин ӕмӕ Еленӕйы хабармӕ. Кевин ӕмӕ Еленӕ сты Иугонд Штаттӕй *. Кӕм цӕрынц, уым ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ бинонтӕ чи скӕны, уыдонӕн хъуамӕ уа сӕхи хӕдзар. Ӕмӕ афтӕ бакодтой Кевин ӕмӕ Еленӕ дӕр. Сӕ дыууӕ дӕр куыстой ӕнӕхъӕн бон, цӕмӕй ӕппындӕр мацы хъуаг уыдаиккой. Фӕлӕ сын куыстыл ӕмӕ сын сӕ хӕдзармӕ зилыныл бирӕ рӕстӕг кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ стӕм хатт йеддӕмӕ не ’вдӕлд. Уыдон бамбӕрстой, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ иууылдӕр сӕ куыст ӕмӕ сӕ хӕдзарыл кӕй цӕуынц. Фӕлӕ куы федтой, пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы бинонтӕ куыд хуымӕтӕг цард кӕнынц ӕмӕ куыд амондджын сты, уӕд аскъуыддзаг кодтой, царды ахсджиагдӕр цы у, уый фыццаг бынаты сӕвӕрын. Кевин ӕмӕ Еленӕ Йегъовӕмӕ скуывтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид, растдӕр куыд уыдаид, афтӕ бакӕнынӕн. Уый фӕстӕ сӕ хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ фатермӕ ацыдысты. Еленӕ раздӕрау ӕнӕхъӕн бон нал куыста ӕмӕ сси пионер. Йӕ усмӕ кӕсгӕйӕ Кевин дӕр йӕ раздӕры куыст ныууагъта ӕмӕ уый дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ – Хуссар Америкӕйы бӕстӕтӕй иумӕ. Кевин зӕгъы: «Мах алкӕддӕр уыдыстӕм амондджын, фӕлӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын куы райдыдтам, уӕд систӕм ноджы амонджындӕр». (Бакӕс Матфейы 6:19–22.)

19, 20. Абон хорз хабар хъусын кӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр куыст цӕмӕн у?

19 Абон зӕххыл хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй (Рарг. 14:6, 7). Уый фӕрцы рухс кӕны Йегъовӕйы ном (Матф. 6:9). Алы аз дӕр мингай адӕмтӕ сӕ цард хуыздӕрырдӕм аивынц, Библийы хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц, уый фӕрцы, ӕмӕ афтӕмӕй слӕууынц ирвӕзындзинады фӕндагыл. Фӕлӕ апостол Павел бафарста: «Куы ничи хъусын кӕна, уӕд хъусгӕ дӕр куыд фӕкӕндзысты?» (Ром. 10:14, 15). Ӕцӕгдӕр, куыд? Уӕдӕ нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнӕм.

20 Мах хъуамӕ суӕм хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, нӕ рӕстӕджытӕ афтӕ уӕззау цӕмӕн сты, ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ хӕссынц, уый сӕ цардыл куыд фӕзындзӕн. Куыд, ууыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Нӕмттӕ сты ивд.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Чырыстӕттыл адӕмы раз цавӕр хӕс ис?

• Уацамынды цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты куыд хъуамӕ хизӕм?

• Нӕ бар нын цы куыст бакодтой, уый дарддӕр дӕр нӕ бон куыд у ӕххӕст кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 5 фарсыл]

Ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлгӕйӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн хъӕуы хъӕбатырдзинад

[Ныв 7 фарсыл]

Цы у дӕ бон бакӕнын, адӕмы арӕх сӕ хӕдзӕртты куы нӕ ӕййафай, уӕд?