Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галаады ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ сты «къахынмӕ»

Галаады ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ сты «къахынмӕ»

Галаады скъолайы 123 кълас.

Галаады ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ сты «къахынмӕ»

ДЫУУӔ мин ӕвдӕм азы 8 сентябры, сабаты, 6 352 адӕймаджы 41 бӕстӕйӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй раарфӕ кодтаиккой, Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 123 кълас каст чи фӕци, уыдонӕн. Райсомӕй 10 сахатыл программӕйы сӕрдар Энтони Моррис, Разамонӕг советӕй, ӕгасцуай загъта се ’ппӕтӕн дӕр. Цалдӕр ныхасы фӕстӕ ныхасы бар радта Гэри Бройӕн, Иугонд Штатты филиалы комитеты уӕнгӕн.

Ӕфсымӕр Бро студенттӕн загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг Йегъовӕйы фӕндон куы ’ххӕст кӕна, уӕд Хуыцауы цӕсты у рӕсугъд, цыфӕнды хуызӕн ма уа, уӕддӕр (Йер. 13:11). Загъта сын, цӕмӕй алкӕддӕр афтӕ рӕсугъд уой. Уый фӕстӕ Геррит Лёш, Разамонӕг советы уӕнг, бахахх кодта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, арфӕдзинадмӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис (Дзут. 11:6). Фӕлӕ нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хъуамӕ фӕнда, Хуыцау ӕмӕ адӕмы сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уымӕн.

Дарддӕр ныхасы рацыд Уильям Сэмюэлсон, библион скъола Галаад ӕмӕ ма Паттерсоны цы ӕндӕр скъолатӕ уадзынц, уыдон кӕй бӕрны сты, уыцы хайады * цӕстдарӕг. Скъола каст чи фӕци, уыдонӕн загъта, цӕмӕй аргъ кӕной, абон уӕларвыл Паддзах чи у, уый тыххӕй кӕй хъусын кӕнынц, уыцы хӕслӕвӕрдӕн, ӕмӕ сӕм цы стыр кад ӕрхауд, уымӕ гӕсгӕ сӕхи дарой. Сэм Роберсон, уыцы хайады цӕстдарӕджы хӕдивӕг, студентты сразӕнгард кодта, цӕмӕй иннӕтӕм цы хорз миниуджытӕ ис, уыдон уыной. Афтӕмӕй сӕ бон уыдзӕн уарзын «ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр» (1 Пет. 2:17).

Ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ раныхӕсты фӕстӕ Галаады скъолайы ахуыргӕнӕг Марк Нумар интервью райста цалдӕр студентӕй. Уыдон радзырдтой, Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ сыл уацамынды цы цымыдисаг цаутӕ ’рцыд, уый тыххӕй. Бӕрӕг уыд, хъусын кӕнын кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ тынг кӕй фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Кент Фишер, Паттерсоны филиалы бюройӕ, райста интервью, миссионертӕ цы бӕстӕты ис, ӕртӕ ахӕм филиалы комитетты уӕнгтӕй. Уыцы ӕфсымӕрты ныхӕстӕ алкӕйдӕр, уыимӕ студентты ныййарджыты дӕр, ныфс бауагътой, ног миссионертыл чи батыхса, уый кӕй ис. Уый фӕстӕ Исак Марей (тӕлмацгӕнджыты къордтӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы хайадӕй) райста интервью, миссионертӕй рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй. Сӕ ныхӕстӕ студентты зӕрдӕты ахъардтой ӕмӕ сын сӕ цӕстытыл ауайын кодтой, цы цины рӕстӕг сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

Сӕйраг раныхас хуынди «Цы фехъуыстат, уый уӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?». Радзырдта йӕ Джеффри Джексон, Разамонӕг советы уӕнг. Ӕфсымӕр Джексон йӕхӕдӕг 25 азӕй фылдӕр фӕлӕггад кодта Сабыр океаны хуссар хайы сакъадахтыл. Уый равзӕрста Йесойы Уӕлхох уацамынды фӕстаг хай. Уым Йесо радзырдта, хӕдзӕрттӕ чи сарӕзта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы тыххӕй: сӕ иу дзы уыд зондджын, иннӕ та ӕнӕзонд. Джексон загъта, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзӕрттӕ кӕрӕдзийӕ дард нӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕнӕзонд адӕймаг йӕ хӕдзар сарӕзта змисыл, зондджын та къахта, цалынмӕ дурджын зӕхмӕ нӕ ныкъкъахта, ӕмӕ уый фӕстӕ райдыдта йӕ хӕдзар амайын. Тыхдымгӕ куы радымдта, уӕд, къӕдзӕхыл чи лӕууыд, уыцы хӕдзар ницы кодта, змисыл арӕзт чи уыд, уый та ныккалд (Матф. 7:24–27; Лук. 6:48).

Йесо бамбарын кодта, ӕнӕзонд адӕймаг кӕй амоны, ныхӕстӕм ӕрмӕст хъусгӕ чи кӕны, ахӕм адӕммӕ. Зондджын адӕймаг та у, Йесойы ныхӕстӕ чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый. Ӕфсымӕр Джексон ног миссионертӕн загъта: «Библийӕ цы базыдтат, уымӕй уӕ лӕггады куы райдайат пайда кӕнын, уӕд суыдзыстут уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн». Уымӕ гӕсгӕ сӕ йӕ ныхасы кӕрон сразӕнгард кодта, цӕмӕй «къахын райдайой».

Фӕстагмӕ студенттӕ райстой сӕ дипломтӕ ӕмӕ базыдтой, кӕдӕм сӕ снысан кодтой, уый. Кӕронбӕттӕны сын ӕфсымӕр Морисс загъта, цӕмӕй алкӕддӕр Йесойы фӕдыл цӕуой ӕмӕ Йегъовӕйы тыхыл сӕ ныфс дарой. Ууыл программӕ фӕци.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Паттерсоны библион скъолатӕм йӕ хъус чи дары, уыцы хайад (ис Ахуырадон комитеты бӕрны) разамынд дӕтты ахӕм скъолатӕн: Галаады скъола, Филиалты комитетты уӕнгты скъола ӕмӕ Цӕугӕ цӕстдарджыты скъолайӕн.

[Рамкӕ 31 фарсыл]

КЪЛАСЫ БӔРӔГГӔНӔНТӔ

Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 10

Цал бӕстӕмӕ сӕ арвыстой: 24

Цал студенты дзы уыд: 56

Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цыд: 33,5

Рӕстӕмбис нымадӕй донаргъуыд цал азы сты: 17,9

Рӕстӕмбис нымадӕй ӕххӕстрӕстӕг цал азы лӕггад кӕнынц: 13,8

[Ныв 32 фарсыл]

Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 123 кълас

Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.

1) Эспарса Э., Папайя С., Билал А., Суарес М., Эверс Э., Димичино К. 2) Роза М., Фуджии Р., Рэти О., Леветон Дж., Ван Лимпутен М. 3) Боскаино А., Бек К., Буданова Х., Браз К., Пельц К., Сиау А. 4) Леветон С., Сантикко Х., Конти С., Уилсон Дж., Райлетт Дж., Пирс Ш., Фуджии К. 5) Роза Д., Боскаино М., Остин В., Родиэль П., Билал П., Димичино П. 6) Рэти Б., Чизик Д., Кларк К., Ридель А., Эспарса Ф., Сиау П., Ван Лимпутен Т. 7) Родиэль Х., Эверс Дж., Грин Дж., Чизик Дж., Сантикко М., Райлетт М. 8) Пельц Л., Остин Д., Ридель Т., Бек М., Пирс У., Конти С., Грин С. 9) Суарес Х., Кларк Дж., Папайя С., Буданов М., Уилсон Р., Браз Р.