Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Марчы чиныгӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Марчы чиныгӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Марчы чиныгӕй

ЦЫППАР Евангелийӕ ӕппӕты къаддӕр у Марчы Евангели. Иоанн Марк йӕ Евангели ныффыста, Йесо Чырысти куы амард ӕмӕ куы райгас, уымӕй 30 азы фӕстӕ. Дзырд дзы цӕуы, Йесо ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг куыд лӕггад кодта, ууыл. Цы бирӕ хабӕртты кой кӕны, уыдон афтӕ фыст сты, цыма сӕ адӕймаг уынгӕ кӕны.

Марчы чиныг, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн, сӕрмагондӕй та ромӕгтӕн. Марк Йесойы тыххӕй дзуры, уый кӕй уыд Хуыцауы Фырт ӕмӕ кӕй арӕзта бирӕ диссӕгтӕ, стӕй тынг зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта хорз хабар. Фылдӕр фыссы, Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Марчы Евангели лӕмбынӕг куы равзарӕм, уӕд ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм Мессийӕйыл ӕмӕ уый фӕрцы ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзыстӕм Хуыцауы хабар (Дзут. 4:12).

ЙЕСОЙЫ СТЫР ХЪУЫДДӔГТӔ ГАЛИЛЕЙЫ

(Марчы 1:1–9:50)

Марк Аргъауӕг Иоанны хабӕртты кой ӕмӕ, Йесо 40 боны ӕдзӕрӕг быдыры кӕй уыд, уый кой кӕны ӕрмӕстдӕр 14 стихы. Уый фӕстӕ райдайынц, Йесо Галилейы куыд лӕггад кодта, уыцы хабӕрттӕ. Уыдон афтӕ фыст сты, ӕмӕ сӕ адӕймаг кӕсынӕй не ’фсӕды. Арӕх дзы кӕй ӕмбӕлы дзырдтӕ «куыддӕр... афтӕ» ӕмӕ «тӕккӕ уыцы сахат», уымӕй зыны, ацы Евангелийы цы хабар ис, уый фехъусын кӕныныл фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй (Марчы 1:10, 12).

Йесо хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ Галилейыл ӕрзылд ӕртӕ хатты. Ууыл ын ацыд ӕртӕ азӕй къаддӕр. Марк хабӕрттӕ фыссы, фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ. Чиныджы нӕй Йесойы уӕлхох уацамынды кой. Нӕ дзы ныффыста, цавӕрдӕр хабӕрттыл-иу лӕмбынӕг куы дзырдта, уыцы ныхӕстӕ дӕр.

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:15 – Йӕ «афон» цӕмӕн ӕрцыд? Йесо йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй ӕрцыд йӕ лӕггад кӕныны рӕстӕг. Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах Йесо дунемӕ кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрхӕстӕг ис. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон уыд хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсын ӕмӕ, сӕ цард куы аивтаиккой, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр ссардтаиккой.

1:44; 3:12; 7:36 – Йесойы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм иннӕтӕн дзырдтаиккой, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй? Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм исты хатдзӕгтӕ кодтаиккой, цыдӕр диссӕгтӕ кӕй фехъуыстой, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ, къӕхтӕ-къухтӕ кӕуыл бафтыдтой, ахӕм хабӕрттӕм гӕсгӕ. Уый фӕндыд, цӕмӕй адӕм сӕхӕдӕг федтаиккой алцыдӕр ӕмӕ бамбӕрстаиккой, Чырысти кӕй у, ӕмӕ стӕй равзӕрстаиккой, цӕуой йӕ фӕдыл ӕви нӕ (Ис. 42:1–4; Матф. 8:4; 9:30; 12:15–21; 16:20; Лук. 5:14). Ӕрмӕст иу хатт, Герасӕйы бӕстӕйы иу хӕйрӕджджын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд ын загъта, цӕмӕй сӕхимӕ ацыдаид ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕн хабӕрттӕ радзырдтаид. Йесо уыцы бӕстӕйӕ цӕуинаг уыд ӕмӕ йын рӕстӕг нал уыд адӕмимӕ аныхас кӕнынӕн. Кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы лӕг уым кӕй баззад ӕмӕ иннӕтӕн йе сдзӕбӕхгӕнӕджы тыххӕй кӕй дзырдтаид, уымӕ гӕсгӕ адӕм ницыуал загътаиккой, хуытӕ кӕй фӕцагъды сты, уый тыххӕй (Марчы 5:1–20; Лук. 8:26–39).

2:28 – Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Йесойӕн «сабатыл дӕр цӕуы йӕ бар»? «Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... у»,– ныффыста апостол Павел (Дзут. 10:1). Ӕхсӕз кусӕн боны фӕстӕ-иу Закъонмӕ гӕсгӕ уыд сабат, ӕмӕ-иу растдӕр сабатбоны сдзӕбӕх кодта Йесо бирӕты. Уый ууыл дзурӕг уыд, Сайтаны ӕгъатыр хицаудзинады фӕстӕ кӕй ралӕудзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Уӕд адӕм сулӕфдзысты ӕмӕ схайджын уыдзысты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Уыцы Паддзахады Паддзахӕн уымӕ гӕсгӕ цӕуы йӕ бар сабатыл (Матф. 12:8; Лук. 6:5).

3:5; 7:34; 8:12 – Кӕцӕй зыдта Марк Йесойы ӕнкъарӕнты тыххӕй? Марк 12 апостолӕй нӕ уыд, ӕмӕ Йесоимӕ дӕр нӕ цыд. Фӕлӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Маркӕн Йесойы тыххӕй дзырдта йе ’ввахс хӕлар апостол Петр (1 Пет. 5:13).

6:51, 52 – «Дзулты хабарӕй» ахуыргӕнинӕгтӕ цы нӕ бамбӕрстой? Йесо 5 мин лӕджы (сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ) ӕрмӕст фондз дзул ӕмӕ дыууӕ кӕсагӕй куы бафсӕста, уымӕй цалдӕр сахаты йеддӕмӕ нӕ рацыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы диссаг фенгӕйӕ хъуамӕ бамбӕрстаиккой, Йесойӕн диссӕгтӕ аразыны тых Йегъовӕ Хуыцау кӕй радта (Марчы 6:41–44). Йесомӕ цас тых уыд, уый куы бамбӕрстаиккой, уӕд афтӕ тынг нӕ бадис кодтаиккой, доныл цӕугӕ йӕ куы федтой, уӕд.

8:22–26 – Йесо куырм лӕджы йӕ цӕстӕй уайтагъд цӕуылнӕ ракӕсын кодта? Ӕвӕццӕгӕн, Йесо афтӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ бакодта. Бирӕ рӕстӕг талынджы чи уыд, уыцы лӕджы Йесо цӕстӕй уайтагъд кӕй нӕ ракӕсын кодта, уый фӕрцы йӕ цӕстытӕ сабыргай хуры рухсыл сахуыр сты.

Зондзонӕнтӕ махӕн

2:18; 7:11; 12:18; 13:3. Марк йӕ чиныгкӕсджытӕн – дзуттӕгтӕ чи нӕ уыд, уыдонӕн – ӕмбарын кӕны ӕнӕзонгӕ ӕгъдӕуттӕ, ныхӕстӕ, ахуырӕдтӕ ӕмӕ бынӕттӕ. Марк дзуры, фарисейтӕ-иу кӕй дардтой ком, «хъуырман» кӕй у, «Хуыцауӕн нывонд» цы кодтой, уый. Ӕмбарын кӕны, саддукейтӕ кӕй «дзурынц, мӕрдтӕй райгас нӕй, зӕгъгӕ» ӕмӕ кувӕндон Оливӕбӕлӕсты хохӕй кӕй зыны. Мессийӕ цы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уыцы номхыгъд тынгдӕр цымыдис кодта дзуттӕгты ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ Евангелийы нӕ ныффыста. Марк нын у фӕзминаг. Мах дӕр уацамынды куы вӕййӕм кӕнӕ нын ӕмбырды раныхас куы вӕййы, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ хъусджытӕ чи сты, цы зонынц ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц.

3:21. Йесойыл йӕ хӕстӕджытӕ не ’ууӕндыдысты. Уӕдӕ Йесо хорз ӕмбары, йӕ дины тыххӕй йӕ бинонтӕ кӕй ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ кӕуыл худынц, уыдоны.

3:31–35. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд сси Хуыцауы монон фырт, ӕмӕ «Уӕларвон Иерусалим» та сси йӕ мад (Гал. 4:26). Уӕдӕй фӕстӕмӕ йын йӕ монон бинонтӕ систы йӕ хӕстӕджытӕй ӕввахсдӕр ӕмӕ адджындӕр. Уымӕй ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты кӕй хъуамӕ ӕвӕрӕм, ууыл (Матф. 12:46–50; Лук. 8:19–21).

8:32–34. Хъуамӕ-иу уайтагъд бамбарӕм, чидӕр нын дзӕгъӕлы кӕй тӕригъӕд кӕны ӕмӕ-иу йӕ ныхасмӕ ма байхъусӕм. Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уый хъуамӕ цӕттӕ уа, цӕмӕй йӕхи тыххӕй мауал цӕра – «нӕ» зӕгъа йӕ хиуарзон фӕндтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕн. Уый хъуамӕ ӕнӕзивӕгӕй райса «йӕ хъизӕмӕртты хъӕд» – куы бахъӕуа, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ дины тыххӕй ӕфхӕрд, худинаг ӕмӕ суанг мӕлӕт бавзарынмӕ дӕр. Уый ма хъуамӕ ӕппынӕдзух Чырыстийы фӕдыл цӕуа ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзма. Цӕмӕй чырыстӕттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесо Чырыстийау удуӕлдай уӕм ӕмӕ уыцы зӕрдӕйы уаг ма сафӕм (Матф. 16:21–25; Лук. 9:22, 23).

9:24. Хъуамӕ ’фсӕрмы ма кӕнӕм нӕ уырнындзинады тыххӕй дзурын ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр хъуамӕ уӕндонӕй кувӕм, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинадыл бафтауа (Лук. 17:5).

ФӔСТАГ МӔЙ

(Марчы 10:1–16:8)

Н. э. 32 азы кӕрон Йесо ӕрцыд «Иудеймӕ, Иорданы иннӕ фарсмӕ», ӕмӕ та йӕм ногӕй адӕм ӕрӕмбырд сты (Марчы 10:1). Йесо сӕ фӕахуыр кодта ӕмӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ацыд.

Ӕстӕм нисан. Йесо ӕрцыд Вифанимӕ. Уым фынджы уӕлхъус куы бадт, уӕд иу сылгоймаг бацыд ӕмӕ йын йӕ сӕрыл хӕрздӕф сой уадзын байдыдта. Цаутӕ фыст сты, фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ – Йесо Иерусалиммӕ кадджын цыд куы бакодта, уымӕй райдай ӕмӕ, куы райгас, уыцы хабарӕй фӕу.

Фарстытӕн дзуаппытӕ

10:17, 18 – Йесо цӕмӕн бараст кодта, «Хорз Ахуыргӕнӕг» ӕй чи схуыдта, уыцы адӕймаджы? Йесо йӕхи уыцы номӕй хонын кӕй нӕ бауагъта, уымӕй скадджын кодта Йегъовӕйы ӕмӕ равдыста, ӕппӕт хорздзинӕдтӕ дӕр иунӕг Хуыцауӕй кӕй цӕуынц. Уымӕй уӕлдай ма Йесо бацамыдта иу ахсджиаг хабармӕ: ӕрмӕстдӕр Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ис бар, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр, уый скъуыддзаг кӕнынӕн (Матф. 19:16, 17; Лук. 18:18, 19).

14:25 – Цы нысан кӕны, Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы загъта, уый: «Ӕз сӕн нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы паддзахады уемӕ ног сӕн нӕ бануазон, уӕдмӕ»? Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ уӕлӕрвты ӕцӕг сӕн ис. Иуӕй-иу хатт сӕн фӕамоны циндзинадмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ам Йесо дзуры, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куы райгас уой ӕмӕ йемӕ уӕларвон Паддзахады куы уой, уӕд уый цины хабар кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй (Пс. 104:15; Матф. 26:29).

14:51, 52 – Чи уыди, «афтид хӕдоны мидӕг», ома «бӕгънӕгӕй» (фип.), чи алыгъд, уыцы лӕппу? Уыцы хабары кой кӕны ӕрмӕстдӕр Марк. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дзургӕ дӕр йӕхи тыххӕй кодта.

15:34 – Йесойы ныхӕстӕ, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ йӕм фаг уырнындзинад нӕ уыд? Не сты. Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, Йесо ацы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта. Гӕнӕн ис, Йесо банкъардта, Йегъовӕ йӕ кӕй нал хъахъхъӕдта, цӕмӕй йӕ Фырты иузӕрдиондзинад кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йесо ма ацы ныхӕстӕ уымӕн дӕр загътаид, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, Псалом 22:1 Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уый (Матф. 27:46).

Зондзонӕнтӕ махӕн

10:6–9. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрой. Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд хъуамӕ ахицӕн кӕныныл ма тагъд кӕной, фӕлӕ сӕ зындзинӕдтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ скъуыддзаг кӕной (Матф. 19:4–6).

12:41–44. Мӕгуыр идӕдз усы цӕвиттон нын хорз зондзонӕн у, цӕмӕй раст дины хъуыддӕгтӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ахъаз кӕнӕм.

[Ныв 29 фарсыл]

Йесо ацы адӕймагӕн цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр дӕ хиуӕттӕн радзур?