Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуӕм

Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуӕм

Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуӕм

«Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы» (ПС. 128:1).

1, 2. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, амонд ссарӕн кӕй ис, уый?

АМОНД. Чи йӕм нӕ бӕллы? Ӕцӕг, амондмӕ бӕллай ӕмӕ амондджын уай, уый иу нӕу.

2 Фӕлӕ амонд ссарӕн ис. «Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы»,– фыст ис Псаломы 128:1. Уӕдӕ амондджын уыдзыстӕм, Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд. Куыд фӕзындзӕн уый нӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ нӕ удыхъӕдыл?

Ӕууӕнкджын уӕм

3. Адӕймаг Хуыцауӕн нывонддзырд кӕй ратта, уый куыд баст у, ӕууӕнкджын кӕй хъуамӕ уа, уыимӕ?

3 Йегъовӕ куыд ӕууӕнкджын у, афтӕ ӕууӕнкджын сты, чи дзы тӕрсы, уыдон дӕр. Йегъовӕ рагон Израилӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кодта (1 Пад. 8:56). Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕй ахсджиагдӕр дзырд раттӕн нӕй, ӕмӕ цӕмӕй нӕ ныхас ма фӕсайӕм, уый тыххӕй нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы кувын. Нӕ бон у, ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг Давидау кувӕм: «О Хуыцау, ды фехъуыстай, цы дзырд дын радтон, уый... Ӕнустӕм зардзынӕн дӕ номӕн, цӕмӕй дын цы дзырд радтон, уый бонӕй-бонмӕ ӕххӕст кӕнон» (Пс. 61:5, 8; Еккл. 5:4–6). Цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм ӕууӕнкджын (Пс. 15:1, 4).

4. Иеффай Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый йӕ чызгимӕ куыд сӕххӕст кодтой?

4 Израилы тӕрхонгӕнджыты рӕстӕджы Иеффай Йегъовӕ Хуыцауӕн дзырд радта, зӕгъгӕ, аммонитӕгтыл куы фӕуӕлахиз уон, уӕд дын нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн, мӕ хӕдзарӕй фыццаг мӕ размӕ чи рацӕуа, уый. Йӕ размӕ рацыд йӕ чызг – йӕ иунӕг хъӕбул. Иеффай дӕр ӕмӕ йӕ чызг дӕр (мойгонд нӕ уыд) сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардтой Йегъовӕйыл, ӕмӕ Йеффай цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодтой. Чындзы ацӕуын ӕмӕ сывӕллон ныййарын Израилы уыд тынг кадджын хъуыддаг. Фӕлӕ Иеффайы чызг йӕхи барвӕндонӕй бинонты царды цинӕй фӕцух кодта ӕмӕ равзӕрста уыцы кад, цӕмӕй лӕггад кодтаид Йегъовӕйы кувӕндоны (Тӕрх. 11:28–40).

5. Аннӕ, ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый куыд равдыста?

5 Хуыцауӕй чи тарст, уыцы сылгоймаг Аннӕ дӕр йӕхи равдыста ӕууӕнкджын адӕймагӕй. Йӕ лӕг уыд Левийы мыггагӕй, йӕ ном Елхъан. Елхъанӕн ма уыдис ӕндӕр ус дӕр, Феннанӕ, зӕгъгӕ. Цардысты Ефремы зӕххыл хӕхбӕсты. Феннанӕйӕн уыдис цалдӕр сывӕллоны ӕмӕ, Аннӕйӕн зӕнӕг кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй-иу ыл худтис, уӕлдайдӕр та-иу бинонтӕ Йегъовӕйы кувӕндонмӕ куы цыдысты, уӕд. Ӕмӕ та иухатт кувӕндоны куы уыдысты, уӕд Аннӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, зӕгъгӕ мын сывӕллон куы райгуыра, уӕд ӕй дӕуӕн ратдзынӕн. Уый фӕстӕ Аннӕ басывӕрджын, райгуырд ын лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдтой Самуил. Сывӕллоны дзидзийӕ куы баиртӕстой, уӕд ӕй Аннӕ Силоммӕ акодта ӕмӕ йӕ «цард-цӕрӕнбонтӕм» Йегъовӕйӕн радта (1 Сам. 1:11). Фӕстӕдӕр ма йын сывӕллӕттӕ кӕй уыдзӕн, уый кӕд Аннӕ зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр йӕ дзырд сӕххӕст кодта (1 Сам. 2:20, 21).

6. Тихик ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Тихик, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон, уыд ӕууӕнкджын адӕймаг ӕмӕ «ӕнувыд кусӕг» (Кол. 4:7). Апостол Павел Грецийӕ Македонийы уылты Къаннӕг Азимӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иерусалиммӕ куы цыд, уӕд Тихик дӕр уыд йемӕ (Ап. хъ. 20:2–4). Иудейы ӕххуысхъуаг чырыстӕттӕн иннӕ чырыстӕттӕ цы лӕвар кодтой, уый ӕмбырд кӕнынӕн Титӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы «ӕфсымӕр» ӕвӕццӕгӕн, уыд Тихик (2 Кор. 8:18, 19; 12:18). Павелы Ромы фыццаг хатт ахӕстоны куы бакодтой, уӕд ын йӕ фыстӕджытӕ Ефесы ӕмӕ Колоссты чырыстӕттӕм ахаста ӕууӕнкджын минӕвар Тихик (Еф. 6:21, 22; Кол. 4:8, 9). Павел Ромы ахӕстоны дыккаг хатт куы уыд, уӕд та Тихикы арвыста Ефесмӕ (2 Тим. 4:12). Ӕууӕнкджын куы уӕм, уӕд мах дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй.

7, 8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Давид ӕмӕ Ионафан кӕй уыдысты ӕцӕг хӕлӕрттӕ?

7 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕууӕнкджын хӕлӕрттӕ уӕм (Ӕмб. 17:17). Паддзах Саулы фырт Ионафан ӕмӕ Давид бахӕлар сты. Ионафан куы фехъуыста, Давид Голиафы кӕй амардта, уӕд «Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн фӕадджын ӕмӕ йӕ Ионафан йӕхи уды хуызӕн бауарзта» (1 Сам. 18:1, 3). Ионафан ма Давидӕн суанг уый дӕр загъта, Саул ӕй марынмӕ кӕй хъавы. Давид куы алыгъд, уӕд Ионафан йемӕ фембӕлд ӕмӕ иумӕ бадзырд скодтой. Ионафан Саулӕн Давиды кой куы кодта, уӕд ын Саул, гыццыл ма бахъӕуа, йӕхи дӕр амара, фӕлӕ дыууӕ хӕлары ногӕй фембӕлдысты ӕмӕ сӕ хӕлардзинад фӕтыхджындӕр (1 Сам. 20:24–41). Фӕстаг хатт ма кӕрӕдзи куы федтой, уӕд Ионафан Давиды бафидар кодта, зӕгъгӕ дӕ Хуыцауӕй ныфс уӕд (1 Сам. 23:16–18).

8 Ионафан фӕмард, израилӕгтӕ филистимӕгтимӕ куы хӕцыдысты, уӕд (1 Сам. 31:6). Давид куыдта: «Хъыг дыл кӕнын, ме ’фсымӕр Ионафан, тынг зынаргъ мын уыдтӕ. Дӕ уарзондзинад мын сылгоймаджы уарзондзинадӕй ӕхсызгондӕр уыд» (2 Сам. 1:26). Давид ӕмӕ Ионафан уыдысты ӕцӕг хӕлӕрттӕ.

Алкӕддӕр «сӕрныллӕг уӕм»

9. Сӕрныллӕгдзинад ахсджиаг кӕй у, уый Тӕрхонгӕнджыты чиныджы 9 сӕрӕй куыд зыны?

