Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алкӕддӕр Йегъовӕ нӕ хъуыдыйы уӕд

Алкӕддӕр Йегъовӕ нӕ хъуыдыйы уӕд

Алкӕддӕр Йегъовӕ нӕ хъуыдыйы уӕд

«Йегъовӕ алкӕддӕр мӕ разы ис» (ПС. 16:8).

1. Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?

БИБЛИЙЫ фыст ис, Йегъовӕ адӕмӕн куыд уыд, уыцы диссаджы хабӕрттӕ. Уым ис, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн чи ’ххуыс кодта, бирӕ ахӕм адӕмы кой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон цы дзырдтой ӕмӕ цы арӕзтой, уыдӕттӕ Библийы нӕ аирхӕфсынӕн фыст не ’рцыдысты – уыцы хабӕртты фӕрцы ’ввахсдӕр кӕнӕм Хуыцаумӕ (Иак. 4:8).

2, 3. Куыд ӕмбарын хъӕуы Псалом 16:8?

2 Мах бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм Авраам, Саррӕ, Моисей, Руф, Давид, Есфир, апостол Павел ӕмӕ ӕндӕртӕй. Фӕлӕ ма нын стыр пайда фӕуыдзысты, бирӕтӕ кӕй нӕ зонынц, уыдоны царды хабӕрттӕ дӕр. Библийы фыст хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр псаломзарӕггӕнӕгау дзурдзыстӕм: «Йегъовӕ алкӕддӕр мӕ разы ис. Нӕ фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс» (Пс. 16:8). Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ?

3 Ӕфсӕддон-иу йӕ хъама рахиз къухы кӕй дардта, уарт та – галиуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз фарс хъахъхъӕд нӕ уыд. Фӕлӕ-иу тохы рӕстӕг йе ’мбал йӕ рахиз фарс куы хӕцыд, уӕд ын-иу тас нӕ уыди. Мах дӕр Йегъовӕйы нӕ хъуыдыйы куы дарӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ хъахъхъӕндзӕн. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библийы фыст хабӕрттӕ нын нӕ уырнындзинад куыд бафидар кӕндзысты ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй «Йегъовӕ ӕдзух нӕ хъуыдыйы уа» («Баингтоны тӕлмац»).

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы

4. Хуыцау куывдтытӕ кӕй хъусы, уымӕн Фыстадӕй цӕвиттон ӕрхӕсс.

4 Йегъовӕ ӕдзух нӕ хъуыдыйы куы уа, уӕд нын нӕ куывдтытӕ хъусдзӕн (Пс. 65:2; 66:19). Уый уынӕм Авраамы ацӕргӕ лӕггадгӕнӕджы хабарӕй. Уыцы лӕггадгӕнӕг, ӕвӕццӕгӕн, уыд Елиезер. Авраам ӕй арвыста Месопотамимӕ, цӕмӕй Исахъӕн, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм ус ӕркодтаид. Елиезер куывта, цӕмӕй йын Хуыцау йӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кодтаид. Ӕмӕ йын Ревеккӕ йӕ теуатӕн дон куы радта, уӕд ӕй бамбӕрста, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста. Елиезер зӕрдиагӕй кӕй куывта, уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта, ӕмӕ Исахъӕн ус ссардта (Райд. 24:12–14, 67). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Авраамы лӕггадгӕнӕг уыд ӕрвыст бӕлвырд хъуыддаджы фӕдыл. Фӕлӕ мах дӕр хъуамӕ фидарӕй ма уырна, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый?

5. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕмӕ цыбыртӕй нӕхинымӕр куы скувӕм, уӕд дӕр нӕ кӕй фехъусы?

5 Вӕййы афтӕ, ӕмӕ бахауӕм ахӕм уавӕры, уыцы тӕккӕ нӕ Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй скувын куы бахъӕуы. Иухатт Персы паддзах Артаксеркс бафиппайдта, йӕ сӕндар Нееми ӕнкъард кӕй уыд. «Уӕдӕ дӕ цы хъӕуы?»– бафарста йӕ паддзах. «[Нееми] уыцы тӕккӕ скуывта уӕларвон Хуыцаумӕ». Нееми, ӕвӕццӕгӕн, скуывта йӕхинымӕр ӕмӕ йӕ куывд уыд тынг цыбыр. Фӕлӕ йӕ Хуыцау фехъуыста. Уый бӕрӕг у, паддзах ын Иерусалимы къултӕ саразынӕн кӕй баххуыс кодта, уымӕй. (Бакӕс Нееми 2:1–8.) О, суанг цыбыр, хинымӕр куывдӕн дӕр вӕййы стыр тых.

6, 7. а) Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй Епафрасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Иннӕты тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

6 Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «кӕрӕдзийы тыххӕй кувӕм», кӕд алы хатт уайтагъд бӕрӕг нӕ вӕййы, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕви нӕ, уӕддӕр (Иак. 5:16). Епафрас, «Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг», зӕрдиагӕй куывта йе ’муырнджыты тыххӕй. Павел Ромӕй колоссӕгтӕм ныффыста: «Салӕмттӕ уын ӕрвиты Йесо Чырыстийы цагъар Епафрас, уый дӕр сымахӕрдыгон у. Уый ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй фӕкувы сымах тыххӕй, цӕмӕй кӕронмӕ алцӕмӕй дӕр цӕттӕйӕ лӕууат ӕмӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндат. Сымах тыххӕй, стӕй, Лаодики ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны тыххӕй куыд зӕрдиагӕй архайы, уымӕн ӕз ӕвдисӕн» (Кол. 1:7; 4:12, 13).

7 Колосстӕ, Лаодики ӕмӕ Иерапол уыдысты горӕттӕ Къаннӕг Азийы. Иераполы цӕрджытӕ лӕггад кодтой ус-хуыцау Кибелӕйӕн, Лаодикийы цӕрджытӕ уыдысты мулкылмард, колоссӕгтӕ та хӕцыдысты адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл – уӕдӕ куыннӕ уыдаид тӕссаг, уыцы горӕтты чи цард, уыцы чырыстӕттӕн? (Кол. 2:8). Епафрас Колосстӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, зӕрдиагӕй кӕй куывта, уыцы горӕты цӕрӕг уырнджыты тыххӕй. Библийы ницы ис фыст, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕви нӕ. Фӕлӕ ацы иузӕрдион чырыстон дарддӕр дӕр куывта йе ’муырнджыты тыххӕй. Мах дӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм нӕ куывдтыты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кой кӕнын. Нӕхи искӕй хъуыддӕгты нӕ тъыссӕм, фӕлӕ, чи зоны, нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй кӕмӕндӕр йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы (1 Пет. 4:15). Уӕд хорз уаид, сӕрмагондӕй уый тыххӕй куы кувиккам. Павелӕн баххуыс кодтой иннӕты куывдтытӕ, ӕмӕ мах куывдтытӕн дӕр сӕ тых къаддӕр нӕ уыдзӕн (2 Кор. 1:10, 11).

8. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй ӕмбӕрстой, кувын ахсджиаг кӕй у, уый? ӕ) Нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

8 Куыд хъуыды кӕнынц иннӕтӕ: Хуыцаумӕ арӕх фӕкувыс? Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы фембӕлд, уӕд семӕ «иумӕ ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта». Стӕй «иууылдӕр кӕуын байдыдтой ӕмӕ Павелӕн хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ сын уӕлдай зын уыди, афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ» (Ап. хъ. 20:36–38). Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ чи уыдысты, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ бӕрӕг у, кувын куыд ахсджиаг у, уый кӕй ӕмбӕрстой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах тынг аргъ кӕнӕм, нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уыцы кадӕн. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ нӕ къухтӕ «иузӕрдионӕй дарӕм» ӕмӕ нӕ фидарӕй уырна, кӕй нӕ фехъусдзӕн, уый (1 Тим. 2:8).

Алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсӕм

9, 10. а) Салпаады чызджытӕ фӕзминаг цӕмӕй сты? ӕ) Салпаады чызджыты коммӕгӕсдзинад, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕтты куыд фидар кӕны?

9 Йегъовӕйы алкӕддӕр нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, уӕд йӕ коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсдзыстӕм ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Дык. з. 28:13; 1 Сам. 15:22). Уый тыххӕй хъуамӕ коммӕгӕс уӕм. Ӕркӕсӕм, куыд коммӕгӕс уыдысты Салпаады фондз чызджы – цардысты Моисейы заманы. Израилӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ фыдӕлты бынтӕ уыдысты фыртты хай. Салпаад амард, лӕппу йын нӕ уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, йӕ бынтӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ баззайой йӕ фондз чызгӕн – ӕрмӕст сӕ хъуыди иу хъуыддаг бакӕнын. Цӕмӕй сӕ бынтӕ сӕхи мыггагӕн баззадаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ смой кодтаиккой Манассийы фырттӕй (Нымӕц. 27:1–8; 36:6–8).

10 Салпаады чызджыты уырныдта, Хуыцауы коммӕ куы бакӕсой, уӕд алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн. Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой Салпаады чызджытӕ. Махлӕ, Фирцӕ, Хоглӕ, Милкӕ ӕмӕ Ноа, Салпаады чызджытӕ, смой кодтой сӕ фыдыфсымӕрты фырттӕй. Уыдон смой кодтой Иосифы фырт Манассийы фырттӕй, цӕмӕй сӕ бынтӕ, сӕ фыд цы хӕдзарвӕндагӕй уыд, уымӕн баззадаиккой» (Нымӕц. 36:10–12). Уыцы коммӕгӕс сылгоймӕгтӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой (Йес. Н. 17:3, 4). Афтӕ фидар у сӕ уырнындзинад, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕлтӕрд чырыстӕттӕн дӕр. Уыдон Хуыцауы коммӕ кӕсынц, ӕмӕ сӕ цард баиу кӕнынц, «Хицауыл чи ӕууӕнды», ӕрмӕст ахӕмимӕ (1 Кор. 7:39).

11, 12. Халев куыд равдыста, йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дардта, уый?

11 Мах хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм. Уымӕн хорз цӕвиттон у израилаг Халев (Дык. з. 1:36). Израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы фервӕзтысты, уӕд Моисей арвыста 12 нӕлгоймаджы Ханааны зӕхх басгарынмӕ. Фӕлӕ уыцы сгарджытӕй ӕрмӕст дыууӕйӕ – Халев ӕмӕ Йесо Навин – дзырдтой адӕмӕн, цӕмӕй сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл сӕвӕрдтаиккой, ӕмӕ уыцы зӕхмӕ бацыдаиккой (Нымӕц. 14:6–9). Уымӕй иу-40 азы фӕстӕ дӕр ма Йесо Навин ӕмӕ Халев уыдысты ӕгас ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕмӕ хъуыстой. Ӕмӕ Йегъовӕ израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакӕнынӕн равзӕрста Йесо Навины. Уырнындзинад кӕмӕ нӕ разынд, уыцы дӕс сгарӕджы та, ӕвӕццӕгӕн, амардысты, израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд (Нымӕц. 14:31–34).

12 Ӕдзӕрӕг быдыры чи нӕ амард, уыдонӕй иу уыд Халев. Уый Йесо Навинмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз алы хъуыддаджы дӕр мӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъуыстон». (Бакӕс Йесо Навин 14:6–9.) Уыцы рӕстӕг Халевыл цыди 85 азы. Уый загъта, цӕмӕй йын бынтӕн радтаиккой, Хуыцау ын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ, кӕд ӕй зыдта, уым стыр, фидар горӕтты се знӕгтӕ кӕй цардысты, уый, уӕддӕр (Йес. Н. 14:10–15).

13. Зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд цы хъуамӕ кӕнӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцауы арфӕ уа?

13 Иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс Халевау мах дӕр Йегъовӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр куы хъусӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ цыфӕнды стыр зындзинады дӕр никуы ныууадздзӕн. Фӕлӕ Халев куыд коммӕгӕс уыд, афтӕ цӕрӕнбонты коммӕгӕс уӕм, уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Зӕгъӕм, паддзах Соломон райдианы Хуыцаумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъуыста, фӕлӕ куы базӕронд, уӕд ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ мӕнгхуыцӕуттӕм аздӕхтой ӕмӕ «йӕ фыд Давидау алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕмӕ нал хъуыста» (1 Пад. 11:4–6). Уӕдӕ цыфӕнды зын уавӕры ма бахауӕм, алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ алкӕддӕр нӕ хъуыдыйы дарӕм!

Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл

14, 15. Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уый Ноемины хабарӕй куыд зыны?

14 Нӕ зӕрдӕ хъуамӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл, уӕлдайдӕр та нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нӕм фидӕны хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕд. Ӕркӕсӕм ацӕргӕ Ноемины хабармӕ. Ноемин Моавы зӕххы куы цард, уӕд йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты амардысты. Фӕстӕмӕ Иудӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд хъарджытӕ кодта: «Ноемин [«зӕрдӕмӕдзӕугӕ», фип.] мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Марӕ [«маст», фип.]; уымӕн ӕмӕ мын стыр маст бавзарын кодта Ӕппӕтхъомысджын. Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидармӕй ӕрбаздӕхта Йегъовӕ. Цӕмӕн мӕ хъуамӕ хонат Ноемин, кӕд ӕмӕ мӕ Йегъовӕ ӕгады бынатмӕ ӕркодта ӕмӕ мӕ Ӕппӕтхъомысджын бӕллӕхы хай фӕкодта?» (Руф 1:20, 21).

15 Кӕд Ноеминӕн йӕ ныфс асаст, уӕддӕр, Руфы чиныг лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд бафиппайдзыстӕм, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта. Ӕмӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта! Ноемины идӕдз чындз Руф Воозы ус бацис ӕмӕ йын лӕппу райгуырд. Ӕмӕ Ноемин райдыдта сывӕллоны хъомыл кӕнын. Мӕнӕ цы фыст ис Библийы: «Сыхӕгты сылгоймӕгтӕ йыл сӕвӕрдтой ном ӕмӕ дзырдтой: „Ноеминӕн хъӕбул райгуырди“. Схуыдтой йӕ Овид. Уый у Давиды фыд Иессейы фыд» (Руф 4:14–17). Ноемин куы райгас уа уӕд базондзӕн, Руфы (уый дӕр райгас уыдзӕн) фырты байзӕддӕгтӕй кӕй райгуырд Йесо, Мессийӕ (Матф. 1:5, 6, 16). Ноеминау мах дӕр нӕ зонӕм, нӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕ раивдзысты, уый. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕдзух ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл! Афтӕ фыст ис Ӕмбисӕндты 3:5, 6 дӕр: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн».

Нӕ ныфс дарӕм Хуыцауы сыгъдӕг удыл

16. Рагон Израилы хистӕр лӕгтӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уыдонӕн Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кодта?

16 Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ хъуыдыйы куы уа, уӕд нын йӕ сыгъдӕг удӕй разамынд дӕтдзӕн. (Гал. 5:16–18). Хуыцауы сыгъдӕг уд уыдис 70 хистӕр лӕгыл. Уыдон ӕвзӕрст уыдысты, цӕмӕй Моисейӕн ӕххуыс кодтаиккой «уыцы уаргъ» – Израилы адӕмы – хӕссынӕн. Уыцы лӕгтӕй Библийы Елдад ӕмӕ Модады ном йеддӕмӕ никӕй ном ис фыст. Фӕлӕ сыгъдӕг уд се ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн (Нымӕц. 11:13–29). Дызӕрдыггаг нӕу, уыдон сӕ хъуыддаг хорз кӕй зыдтой, кӕй тарстысты Хуыцауӕй, кӕй уыдысты ӕууӕнкджын ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ – уымӕй размӕ дӕр хистӕр лӕгтӕй ӕвзӕрст чи уыд, уыдоны хуызӕн (Рац. 18:21). Ахӕм миниуджытӕ ис чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм дӕр.

17. Израилӕгтӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыр куы арӕзтой, уӕд сын Йегъовӕйы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кодта?

17 Йегъовӕйы сыгъдӕг уд стыр ӕххуыс фӕци израилӕгтӕн, ӕдзӕрӕг быдыры хӕсгӕ кувӕндоны цатыр куы арӕзтой, уӕд. Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр аразынӕн Йегъовӕ хистӕр ӕрмдӕсныйӕ ӕмӕ аразӕгӕй равзӕрста Веселеилы, ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ йӕ «схайджын кӕндзынӕн мӕ тыхӕй, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уа дӕсны» (Рац. 31:3–5). Ацы диссаджы куыст Веселеилимӕ ӕмӕ йе ’ххуысгӕнӕг Аголиавимӕ кодтой «зӕрдӕйӕ зондджын» нӕлгоймӕгтӕ. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы сыгъдӕг уд разӕнгард кодта, «йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр дзырдта», уыцы адӕмы рӕдауӕй мысайнӕгтӕ хӕссынмӕ (Рац. 31:6; 35:5, 30–34). Абон дӕр уыцы сыгъдӕг уд разӕнгард кӕны Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕппӕт хъарутӕй архайынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа (Матф. 6:33). Гӕнӕн ис, ӕмӕ исты хъуыддаг аразынмӕ хорз арӕхсӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ сыгъдӕг уды тыххӕй кувӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъусӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ бӕрны цы куыст бакодта, уый (Лук. 11:13).

Алкӕддӕр ӕнувыд уӕм Ӕфсӕдты Йегъовӕйыл

18, 19. а) Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕм цавӕр зӕрдӕйы уаг ӕвзӕрын кӕны? ӕ) Симеон ӕмӕ Аннӕйы хабарӕй цы базыдтам?

18 Сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм ӕмӕ алкӕддӕр нӕ хъуыдыйы уа. Рагзаманты Хуыцауы адӕм загътой: «Ӕфсӕдты Йегъовӕйыл ӕнувыд ут, уымӕн ӕмӕ уый у сыгъдӕг» (Ис. 8:13, «Баингтоны тӕлмац»). Хуыцауыл ӕнувыд уыдысты ацӕргӕ Симеон ӕмӕ Аннӕ – цардысты фыццаг ӕнусы Иерусалимы. (Бакӕс Лукайы 2:25–38.) Симеон ӕууӕндыд пехуымпарӕдтыл Мессийӕйы тыххӕй ӕмӕ «ӕнхъӕлмӕ каст, Израилы адӕм удӕнцой кӕд фендзысты, уымӕ». Хуыцау Симеоныл йӕ сыгъдӕг уд ӕруагъта ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, цалынмӕ Мессийӕйы нӕ фена, уӕдмӕ кӕй нӕ амӕлдзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст ис. Иубон гыццыл Йесойы Марийӕ ӕмӕ Иосиф кувӕндонмӕ ’рбахастой. Хуыцауы сыгъдӕг уд Симеонӕн зӕгъын кодта пехуымпар-ныхас Мессийӕйы тыххӕй ӕмӕ Марийӕйӕн фехъусын кодта, цы стыр маст бавзардзӕн, Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдыл куы байтындзой, уӕд. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, куыд цин кодта Симеон, йӕ хъӕбысмӕ куы райста «Йегъовӕйы ӕрвыст Чырыстийы»! Ӕмӕ цӕй хорз цӕвиттон у Симеоны ӕнувыддзинад Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн абон!

19 84-аздзыд идӕдз ус Аннӕ – Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг – «ӕдзух уыд кувӕндоны». Уый ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кодта Йегъовӕйӕн «ком даргӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй кувгӕйӕ». Йесойы кувӕндонмӕ куы бахастой, уӕд Аннӕ дӕр уыди уым. Куыд бузныг уыд Хуыцауӕй, фидӕны Мессийӕйы кӕй федта, уый тыххӕй! Аннӕ «Хуыцауӕн арфӕ кӕнын байдыдта, ӕмӕ, Иерусалимы ирвӕзындзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта сывӕллоны тыххӕй». Уыцы хорз хабар иннӕтӕн ма дзырдтаид, уый йӕ бон нӕ уыд. Абон дӕр ацӕргӕ чырыстӕттӕ Симеон ӕмӕ Аннӕйау цин кӕнынц, сӕ бон кӕй у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, цасфӕнды сыл ма цӕуа, уӕддӕр.

20. Цыфӕнды кары ма уӕм, уӕддӕр цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

20 Цыфӕнды кары ма уӕм, Йегъовӕ хъуамӕ алкӕддӕр нӕ хъуыдыйы уа. Уӕд нын уый нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ иннӕтӕн сӕрнылӕггӕй дзурдзыстӕм, Паддзах кӕй у, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй (Пс. 71:17, 18; 145:10–13). Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ. Цы у нӕ бон базонын уыцы миниуджыты тыххӕй, Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон кӕсгӕйӕ?

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый кӕцӕй зонӕм?

• Алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

• Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕддӕр нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

• Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 4 фарсыл]

Йегъовӕ Неемийы куывд фехъуыста

[Ныв 5 фарсыл]

Ноемины хабар нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм