Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн

АЦЫ журнал у «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фыццаг номыр ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн. Ӕркӕсӕм, ногӕй дзы цы ис ӕмӕ дзы цы фӕивта, уымӕ.

Ацы журнал у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй йӕ уырнындзинад кӕмӕн фӕфидар, уыцы адӕмӕн. Цӕудзӕн мӕй иу хатт ӕмӕ дзы уыдзӕн цыппар кӕнӕ фондз ахуыргӕнӕн статьяйы. Статьятӕ кӕд ахуыр кӕндзыстӕм, уый фыст уыдзӕн журналы фыццаг фарсыл. Ацы журналӕн йӕ цъарыл цы ныв ис, уый ивгӕ нӕ кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ парахат нӕ кӕндзыстӕм.

Журналы дыккаг фарсыл фыст ис, ахуыргӕнӕн статьяйӕн кӕнӕ, иу фарсты фӕдыл цалдӕр статьяйӕн сӕ нысан цы у, уый. Ацы ивындзинады фӕрцы, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры разамонӕгӕн йӕ бон уыдзӕн йӕхи хорз бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй фембӕлды рӕстӕг статьяйы сӕйраг хъуыдытӕ бӕстон ӕвзӕрст ӕрцӕуой. Ацы фарсыл ма ис иннӕ статьяты нӕмттӕ дӕр.

Ахуыргӕнӕн статьятӕ уыдзысты къаддӕр. Уый фӕрцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры рӕстӕджы фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн сӕйраг стихтыл бӕстондӕр аныхас кӕнынӕн. Статья-иу куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу стихтӕ иууылдӕр бакӕс. Иуӕй-иу стихты разӕй уыдзӕн фыст «бакӕс», зӕгъгӕ; уыдон фембӕлды рӕстӕджы хъӕудзӕн бакӕсын ӕмӕ сыл ӕрныхас кӕнын. Рӕстӕг куы амона, уӕд бакӕсӕн уыдзӕн иннӕ стихтӕ дӕр. Иуӕй-иу статьяты та стихты разӕй ӕмбӕлы, «абар», зӕгъгӕ. Уыцы стихты статьяйы сӕйраг хъуыдытӕ хӕлд нӕ цӕудзысты ӕмӕ сӕ фембӕлды рӕстӕг кӕсын нӕ хъӕудзӕн. Фӕлӕ дзы уыдзӕн цымыдисаг уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кӕнӕ та уӕлӕмхасӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ абзацы сӕйраг хъуыдытӕм. Дӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу уыцы стихтӕ дӕр бакӕс. Дӕ бон сӕ уыдзӕн спайда кӕнын дзуапп дӕтгӕйӕ.

Ӕрвылазон хыгъд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы нал уыдзӕн. 2008 азӕй фӕстӕмӕ мыхуыр цӕудзӕн «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕн сыфыл, стӕй «Ӕрвылазон чиныджы». Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй ма ацы журналы ахуыргӕнӕн статьятӕй уӕлдай уыдзӕн ӕндӕр статьятӕ дӕр. Уыцы статьятӕн кӕд сӕ фылдӕрыл фембӕлдты нӕ ныхас кӕндзыстӕм, уӕддӕр-иу сӕ лӕмбынӕг бакӕс. Уыдон дӕр нын дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕндзысты (Матф. 24:45–47).

Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ парахат кӕй кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды кӕй ахуыр кӕнӕм, уыцы дыууӕ номыры иу журнал кӕй сты ӕмӕ сын кӕй ис иу ном – «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Дыууӕ журналӕн дӕр сӕ дыккаг фарсыл фыст ис, журналӕн йӕ нысан цы у, уый. Азы кӕрон дыууӕ журналы номыртӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн иу том. Ӕмбырды кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы журналы ӕмбӕлдзӕн сӕргонд «Бахъуыды кодтай?», зӕгъгӕ; уым уыдзӕн ӕрмӕг дыууӕ журналӕй дӕр.

1879 азӕй абоны онг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хъусын кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ уыцы куыст никуы баурӕдтой нӕдӕр хӕстытӕ, нӕдӕр мӕгуыр рӕстӕджытӕ, нӕдӕр, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕдыл кӕй зылдысты, уый. Мах кувӕм Йегъовӕмӕ, цӕмӕй ацы журнал дарддӕр дӕр цӕуа. Кувӕм ма, цӕмӕй ацы ног журналы фӕрцы фидар кӕна дӕ уырнындзинад ӕмӕ ссарай Йегъовӕйы хорзӕх.