9 Цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «сӕрныллӕг уӕм» (1 Пет. 3:8; Пс. 138:6). Сӕрныллӕгдзинад куыд ахсджиаг у, уый хорз зыны Тӕрхонгӕнджыты чиныджы 9 сӕрӕй. Гедеоны фырт Иофам загъта: «Иухатт бӕлӕстӕ сфӕнд кодтой сӕхицӕн паддзах равзарын». Ӕмӕ скодта оливӕ, легъуи ӕмӕ сӕнӕфсир бӕлӕсты кой. Уыдон ӕвдыстой, йе ’мбӕстӕгтыл хицауиуӕг кӕнынмӕ чи нӕ тырныдта, ахӕм ӕмбаргӕ израилӕгты. Сындзы къутӕр та – судзынӕй дарддӕр чи ницӕмӕн бӕззы, уый – амыдта, сӕрбӕрзонд Авимелехы хицаудзинадмӕ. Уый уыд лӕгмар ӕмӕ, иннӕты цыфӕндыйӕ дӕр йӕ дӕлбар бакодтаид, ууыл йӕ уд скъуыдта. Авимелех ӕртӕ азы йӕхи Израилы афтӕ дардта, раст цыма кънйаз уыд. Фӕлӕ йын бирӕ цӕрын нӕ бантыст (Тӕрх. 9:8–15, 22, 50–54). Цас хуыздӕр у, адӕймаг сӕрныллӕг куы уа!

10. Ирод «Хуыцауы кӕй не скадджын кодта», уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Н. э. фыццаг ӕнусы Иудейы сӕрбӕрзонд паддзах Ирод Агриппӕ мӕсты кодта Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдоны та фӕндыд йемӕ бафидауын. Иухатт Ирод адӕммӕ ныхасы рацыд ӕмӕ адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Уый хуыцауы хъӕлӕс у, адӕймаджы хъӕлӕс нӕу!» Ирод сӕрныллӕгдзинад кӕй нӕ равдыста ӕмӕ «Хуыцауы кӕй не скадджын кодта», уый тыххӕй йӕ Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта. Ироды лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой ӕмӕ амард (Ап. хъ. 12:20–23). Зӕгъӕм, хорз арӕхсӕм дзурынмӕ йе та Библи ӕмбарын кӕнынмӕ. Цӕй ӕмӕ уый тыххӕй бузныг уӕм Хуыцауӕй – уыцы курдиӕттӕ нын чи дӕтты, уымӕй (1 Кор. 4:6, 7; Иак. 4:6).

Хъӕбатыр ӕмӕ фидар уӕм

11, 12. Енохы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уой?

11 Йегъовӕйы фӕндӕгтыл сӕрныллӕгӕй куы цӕуӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕм хъӕбатыр ӕмӕ фидар (Дык. з. 31:6–8, 23). Енох, Адамӕй ӕвдӕм, хъӕбатырӕй цыд Хуыцауимӕ. Йӕ алыварс цы фыдадӕм уыд, уыдонӕй уӕлдай уый кодта хӕрзӕгъдау цард (Райд. 5:21–24). Йегъовӕ йӕ фидар кодта, цӕмӕй уыцы адӕмӕн хъусын кодтаид, се ’нӕгъдау ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм се ’нӕхуыцау хъуыддӕгты тыххӕй цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. (Бакӕс Иудӕ 14, 15.) Цымӕ дӕу Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъусын кӕнынӕн хъӕбатырдзинад нӕ хъӕуы?

12 Йегъовӕ сӕххӕст кодта, ӕнӕхуыцау адӕмӕн цы тӕрхон рахаста, уый, ӕмӕ сӕ Нойы бонты Доны хъаймӕты фесӕфта. Фӕлӕ Енох цы хабар хъусын кодта, уый нын у ныфсы хос, уымӕн ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы цы ӕнӕхуыцау адӕм цӕры, уыдоны тагъд Хуыцауы сыгъдӕг зӕдтӕ ныццӕгъддзысты (Рарг. 16:14–16; 19:11–16). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы ӕмӕ нын хъӕбатырдзинад дӕтты йӕ хабар хъусын кӕнынӕн – фӕнды йӕ тӕрхӕтты кой кӕнӕм, фӕнды, йӕ Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоны кой.

13. Зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм Хуыцау нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уӕм?

13 Нӕ ныфс нын чи асӕтты, ахӕм зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы Хуыцауы ӕххуыс, цӕмӕй уӕм хъӕбатыр ӕмӕ фидар. Исав ракуырдта дыууӕ усы хеттаг чызджытӕй. Уыдон йӕ ныййарджытӕ «Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты стыр масты хос». Ревеккӕ ма хъаст дӕр кодта: «Хеты чызджыты тыххӕй мын мӕ цард сӕнад. Ӕмӕ ма [нӕ фырт] Иаков дӕр ардыгӕттӕй, хеттаг чызджытӕй, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, искӕй куы ракура, уӕд ма мӕ цард цы у?» (Райд. 26:34, 35; 27:46). Исахъ хъуыддӕгтӕ йӕхимӕ райста ӕмӕ Иаковы арвыста, цӕмӕй йӕхицӕн ус ӕркодтаид, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы адӕмӕй. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн, Исав цы бакодта, уый сӕ бон сраст кӕнын нӕ уыди. Фӕлӕ сын Хуыцау зонд, хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидардзинад радта, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззадаиккой. Мах дӕр Йегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй куы кувӕм, уӕд нӕ нӕ ныууадздзӕн (Пс. 118:5).

14. Гыццыл израилаг чызг хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

14 Уыцы хабарӕй бирӕ фӕстӕдӕр иу гыццыл израилаг чызджы сириӕгтӕ уацары акодтой ӕмӕ лӕггад кодта Сирийы ӕфсады хицау Нееманы хӕдзары. Нееман рынчын уыд хъотырӕй. Уыцы чызг зыдта, Хуыцау йӕ пехуымпар Елисейы уылты стыр диссӕгтӕ кӕй аразы, ӕмӕ Нееманы усӕн нӕ фӕтарсти зӕгъын, зӕгъгӕ, мӕ хицау Израилмӕ куы ацӕуид, уӕд ӕй Йегъовӕйы пехуымпар йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнид. Нееман ын йӕ ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ диссаджы хуызы йӕ низӕй фервӕзт (2 Пад. 5:1–3). Куыд хорз цӕвиттон у израилаг гыццыл чызг ӕрыгӕттӕн! Уӕлдайдӕр та, йӕ ахуыргӕнджытӕн, йе ’мкъласонтӕн ӕмӕ иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй уӕндонӕй дзурын кӕй фӕнды ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад чи куры, уыдонӕн.

15. Цавӕр хъӕбатыр хъуыддаг сарӕзта Ахавы хӕдзармӕгӕсӕг Овади?

15 Хуыцау нын цы хъӕбатырдзинад дӕтты, уый нын ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Ӕркӕсӕм паддзах Ахавы хӕдзармӕгӕсӕг Овадийы хабармӕ. Овади цардис пехуымпар Илиайы рӕстӕджы. Паддзахы ус Иезавел бардзырд куы радта, цӕмӕй Хуыцауы пехуымпарты иууылдӕр ныццӕгъдой, уӕд Овади бамбӕхста лӕгӕтты 100 пехуымпары – «фӕндзай лӕджы иу лӕгӕты» (1 Пад. 18:13; 19:18). Овади Йегъовӕйы пехуымпартӕн куыд баххуыс кодта, ды дӕр афтӕ хъӕбатырӕй баххуыс кӕнис де ’мчырыстӕттӕн?

16, 17. Аристарх ӕмӕ Гай зын уавӕры куы бахаудысты, уӕд сӕхи куыд дардтой?

16 Мах ӕй зонӕм, нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ нӕ куы ’фхӕрой, уӕд Йегъовӕ немӕ кӕй уыдзӕн (Ром. 8:35–39). Ефесы театры Аристарх ӕмӕ Гайыл, Павелы ’мкусджытыл, ӕрӕмбырд цалдӕр мин адӕймаджы. Уыдон уыдысты тынг знӕт. Адӕмы сызмӕста ӕвзисты куыстгӕнӕг Димитри. Уыцы куыст чи кодта, уыдон арӕзтой ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндоны хуызӕн гыццыл кувӕндӕттӕ ӕмӕ сӕ уӕй кодтой. Уыдон фӕтарстысты, сӕ куыст куы ныллӕууа, уымӕй, уымӕн ӕмӕ Ефесы цӕрджытӕй бирӕтӕ, Павел цы хабар хъусын кодта, уый сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн нал куывтой. Адӕм Аристарх ӕмӕ Гайы театры балӕууын кодтой ӕмӕ хъӕр систой: «Табу ефесаг Артемидӕйӕн!». Аристарх ӕмӕ Гай, ӕвӕццӕгӕн, фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдысты, фӕлӕ сахары стыр хицау адӕмы ’рсабыр кодта (Ап. хъ. 19:23–41).

17 Исты ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд, мыййаг, афтӕ хъуыды кӕндзынӕ, фӕлтау мӕхицӕн анцад-ӕнцойӕ куы цӕрин, зӕгъгӕ? Библийы никуы ис фыст, зӕгъгӕ, Аристарх ӕмӕ Гайӕн сӕ ныфс асаст. Аристарх уыд Фессалоникӕйӕ ӕмӕ зыдта, хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны ӕфхӕргӕ дӕр кӕй бакӕнынц, уымӕн ӕмӕ Павел Фессалоникӕйы хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд адӕм уым дӕр сызмӕстой (Ап. хъ. 17:5; 20:4). Аристарх ӕмӕ Гай Йегъовӕйы фӕндӕгтыл кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ сын Хуыцау ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уой ӕмӕ зын уавӕры фидар фӕлӕууой.

Иннӕтыл хъуыды кӕнӕм

18. Акилӕ ӕмӕ Прискӕ иннӕтыл куыд «хъуыды кодтой»?

18 Ныртӕккӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц ӕви нӕ мах хъуамӕ хъуыды кӕнӕм не ’мчырыстӕттыл. Прискӕ ӕмӕ Акилӕ «хъуыды кодтой» иннӕтыл. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:4.) Уыцы диссаджы лӕг ӕмӕ ус, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Павелы фысымтӕ Ефесы – ӕвзисты куыстгӕнӕг Димитри адӕмы кӕм сызмӕста, уым. Ахӕм хабар дзы кӕй рауад, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискӕ Павелы тыххӕй «цӕттӕ уыдысты сӕ сӕр нывондӕн ӕрхӕссынмӕ дӕр» (Ром. 16:3, 4; 2 Кор. 1:8). Абон мах дӕр тыхсӕм, кӕй ӕфхӕрынц, уыцы ӕфсымӕртыл ӕмӕ «кӕлмытау» хъавгӕ архайӕм (Матф. 10:16–18). Мах арӕхстгай архайӕм ӕмӕ не ’мчырыстӕттыл гадзрахатӕй нӕ цӕуӕм; не знӕгтӕн сӕ нӕмттӕ ӕмӕ ӕндӕр исты хабӕрттӕ нӕ дзурӕм.

19. Цавӕр хорздзинӕдтӕ арӕзта Доркӕ иннӕтӕн?

19 Иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ӕвдисӕн ис бирӕ хъуыддӕгтӕй. Чырыстӕттӕй чидӕртӕ цӕмӕйдӕрты хъуаг сты, ӕмӕ сын нӕ бон уаид ӕххуыс кӕнын (Еф. 4:28; Иак. 2:14–17). Фыццаг ӕнусы Иоппийы ӕмбырды уыд иу рӕдау сылгоймаг Доркӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 9:36–42.) Доркӕйӕ «иннӕтӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтой, стӕй тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн дӕр», зӕгъӕм, ӕххуысхъуаг идӕдзтӕн уӕлӕдарӕс хуыдта. Н. э. 36 азы Доркӕ куы амард, уӕд ыл идӕдз устытӕ тынг хъыг кодтой. Хуыцау апостол Петрӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй Доркӕйы райгас кодтаид. Доркӕ куы райгас, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зӕххыл йӕ царды кӕронмӕ дӕр хорз хабар цингӕнгӕйӕ хъусын кодта ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта. Абон не ’хсӕн дӕр ис бирӕ ахӕм удуӕлдай хотӕ.

20, 21. а) Искӕй ныфсыл ныфс ӕфтауын иннӕтыл хъуыды кӕнынмӕ куыд хауы? ӕ) Цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауай, уый тыххӕй дӕ бон цы у аразын?

20 Иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ма ӕвдисӕм, сӕ ныфсыл сын ныфс кӕй ӕфтауӕм, уымӕй (Ром. 1:11, 12). Павелы ’мкусӕг Силӕ чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта. Н. э. 49 азмӕ ’ввахс разамонӕг совет, чырыстӕтты сунӕт кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уый фӕдыл цы фарст сӕвзӕрд, уый аскъуыддзаг кодта. Ӕмӕ алы рӕттӕм дӕр минӕвӕрттимӕ арвыста фыстӕг – фыст дзы уыд, цы уынаффӕ рахаста, уый. Силӕ, Иудӕ, Варнавӕ ӕмӕ Павел ацыдысты Антиохимӕ. Уым Силӕ ӕмӕ Иудӕ «ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс бафтыдтой ӕмӕ сӕ бафидар кодтой» (Ап. хъ. 15:32).

21 Фӕстӕдӕр Павел ӕмӕ Силӕйы Филиппты ахӕстоны бакодтой. Фӕлӕ зӕхх кӕй нынкъуысыд, уый фӕрцы Павел ӕмӕ Силӕйӕн фадат фӕцис, цӕмӕй ахӕстонгӕс ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хорз хабар радзырдтаиккой. Ӕмӕ уыдон дӕр чырыстон дин райстой. Горӕтӕй ацӕуыны размӕ Силӕ ӕмӕ Павел ӕфсымӕрты бафидар кодтой (Ап. хъ. 16:12, 40). Ды дӕр Павел ӕмӕ Силӕйау архай, цӕмӕй дӕ дзуаппытӕй, дӕ раныхӕстӕй ӕмӕ, хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕныс, уымӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауай. Ӕмӕ-иу дын исты «хорз ныхӕстӕ» зӕгъынӕн фадат куы фӕзына, «уӕд табуафси», ма-иу сӕ бавгъау кӕн (Ап. хъ. 13:15).

Дарддӕр дӕр Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуӕм

22, 23. Библийы фыст хабӕрттӕ нын кӕд феххуыс уыдзысты?

22 Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм бузныг «ныфсдӕттӕг Хуыцау» Йегъовӕйӕ, йӕ Ныхасы ахӕм диссаджы хабӕрттӕ чи ныффыссын кодта! (2 Кор. 1:3, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын уыцы хабӕрттӕ феххуыс уой, уӕд хъуамӕ, цы базонӕм, уымӕй нӕ царды пайда кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды коммӕ кӕсӕм (Гал. 5:22–25).

23 Библийы фыст хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм уыдзӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ. Уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ – махӕн «зонд, зонындзинад ӕмӕ циндзинад» чи дӕтты, уымӕ (Еккл. 2:26). Ӕмӕ йын уымӕй та рухс кӕндзыстӕм йӕ уарзӕгой зӕрдӕ (Ӕмб. 27:11). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ӕууӕнкджын кӕй дӕ, уый дӕ бон ӕвдисын куыд у?

• Цӕмӕн хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг?

• Библийы фыст хабӕрттӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?

• Иннӕтыл кӕй хъыды кӕнӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ис ӕвдисӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Иеффай цы дзырд радта, уый йӕ чызгимӕ сӕххӕст кодтой, кӕд сын уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр

[Ныв 10 фарсыл]

Сывӕллӕттӕ, израилаг гыццыл чызгӕй цӕуыл сахуыр стут?

[Ныв 11 фарсыл]

Доркӕ йе ’мчырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта?